Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ Библимӕ гӕсгӕ раст у?

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ Библимӕ гӕсгӕ раст у?

ЙӔХИ Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи хоны, уыдон ӕгас зӕххыл дӕр сты дыууӕ миллиардӕй фылдӕр. Кӕд ды дӕр дӕхи чырыстон хоныс, уӕд ды дӕр уыцы адӕммӕ хауыс. Абон чырыстон динтӕ сты цалдӕр мины, фӕлӕ сӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ, цы хъуыдытыл хӕст сты, уымӕй кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Чи зоны, ды цӕуыл ӕууӕндыс, уый тынг хицӕн кӕны ӕндӕр чырыстон динты ахуырӕдтӕй. Уӕвгӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ исты уӕлдай у? О, кӕд дӕ Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрын фӕнды, уӕд.

Йесо Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджыты схуыдтой «чырыстӕттӕ» (Хъуыддӕгтӕ 11:26). Ӕмӕ сӕ ӕндӕр ном дӕр нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ иу чырыстон дин йеддӕмӕ нӕ уыди. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыстой чырыстон дины бындурӕвӕрӕг Йесойы ахуырӕдтӕм ӕмӕ амындтӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодтой. Дӕ аргъуанӕй та цы зӕгъӕн ис? Чырысти цы амыдта ӕмӕ йӕ фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, ды дӕр ууыл ӕууӕндыс? Уый куыд сбӕлвырд кӕнӕн ис? Ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы.

Ахъуыды-ма кӕнӕм: Йесо Чырысти Фыстад нымадта Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ йын стыр аргъ кодта. Библийы ахуырӕдтӕй адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн уыдысты, уыдонӕн та уайдзӕф кодта (Марчы 7:9–13). Махӕн нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕн сӕ ахуырӕдтӕ Библийӕ ист кӕй сты. Уӕдӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Мӕ аргъуан цы ахуырӕдтыл хӕст у, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст сты?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттай, уый тыххӕй хорз уаид, дӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ, Библи бӕлвырдӕй цы зӕгъы, уыимӕ куы абарис.

Чырысти загъта, Хуыцауӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад ис Библийы (Иоанны 4:24; 17:17). Апостол Павел та загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонӕм» (1 Тимофеймӕ 2:4). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый Библийы рӕстдзинадыл арӕзт уа. Уымӕй кӕнгӕ у нӕ ирвӕзындзинад!

ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДӔМ, УЫЙ БИБЛИИМӔ КУЫД АБАРӔН ИС?

Дӕ хорзӕхӕй, рамкӕйы цы ӕхсӕз фарстайы ис, уыдон бакӕс ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, Библи сын цы дзуапп дӕтты, уымӕ. Цы стихтӕ дзы ис, уыдон бакӕс ӕмӕ-иу дзуаппытыл ахъуыды кӕн. Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн: «Мӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты?»

Ацы фарстатӕ ӕмӕ дын дзуаппытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый Библимӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕ. Фӕнды дӕ дӕ аргъуаны иннӕ ахуырӕдтӕ дӕр Библиимӕ абарын? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый базонынӕн. Искӕмӕн сӕ зӕгъ, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа.