Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?

Библи нӕ рӕстӕгмӕ цӕй фӕрцы ӕрхӕццӕ?

Библи нӕ рӕстӕгмӕ цӕй фӕрцы ӕрхӕццӕ?

Библи нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уый фӕрцы дын абон фадат ис, цӕмӕй йӕ кӕсай. Ӕмӕ хорз тӕлмац куы равзарай, уӕд-иу ма дызӕрдыг кӕн, райдианы куыд фыст ӕрцыд, уыимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр кӕй нӕ фӕивта, ууыл *. Фӕлӕ афтӕ цӕй фӕрцы рауад, ӕмӕ Библийыл нӕдӕр рӕстӕг фӕтых, нӕдӕр йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый ӕмӕ дзы цы хабар фыст уыд, уый аивын дӕр никӕмӕн бантыст? Ацы чиныг иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

«Ныр мӕ фидарӕй уырны, цы Библи мӕм ис, уый Хуыцауы лӕвар кӕй у»

Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц апостол Петры хъуыдымӕ: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Бауырны сӕ, Библи нӕ рӕстӕгмӕ уымӕн кӕй ӕрхӕццӕ, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас у ӕмӕ йӕ уыйбӕрц ӕнусты дӕргъы Хуыцау кӕй хъахъхъӕдта. Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, Файзал, ӕппынфӕстаг сфӕнд кодта уыцы фарстатӕ раиртасын. Ӕмӕ уый фӕстӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Цы базыдта, уый йӕ дисы бафтыдта. Цыбыр рӕстӕгмӕ Файзал бамбӕрста, чырыстон аргъуаны сӕйраг ахуырӕдтӕй бирӕтӕн Библийы сӕ кой дӕр кӕй нӕй. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауӕн йӕ Ныхасӕй базыдта, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.

Файзал зӕгъы: «Ныр мӕ фидарӕй уырны, цы Библи мӕм ис, уый Хуыцауы лӕвар кӕй у. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд Хуыцаумӕ ахӕм тых ис, ӕмӕ дуне сфӕлдыста, уӕд йӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй нын чиныг радтаид ӕмӕ йӕ абоны онг бахъахъхъӕдтаид? Уый нӕ куы нӕ уырна, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнӕм Хуыцауы ӕгӕрон тыхыл – Ӕппӕтхъомысджыны тыхыл!» (Исай 40:8).

^ 3 абз. Кӕс 2008 азы 1 майы «Сторожевая башня», статья «Как выбрать хороший перевод Библии?».