Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Иосифы фыд чи уыди?

Иосиф, хъӕддӕсны Назаретӕй, уыд Йесо Чырыстийы кӕнгӕ фыд. Фӕлӕ Иосифы фыд та чи уыд? Матфейы Евангелийы Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды фыст ис, зӕгъгӕ, Иосиф уыди Иаковы фырт, Лука та йӕ хоны Илийы фырт. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? (Лукайы 3:23; Матфейы 1:16).

Матфей ныффыста: «Иаковӕн райгуырд Иосиф». Ам Матфей цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны, Иаков кӕй уыд Иосифы ныййарӕг фыд. Уӕдӕ Матфей Иосифы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ныффыста фыдӕй фыртмӕ. Уый уыди паддзах Давиды хӕдзарвӕндаджы байзӕддӕгты номхыгъд ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ Иосифы кӕнгӕ фырт Йесойӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй паддзахбадӕныл ӕрбадтаид.

Лукайы Евангелийы та фыст ис: «Иосиф... уыд Илийы фырт». Дзырд «фырт», гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕна «сиахс» дӕр. Уыцы дзырдӕн ма ахӕм нысаниуӕг ис Лукайы 3:27 стихы дӕр. Уым фыст ис, Йехонийы фырт Салафиил кӕй уыд «Нирийы фырт» (1 Азфыстыты 3:17; Матфейы 1:12). Салафиил ракуырдта Нирийы чызджы ӕмӕ сси йӕ сиахс. Иосиф дӕр Илийы «фырт» уыцы хуызы уыди, ӕмӕ йӕ ус уыд Илийы чызг Марийӕ. Уӕдӕ Лука Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ныффыста, йӕ ныййарӕг мад Марийӕ «туг ӕмӕ стӕгӕй» кӕй байзӕддаг уыди, уыдоны номхыгъдмӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 1:3). Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы Йесойӕн ис дыууӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъды.

Рагзаманты цавӕр хъуымӕцтӕ ӕмӕ ахорӕнтӕ уыд?

Ахуырст къуымбил хъуымац, ссардтой йӕ лӕгӕты Мард денджызмӕ ’ввахс (н. э. 135 азы размӕ)

Ӕввахс Скӕсӕны раджы заманты тынг парахат уыдысты фысы къуымбилӕй, стӕй сӕгъы ӕмӕ теуайы хъуынӕй конд хъуымӕцтӕ. Ӕппӕты арӕхдӕр дзы уыдысты къуымбилӕй конд хъуымӕцтӕ. Библийы дӕр арӕх ӕмбӕлы фысты, фыстӕ ӕлвыныны ӕмӕ къуымбилӕй конд дзаумӕтты кой (1 Самуилы 25:2; 2 Паддзӕхты 3:4; Иов 31:20). Кӕттаг, кӕнӕ ӕппӕты хуыздӕр хъуымац, кодтой гӕнӕй, зади Египеты ӕмӕ Израилы (Райдиан 41:42; Йесо Навин 2:6). Раджы заманты Израилы бӕмбӕг нӕ сагътой, фӕлӕ Библийы фыст ис, бӕмбӕг хъуымацӕй кӕй пайда кодтой Персы (Есфир 1:6). Зӕлдаг уыд кадджын зынаргъ хъуымац, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ластой ӕрмӕстдӕр сӕудӕджертӕ Дард Скӕсӕнӕй (Раргомад 18:11, 12).

Иу чиныджы фыст ис: «Къуымбилӕн йӕхи хуызтӕ уыдысты бирӕ: урс-урсид, тар морӕ ӕмӕ ма се ’хсӕн цыдӕриддӕр хуызтӕ ис, уыдон» (Jesus and His World). Уымӕй уӕлдай, къуымбил арӕх кодтой ахоргӕ. Тарсырх ахорӕн кодтой денджызон сӕтӕлджытӕн сӕ кӕцыдӕр хуызтӕй. Ӕндӕр ахорӕнтӕ та, зӕгъӕм, сырх, бур, ӕрвхуыз ӕмӕ сау ахорӕнтӕ, арӕзтой алыхуызон зайӕгойтӕй, зайӕгойты уидӕгтӕй, сыфтӕртӕй ӕмӕ сасчытӕй.