Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ног дунейы цӕрынмӕ дӕхи абон цӕттӕ кӕн

Ног дунейы цӕрынмӕ дӕхи абон цӕттӕ кӕн

«Амон сын, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой... [ӕмӕ уый фӕрцы] фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл» (1 ТИМ. 6:18, 19).

ЗАРДЖЫТӔ: 125, 40

1, 2. а) Дзӕнӕты цы хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдонӕй уӕлдай тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ног дунейы нын ӕппӕты стырдӕр цины хос цы уыдзӕн?

МАХ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм «ӕнусон цардмӕ». Уыцы цард апостол Павел схуыдта «ӕцӕг цард». (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:12, 19.) Нӕ фылдӕрӕн уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, зӕххыл Дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм, уый. Ныртӕккӕ йӕ нӕ бон кӕронмӕ бамбарын дӕр нӕу, куыд ӕхсызгон нын уыдзӕн, алы райсом дӕр-иу куы райхъал уӕм, ӕмӕ-иу нӕ ӕппындӕр куы ницы рисса ӕмӕ куы ницӕуыл мӕт кӕнӕм (Ис. 35:5, 6). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цӕй стыр цины хос дын уыдзӕн дӕ рӕстӕг дӕ бинонтӕ ӕмӕ дӕ хӕлӕрттимӕ иумӕ ӕрвитын! Се ’хсӕн уыдзысты, Хуыцау дын кӕй райгас кӕндзӕн, уыдон дӕр (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15). Уыдзӕн дын бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй ног цӕуылдӕрты сахуыр уай ӕмӕ, уӕдмӕ цы зыдтай, уыдӕттӕ ноджы арӕхстджындӕрӕй кӕнын базонай. Зӕгъӕм, дӕ бон уыдзӕн наукӕйы тыххӕй фылдӕр базонын. Кӕнӕ та дӕ бон уыдзӕн сахуыр кӕнын алыхуызон музыкалон инструменттыл цӕгъдын йе та, дӕ хӕдзар куыд арӕзт уыдзӕн, уый пълан кӕнын.

2 Уыцы хорздзинӕдтӕй алкӕцымӕ дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ нын ӕппӕты стырдӕр цины хос уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы номӕн куы табу кӕной ӕмӕ йӕ сӕ Хицауыл куы нымайой, уӕд цард куыд хорз уыдзӕн (Матф. 6:9, 10). Цӕй стыр цины хос нын уыдзӕн, Хуыцауы ӕппӕты райдианӕй куыд фӕндыд, афтӕ зӕхх ӕххӕст адӕмӕй куы байдзаг уа. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, ӕххӕстдзинадмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр куы кӕнӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд нын цас ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнын! (Пс. 73:28; Иак. 4:8).

3. Абон нӕхи цӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?

3 Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ ацы диссӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнг кӕй сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матф. 19:25, 26). Фӕлӕ нӕ кӕд ног дунейы цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ абон «фидар ныххӕцӕм» ӕнусон цардыл. Мах зонӕм, кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, ӕмӕ хъуамӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уа, алы бон дӕр ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ныртӕккӕ у уыцы рӕстӕг, цӕмӕй нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, уымӕ.

НӔ БОН КУЫД У НӔХИ ЦӔТТӔ КӔНЫН

4. Нӕ бон куыд у нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Цымӕ нӕ бон куыд у нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуын фӕнд кӕнӕм, уӕд нӕхи куыд бацӕттӕ кӕниккам? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы бӕстӕйы цы ’взагыл дзурынц, уый ахуыр кӕнын райдаиккам. Стӕй ма дзы цы ’гъдӕуттӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базониккам. Чи зоны ма сын сӕ хӕринӕгтӕй дӕр кӕцыдӕртӕ фенӕм. Афтӕмӕй зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ, уыцы бӕстӕйы ацӕрын афӕлвӕрдтам. Раст афтӕ, ног дунейы куыд цӕрдзыстӕм, уымӕ дӕр нӕ бон у абон цӕттӕ кӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм афтӕ цӕрын, цыма ныридӕгӕн дӕр ног дунейы стӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хъуыддагмӕ.

5, 6. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕндзыстӕм?

5 Хӕйрӕг ацы дунейы адӕмӕн ахӕм хъуыды хъары, сӕ бон кӕй у, сӕхи цы фӕнды, уый аразын. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг хӕсджын нӕу, цӕмӕй искӕмӕ хъуса ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ кӕса. Цымӕ уыцы зондахаст цӕмӕ ’ркодта? Бирӕ мӕстытӕм ӕмӕ ӕвирхъау бӕллӕхтӕм (Йер. 10:23). Куыд тынг бӕллӕм, алы адӕймаг дӕр нӕ уарзӕгой Хицау Йегъовӕйы коммӕ куы кӕса, уыцы рӕстӕгмӕ!

6 Ног дунейы нын Йегъовӕйы организаци разамынд дӕтдзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕхх дӕр рӕсугъд дзӕнӕт фестын кӕнӕм ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕнӕм. Ӕмӕ нын уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайын тынг ӕхсызгон уыдзӕн. Фӕлӕ нын, мыййаг, нӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд та? Коммӕгӕс разындзыстӕм? Уыцы хъуыддаг саразыныл ӕппӕт тыхтӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бацархайдзыстӕм? Ацы фарстатӕн нӕ фылдӕр, о, зӕгъгӕ, зӕгъдзысты. Фӕлӕ, цымӕ, абон та куыд архайӕм? Йегъовӕйы организаци нын цы разамынд дӕтты, уымӕ хъусӕм? Кӕд о, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрынмӕ.

7, 8. а) Йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнын цӕмӕн хъӕуы? б) Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ лӕггады цы фӕивта? в) Ног дунейы царды тыххӕй цы ис фидарӕй зӕгъӕн?

7 Цӕмӕй нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусын фаг нӕу. Хъуамӕ сахуыр уӕм ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ нын цы ис, уымӕн аргъ кӕнын дӕр. Зӕгъӕм, исты хъуыддаг нын куы бахӕс кӕнынц, уӕд-иу хъуамӕ сразы уӕм ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй сӕххӕст кӕнӕм. Йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнын абон куы сахуыр уӕм, уӕд нын ног дунейы иумӕ лӕггад кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бахызтысты, уӕд, кӕй кӕм фӕндыд, уым не ’рцардысты, фӕлӕ сын кӕм загътой, уым (Ным. 26:52–56; Йес. Н. 14:1, 2). Мах нӕ зонӕм, ног дунейы нӕ кӕй кӕм ӕрцӕрын кӕндзысты, уый. Фӕлӕ ӕмгуыст кӕнын ныртӕккӕ куы сахуыр уӕм, уӕд, ног дунейы кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕхсызгон уыдзӕн.

8 Ног дунейы Йегъовӕйӕн йӕ Паддзахады дӕлбар лӕггад кӕнын у, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад. Мах уый ӕмбарӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон дӕр Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ ныл цы хӕстӕ ис, уыдон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ уавӕртӕ, чи зоны, ивой. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй иуӕй-иуты снысан кодтой ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕй. Цӕуӕг цӕстдарджытӕй та кӕйдӕрты, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Фӕлӕ уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ ног хӕслӕвӕрдтӕй райгонд сты ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕны. Мах дӕр Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, ӕххуыс дзы куы курӕм, нӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ нӕ хӕстӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:22.) Цымӕ ног дунейы та куыд уыдзӕн? Зӕгъӕм, цавӕрдӕр бынаты тыххӕй хъуыды кӕнӕм, мӕнӕ мӕ ам фӕнды цӕрын, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын загътой, цӕмӕй ӕндӕр ран ӕрцӕрӕм. Куыд бакӕндзыстӕм уӕд? Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы рӕстӕг кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ цыфӕнды куыст ма кӕнӕм, уӕддӕр Хуыцауӕй тынг бузныг кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕй нӕ уыдзӕн (Неем. 8:10).

9, 10. а) Ног дунейы нӕ фӕразондзинад цӕмӕн хъӕудзӕн? б) Фӕразон кӕй стӕм, уый абон цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

9 Ног дунейы нӕ, чи зоны, фӕразондзинад дӕр бахъӕуа. Зӕгъӕм, чи зоны, фехъусӕм, чидӕртӕ куыд цин кӕнынц, сӕ хион кӕнӕ се ’мбал кӕй райгас, ууыл. Фӕлӕ мах та, чи зоны, фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа, чи нын амард, уыдонмӕ. Цымӕ афтӕ куы уа, уӕд иннӕты циныл цин кӕндзыстӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм? (Ром. 12:15). Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ныр куы сахуыр уӕм, уӕд фидӕны дӕр фӕразон уыдзыстӕм (Еккл. 7:8).

10 Ноджыдӕр ма кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм? Хуыцауы организаци нын Библийӕ кӕцыдӕр ахуырад ӕндӕрхуызон куы фембарын кӕны, уӕд-иу фӕразон куы уӕм, уӕд. Цымӕ уыцы ног хъуыдытӕ лӕмбынӕг раиртасӕм? Цыдӕр дзы кӕронмӕ куы нӕ бамбарӕм, уӕд фӕразон разынӕм? Кӕд о, уӕд нӕм ног дунейы дӕр фаг фӕразондзинад уыдзӕн, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нын куы ’ргом кӕна, уӕд (Ӕмб. 4:18; Иоан. 16:12).

11. Иннӕтӕн хатыр кӕнын абон цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый ног дунейы куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

11 Ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнынӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн иу миниуӕг – иннӕтӕн хатыр кӕнын зонын. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цасдӕр рӕстӕг бахъӕудзӕн, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр ӕххӕст суа (Хъуыд. 24:15). Цымӕ уӕд иннӕтӕн хатыр кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй, кӕй сӕ уарзӕм, уый равдисдзыстӕм? Иннӕтӕн хатыр кӕнын ӕмӕ семӕ хӕларӕй цӕрын абон куы сахуыр уӕм, уӕд нын ног дунейы ӕнцондӕр уыдзӕн уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12–14.)

12. Ног дунейы цӕрынмӕ абон цӕмӕн хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?

12 Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ-иу нӕ ног дунейы цыдӕриддӕр ӕрхъӕуа, уый-иу нын уайтагъддӕр уыдзӕн. Фӕлӕ-иу хъуамӕ алы уавӕры дӕр бузныг уӕм ӕмӕ нӕм цы уа, уымӕй разы уӕм. Ӕндӕр ныхӕстӕй, уыцы рӕстӕг дӕр хъӕудзысты, Йегъовӕ нӕ абон цы миниуджытыл ахуыр кӕны, уыдон. Уӕдӕ уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ныр куы фидар кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ног дунейыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕхи ӕнусон цардмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм (Дзут. 2:5; 11:1). Стӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, куыд тынг бӕллӕм, алчидӕр Йегъовӕмӕ кӕм хъусдзӕн, уыцы дунейы цӕрынмӕ.

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН ДЫН АБОН ДӔР СӔЙРАГДӔР УӔД

Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн

13. Ног дунейы нын сӕйрагдӕр цы уыдзӕн?

13 Ног дунейы нын уыдзӕн, амондджынӕй цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Фӕлӕ нын ӕппӕты стырдӕр цины хос уыдзӕн, Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй уыдзыстӕм, уый (Матф. 5:3). Уӕд нын сӕйрагдӕр уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нын нӕ лӕггад зӕрдӕрухсы хос уыдзӕн (Пс. 37:4). Уӕдӕ нын абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕнӕм. (Бакӕс Матфейы 6:19–21.)

14. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у сӕ разы ӕвӕрын?

14 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын фылдӕр цины хос цӕй фӕрцы уыдзӕн? Иу уый, ӕмӕ нӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрӕм. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн раттай. Хорз уаид, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл нӕ литературӕйы ӕрмӕг куы бацагурис. Дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ды дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайай *. Хорз ма уаид, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр искӕимӕ куы аныхас кӕнис. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ. Ӕмӕ дӕ уыцы фӕлтӕрддзинад та ног дунейы тынг бахъӕудзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнай.

Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр

15. Хуыцауы хъуыддаджы ма нӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?

15 Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бон у нӕ разы бирӕ алыхуызон нысӕнттӕ ӕвӕрын. Зӕгъӕм, нӕ бон у нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ ӕндӕр искуыд арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм. Кӕнӕ та нӕ бон у бацархайын, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕ ноджы хуыздӕр бамбарӕм ӕмӕ базонӕм, нӕ бон сӕ куыд у нӕ царды спайда кӕнын. Нӕ бон ма у ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕмбырды хуыздӕр кӕсӕм ӕмӕ раныхӕстӕ арӕхстджындӕрӕй дзурӕм кӕнӕ ӕмбырды хуыздӕр дзуаппытӕ дӕттӕм. Бӕлвырд у: Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕндзыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы та нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕндзыстӕм.

ЦАРДЫ ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ФӔНДАГ

Йегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕн аргъ кӕн

16. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг цӕмӕн у?

16 Нӕ рӕстӕг ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ кӕныныл кӕй хардз кӕнӕм, уый тыххӕй, мыййаг, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон нӕхи хорз цӕмӕйдӕр ӕнӕхай кӕнӕм? Ницы хуызы! Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр царды фӕндагӕн скӕнӕн нӕй! Мах Хуыцауӕн уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нын уый исчи тыхӕй аразын кӕны. Стӕй йын ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр нӕ лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй стыр бӕллӕхы рӕстӕг аирвӕзӕм. Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый руаджы нӕ цард дӕр у хуыздӕр ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр амондджындӕр стӕм. Уӕвгӕ, Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕна. Хуыцауы уарзтӕй хайджын уай ӕмӕ дӕ цард йӕ разамындмӕ гӕсгӕ аразай, уымӕй хуыздӕр ницы ис. (Бакӕс Псалом 63:1–3.) Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы, уый базоныны тыххӕй нӕ ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы – уыцы арфӕдзинӕдтӕй ныр дӕр стӕм хайджын. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, уый царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй у (Пс. 1:1–3; Ис. 58:13, 14).

Хуыцауы разамынд агур

17. Ног дунейы ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ улӕфт нӕ царды цы бынат ахсдзысты?

17 Дзӕнӕты нӕ бон уыдзӕн, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ нӕхи ирхӕфсын. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон вӕййы, исты нын куы бантысы, уӕд. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ног дунейы «алкӕмӕн дӕр [кӕй] ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16; Еккл. 2:24). Алы адӕймаджы дӕр хъӕуы улӕфын ӕмӕ йӕхи ирхӕфсын. Фӕлӕ нын уыдӕттӕ фылдӕр циндзинад фӕхӕссынц, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын царды фыццаг бынаты куы вӕййы, уӕд. Ӕмӕ ног дунейы дӕр хабар афтӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурӕм ӕмӕ нын нӕ лӕггад цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм (Матф. 6:33).

18. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нӕхи Дзӕнӕты цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм?

18 Махӕн нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу, ног дунейы цард куыд диссаг уыдзӕн, уый. Гъемӕ уӕдӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, «ӕцӕг цардмӕ» куыд тынг бӕллӕм, уый – нӕхи йӕм цӕттӕ кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ цы миниуджытыл ахуыр кӕны, уыдон нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын царды фыццаг бынаты уӕд ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхицӕй базонӕд, уый цӕй стыр циндзинад хӕссы. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ног дунейы Йегъовӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый. Цӕй уӕдӕ афтӕ цӕрӕм, цыма ныридӕгӕн дӕр ног дунейы стӕм!

^ 14 абз. Кӕс чиныг «Ответы на твои вопросы», 2 том, 311–318 фф.