Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕдзӕхстмӕ байхъус, ӕмӕ фервӕзай!

Фӕдзӕхстмӕ байхъус, ӕмӕ фервӕзай!

СУМАТРӔЙЫ, Индонезийы цӕгат-ныгуылӕн хайы, сакъадах Симёлуэйыл 2004 азы 26 декабры ӕрцыд стыр зӕххӕнкъуыст, йӕ тых уыди 9,1 баллы. Денджызы был чи уыд, уыдон иууылдӕр ӕдзынӕг донмӕ кастысты. Дон ӕвиппайды былӕй тынг дард ацыд. Адӕм иууылдӕр уайтагъд бӕрзонд рӕттӕм лидзынмӕ фесты, «Смонг! Смонг!» хъӕргӕнгӕ, ома цунами. Сахаты ’рдӕджы фӕстӕ ӕнахуыр стыр уылӕнтӕ сӕхи былыл ныццавтой ӕмӕ дуне хӕдзӕрттӕ ӕмӕ хъӕутӕ фӕластой.

Уыцы цунамийы амӕттаг фыццаг баци Симёлуэ. Фӕлӕ дзы 78 мин цӕрӕг адӕймагӕй 7 йеддӕмӕ нӕ фӕмард. Иннӕтӕ цӕй фӕрцы аирвӕзтысты? * Бынӕттон цӕрджытӕ арӕх фӕзӕгъынц: «Зӕгъгӕ, зӕхх тынг нынкъуысыд ӕмӕ денджызы дон былӕй дард ацыд, уӕд бӕрзонд ранмӕ лидз, уымӕн ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ тынг тагъд сӕхи фӕстӕмӕ былыл ныццӕвдзысты». Симёлуэйы адӕмыл ахӕм хабар фыццаг хатт не ’рцыди. Уымӕ гӕсгӕ дон ӕвиппайды былӕй дард куы ацыд, уӕд ӕй бамбӕрстой, цунами кӕй уыдзӕн, уый. Ӕрдзы «фӕдзӕхстмӕ» кӕй байхъуыстой, уый фӕрцы аирвӕзтысты.

Библийы фыст ис, тагъд кӕй уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матфейы 24:21). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Зӕхх фесӕфдзӕн, адӕм ын зиан кӕй хӕссынц, уый аххосӕй кӕнӕ исты ӕрдзон бӕллӕхы аххосӕй. Хуыцауы фӕнд у, цӕмӕй зӕхх лӕууа ӕнустӕм (Екклесиаст 1:4). Тагъд рӕстӕджы стыр бӕллӕхы Хуыцау фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны». Афтӕмӕй кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕппӕт фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн (Раргомад 11:18; Ӕмбисӕндтӕ 2:22). Уый уыдзӕн ӕцӕг арфӕдзинад!

Цунами куы рацӕуы, вулкан куы срӕмудзы кӕнӕ зӕххӕнкъуыст куы ’рцӕуы, уӕд тынг бирӕ ӕнаххос адӕм амӕлы. Фӕлӕ Хуыцау фыдгӕнджыты куы сафа, уӕд иу ӕнаххос адӕймаджы дӕр нӕ фесафдзӕн. Библи зӕгъы: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Ӕмӕ нын Хуыцау, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уый, зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Цымӕ дӕуӕн та дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй стыр бӕллӕхы рӕстӕг фервӕзай ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй схайджын уай? Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй фӕдзӕхстмӕ хъусай!

ДӔ ХЪУС ДАР, ДУНЕЙЫ УАВӔРТӔ КУЫД ИВЫНЦ, УЫМӔ

Ӕппӕт фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу. Йесо дӕр загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд». Фӕлӕ нӕ уӕддӕр Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм» (Матфейы 24:36; 25:13). Цӕмӕн? Библийы фыст ис, кӕроны размӕ дуне цы уавӕры уыдзӕн, уый. Денджызы дӕттӕ ӕвиппайды куыд ацыдысты, уымӕ гӕсгӕ Симёлуэйы цӕрджытӕ, цунами кӕй уыдзӕн, уый куыд базыдтой, афтӕ, ацы дунейы уавӕртӕ дӕр куыд тагъд ивынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у базонын, кӕрон ӕввахс кӕй у, уый. Ацы статьяйы рамкӕйы фыст ис, Библийы цы ивындзинӕдты кой ис, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй.

Ивгъуыд заманты дӕр-иу ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд, ӕрмӕст иуӕй-иу рӕтты. Фӕлӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «ӕппӕт адӕттӕ» куы уынӕм, уӕд ӕй хъуамӕ зонӕм, кӕрон тынг ӕввахс кӕй у (Матфейы 24:33). Ахъуыды-ма кӕн, кӕд уыд афтӕ, ӕмӕ ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ: 1) цӕуой ӕгас дунейы дӕр, 2) цӕуой уыцы иу рӕстӕг ӕмӕ 3) ныр куыд арӕх сты, афтӕ арӕх уой? Дызӕрдыггаг нӕу, уыдӕттӕ иууылдӕр нӕ рӕстӕгмӕ кӕй хауынц.

УЫЙ ДЗУРӔГ У ХУЫЦАУЫ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ

Иугонд Штатты раздӕры президенттӕй иу загъта: «Адӕмы рагацау бафӕдзӕхсыны тыххӕй цы системӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы... бирӕтӕ аирвӕзынц». 2004 азы цы цунами уыд, уый фӕстӕ ахӕм системӕ скодтой, цунами стыр зиӕнттӕ кӕм ӕрхаста, уыцы регионы дӕр, цӕмӕй та мыййаг исты, уӕд уыйбӕрц адӕм мауал фесӕфа. Афтӕ Хуыцау дӕр батыхст ууыл, цӕмӕй кӕроны размӕ адӕм рагацау базоной, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Библийы фыст ис: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

Ӕрмӕст фарон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кодтой 2 миллиард сахатмӕ ’ввахс 240 бӕстӕйы 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыцы хъуыддагӕй ирдӕй зыны, кӕрон ӕввахс кӕй у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсынц, Хуыцауы тӕрхоны бон тынг тагъд кӕй ралӕудзӕн (Матфейы 22:39). Ацы хабӕртты тыххӕй дӕ бон базонын кӕй у, уый дӕр Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг у. Хуыцауы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Петры 3:9). Хуыцауы уарзондзинадӕн саргъ кӕндзынӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстмӕ байхъусдзынӕ?

ӔДАС РАНМӔ ЛИДЗУТ!

Симёлуэйы цӕрджытӕй былгӕрӕтты чи царди, уыдон бӕрзонд бынӕттӕм алыгъдысты, куыддӕр дон фӕстӕмӕ ацыд, афтӕ. Ӕмӕ уылӕнтӕ куы ’рбагуылф кодтой, уӕдмӕ дард уыдысты. Ӕвӕстиатӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы фервӕзтысты. Цӕмӕй фидӕны стыр бӕллӕхы фервӕзӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ лидзӕм бӕрзонд ранмӕ, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ. Куыд? Пехуымпар Исай Хуыцауы разамындӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты», ома мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уӕд, адӕмы зӕрдиагӕй хондзысты: «Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ... Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл» (Исай 2:2, 3).

Адӕймаг хохмӕ куы ссӕуы, уӕд ӕм уӕлейӕ бынмӕ алцыдӕр хуыздӕр фӕзыны, стӕй йын уым вӕййы ӕдас. Раст афтӕ, ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕм Библийӕ Хуыцауы фӕндӕгты тыххӕй базонынц ӕмӕ сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Афтӕмӕй райдайынц Хуыцауы фӕндӕгтыл цӕуын, йӕ хорзӕх ын ссарынц, ӕмӕ сӕ уый дӕр фӕхъахъхъӕны.

Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ айсдзынӕ ӕмӕ ацы уӕззау рӕстӕг дӕхи Хуыцауы дӕлбазыр бакӕндзынӕ? Лӕмбынӕг-ма ӕркӕс, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕн ацы статьяйы рамкӕйы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дзы цы стихтӕ ис, уыдон хуыздӕр бамбарай ӕмӕ, дӕ цардмӕ цы бар дарынц, уый базонай. Дӕ фарстатӕн ма дзуапп ссарын дӕ бон у нӕ сайты.

^ 3 абз. Уыцы цунамийы аххосӕй фӕмард 220 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уыйбӕрц бӕллӕхтӕ чи расайдта, ахӕм цунамитӕ историйы бирӕ нӕ уыд.