Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | УДӔНЦОЙ ССАРӔН КӔМ ИС?

Хуыцау нын удӕнцой куыд дӕтты?

Хуыцау нын удӕнцой куыд дӕтты?

Апостол Павел Йегъовӕйы * хоны «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ зӕгъы: «Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Библи нын фидарӕй зӕгъы, Хуыцау алы адӕймагӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ ныл цыфӕнды бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд дӕр нын нӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау удӕнцой ратта, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр цыдӕр аразӕм. Дохтырмӕ куы нӕ бацӕуӕм, уӕд нын куыд хъуамӕ баххуыс кӕна? Фыстад нын дзуры: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).

Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Хуыцау нӕм кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн, уый? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. (Кӕс  рамкӕ.) Стӕй ма уый зонӕм, нӕ рӕстӕджы кӕнӕ раджы заманты Хуыцау удӕнцой кӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы адӕмы хабӕрттӕй.

Абон Хуыцауӕй ӕххуыс чи агуры, уыдонӕй бирӕтау паддзах Давидыл дӕр иу ӕмӕ дыууӕ бӕллӕхы не ’рцыд. Иухатт Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Фехъус-иу мын мӕ лӕгъстӕтӕ, ӕххуысмӕ дӕм куы дзыназон». Цымӕ йӕ Хуыцау фехъуыста? О. Давид загъта: «Ӕмӕ мын баххуыс кодта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ цинӕй райы» (Псалом 28:2, 7).

ЧЫРЫСТИ УДӔНЦОЙ КУЫД ДӔТТЫ, МАСТ ЧИ КӔНЫ, УЫДОНӔН?

Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ Чырысти адӕмӕн удӕнцой лӕвӕрдтаид. Цы хъуыддӕгтӕ йын бахӕс кодта, уыдонӕй иу уыд, цӕмӕй «зӕрдӕсаст адӕмӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ бастаид» ӕмӕ «ӕрсабыр кодтаид, маст чидӕриддӕр кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ» (Исай 61:1, 2). Библийы куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ Чырысти уӕлдай тынгдӕр тыхст, «фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста», уыдоныл (Матфейы 11:28–30).

Чырысти-иу адӕмы зӕрдӕтӕ ’рсабыр кодта йӕ хорз уынаффӕты фӕрцы, кӕй-иу сыл баузӕлыд ӕмӕ-иу сӕ хатт суанг сӕ низтӕй дӕр кӕй сдзӕбӕх кодта, уый фӕрцы. Иу хатт ын иу хъотырджын лӕг ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Марчы 1:40, 41). Ӕмӕ лӕг сдзӕбӕх ис.

Кӕд Хуыцауы Фырт зӕххыл нал ис, уӕддӕр йӕ Фыд Йегъовӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау», абоны онг дӕр ӕххуыс кӕны, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 1:3). Ӕркӕсӕм-ма, Хуыцау адӕмӕн удӕнцой цавӕр цыппар хъуыддаджы фӕрцы дӕтты, уыдонмӕ.

  • Библи. «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4).

  • Хуыцауы сыгъдӕг тых. Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ чырыстӕтты хъуыд бафидар кӕнын. Библийы фыст ис, Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы удӕнцой кӕй радта (Хъуыддӕгтӕ 9:31). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон алцыдӕр у. Уый фӕрцы Хуыцау кӕйфӕнды дӕр бафидар кӕндзӕн, цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр.

  • Куывд. Библи нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «мӕт мацӕуыл кӕнут», фӕлӕ «Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут... Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

  • Иу диныл хӕст кӕимӕ стӕм, уыдон сты не ’цӕг ӕмбӕлттӕ ӕмӕ нын сты удӕнцойы хос. Апостол Павел ныффыста, хъуагдзинӕдтӕ куы ’ййӕфта ӕмӕ зындзинӕдтӕ куы ’взӕрста, уӕд ын йе ’мбӕлттӕ «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» кӕй уыдысты (Колоссӕгтӕм 4:11; 1 Фессалоникӕгтӕм 3:7).

Фӕлӕ, уӕлдӕр цы хъуыддӕгты кой кодтам, уыдон дын куыд баххуыс кӕндзысты, уый, чи зоны, не ’мбарыс. Бӕстондӕр-ма аныхас кӕнӕм, фыццаг статьяйы кӕй кой скодтам, уыдон цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уыдоныл. Уыцы адӕмау ды дӕр базондзынӕ, Хуыцау ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд ӕххӕст кӕны: «Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн» (Исай 66:13).

^ 3 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.