Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацары цас рӕстӕг фесты?

Уыцы уацары фесты н. э. 2 ӕнусӕй 1919 азы онг. Цымӕ йӕ ныр афтӕ ӕмбарын цӕмӕн райдыдтам?

Хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй 1919 азы сӕрст чырыстӕттӕ ссӕрибар сты Стыр Вавилоны уацарӕй ӕмӕ сӕ Чырысти ӕрӕмбырд кодта, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы ӕмбырдмӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм: 1914 азы Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уый хӕдфӕстӕ Хуыцауы адӕм фӕлвӕрд ӕрцыдысты ӕмӕ сабыргай мӕнг динӕй ссыгъдӕг сты * (Мал. 3:1–4). Стӕй 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕггонд адӕмӕн «хӕринаг афоныл лӕвӕрдтаид» (Матф. 24:45–47). Растдӕр уыцы аз Хуыцауы адӕм ссӕрибар сты Стыр Вавилоны уацарӕй (Рарг. 18:4). Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы адӕм уацары кӕд бахаудысты?

Раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, афтӕмӕй, Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацары бахаудысты 1918 азы райдианы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг бирӕ нӕ ахаста. 1992 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, зӕгъгӕ, раджы заман израилӕгты Вавилонмӕ уацары куыд акодтой, афтӕ 1918 азы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр Стыр Вавилоны уацары бахаудысты. Фӕлӕ уыцы фарста лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕстам, уӕд рабӕрӕг, Хуыцауы адӕм уацары 1918 азы нӕ, фӕлӕ бирӕ раздӕр кӕй бахаудысты.

Йезекилы 37:1–14 фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕм хъуамӕ уацары бахаудаиккой ӕмӕ фӕстӕдӕр ссӕрибар уыдаиккой. Йезекил цӕстылуайӕны федта стджытӕй йедзаг дӕлвӕз. Йегъовӕ йын загъта: «Ацы стджытӕ сты Израилы адӕм иууылдӕр» (11-ӕм стих). Уыцы пехуымпарад дыккаг хатт сӕххӕст «Хуыцауы Израилыл», сӕрст чырыстӕттыл (Гал. 6:16; Хъуыд. 3:21). Йезекил ма федта, стджытӕ кӕй райгас сты ӕмӕ сӕ стыр ӕфсад кӕй рауад. Уымӕй ӕвдыст ӕрцыд, 1919 азы Хуыцауы адӕм стыр Вавилонӕй куыд ссӕрибар уыдзысты, уый. Фӕлӕ цымӕ уыцы пехуымпарадӕй куыд зыны, уацары цас рӕстӕг фесты, уый?

Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йезекил цы стджытӕ федта, уыдон уыдысты «тынг хус» (Йез. 37:2, 11). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕй стджытӕ уыдысты, уыцы адӕм тынг раджы амардысты. Дыккаджы та уый, ӕмӕ уыцы мӕрдтӕ ӕвиппайды нӕ, фӕлӕ сабыргай раздӕхтысты цардмӕ. Йезекилмӕ «райхъуыст цыдӕр уынӕр, гыбар-гыбур, ӕмӕ стджытӕ кӕрӕдзиимӕ, иу стӕг иннӕимӕ, иу кӕнын райдыдтой». Стӕй Йезекил загъта: «Ӕмӕ дын сыл нуӕрттӕ ӕмӕ фыд куы фӕзынид, стӕй сыл царм дӕр куы рацӕуид». Уый фӕстӕ сӕ «бацыд улӕфт, ӕмӕ райгас сты». Ӕппынфӕстаг, чи райгас, уыцы адӕмы Йегъовӕ сӕ бӕстӕйы ӕрцӕрын кодта. Ӕппӕт уыдӕттӕн хъуыди рӕстӕг (Йез. 37:7–10, 14).

Ацы пехуымпарады куыд загъд уыд, раст афтӕ израилӕгтӕ уацары фесты бирӕ рӕстӕг. Сӕ уацары рӕстӕг райдыдта н. э. размӕ 740 азы, Израилы дӕс мыггаджы, ома цӕгат паддзахады цӕрджыты, сӕ бӕстӕйӕ куы акодтой, уӕд. Фӕстӕдӕр, н. э. размӕ 607 азы, Иерусалим ныппырх кодтой ӕмӕ Иудӕйы дыууӕ мыггаджы дӕр, ома хуссар паддзахады цӕрджыты дӕр, уацары акодтой. Сӕ уацары рӕстӕг фӕци н. э. размӕ 537 азы – уӕд дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой.

Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацары бирӕ рӕстӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой, ӕрмӕст 1918 азӕй 1919 азмӕ нӕ, фӕлӕ. Чырыстийы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, уый бирӕ рӕстӕг кӕй хъуамӕ ахастаид. Уый загъта, «хӕмпӕлгӕрдӕг» (мӕнг чырыстӕттӕ) «хорз мыггагимӕ» («паддзахады фырттимӕ») иумӕ кӕй зайдзӕн (Матф. 13:36–43). Уыцы рӕстӕг ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг гыццыл уыдысты. Йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр мӕнг ахуырӕдтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ раст дин ныууагътой. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, уыцы рӕстӕг чырыстон ӕмбырд Стыр Вавилоны уацары кӕй уыд. Сӕ уацар райдыдта н. э. 2 ӕнусы ӕмӕ фӕци, Хуыцауы ӕнӕуынгӕ кувӕндон сыгъдӕггонд куы ӕрцыд, уӕд (Хъуыд. 20:29, 30; 2 Фес. 2:3, 6; 1 Иоан. 2:18, 19).

Ӕнусты дӕргъы аргъуаны разамонджытӕ ӕмӕ хицауад архайдтой, цӕмӕй адӕмыл сӕ бар цыдаид. Зӕгъӕм, адӕмӕн уый бар нӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕм Библи уыдаид ӕмӕ йӕ кастаиккой, цы ’взаг ӕмбӕрстой, уыцы ӕвзагыл. Библи чи касти, уыдонӕй кӕйдӕрты хъӕдыл дӕр басыгътой. Аргъуаны разамонджытӕ цы амыдтой, уый ныхмӕ чи дзырдта, уыдоны-иу карзӕй бафхӕрдтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕмӕн уый фадат нӕ уыд, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккой кӕнӕ йӕ иннӕтӕн амыдтаиккой.

Йезекилы цӕстылуайӕнӕй ма ноджыдӕр базыдтам, Хуыцауы адӕм цардмӕ сабыргай кӕй раздӕхдзысты ӕмӕ мӕнг динӕй сабыргай кӕй ссӕрибар уыдзысты. Цымӕ уый кӕд райдыдта ӕмӕ куыд? Йезекил ныффыста, «гыбар-гыбур» кӕй райхъуыст. Уыцы хабар райдыдта, кӕроны рӕстӕгмӕ ма цалдӕр сӕдӕ азы куы хъуыди, уӕд. Кӕд мӕнг ахуырӕдтӕ тынг парахат уыдысты, уӕддӕр уыди, рӕстдзинад базонын ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм иузӕрдион адӕймӕгтӕ. Уыдон Библи иртӕстой ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаиккой, цы-иу базыдтой, уый. Иннӕтӕ та зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй Библи ратӕлмац кодтаиккой, хуымӕтӕг адӕм цы ӕвзӕгтыл дзырдтой, уыцы ӕвзӕгтӕм.

Уый фӕстӕ, 1870 азмӕ ӕввахс, Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой Библийы рӕстдзинад иртасын. Ӕмӕ уый абарӕн ис, цӕстылуайӕны стджытыл фыд ӕмӕ царм зайын куыд райдыдта, уыимӕ. Журнал «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ ӕндӕр публикациты фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кодтой. Фӕстӕдӕр, 1914 азы, рауагътой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» ӕмӕ 1917 азы та – чиныг «Сусӕгдзинад раргом», цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы уырнындзинад бафидар кодтаиккой. Ӕппынфӕстаг, 1919 азы, Хуыцауы адӕмӕн, зӕгъӕн ис, ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд цард ӕмӕ ног бӕстӕ. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕрст чырыстӕттӕм ӕрбаиу сты, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕмӕ иумӕ систы «тынг стыр ӕфсад» (Йез. 37:10; Зах. 8:20–23) *.

Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацары н. э. 2 ӕнусы кӕй бахаудысты. Уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр раст дин ныууагътой ӕмӕ мӕнг дины ахуырӕдтыл ныххӕцыдысты. Бирӕ азты дӕргъы тынг зын уыди Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, израилӕгтӕн уацары куыд зын уыд, растдӕр афтӕ. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕмбаргӕ чи у, уыдон арвы рухсау ӕрттивдзысты» ӕмӕ бирӕтӕ «сӕхи ссыгъдӕг кӕндзысты, сӕхи сурс кӕндзысты» (Дан. 12:3, 10). Куыд амондджын стӕм, уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм!

Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй ӕцӕгдӕр кувӕндонмӕ акодта ӕви йын ӕй цӕстылуайӕны равдыста?

Хӕйрӕг Йесойӕн кувӕндон куыд равдыста, уый нӕ бон бӕлвырд зӕгъын нӕу.

Уыцы хабары тыххӕй Библийы фысджытӕй ныффыстой Матфей ӕмӕ Лука. Матфей ныффыста, зӕгъгӕ, Йесойы «Хӕйрӕг акодта сыгъдӕг горӕтмӕ» ӕмӕ йӕ, «кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕр [кӕнӕ, кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр ран]... ӕрлӕууын кодта» (Матф. 4:5). Лука дӕр ныффыста, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг Йесойы «акодта Иерусалиммӕ» ӕмӕ йӕ, «кувӕндоны алыварс цы къул уыди, уый сӕр... ӕрлӕууын кодта» (Лук. 4:9).

Раздӕр нӕ публикациты фыстам, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй кувӕндонмӕ ӕцӕгӕй нӕ акодтаид. Зӕгъӕм, 1961 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, уыцы хабар кӕй ис абарӕн, Хӕйрӕг Йесойӕн бӕрзонд хохӕй дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ куыд равдыста, уыимӕ. Фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, ахӕм бӕрзонд хох ӕцӕгӕй никуы ис. Ӕмӕ, дам, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойы кувӕндонмӕ дӕр ӕцӕгӕй нӕ акодта. Фӕлӕ уый фӕстӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьяты фыст уыд, зӕгъгӕ, бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо кувӕндоны сӕрӕй куы рагӕпп кодтаид, уӕд ныппырх уыдаид, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бӕрзонд ран лӕууыд.

Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Йесо левит кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын бар нӕ уыд, цӕмӕй кувӕндоны сыгъдӕг бынаты сӕр лӕууыдаид. Гъемӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Хӕйрӕг Йесойы кувӕндонмӕ цӕстылуайӕны «акодта». Уыцы хабарӕй ӕнустӕ раздӕр Йезекил дӕр цӕстылуайӕны кувӕндонмӕ хаст ӕрцыд (Йез. 8:3, 7–10; 11:1, 24; 37:1, 2).

Фӕлӕ кӕд Йесо кувӕндонмӕ цӕстылуайӕны ’рцыд хаст, уӕд, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна:

  • Афтӕ куы уыдаид, уӕд Йесойӕн кувӕндоны сӕрӕй рагӕпп кӕнын фӕлварӕн уыдаид?

  • Хӕйрӕг Йесойы иннӕ хӕттыты куы фӕлвӕрдта, уӕд ын ӕцӕг дуртӕй дзырдта, цӕмӕй сӕ дзултӕ фестын кодтаид, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын Йесо ӕцӕгӕй бакуывтаид. Ӕмӕ йӕ уӕд ацы хатт дӕр ӕцӕг кувӕндоны сӕрӕй нӕ гӕпп кӕнын кодтаид?

Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг Йесойӕн цӕстылуайӕн нӕ фенын кодта, фӕлӕ йӕ ӕцӕг кувӕндонмӕ акодта, уӕд та, чи зоны, кӕмӕдӕрты фӕзына ахӕм фарстатӕ:

  • Йесо кувӕндоны сыгъдӕг бынаты сӕрыл кӕй лӕууыд, уымӕй Закъон фехӕлдта?

  • Кӕд Йесо ӕдзӕрӕг быдыры уыд, уӕд Иерусалимы кувӕндоны куыд фестад?

Ацы фӕстаг дыууӕ фарстайы лӕмбынӕгдӕр куы раиртасӕм, уӕд сын нӕ бон бауыдзӕн дзуапп раттын.

Профессор Д. А. Карсон ныффыста, зӕгъгӕ, Матфей ӕмӕ Лука кӕмӕй спайда кодтой, уыцы грекъаг дзырд «кувӕндон», ӕвӕццӕгӕн, амоны, ӕрмӕстдӕр левиттӕн кӕдӕм уыд бацӕуӕн, уыцы сыгъдӕг бынатмӕ нӕ, фӕлӕ кувӕндонмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Кувӕндоны хуссар-скӕсӕйнаг хайӕн йӕ сӕр тъӕпӕн уыди, ӕмӕ уый уыди кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр бынат. Йесо дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ран уыд. Уырдыгӕй зӕхмӕ, Кедроны дӕлвӕзы рӕбынмӕ, уыди иу-140 метры (40-уӕладзыгон кӕнӕ 50-уӕладзыгон хӕдзары бӕрзӕнд). Историк Иосиф Флавий фыста, зӕгъгӕ, уыцы бынат афтӕ бӕрзонд уыди, ӕмӕ дзы адӕймаг бынмӕ куы ракастаид, уӕд «йӕ сӕр разылдаид». Кӕд Йесо левит нӕ уыд, уӕддӕр ын, уыцы ран куы лӕууыдаид, уӕд ничи ницы загътаид.

Фӕлӕ кӕд Йесо ӕдзӕрӕг быдыры уыд, уӕд Иерусалимы кувӕндоны куыд хъуамӕ фестадаид? Уый бӕлвырд зӕгъын нӕ бон нӕу. Библи ӕрмӕстдӕр уый зӕгъы, ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойы Иерусалиммӕ акодта. Иерусалимӕй куыд дард уыди кӕнӕ йӕ Хӕйрӕг цас рӕстӕг фӕлвӕрдта, уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Уӕдӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ Йесо Иерусалиммӕ фистӕгӕй ӕрцыд, кӕд ӕй уымӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыдаид, уӕддӕр.

Фӕлӕ Хӕйрӕг Йесойӕн «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ», ӕвӕццӕгӕн, цӕстылуайӕны равдыста, уымӕн ӕмӕ зӕххыл никӕцы хохӕй ис ӕппӕт паддзахӕдтӕ фенӕн. Уый абарӕн ис, экраныл кино куыд февдисынц ӕмӕ дзы адӕймаг дунейы алыхуызон бынӕттӕ куыд фены, уыимӕ. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг цӕстылуайӕнӕй спайда кодта, уӕддӕр ӕй фӕндыд, цӕмӕй Йесо ӕцӕгӕй йӕ зонгуытыл ӕрхаудаид ӕмӕ йын бакуывтаид (Матф. 4:8, 9). Уӕдӕ йӕ кувӕндоны сӕрӕй дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгӕй гӕпп кӕнын кодта, цӕмӕй афтӕмӕй Йесо йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрстаид. Фӕлӕ Йесо не сразы. Уыцы хабар ӕнӕуи цӕстылуайӕн куы уыдаид, уӕд афтӕ стыр фӕлварӕн дӕр нӕ уыдаид.

Уӕдӕ, статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй мах бӕлвырд нӕ зонӕм, Хӕйрӕг Йесойӕн кувӕндон куыд равдыста, уый. Чи зоны, Йесо ӕцӕгдӕр Иерусалиммӕ ’рцыд ӕмӕ кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр бынаты ’рлӕууыд. Фӕлӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Хӕйрӕг-иу Йесойы ӕцӕгӕй кӕй рӕдийын кодта ӕмӕ-иу уый алы хатт дӕр йӕ ныхмӕ фидар кӕй фӕлӕууыд.

^ 2 абз. Йезекилы 37:1–14 ӕмӕ Раргомады 11:7–12 стихтӕ амонынц, 1919 азы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Йезекилы 37:1–14 фыст пехуымпарад амоны, 1919 азы Хуыцауы адӕм се ’ппӕт дӕр раст динмӕ кӕй раздӕхдзысты, уацары бирӕ рӕстӕг куы фӕуой, уый фӕстӕ. Раргомады 11:7–12 стихты та ӕвдыст цӕуы, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд 1919 азы йӕ къӕхтыл кӕй слӕудзӕн, уый. Уӕдмӕ уыцы ӕфсымӕртӕн цасдӕр рӕстӕг уый бар нӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ кодтаиккой.