Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыддзинад кӕм нӕ уа, ахӕм дуне искуы уыдзӕн?

Фыддзинад кӕм нӕ уа, ахӕм дуне искуы уыдзӕн?

Мыййаг, дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи фыддзинады азарӕй басыгъд? Дӕуыл дӕр ахӕм хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй дӕ тӕрсын хъӕуы? Фыддзинад банымадтой, «фӕстаг рӕстӕг ӕгас дунейы адӕмы ӕнӕниздзинадӕн стыр зиан чи хӕссы», ахӕм хъуыддагыл. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.

БИНОНТЫ ’ХСӔН ӔФХӔРД ӔЙЙАФЫН ӔМӔ ТЫХМИ. Иугонд Нациты Организаци фехъусын кодта: «Алы ӕртыккаг сылгоймагмӕ дӕр ӕппынкъаддӕр иу хатт йӕ къух сисы кӕнӕ йын тыхми бакӕны, кӕимӕ цӕры, уыцы нӕлгоймаг». Хъыгагӕн, «ӕгас дунейы дӕр, алы фондз сылгоймагӕй иуӕн тыхми бакӕндзысты кӕнӕ йын хъавдзысты тыхми бакӕнынмӕ».

ФЫДРАКӔНДТӔ. Америкӕйы Иугонд Штатты ис 30 000 бандӕйӕ фылдӕр. Латинаг Америкӕйы та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр фыдракӕнды амӕттаг бавӕййы.

ЛӔГМӔРДТӔ. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй 2012 азы амардтой 500 000 адӕймаджы бӕрц. Уыдон бирӕ фылдӕр сты, хӕстыты чи фӕмард, уыдонӕй. Хуссар Африкӕ ӕмӕ Централон Америкӕйы амарынц, ӕгас дунейы цал адӕймаджы амарынц, уымӕй цыппар хатты фылдӕр. Латинаг Америкӕйы иу азмӕ ӕрцыд 100 000 лӕгмардӕй фылдӕр, ӕрмӕст Бразилийы та – 50 000 бӕрц. Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ фыдракӕндтӕ нал уыдзӕн?

ИСКУЫ ФЫДДЗИНАДӔН КӔРОН ӔРЦӔУДЗӔН?

Фыддзинад афтӕ парахат цӕмӕн у? Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй, зӕгъӕм, иутӕм иннӕтӕй фылдӕр бартӕ кӕй ис кӕнӕ хъӕздыгдӕр кӕй сты; адӕймаджы цардӕн аргъ кӕй нал ис; наркотиктӕ ӕмӕ нозты тыххӕй; сывӕллӕттӕн фыдмитӕ кӕй кӕнынц; ӕвирхъау фыдракӕндты аххосджын чи вӕййы, уыдонӕй бирӕтӕ ӕфхӕрд кӕй нӕ баййафынц, уый тыххӕй.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты фыдракӕндтӕ фӕкъаддӕр сты. Горӕт Сан-Паулуйы (Бразили) фӕстаг дӕс азы лӕгмӕрдтӕ фӕкъаддӕр сты 80 проценты бӕрц. Фӕлӕ дзы ӕндӕр фыдракӕндтӕ уӕддӕр тынг арӕх сты, стӕй дзы лӕгмӕрдтӕ дӕр нырма афтӕ гыццыл не сты – алы 100 000 адӕймагӕй 10 адӕймаджы бӕрц амарынц. Уӕдӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Цӕмӕй фыддзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, уый тыххӕй адӕмы дӕр цыдӕр аразын хъӕуы – хъуамӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ уагахаст аивой. Фыдгӕнджытӕ сӕ удыхъӕд фӕивдзысты, сӕрбӕрзонд, зыд ӕмӕ хиуарзон куы нал уой, ӕмӕ иннӕты уарзын, аргъ сын кӕнын ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕсын куы сахуыр уой, уӕд.

Адӕймаджы афтӕ цӕхгӕр фӕивын цӕмӕн бафӕнды? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Библи цы дзуры, ууыл:

  • «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоанны 5:3).

  • «Йегъовӕйӕ тӕрсын уый у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй де сӕфт уынай» * (Ӕмбисӕндтӕ 8:13).

Адӕймаг Хуыцауы кӕй бауарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй фӕтӕрсы, ивгӕ сӕйраджыдӕр уый фӕрцы акӕны. Уый суанг фыдгӕнджытӕн дӕр баххуыс кӕны сӕ цард цӕхгӕр фӕивынӕн. Цымӕ уымӕн ӕцӕгдӕр гӕнӕн ис?

Ӕркӕсӕм-ма Алексы * хабармӕ. Цалдӕр фыдракӕнды тыххӕй ныр 19 азы бады Бразилийы ахӕстоны. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ 2000 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Цымӕ Алекс йе ’взӕр митӕ ӕцӕгдӕр ныууагъта? О, ӕмӕ тынг фӕсмон кӕны йӕ раздӕры хъуыддӕгтыл: «Хуыцауы тынг бауарзтон, зӕрдиагӕй мын кӕй ныххатыр кодта, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕ бузныг кӕй дӕн ӕмӕ йӕ кӕй уарзын, уый фӕрцы мӕ цард фӕивтон».

Сезар дӕр цӕры Бразилийы. Раздӕр йе ’мбӕлттимӕ давта кӕнӕ-иу хӕцӕнгарзимӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм бабырста ӕмӕ-иу сын сӕ фӕкъахта. Ахӕм фыдхъуыддӕгтӕ кодта 15 азы бӕрц. Цымӕ цӕй фӕрцы фӕивта? Ахӕстоны куы уыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ базонгӕ ӕмӕ уый дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Сезар загъта: «Ӕрмӕстдӕр уӕд бамбӕрстон, цӕмӕн цӕрын, уый. Хуыцауы бауарзтон. Стӕй ма сахуыр дӕн Хуыцауӕй тӕрсын дӕр – тарстӕн, ӕвзӕрӕй та исты куы саразон ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куы фӕриссын кӕнон. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ хъуыды кодтаид, ӕмӕ йын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн нӕ аргъ кӕнын. Кӕй йӕ уарзтон ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарстӕн, уый фӕрцы аивтон».

Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, фыддзинад кӕм нӕй, уыцы дунейы цӕрай

Ацы цӕвиттонтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Библийӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ адӕймаджы зондахаст хуыздӕрырдӕм аивы, ӕмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивы (Ефесӕгтӕм 4:23). Уӕлдӕр кӕй кой скодтам, уыцы Алекс ма загъта: «Библийӕ цы базыдтон, уый мӕ сыгъдӕг донау ахъардта ӕмӕ мӕ сабыргай-сабыргай ме ’взӕр хъуыдытӕй ссыгъдӕг кодта. Уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ сӕ искуы фервӕздзынӕн». Ӕцӕгдӕр, нӕ зонд Библийы сыгъдӕг хъуыдытӕй куы дзаг кӕнӕм, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй фервӕздзыстӕм. Хуыцауы Ныхасӕн йӕ бон у адӕймаджы «ссыгъдӕг» кӕнын (Ефесӕгтӕм 5:26). Уый фӕрцы ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзон адӕм свӕййынц хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фарнуарзаг (Ромӕгтӕм 12:18). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй фӕцӕрынц, уый фӕрцы фарнӕй хайджын вӕййынц (Исай 48:18).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕрынц 240 бӕстӕйы ӕмӕ сты аст милуанӕй фылдӕр. Уыдон базыдтой, фыддзинадӕй куыд фервӕзӕн ис, уый. Ӕмӕ кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ алыхуызон уавӕрты цӕрынц, уӕддӕр сахуыр сты Хуыцауы уарзын ӕмӕ дзы тӕрсын. Стӕй ма сахуыр сты кӕрӕдзийы уарзын, ӕмӕ уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр иу бинонтау фӕрнӕй цӕрынц (1 Петры 4:8). Сӕ цардӕй бӕрӕг у, фыддзинад кӕм нӕ уа, ахӕм дуне ӕрмӕст бӕллиц кӕй нӕу.

ТАГЪД ФЫДДЗИНАДӔН КӔРОН ӔРЦӔУДЗӔН!

Библи зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы Хуыцау зӕхх фыддзинадӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Абоны фыддунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы Йегъовӕйы бон, «ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бон» (2 Петры 3:5–7). Уӕд фыдгӕнджытӕ хъизӕмарӕй никӕйуал мардзысты. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй фыддзинадӕн кӕрон скӕна?

«Фыддзинад чи уарзы, уымӕй [Хуыцау]... йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5). Сфӕлдисӕг уарзы сабырдзинад ӕмӕ рӕстдзинад (Псалом 33:5; 37:28). Уымӕ гӕсгӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонмӕ ӕнустӕм ӕнцад нӕ кӕсдзӕн.

Тагъд ралӕудзӕн, сабыр цард кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне (Псалом 37:11; 72:14). Хорз уаид, фыддзинад кӕм нӕ уыдзӕн, уыцы дунейы цӕрынӕн дӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй фылдӕр куы базонис.

^ 14 абз. Нӕмттӕ ивд сты.