Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы стыр лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

Хуыцауы стыр лӕварӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

«Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!» (2 КОР. 9:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 121, 63

1, 2. а) «Зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвармӕ» цы хауы? б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр уый фӕрцы равдыста. Ӕмӕ уымӕй стырдӕр лӕварӕн скӕнӕн дӕр нӕ уыд! (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10). Апостол Павел уыцы лӕвар схуыдта, «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвар», зӕгъгӕ (2 Кор. 9:15). Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта?

2 Павел зыдта, Йесойы нывонд ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:20.) Уӕдӕ «зӕгъӕн кӕмӕн нӕй... уыцы лӕвармӕ» ӕрмӕст Чырыстийы нывонд нӕ хауы, фӕлӕ нӕм Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт цы хъуыддӕгтӕй ӕвдисы ӕмӕ мах тыххӕй цы хорздзинӕдтӕ аразы, уыдон иууылдӕр. Уыцы диссаджы лӕвар куыд зынаргъ у, уый ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн дӕр нӕй. Цымӕ уыцы лӕвармӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ 2016 азы 23 мартъийы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ уыцы лӕвар цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

ХУЫЦАУЫ ЗЫНАРГЪ ЛӔВАР

3, 4. а) Исчи дын исты куы балӕвар кӕны, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсыс? б) Адӕймагӕн зынаргъ лӕвар куы ракӕнынц, уӕд уый йӕ цардыл куыд фӕзыны?

3 Адӕймагӕн исты куы балӕвар кӕнынц, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ иуӕй-иу лӕвӕрттӕ афтӕ зынаргъ ӕмӕ ахсджиаг вӕййынц, ӕмӕ йын йӕ цард дӕр фӕивынц. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма цавӕрдӕр фыдракӕнды фӕаххосджын дӕ, ӕмӕ дын уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон рахастой. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы, кӕй нӕ зоныс, ахӕм адӕймаг сразы, цӕмӕй дӕ бӕсты ӕфхӕрд баййафа. Уый цӕттӕ у дӕ бӕсты йӕ цард раттынмӕ! Цымӕ ахӕм зынаргъ лӕвар дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

4 Уыцы адӕймаг дӕм ахӕм уарзондзинад кӕй равдыста, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ куыннӕ бафӕнддзӕн дӕ цардыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ цыдӕртӕ фӕивын. Ӕвӕццӕгӕн дӕ уый сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй рӕдаудӕр уай, иннӕты тынгдӕр уарзай ӕмӕ дын ӕвзӕрдзинад чи ракодта, уыдонӕн ныххатыр кӕнай. Дӕ бӕсты чи амард, уый раз дӕхи цӕрӕнбонтӕм хӕсджыныл нымайдзынӕ.

5. Хуыцауы лӕвар цыфӕнды лӕварӕй дӕр бирӕ зынаргъдӕр цӕмӕн у?

5 Ацы цӕвиттоны цы лӕвары кой скодтам, уымӕй бирӕ зынаргъдӕр у, Хуыцау мах тыххӕй цы лӕвар скодта, уый, ома йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уый (1 Пет. 3:18). Ахъуыды-ма кӕнӕм: Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй махӕй алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт (Ром. 5:12). Ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ уарзондзинад сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йесойы зӕхмӕ рарвыстаид ӕмӕ «мӕлӕт бавзӕрстаид алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзут. 2:9). Фӕлӕ Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕ ноджы стырдӕр хъуыддаг сараздзӕн – мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн! (Ис. 25:7, 8; 1 Кор. 15:22, 26). Йесойыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты, фӕнды Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой, фӕнды зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрой (Ром. 6:23; Рарг. 5:9, 10). Йегъовӕйы лӕвар ма нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

6. а) Йегъовӕйы лӕвар нын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? б) Хуыцауы лӕвар нӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддагмӕ разӕнгард кӕны?

6 Хуыцау нын цы стыр лӕвар скодта, уый руаджы ма ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт, адӕм сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдзысты ӕмӕ мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты (Ис. 33:24; 35:5, 6; Иоан. 5:28, 29). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырт махӕн скодтой, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр лӕвар, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг уарзӕм. Уыцы стыр лӕвар нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй 1) Йесо Чырыстийы фӕзмӕм, 2) не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ 3) иннӕтӕн зӕрдӕбынӕй хатыр кӕнӕм.

«МАХ РАЗӔНГАРД КӔНЫ ЧЫРЫСТИЙЫ УАРЗТ»

7, 8. Чырысти нӕ кӕй уарзы, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

7 Фыццаджыдӕр нӕ Хуыцауы лӕвар хъуамӕ разӕнгард кӕна нӕ цардӕй Чырыстийы кадджын кӕнынмӕ. Апостол Павел загъта: «Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Павел ӕмбӕрста, Чырысти нӕ куыд тынг уарзы, мах дӕр ӕй афтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ уый кӕй разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ нӕ цардӕй кадджын кӕнӕм. Уӕдӕ Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ йӕ уарзондзинад разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй цӕрӕм. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

8 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм (1 Пет. 2:21; 1 Иоан. 2:6). Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Йесо загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн ӕмӕ йын мӕхи раргом кӕндзынӕн» (Иоан. 14:21; 1 Иоан. 5:3).

9. Ацы дунейы нын тӕссаг цӕмӕй у?

9 Ацы аз Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг хорз уыдзӕн, нӕ цардыл куы ахъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Цымӕ Чырыстийы цавӕр хъуыддӕгтӕй фӕзмын? Цавӕр хъуыддӕгты ма мӕ хъӕуы мӕхи фӕхуыздӕр кӕнын?» Ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ ацы дуне разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ зондыл цӕуӕм (Ром. 12:2). Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд ацы дунейы философты, зындгонд адӕмы кӕнӕ спортсменты фӕзмын райдайдзыстӕм (Кол. 2:8; 1 Иоан. 2:15–17). Цымӕ нӕ бон куыд у ацы дунейы ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

10. Ацы аз Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын ӕмӕ нӕ уый, чи зоны, цӕмӕ сразӕнгард кӕна? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ма хорз уыдзӕн ахъуыды кӕнын, куыд конд вӕййӕм, цавӕр кинотӕм фӕкӕсӕм, цавӕр музыкӕмӕ фӕхъусӕм, стӕй нӕ компьютеры, телефоны кӕнӕ планшеты цытӕ ис, ууыл. Ахъуыды кӕн: «Йесо ам куы фестид ӕмӕ мын мӕ уӕлӕдарӕс куы фенид, уӕд нӕ фефсӕрмы уаин? (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:9, 10.) Мӕ дарӕсӕй бӕрӕг уаид, Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕн? Чырыстийы зӕрдӕмӕ фӕцӕуиккой, цы кинотӕм фӕкӕсын, уыдон? Цы музыкӕмӕ фӕхъусын, уымӕ байхъусын ӕй бафӕндид? Йесо мын мӕ телефон кӕнӕ мӕ планшетмӕ куы ӕркӕсид, уӕд фефсӕрмы уаин? Мӕ бон ын бауид бамбарын кӕнын, кӕмӕй фӕхъазын, уыцы видеохъӕзтытӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуынц, уый?» Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ хъуамӕ сразӕнгард кӕна, цӕмӕй, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, уыдӕттӕ иууылдӕр аппарӕм, цыфӕнды зынаргъ ма уой, уӕддӕр (Хъуыд. 19:19, 20). Йегъовӕйӕн нӕ цард куы снывонд кодтам, уӕд ын ныхас радтам, нӕ цардӕй Чырыстийы кӕй кадджын кӕндзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын мацы хъыгдара (Матф. 5:29, 30; Фил. 4:8).

11. а) Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уый нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы цӕмӕ разӕнгард кӕны? б) Нӕ уарзондзинад нӕ ӕмбырды иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ куыд разӕнгард кӕны?

11 Йесойы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнӕм (Матф. 28:19, 20; Лук. 4:43). Дӕ бон у дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай ӕмӕ 30 кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнай? 84 азы кӕуыл цыди, иу ахӕм идӕдз ӕфсымӕр хъуыды кодта, ацӕргӕ кӕй у, стӕй йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй йӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын кӕй нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ йӕм ӕввахс чи цард, уыцы пионертӕ сфӕнд кодтой, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой. Уыдон бацархайдтой, цӕмӕй йӕ машинӕйыл ластаиккой ӕмӕ йын ссардтой, хъусын кӕнын ын ӕнцондӕр кӕм уыдаид, ахӕм участок. Ӕмӕ ӕфсымӕрӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд – уыцы мӕй 30 сахаты хъусын кодта. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у де ’мбырды искӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй мартъи кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕна? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон нӕу пионерӕй лӕггад кӕнын, фӕлӕ нӕ бон у нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ уымӕ саразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр балӕггад кӕнӕм. Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд мах дӕр Павелау равдисдзыстӕм, Йесойы уарзт нӕ кӕй разӕнгард кӕны. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕ разӕнгард кӕны?

НӔ ХӔС У КӔРӔДЗИЙЫ УАРЗЫН

12. Хуыцауы уарзт нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

12 Дыккаг та уый, ӕмӕ нӕ Хуыцауы уарзт хъуамӕ разӕнгард кӕна не ’фсымӕрты уарзынмӕ. Апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕд нӕ Хуыцау афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм» (1 Иоан. 4:7–11). Уӕдӕ кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд нӕ хӕс у не ’фсымӕрты дӕр уарзын (1 Иоан. 3:16). Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый?

13. Йесойы цӕвиттон нын иннӕты уарзынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

13 Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, иннӕты куыд хъуамӕ уарзӕм, уый. Зӕххыл куы уыди, уӕд адӕмӕн ӕххуыс кодта, уӕлдайдӕр та мӕгуыртӕн. Дзӕбӕх кодта рынчынты, къуылыхты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ ӕгомыгты (Матф. 11:4, 5). Дины разамонджытӕй уӕлдай, Йесойӕн ӕхсызгон уыд, Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕндыд, уыдоны ахуыр кӕнын (Иоан. 7:49). Уый уарзта мӕгуыр адӕмы ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кодта, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид (Матф. 20:28).

Дӕ бон у ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кӕнын? (кӕс 14 абзац)

14. Де ’фсымӕрты кӕй уарзыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

14 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ма хорз уыдзӕн ахъуыды кӕнын, дӕ бон куыд у де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, уӕлдайдӕр та ацӕргӕтӕн, баххуыс кӕнын. Дӕ бон сӕ у бабӕрӕг кӕнын? Кӕнӕ сын хӕринаг ӕрбахӕссын, хӕдзары куыстытӕ бакӕнынмӕ сӕм фӕкӕсын, ӕмбырдмӕ сӕ баласын кӕнӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ фӕхонын? (Бакӕс Лукайы 14:12–14.) Уӕдӕ дӕ Хуыцауы уарзт разӕнгард кӕнӕд де ’фсымӕрты уарзынмӕ!

НӔ ХОТӔ ӔМӔ НЕ ’ФСЫМӔРТӔН ХАТЫР КӔНӔМ

15. Махӕй алчидӕр цы хъуамӕ ӕмбара?

15 Ӕртыккаг уый, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы уарзт разӕнгард кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хатыр кӕнынмӕ. Не ’ппӕт дӕр Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт, ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, зӕгъгӕ, мӕн тыххӕй нывонд хӕссын нӕ хъуыди. Адӕймаг Хуыцауыл цыфӕнды иузӕрдион куы уа, уӕддӕр ӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Чырыстийы нывонд. Не ’ппӕтӕн дӕр хатыргонд ӕрцыд тынг стыр хӕс! Цымӕ уый ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у? Дзуапп ын базондзыстӕм Йесойы фӕсномыг ныхасӕй.

16, 17. Йесо паддзах ӕмӕ цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Йесо радзырдта, йӕ цагъарӕн 10 000 таланты, кӕнӕ 60 000 000 динары, чи ныххатыр кодта, ахӕм паддзахы тыххӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы цагъар йӕхи хуызӕн цагъарӕн къаддӕр хӕс, 100 динары, нӕ ныххатыр кодта. Паддзах ӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый йӕ хъуамӕ сразӕнгард кодтаид иннӕ цагъарӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕнынмӕ, фӕлӕ уый афтӕ нӕ бакодта. Уыцы хабар паддзах куы базыдта, уӕд тынг смӕсты ӕмӕ загъта: «Саузӕрдӕ цагъар, ды мын куы ныллӕгъстӕ кодтай, уӕд дын ӕз дӕ хӕс иууылдӕр нӕ ныххатыр кодтон? Ӕз дӕуӕн куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ дӕуӕн дӕр не ’мбӕлди де ’мбал цагъарӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?» (Матф. 18:23–35, фип.). Уыцы паддзахау Йегъовӕ дӕр махӕн стыр хӕс ныххатыр кодта. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕйы уарзт ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной?

17 Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм: «Мыййаг мӕ ӕфсымӕртӕй исчи фӕхъыг кодта? Зын мын у ныххатыр кӕнын?» Кӕд хабар афтӕ у, уӕд дын хорз фадат ис нӕ хатыргӕнаг Хуыцау Йегъовӕйы бафӕзмынӕн (Неем. 9:17; Пс. 86:5). Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр иннӕтӕм фӕлмӕн зӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ сын зӕрдӕбынӕй хатыр кӕндзыстӕм. Не ’фсымӕрты куы нӕ уарзӕм ӕмӕ сын куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ дӕр нӕ уарздзӕн ӕмӕ нын нӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14, 15). Адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕндзыстӕм, уымӕй, цы ’рцыди, уый нӕ фӕивдзӕн, фӕлӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕм уӕд хуыздӕр фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн.

18. Хуыцауы уарзт иу хойӕн куыд баххуыс кодта ӕндӕр хойы хъӕндзинӕдтӕн быхсынӕн?

18 Зын ма вӕййы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕн быхсын дӕр. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13, 14; Ефесӕгтӕм 4:32.) Зӕгъӕм, моймӕдзыд чи нӕу, иу ахӕм хо, Лили, ӕмбырды ӕххуыс кодта иу идӕдз хойӕн, Кэролӕн 1. Лили йӕ ласта, кӕдӕм ӕй хъуыди, уырдӕм ӕмӕ-иу ӕм истытӕ ӕлхӕнынмӕ дӕр фӕкаст, стӕй ма йын бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕххуыс кодта. Ӕмӕ йын кӕд Лили хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ арӕзта, уӕддӕр Кэрол ӕдзух хъуыр-хъуыр кодта, ӕмӕ-иу ын уый тыххӕй хатт ӕнцон нӕ уыд ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ йын Лили йӕ хорз миниуджытыл хъуыды кодта ӕмӕ йын цалдӕр азы дӕргъы, цалынмӕ Кэрол тынг нӕ фӕрынчын ӕмӕ нӕ фӕзиан, уӕдмӕ ӕххуыс кодта. Кӕд Кэролӕн ӕххуыс кӕнын зын уыди, уӕддӕр Лили загъта: «Ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Кэрол кӕд райгас уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Алцӕмӕй ӕххӕст куы суа, уый фенын мӕ тынг фӕнды». Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы уарзт нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн быхсӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм се ’ппӕт дӕр ӕххӕст кӕд суыдзысты, уыцы фидӕнмӕ.

19. Хуыцауы зынаргъ лӕвар нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

19 Йегъовӕ нын ӕцӕгдӕр скодта, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар. Цӕй уӕдӕ йын алкӕддӕр аргъ кӕнӕм! Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг хорз фадат у, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзтой, уыдӕттыл. Уӕдӕ нӕ сӕ уарзт разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм, не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын зӕрдӕбынӕй хатыр кӕнӕм.

^ 1 18 абзац: ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.