Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл хъуыды кӕн

Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл хъуыды кӕн

«Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл» (ПС. 77:12).

ЗАРДЖЫТӔ: 18, 61

1, 2. а) Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? б) Хуыцау адӕмы цавӕр миниуӕгимӕ сфӕлдыста?

ЙЕГЪОВӔ йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? Цалынмӕ ацы фарстайӕн дзуапп нӕ раттай, уӕдмӕ уал цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм. Иу хомӕ, йӕ ном Тейлен, бирӕ азты дӕргъы афтӕ каст, цыма Йегъовӕйӕн, цас хъӕуы, уыйбӕрц нӕ лӕггад кӕны. Фӕлӕ йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕлмӕнӕй ӕмбарын кодтой, йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ кӕй хъуамӕ ма дома. Тейлен загъта: «Йегъовӕ мӕ куы нӕ уарзтаид, уӕд мын уыцы уынаффӕ ӕдзух нӕ лӕвӕрдтаид». Хо Брижитӕн та йӕ лӕг фӕзиан, ӕмӕ дыууӕ сывӕллоны иунӕгӕй хъомыл кодта. Брижит зӕгъы: «Хӕйрӕджы дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын тынг зын у, уӕлдайдӕр та иунӕгӕй. Фӕлӕ-иу кӕд арӕх мӕхи цӕссыгӕй ӕхсадтон ӕмӕ-иу маст кодтон, уӕддӕр Йегъовӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыди. Мӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауыдаид, ахӕм зындзинад бавзарын мӕ никуы бауагъта. Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фидарӕй уырны, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы» (1 Кор. 10:13). Сандрӕ та хъизӕмар кӕны, хос кӕмӕн нӕй, ахӕм низӕй. Конгрессы рӕстӕг ыл иу хо зӕрдиагӕй баузӕлыд. Сандрӕйы лӕг загъта: «Уыцы хоимӕ зонгӕ дӕр нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй батыхсти, уый нын тынг ӕхсызгон уыди. Хотӕ ӕмӕ ныл ӕфсымӕртӕ иугыццыл дӕр куы баузӕлынц, уӕд дӕр ӕй бамбарын, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый».

2 Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй искӕй уарзой ӕмӕ сын сӕхи дӕр исчи уарза. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ ныфс ӕнцонтӕй асӕтты, цардамӕлттӕ кӕнын ын куы фӕзын вӕййы, йе ’нӕниздзинад куы фӕцуды йе та уацамынды йӕ фыдӕбон тыллӕг куы нӕ фӕхӕссы, уӕд. Ахӕм уавӕры нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нал уарзы. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, зынаргъ ын кӕй стӕм ӕмӕ нын зын рӕстӕг дӕр нӕ «рахиз къухыл» кӕй хӕцы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ никуы ферох кӕндзӕн (Ис. 41:13; 49:15).

3. Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?

3 Фыццаг абзацы кӕй кой кодтам, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидарӕй уырныдта, зын рӕстӕг Хуыцау сӕ фарсмӕ кӕй уыд. Махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы (Пс. 118:6, 7). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕйы уарзондзинад куыд зыны, 1) цы сфӕлдыста, уымӕй, 2) Библи нын кӕй балӕвар кодта, уымӕй, 3) нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уымӕй ӕмӕ 4) Чырыстийы нывондӕн кӕй радта, уымӕй. Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йе ’нувыд уарзтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. (Бакӕс Псалом 77:11, 12.)

ЙЕГЪОВӔ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

4. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ цы ис бамбарӕн?

4 Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый бамбарӕн ис, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы акӕсӕм, уӕд (Ром. 1:20). Зӕхх афтӕ конд у, ӕмӕ йыл адӕймагӕн йӕ бон у ӕдасӕй цӕрын, стӕй йыл Хуыцау алцыдӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нын цард циндзинад дӕр хӕсса. Зӕгъӕм, цӕмӕй адӕймаг цӕра, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хӕрын. Ӕмӕ нын цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕхсызгон уа, уый тыххӕй нын Йегъовӕ уыйбӕрц алыхуызон хӕринӕгтӕ радта, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй (Еккл. 9:7). Канадӕйӕ иу хо, Катринӕ, бирӕ уарзы йӕ алыварс дунемӕ кӕсын, уӕлдайдӕр та уалдзӕджы. Катринӕ загъта: «Куыд диссаг вӕййы, ӕрдз куы райхъал вӕййы, уӕд – дидинджытӕ зӕххӕй сӕ сӕртӕ сдарынц, мӕргътӕ хъарм бӕстӕй ӕртӕхынц. Ӕртӕхы гыццыл колибри дӕр, ӕмӕ та, мӕ къухнийы рудзынджы раз мӕргътӕн хӕринаг кӕм фӕкӕнын, уырдӕм фӕндаг ссары. Йегъовӕ нӕ куы нӕ уарзтаид, уӕд уыйбӕрц диссӕгтӕ не скодтаид». Нӕ уӕларвон Фыд йе сконд дуне уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы дуне махӕн дӕр циндзинад хӕсса (Хъуыд. 14:16, 17).

5. Йегъовӕ адӕмы куыд сфӕлдыста, уымӕй йӕ уарзондзинад куыд равдыста?

5 Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй райа, ахӕм куыст кӕнын ӕмӕ нӕ фыдӕбоныл цин кӕнын (Еккл. 2:24). Хуыцау адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй зӕхх сӕ цотӕй байдзаг кӕной ӕмӕ зӕхмӕ, кӕсӕгтӕм, мӕргътӕм ӕмӕ иннӕ цӕрӕгойтӕм зилой (Райд. 1:26–28). Стӕй ма нӕ схайджын кодта рӕсугъд миниуджытӕй, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы нӕ бон у фӕзмын (Еф. 5:1).

ХУЫЦАУЫ НЫХАСӔН АРГЪ КӔН

6. Хуыцауы Ныхасӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

6 Йегъовӕ нын Библи кӕй радта, уымӕй дӕр равдыста, бирӕ нӕ кӕй уарзы. Уыцы чиныджы нын ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый. Зӕгъӕм, Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ израилӕгтӕм цы цӕстӕй касти, уый. Кӕд-иу арӕх ӕгоммӕгӕс разындысты, уӕддӕр 78-ӕм псаломы 38-ӕм стихы кӕсӕм: «Уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта. Бирӕ хӕттыты-иу йӕ маст баурӕдта ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдӕх иууылдӕр нӕ ныккалдта». Ацы стихыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕ мах дӕр кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Уӕдӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ. (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.)

7. Библи нын хӕзнайау зынаргъ цӕмӕн хъуамӕ уа?

7 Махӕн Библи хъуамӕ уа хӕзнайау зынаргъ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ немӕ уый фӕрцы ныхас кӕны. Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон ӕргом кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы кӕрӕдзи тынгдӕр фӕуарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр феууӕндынц. Йегъовӕ дӕр у нӕ уарзӕгой Фыд. Ӕмӕ йӕ кӕд никуы федтам ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс никуы фехъуыстам, уӕддӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ немӕ ныхас кӕны Библийы уылты, ӕмӕ йӕм хъуамӕ «хъусӕм» (Ис. 30:20, 21). Йегъовӕйы фӕнды, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕн разамынд дӕттын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хуыздӕр зонӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. (Бакӕс Псалом 19:7–11; Ӕмбисӕндтӕ 1:33.)

Кӕд Ииуй паддзах Иосафатӕн бауайдзӕф кодта, уӕддӕр Йегъовӕ Иосафатмӕ «хорздзинад дӕр федта» (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8, 9. Йегъовӕйы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм? Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс.

8 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, тынг нӕ кӕй уарзы. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр уыны, хорзӕй нӕм цы ис, уый (2 Аз. 16:9). Ӕмӕ уый бӕрӕг у Иудӕйы паддзах Иосафаты хабарӕй. Иухатт Иосафат ӕвзӕр уынаффӕ рахаста – Израилы паддзах Ахавимӕ баиу, цӕмӕй сириӕгтимӕ Рамоф-Галаады схӕцыдаид. 400 мӕнг пехуымпары Ахавӕн загътой, тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпар Михей загъта, хӕстмӕ куы ацӕуой, уӕд кӕй фӕхӕрд уыдзысты, ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Ахав тохы фӕмард, Иосафат та тыххӕй аирвӕзт. Тохы фӕстӕ Йегъовӕ Ииуйы уылты Иосафатӕн йӕ рӕдыды тыххӕй бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ ма йын Ииуй афтӕ дӕр загъта: «Хуыцау [дӕм] хорздзинад дӕр федта» (2 Аз. 18:4, 5, 18–22, 33, 34; 19:1–3).

9 Уыцы хабарӕй бирӕ раздӕр Иосафат кънйӕзтӕн, левиттӕн ӕмӕ сауджынтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Иудӕйы горӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ацыдаиккой ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы закъон бацамыдтаиккой. Уыдон уыцы хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой, ӕмӕ суанг ӕндӕр адӕмтӕ дӕр Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой (2 Аз. 17:3–10). Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр Иосафат ӕвзӕр уынаффӕ рахаста, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ ферох кодта, Иосафат уый размӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон. Уыцы цӕвиттон нын удӕнцойы хос у, уымӕн ӕмӕ мах дӕр иуӕй-иу хатт фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ нӕ лӕггады, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ уарздзӕн ӕмӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ никуы ферох кӕндзӕн.

ХУЫЦАУМӔ КУВЫНЫ ФАДАТ ДЫН КӔЙ ИС, УЫМӔН АРГЪ КӔН

10, 11. а) Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый нын стыр лӕвар цӕмӕн у? б) Хуыцау нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, уыцы фыд алкӕддӕр рӕстӕг ссары, цӕмӕй сӕм байхъуса. Фӕфӕнды йӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый зонын, уымӕн ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ тыхсы. Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ дӕр афтӕ кӕны. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд нӕм лӕмбынӕг фӕхъусы. Ӕмӕ нын нӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнын стыр кад куыннӕ у!

11 Махӕн нӕ бон у Йегъовӕмӕ кӕдфӕнды дӕр кувын. Уый у нӕ Хӕлар ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм алкӕддӕр хъусы. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Тейлен загъта: «Хуыцауӕн дӕ бон у алцыдӕр радзурын». Нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ Йегъовӕйӕн куы раргом кӕнӕм, уӕд нын, чи зоны, Библийӕ кӕцыдӕр стихы фӕрцы кӕнӕ нӕ брошюрӕты цавӕрдӕр статьяйы фӕрцы дзуапп ратта йе та нӕ, чи зоны, не ’мчырыстӕттӕй искӕй фӕрцы бафидар кӕна. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдиаг куывдтытӕм фӕхъусы, ӕмӕ нӕ ӕппындӕр куы ничи ӕмбара, уӕддӕр нӕ уый бамбардзӕн. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй дӕтты, уымӕй бӕрӕг у, ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы.

12. Библийы цы куывдтытӕ ӕрцыдысты фыст, уыдоныл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Библийы цы куывдтытӕ ӕрцыдысты фыст, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Хорз уаид, уыцы куывдтытӕй-иу кӕцыдӕртӕм бинонты ахуыры рӕстӕг куы ’ркӕсиккам. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты зӕрдиаг куывдтытыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ куывдтытӕ дӕр фӕхъӕздыгдӕр кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, ахъуыды-иу кӕнут, Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд сӕрныллӕгӕй куыд куывта, ууыл (Ионӕ 1:17–2:10). Кӕнӕ та-иу ӕркӕсут, Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ (1 Пад. 8:22–53). Ахъуыды-иу кӕнут, Йесо кувын куы ахуыр кодта, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдоныл дӕр (Матф. 6:9–13). Ӕмӕ сӕйрагдӕр та, Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр кувут ӕмӕ дзы «курут, цы уӕ хъӕуы, уый». Уӕд уын «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд». Афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм (Фил. 4:6, 7).

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН КӔЙ АРГЪ КӔНЫС, УЫЙ БӔРӔГ УӔД

13. Чырыстийы нывонды фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

13 Йегъовӕ нын стыр лӕвар скодта – Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста, «цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоан. 4:9). Хуыцауы стыр уарзт уыцы хъуыддагӕй куыд рабӕрӕг, уый кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Чырысти ӕмгъуыды бон амард ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй. Ӕнӕуи зын зӕгъӕн у, ӕмӕ рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр исчи амӕла, кӕд хӕрзгӕнӕджы тыххӕй уа исчи мӕлӕтмӕ цӕттӕ, ӕндӕр. Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:6–8). Хуыцауы уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр уыцы нывондӕй рабӕрӕг, ӕмӕ уыцы нывонды фӕрцы адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой.

14, 15. Чырыстийы нывонд цӕуыл дзурӕг у: а) сӕрст чырыстӕттӕн? б) зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн?

14 Йесойы нывонды фӕрцы чырыстӕтты гыццыл къорд уӕлдай тынгдӕр банкъардта Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт (Иоан. 1:12, 13; 3:5–7). Хуыцау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, ӕмӕ систы йӕ хъӕбултӕ (Ром. 8:15, 16). Фӕлӕ кӕд сӕрст чырыстӕттӕй чидӕртӕ нырма зӕххыл сты, уӕд Павел афтӕ цӕмӕн загъта, Хуыцау нӕ уӕлӕрвты Йесо Чырыстиимӕ иумӕ ӕрбадын кодта, зӕгъгӕ? (Еф. 2:6). Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы радта ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (Еф. 1:13, 14; Кол. 1:5).

15 Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи нӕу, уыдонӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой, кӕд Чырыстийы нывондыл ӕууӕндынц, уӕд. Уыдонӕн дӕр уый фадат ис, цӕмӕй сӕ Хуыцау йӕ хъӕбултыл банымайа ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой. Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы (Иоан. 3:16). Кӕд нын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, ног дунейы нын диссаджы цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕй уӕдӕ Чырыстийы нывондӕн, Хуыцауы ӕнувыд уарзт ӕппӕты тынгдӕр кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы нывондӕн, аргъ кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ КӔЙ УАРЗЫС, УЫЙ БӔРӔГ УӔД

16. Хуыцауы уарзондзинадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ цы аразын фӕнддзӕн?

16 Йегъовӕйы уарзондзинад цы хъуыддӕгты зыны, уыдонӕн банымайӕн дӕр нӕй. Паддзах Давид зарыд: «Куыд зынаргъ мын сты дӕ хъуыдытӕ! О Хуыцау, куыд бирӕ сты, куыд! Нымайын сӕ куы райдаин, уӕд уаиккой змисӕй дӕр фылдӕр» (Пс. 139:17, 18). Йегъовӕйы уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын дӕтдзыстӕм.

17, 18. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн?

17 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн. Зӕгъӕм, нӕ уарзондзинад бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд (Матф. 24:14; 28:19, 20). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу фидар куы фӕлӕууӕм. (Бакӕс Псалом 84:11; Иаковы 1:2–5.) Суанг тынг уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй уыны ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм (Пс. 56:8).

18 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоныл хъуыды кӕнынмӕ. Библи лӕмбынӕг кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй, Йегъовӕ мах тыххӕй цы зынаргъ нывонд ӕрхаста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр фӕуарзӕм (1 Иоан. 2:1, 2). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хъуыддӕгтӕй уӕлдай ма ноджыдӕр бирӕ хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый.