Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...

Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!

Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!

Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, дыккаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг Гейлы. Йӕ цардӕмбал Робы мӕлӕты фӕстӕ ма йӕхимӕ искуы ӕрцӕудзӕн, уый йӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уым ӕй ногӕй кӕй фендзӕн. Гейл дзуры: «Библийы ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц Раргомады 21:3, 4 стихтӕ». Уым фыст ис: «Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта».

Гейл зӕгъы: «Уымӕ ма цы бафтауӕн ис! Тынг тӕригъӕд кӕнын, зиан кӕуыл ӕрцыд, фӕлӕ сӕ уарзон адӕмы ногӕй сӕ бон фенын кӕй у, уый чи нӕ зоны, уыдонӕн». Гейл ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, уый бӕрӕг у, йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕны, уымӕй. Уый сын дзуры, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ мӕлӕт кӕм нал уыдзӕн, уыцы фидӕны тыххӕй.

Иов фидарӕй зыдта, Хуыцау ӕй ногӕй цардмӕ кӕй раздахдзӕн

Чи зоны зӕгъай: «Алцыдӕр мӕ уырны, ӕрмӕст уый – нӕ!» Фӕлӕ-ма Иовы хабарыл ахъуыды кӕнӕм. Иов уыд уӕззау низӕй рынчын (Иов 2:7). Ӕмӕ кӕд мӕлӕтмӕ бӕллыд, уӕддӕр ӕй уырныдта, Хуыцаумӕ уыцы тых кӕй ис, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ зӕххыл цӕрынмӕ райгас кӕна. Иов фидарӕй загъта: «Тӕхуды, ингӕны мӕ куы бамбӕхсис... [...] Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:13, 15). Иов нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ӕй кӕй ӕрымысдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха.

Тагъд Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн ӕмӕ уӕд Иовы дӕр ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕнӕнымӕц бирӕ адӕмы райгас кӕндзӕн (Лукайы 23:42, 43). Хъуыддӕгты 24:15 стихы фыст ис, мӕрдтӕ кӕй «райгас уыдзысты». Йесо Чырысти загъта: «Ууыл дис ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Иов йӕхи цӕстӕй фендзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Уый та ногӕй «йе ’взонджы бонтӕм» раздӕхдзӕн, ӕмӕ йӕ буар ӕнустӕм уыдзӕн, «ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр» (Иов 33:24, 25). Ахӕм фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Хуыцауӕй бузныг чи у, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.

Цӕуыл аныхас кодтам, уый дын дӕ зӕрдӕйы рыст бынтондӕр нӕ фесафдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын фидар ныфс фӕзындзӕн ӕмӕ дӕм дарддӕр цӕрынӕн хъарутӕ уыдзӕн (1 Фессалоникӕгтӕм 4:13).

Маст сфӕразӕн куыд ис, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? Кӕнӕ дӕ фӕнды ахӕм фарстайӕн дзуапп базонын: «Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн Хуыцау кӕрон цӕуылнӕ скӕны?» Кӕд о, уӕд бацу нӕ сайтмӕ.