Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион у

Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион у

«Уыдон... ацы дунейӕ не сты» (ИОАН. 17:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 63, 129

1, 2. а) Чырыстӕттӕ Хуыцауыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уой ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Бирӕтӕ иузӕрдион цӕуыл сты, фӕлӕ уый цӕмӕ ӕркӕны?

ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайынц. Стӕй сӕхи хизынц, адӕмы, цы адӕмыхаттӕй сты кӕнӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уымӕ гӕсгӕ чи дихтӕ кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзынц, иузӕрдион ыл сты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц (1 Иоан. 5:3). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ кӕцӕйфӕнды ма уӕм, уӕддӕр цӕрӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Махӕн уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион уӕм (Матф. 6:33). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, «ацы дунейӕ не стӕм», зӕгъгӕ (Ис. 2:4; бакӕс Иоанны 17:11, 15, 16).

2 Ацы дунейы бирӕтӕ иузӕрдион сты сӕ бӕстӕйыл, сӕ адӕмыхаттыл, се ’гъдӕуттыл кӕнӕ та суанг цавӕрдӕр спортивон командӕйыл. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уый тыххӕй иутӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл фӕнымайынц, кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон свӕййынц ӕмӕ ма кӕрӕдзи цӕгъдын дӕр райдайынц. Ӕмӕ кӕд мах ахӕм змӕстыты нӕ фӕархайӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы змӕстытӕ нӕхицӕн кӕнӕ нӕ бинонтӕн исты зиан ӕрхӕссой ӕмӕ, чи зоны, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд дӕр баййафӕм. Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ ӕмбары, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, ӕмӕ хицауад раст уынаффӕтӕ куы нӕ хӕсса, уӕд, чи зоны, мӕсты кӕнын райдайӕм (Райд. 1:27; Дык. з. 32:4). Ды та ахӕм уавӕрты куыд фӕархайыс? Мыййаг, афтӕ нӕ рауайы, ӕмӕ кӕйдӕр фарс рахӕцыс?

3, 4. а) Змӕстыты рӕстӕг искӕй фарс цӕуылнӕ рахӕцӕм? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

3 Змӕстыты рӕстӕг адӕмӕй бирӕтӕ кӕйдӕр фарс рахӕцынц, уымӕн ӕмӕ сын хицауад фӕдзуры, зӕгъгӕ, йӕ бӕстӕ чи уарзы, уый хъуамӕ ӕнцад ма бада. Фӕлӕ мах стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайӕм ӕмӕ нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исӕм (Матф. 26:52). Ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдонӕй иутӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты (2 Кор. 2:11). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы дунейы хъуыддӕгтимӕ иумӕйагӕй исты уа. (Бакӕс Иоанны 15:18, 19.)

4 Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, чи зоны, кӕцыдӕр адӕмыхатмӕ ныр дӕр кӕсӕм, Йегъовӕйы куы нӕма зыдтам, уӕд ӕм цы цӕстӕй кастыстӕм, ахӕм цӕстӕй (Йер. 17:9; Еф. 4:22–24). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕй тыххӕй кӕсынц, уыцы хъуыдытимӕ куыд хъуамӕ тох кӕнӕм, уымӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион уӕм.

АЦЫ ДУНЕЙЫ ХЪУЫДДӔГТЫ ЦӔУЫЛНӔ АРХАЙӔМ

5, 6. Чырысти зӕххыл куы царди, уӕд алыхуызон адӕммӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ цӕмӕн?

5 Политикӕимӕ баст фарстаты макӕй фарс рахӕцай, уый дын зын куы уа, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цымӕ Йесо та куыд бакодтаид?» Йесо зӕххыл куы царди, уӕд Иудейӕйы, Галилейӕйы ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ фидыдтой ӕмӕ-иу се ’хсӕн змӕстытӕ дӕр рауад. Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хабарыл. Дзуттӕгтӕ ӕмӕ самариӕгтӕ кӕрӕдзимӕ нӕ дзырдтой (Иоан. 4:9). Фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ бирӕ фарстаты фӕдыл кӕрӕдзиимӕ разы нӕ уыдысты (Хъуыд. 23:6–9). Дзуттӕгтӕй Моисейы закъон хорз чи зыдта, уыдон сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтой (Иоан. 7:49). Стӕй ма сӕ бирӕтӕ се сӕфт уыдтой хъалонисджытӕй ӕмӕ ромӕгтӕй (Матф. 9:11). Фӕлӕ Йесо уыцы хабӕртты никӕй фарс хӕцыд. Кӕд Хуыцауы рӕстдзинады сӕрыл дзырдта ӕмӕ, израилӕгтӕ Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, уый зыдта, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ никуы дзырдта, иннӕтӕй хуыздӕр стут, зӕгъгӕ (Иоан. 4:22). Йесо сӕ ахуыр кодта, цӕмӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзой (Лук. 10:27).

6 Цымӕ Чырысти иуты иннӕтӕй хуыздӕрыл цӕуылнӕ нымадта? Уымӕн ӕмӕ уый дӕр ӕмӕ йӕ Фыд дӕр адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр иу зӕрдӕ дардтой. Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ зӕххыл хъуамӕ уыдаид алыхуызон расӕтӕ (Райд. 1:27, 28). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр кӕцыдӕр расӕ, кӕцыдӕр адӕмыхатт кӕнӕ кӕцыдӕр ӕвзаг иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц (Хъуыд. 10:34, 35; Рарг. 7:9, 13, 14). Уыцы хъуыддаджы сӕ мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм (Матф. 5:43–48).

7, 8. а) Мах кӕй фарс стӕм ӕмӕ цӕмӕн? б) Адӕмы зындзинӕдтӕ чи аскъуыддзаг кӕндзӕн, уый фӕдыл нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Ацы дунейы кӕцыдӕр хицау кӕнӕ хицауады фарс цӕуылнӕ рахӕцӕм? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фарс стӕм. Уый у нӕ Хицау. Едемы Хӕйрӕг загъта, Йегъовӕ адӕмӕн хорз хицау кӕй нӕу. Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй адӕм баууӕндыдаиккой, Хуыцауӕй зондджындӕр кӕй у ӕмӕ цыфӕнды хъуыддаг дӕр Хуыцауӕй хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн. Алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у, кӕй фарс уыдзӕн, уый. Фӕлӕ дӕуӕй цы зӕгъӕн ис? Йегъовӕйы фарс дӕ? Уырны дӕ, цыфӕнды хъуыддаг ма уа, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ дӕуӕй хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн? Нӕ дызӕрдыг кӕныс, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон? Ӕви дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ хорз хицау уа? (Райд. 3:4, 5).

8 Зӕгъӕм дӕ чидӕр фӕрсы, кӕцыдӕр парти кӕнӕ политикон организацийы тыххӕй цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзынӕ? Чи зоны, уыцы партитӕй кӕнӕ организацитӕй кӕйдӕрты зӕрдиагӕй фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ мах зонӕм, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Стӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕ дӕр аразӕм Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ, нӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы не ’мбырдты ис иудзинад.

9. Фыццаг ӕнусы Коринфы ӕмбырды цы уавӕр уыди ӕмӕ сын апостол Павел цавӕр уынаффӕ радта?

9 Фыццаг ӕнусы Коринфы иуӕй-иу чырыстӕттӕ кӕрӕдзиимӕ быцӕу кодтой, ӕмӕ сӕ «чи афтӕ дзырдта: „Ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн“, чи – „ӕз Аполлосы“, чи – „ӕз Кифӕйы“, чи та – „ӕз Чырыстийы“». Павел уыдӕттӕ куы базыдта, уӕд смӕсты. Уыцы хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ тӕссаг уыд, ӕмбырды фарн куы фехӕла, уымӕй. Афтӕ уади, цыма «Чырысти ныддихтӕ». Павел сын загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын: уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон, къордтыл ма дихтӕ кӕнут, фӕлӕ ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут». Афтӕ у абон дӕр – ӕмбырд хъуамӕ къордтыл ма дихтӕ кӕна (1 Кор. 1:10–13; бакӕс Ромӕгтӕм 16:17, 18).

10. Павел чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодта ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Павел сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ «бӕстӕ» уӕлӕрвты кӕй ис ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ «зӕххон хъуыддӕгтыл» хъуыды кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Фил. 3:17–20) *. Сӕрст чырыстӕттӕ сты, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы номӕй чи дзуры, уыцы минӕвӕрттӕ. Минӕвары цы бӕстӕмӕ арвитынц, уыцы бӕстӕйы хъуыддӕгты ӕмӕ политикӕйы нӕ фӕархайы. Раст афтӕ сӕрстытӕн дӕр ацы дунейы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ политикӕимӕ хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уа (2 Кор. 5:20). Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион сты ӕмӕ ацы дунейы змӕстыты никӕй фарс хӕцынц.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫЛ ИУЗӔРДИОН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ

11, 12. а) Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм? б) Иу хойӕн зын цы уыди ӕмӕ йӕ зондахаст цӕй фӕрцы фӕивта?

11 Дунейы бирӕ бӕстӕты адӕм уӕлдай тынгдӕр фӕуарзынц, иу истори сын кӕимӕ ис, иухуызон ӕгъдӕуттыл хӕст кӕимӕ сты ӕмӕ иу ӕвзагыл кӕимӕ дзурынц, уыдоны. Арӕх сӕрыстыр вӕййынц сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕхи ахӕм зондахастӕй хизӕм. Хъуамӕ нӕ зондахаст ивӕм ӕмӕ не ’фсарм ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй ахӕм хабӕрттӕм ацы дунейы цӕстӕй ма кӕсӕм. Цымӕ нын уый цӕй фӕрцы бантысдзӕн?

12 Ӕркӕсӕм иу хойы цӕвиттонмӕ, Мирьетӕ *, зӕгъгӕ. Уый царди, Югослави чи хуынди, уыцы бӕстӕйы. Кӕм хъомыл кодта, уыцы ран сербӕгтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кастысты. Мирьетӕ Йегъовӕйы тыххӕй куы базыдта, уӕд бамбӕрста, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ уый Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзимӕ ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсой. Мирьетӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид. Фӕлӕ, кӕм царди, уым алыхуызон адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзиимӕ хӕцын куы райдыдтой, уӕд та фӕстӕмӕ сербӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Уыцы адӕмӕн ӕй хорз хабар хъусын кӕнын дӕр нӕ фӕндыд. Мирьетӕ зыдта, уый хорз кӕй нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кодтаид. Стӕй ма куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Мирьетӕ загъта: «Ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс мын фӕци, ӕдзухдӕр мӕ лӕггадыл кӕй хъуыды кодтон, уый. Хъусын кӕнгӕйӕ архайдтон, цӕмӕй адӕммӕ дарон, Йегъовӕ сӕм цы зӕрдӕ дары, ахӕм зӕрдӕ. Ӕмӕ сабыргай мӕ зондахаст фӕивтон».

13. а) Иу хо цы уавӕры уыд ӕмӕ йӕхи куыд дардта? б) Сойлӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу цӕвиттонмӕ. Хо Сойлӕ Европӕмӕ цӕрынмӕ ӕрцыд Мексикӕйӕ. Цы ӕмбырдмӕ цӕуы, уым ис, Латинаг Америкӕйы ӕндӕр бӕстӕтӕй чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сойлӕ радзырдта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй-иу ын чидӕртӕ йӕ бӕстӕйӕ, стӕй дзы цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ цы музыкӕ ис, уыдонӕй кӕй хынджылӕг кодтой. Уый йын хъыг уыди ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй сӕм ма мӕсты кодтаид. Цымӕ йӕ уавӕры мах та куыд кодтаиккам? Чидӕртӕ нӕ нырмӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕхиуыл хӕцой, сӕ райгуырӕн бӕстӕйы фыдкой сын куы фӕкӕнынц, уӕд. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ кӕнӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕрыл нымайӕм. Стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах тыххӕй не ’мчырыстӕттӕ кӕнӕ иннӕтӕ кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсой (Ром. 14:19; 2 Кор. 6:3).

14. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ды дӕр адӕммӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай?

14 Мах зонӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иу адӕм кӕй сты, ӕмӕ нӕм хъуамӕ афтӕ макуы кӕса, цыма кӕцыдӕр бӕстӕ иннӕмӕй хуыздӕр у. Фӕлӕ дын, чи зоны, дӕ бинонтӕ кӕнӕ, кӕй ӕхсӕн схъомыл дӕ, уыцы адӕм афтӕ дзырдтой, нӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ хуыздӕр нӕй ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарзай, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй, чи зоны, иуӕй-иу хатт ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст чи у кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонмӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ зондахаст фӕивынӕн? Ахъуыды-иу кӕн, йӕ бӕстӕйӕ сӕрыстыр чи у кӕнӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Библи дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтимӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд-иу уыцы фарстайы фӕдыл нӕ литературӕйы ӕрмӕг бацагур. Стӕй Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй ды дӕр адӕммӕ кӕсай, уый сӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2.)

Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, иннӕтӕ нӕм куы ӕртхъирӕн кӕной, уӕддӕр (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15, 16. а) Иннӕ адӕмӕй кӕй хицӕн кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй фӕкӕсынц? б) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой?

15 Махӕй алчидӕр, абон уа ӕви райсом, ахӕм уавӕры бахаудзӕн, ӕмӕ йын йе ’фсарм, иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ бакӕныны бар нӕ ратдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй не ’мкусджытӕй, не ’мкъласӕгтӕй, нӕ сыхӕгтӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй хицӕн кӕндзыстӕм (1 Пет. 2:19). Чырысти нӕ фӕдзӕхста, уыцы хъуыддаджы тыххӕй нӕм адӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кӕй кӕсдзысты. Нӕ ныхмӕ чи у, уыдонӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ зонынц. Уымӕ гӕсгӕ не ’мбарынц, ацы дунейы хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайӕм ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион уӕм, уый нын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у.

16 Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, иннӕтӕ нӕм куы ӕртхъирӕн кӕной, уӕддӕр (Дан. 3:16–18). Ӕрыгӕттӕн уӕлдай зындӕр вӕййы иннӕтӕй хицӕн кӕнын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй скъолайы ныфсджын уой. Чи зоны, уӕ сывӕллон, гимн цӕуылнӕ зары кӕнӕ бӕрӕгбӕтты цӕуылнӕ архайы, уый зӕгъын нӕ уӕнды. Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг-иу аныхас кӕнут, уыцы хъуыддӕгтӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Амонут сын, куыд ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн, цӕуыл ӕууӕндынц, уый (Ром. 1:16). Стӕй, куы хъӕуа, уӕд-иу ахуыргӕнджытимӕ дӕр аныхас кӕнут ӕмӕ-иу сын бамбарын кӕнут, цӕуыл ӕууӕндут, уый.

АРГЪ КӔН, ЙЕГЪОВӔ ЦЫДӔРИДДӔР СФӔЛДЫСТА, УЫМӔН!

17. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

17 Адӕймаг фӕуарзы, кӕм схъомыл, уым цы хӕринаг кӕнынц, цы ’взагыл дзурынц, цы ӕрдз ӕмӕ дзы цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон. Фӕлӕ, цымӕ, раст уыдзӕн, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, мах цы уарзӕм, уый, иннӕ адӕм цы уарзынц, уымӕй хуыздӕр у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цины хос уа, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый (Пс. 104:24; Рарг. 4:11). Уӕдӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, мах цӕуыл ахуыр стӕм, уый хуыздӕр кӕй у?

18. Хорз цӕмӕн уыдзӕн, мах дӕр иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм?

18 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ алыхуызон адӕмтӕ базоной, лӕггад ын кӕной ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16; 1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл, мах куыд хъуыды кӕнӕм, афтӕ куы нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ сӕ хъуыды Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ вӕййы, уӕд сӕм зӕрдиагӕй байхъусӕм. Афтӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый фӕрцы нӕ циныл цин ӕфты ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейы змӕстыты никӕй фарс хӕцӕм. Хӕйрӕджы дунейы адӕм сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ сӕ алчидӕр тырны, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уа. Фӕлӕ махӕн ахӕм зондахаст ӕнӕуынон у. Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, фарн уарзын ӕмӕ нӕ сӕрныллӕгдзинадыл кӕй ахуыр кӕны, уый тыххӕй! Мах дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1).

^ 10 абз. Горӕт Филипптӕ уыди Ромы паддзахады дӕлбар. Филиппты ӕмбырды иуӕй-иутӕ ромӕгтыл нымад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын, иннӕ ӕфсымӕртӕй уӕлдай, закъонмӕ гӕсгӕ фылдӕр бартӕ уыд.

^ 12 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.