Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Цымӕ дин адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, дин адӕм сӕхӕдӕг кӕй ӕрхъуыды кодтой; иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау дины фӕрцы адӕмы йӕхимӕ ӕввахс кӕны. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

Ис «нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин» (Иаковы 1:27). Сыгъдӕг дин, ома раст дин, у Хуыцауӕй.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Цӕмӕй дин Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст уой (Иоанны 4:23, 24).

  • Адӕмы ахуырӕдтыл арӕзт динтӕ Хуыцауы цӕсты ницы сты (Марчы 7:7, 8).

Хъуамӕ ӕнӕмӕнг искӕцы диныл хӕст уай?

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?

  • О

  • Нӕ

  • Нӕ зонын

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм... не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм иумӕ ӕмбырд кӕной.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Хуыцауӕн иумӕ чи лӕггад кӕны, уыдон хъуамӕ иу цӕуылдӕр ӕууӕндой (1 Коринфӕгтӕм 1:10, 11).

  • Хуыцау разы кӕмӕй у, уыцы диныл хӕст адӕм ӕгас дунейы дӕр сты ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуызӕн (1 Петры 2:17).