Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ДАВИД

«Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

«Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

ДАВИД архайы, тохы быдырӕй чи лидзы, уыцы ’фсӕддонты ’хсӕнты размӕ цӕуыныл. Уыдонӕн сӕ цӕстытӕ фыртӕссӕй ныхъхъоппӕг сты, афтӕмӕй лидзынц. Цымӕ афтӕ тынг цӕмӕй фӕтарстысты? Давид-иу, ӕвӕццӕгӕн, куы иуӕй, куы иннӕмӕй уыцы иу дзырд айхъуыста. Уый уыди нӕлгоймаджы ном. Уыцы нӕлгоймаг йӕхӕдӕг дӕр быдыры астӕу хъал лӕуд кодта – ӕвӕццӕгӕн, ахӕм стыр адӕймаг Давид йӕ цард-цӕрӕнбонты никуы федта.

Голиаф! Давид ӕй куы ауыдта, уӕд бамбӕрста, ’фсӕддонтӕ дзы цӕмӕн фӕтарстысты, уый. Уымӕй стырдӕр лӕгӕн, ӕвӕццӕгӕн, скӕнӕн нӕ уыд, раст къӕдзӕхыйас уыди. Ӕнӕ йӕ хӕстон дзауматӕй дӕр йӕ уӕз дыууӕ стыр лӕджы уӕзӕй дӕр фылдӕр уыдаид. Уыцы гӕрзифтонг лӕг уыд фӕлтӕрдджын хӕстон ӕмӕ уыд ӕнахуыр тыхджын. Голиаф израилӕгты ’фсӕддонтӕм сидт, цӕмӕй сӕ исчи йемӕ йӕ тыхтӕ бавзӕрстаид. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ нӕргӕ хъӕлӕс-иу хӕхты куыд айзӕлыд, Израилы ’фсадӕй ӕмӕ сын сӕ паддзах Саулӕй куы хынджылӕг кодта, уӕд. Хъӕр сӕм кодта, цӕмӕй сӕ исчи йӕ ныхмӕ рацыдаид ӕмӕ йемӕ схӕцыдаид, ӕмӕ ууыл хӕст ахицӕн уыдаид (1 Самуилы 17:4–10).

Израилӕгтӕн фыртӕссӕй сӕ быны дон бацыд. Йӕ быны дон бацыд Саулӕн дӕр. Давид базыдта, ахӕм уавӕры ныр иу мӕйӕ фылдӕр кӕй сты. Дыууӕ ӕфсады, филистимӕгты ӕмӕ израилӕгты ӕфсӕдтӕ, кӕрӕдзи ныхмӕ лӕууыдысты, Голиаф та сӕ алы бон дӕр хынджылӕг кодта. Давидӕн уый тынг зын уыд. Куыд ӕгад ӕм ӕркастаид, Израилы паддзах ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ, уыдонимӕ йе ’ртӕ хистӕр ӕфсымӕры, фыртӕссӕй куыд зыр-зыр кӕнынц, уый куы федта, уӕд! Мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг Голиаф израилӕгты тас кӕй уагъта, уымӕй уӕлдай ма Израилы Хуыцау Йегъовӕйы дӕр ӕфхӕрдта, ӕмӕ уый та Давиды цӕсты ноджы фыддӕр ми уыди. Фӕлӕ Давидӕн, хуымӕтӕг лӕппуйӕн, йӕ бон цы уыд? (1 Самуилы 17:11–14).

«СЫСТ ӔМӔ ЙӔ СОЙӔ БАЙСӔРД, АЙ У!»

Аныхас уал кӕнӕм, цасдӕр рӕстӕджы размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл. Изӕр кӕнын райдыдта, Давид йӕ фыды фыстӕ Вифлееммӕ хӕстӕг кӕмдӕр къуылдымыл куы хызта, уӕд. Давид уыди рӕсугъд, сырхуадул лӕппу, уыди йын зондджын, рӕсугъд цӕстытӕ. Иуран абадынӕн-иу ын рӕстӕг куы фӕци, уӕд-иу йӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл цагъта. Хуыцау цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕм-иу куы каст, уӕд-иу фырцинӕй йӕ зӕрдӕ фӕндырӕй цӕгъдын ӕрцагуырдта. Цал ӕмӕ цал ӕхсызгон сахаты арвыста йӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдгӕйӕ! Афтӕмӕй дзы дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг рауад. Фӕлӕ цы изӕры кой кӕнӕм, уыцы изӕр ӕм йӕ фыд арвыста, цӕмӕй тагъддӕр хӕдзармӕ ӕрбацыдаид (1 Самуилы 16:12).

Хӕдзары йӕ фыд Йессейы ацӕргӕ нӕлгоймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ баййӕфта. Уый уыди Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар Самуил. Йегъовӕ йӕ арвыста, цӕмӕй Йессейы фырттӕй иуы сойӕ байсӕрстаид, уымӕн ӕмӕ Израилы ног паддзахӕй ӕвзӕрст ӕрцыд. Давиды ’рбацыдмӕ Самуил Йессейы иннӕ авд фырты федта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, уыдонӕй иуы дӕр кӕй нӕ равзӕрста. Давид куы ’рбацыд, уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Сыст ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд, ай у!» Давиды хистӕр ӕфсымӕртӕ иууылдӕр уым, афтӕмӕй Самуил сойӕ йедзаг сыкъа байгом кодта ӕмӕ дзы Давиды сӕрыл рауагъта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Давиды цард аивта. Библийы фыст ис: «Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй» (1 Самуилы 16:1, 5–11, 13).

Давид ӕмбӕрста, хъӕддаг сырдтыл Йегъовӕйы фӕрцы кӕй фӕтых

Цымӕ Давид, паддзах кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй йӕхицӕй схъал? Нӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ йын Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нӕ бамбарын кодтаид, йӕ бон фылдӕр хӕстӕ ’ххӕст кӕнын кӕй у, уый. Фӕлӕ уал уӕдмӕ йӕ куыст дарддӕр кодта – йӕ фыды фыстӕ хызта. Давид уыцы куыст кодта тынг зӕрдӕбынӕй, стӕй хъӕбатыр дӕр уыди. Дыууӕ хатты йын йӕ фыды дзугтӕм хъӕддаг сырдтӕ ’рбацыдысты – иу хатт домбай, иннӕ хатт та арс. Давид-иу дард не слӕууыд ӕмӕ-иу сӕ уырдыгӕй нӕ сырдта, фӕлӕ-иу сыл йӕхи ныццавта, цӕмӕй йын йӕ фыстӕй ма ахастаиккой. Ӕмӕ дыууӕ тугдзых хъӕддаг сырды дӕр зыбыты иунӕгӕй амардта (1 Самуилы 17:34–36; Исай 31:4).

Цасдӕры фӕстӕ та Давидмӕ ногӕй арвыстой. Йӕ хорзы кой Саулы хъустыл дӕр ӕрцыд. Ӕмӕ кӕд нырма Саул хъӕбатыр хӕстон лӕг уыд, уӕддӕр дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд, йӕ фӕдзӕхстытыл ын йӕ къух кӕй систа, уый тыххӕй. Йегъовӕ дзы йӕ тых айста, ӕмӕ-иу ын ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой нал лӕвӕрдтой – мӕсты-иу кодта, иннӕтыл-иу гуырысхо кодта ӕмӕ-иу сызнӕт. Ӕвзӕр хъуыдытӕ-иу ӕй куы тыхсын кодтой, уӕд-иу ын ӕрмӕстдӕр дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ хъусгӕйӕ фенцондӕр. Саулӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ фехъусын кодтой, Давид дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдынмӕ тынг дӕсны кӕй у ӕмӕ йын ӕцӕг тохы лӕджы ном кӕй ис. Гъемӕ йӕм арвыстой, ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдта, Саулы галуаны дыууадӕстӕнон фӕндырыл чи цагъта ӕмӕ йын йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ чи хаста, уыдонимӕ (1 Самуилы 15:26–29; 16:14–23).

Давиды уырнындзинад ацы хъуыддӕгты куыд рабӕрӕг, уымӕй ӕрыгӕттӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Рӕстӕг-иу ын куы уыд, уӕд-иу цы арӕзта, уыдӕттӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕмӕ баввахс кӕнын ӕй кӕй фӕндыд. Уымӕй уӕлдай ма-иу архайдта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид, царды йӕ чи бахъуыдаид ӕмӕ йӕхи кӕй фӕрцы фӕдардтаид, ахӕм куыстытӕ кӕнын. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта. Уӕдӕ не ’ппӕтӕн дӕр Давид фӕзминаг куыннӕ у! (Екклесиаст 12:1).

«МАКӔМӔН УӔ БАРИЗӔД ЙӔ ЗӔРДӔ»

Давид Саулы хӕдзары куы лӕггад кодта, уӕд-иу сӕхимӕ йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ арӕх ацыд, хатт дзӕвгар рӕстӕгмӕ дӕр. Иу ахӕм рӕстӕг Йессей Давиды арвыста йе ’ртӕ хистӕр фырты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Уыдон уыдысты Саулы ’фсады. Гъемӕ Давид дӕр, йӕ фыд ын йе ’фсымӕртӕн цы хӕринӕгтӕ сӕвӕрдта, уыдонимӕ Илӕйы дӕлвӕзмӕ араст. Куы бахӕццӕ ӕмӕ дыууӕ ’фсады, статьяйы райдианы цы уавӕры кой кодтам, уыцы уавӕры куы федта, уӕд хорзау нал фӕци. Дыууӕ ’фсады кӕрӕдзи ныхмӕ лӕууыдысты Илӕйы дӕлвӕзы фӕйнӕ фарс (1 Самуилы 17:1–3, 15–19).

Давид хабар куы бамбӕрста, уӕд тынг рамӕсты. Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы ’фсад куыд хъуамӕ фӕтӕрса ӕмӕ куыд хъуамӕ алидза хуымӕтӕг адӕймагӕй, уымӕй дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, ахӕмӕй? Давиды хъуыдымӕ гӕсгӕ, Голиаф уыдонӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ хынджылӕг кодта. Гъемӕ ӕфсӕддонты рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта, Голиафы чи амара, уымӕ цы хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъгӕ. Йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав уый куы айхъуыста, уӕд ын тызмӕгӕй бауайдзӕф кодта, зӕгъгӕ, дам, ды ӕрмӕст уый тыххӕй ӕрбацыдтӕ, цӕмӕй тохмӕ бакӕсай. Фӕлӕ йын Давид загъта: «Цы сарӕзтон ӕвзӕрӕй? Бафарстон сӕ, ӕндӕр ма дзы исты уыди?» Ӕмӕ та стӕй ӕндӕр кӕйдӕрты рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта. Ӕппынфӕстаг ныхӕстӕ Саулмӕ фӕхӕццӕ сты, ӕмӕ йӕ Саул йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта (1 Самуилы 17:23–31).

Давид Голиафы тыххӕй паддзахӕн загъта ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Макӕмӕн уӕ баризӕд йӕ зӕрдӕ». Саул ӕмӕ йӕ адӕмӕн Голиафы тыххӕй сӕ ныфс ӕцӕгдӕр асаст. Сӕ рӕдыд уый мидӕг уыд, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕхи уыцы къӕдзӕхыйас лӕгимӕ барын райдыдтой. Ӕмӕ-иу куы ахъуыды кодтой, йӕ астӕумӕ дӕр кӕй не ’ххӕссынц, уӕд-иу бынтондӕр старстысты. Сӕ цӕстытыл-иу ауад, куыд ӕнцонтӕй сӕ ’рбамардзӕн, уый. Фӕлӕ Давид афтӕ нӕ хъуыды кодта. Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй уый хъуыддагмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст. Давид загъта, Голиафимӕ йӕхӕдӕг кӕй схӕцдзӕн (1 Самуилы 17:32).

Саул ын загъта: «Нӕ, дӕуӕн дӕ бон нӕ бауыдзӕн уыцы филистимагимӕ схӕцын. Ды нырма сывӕллон дӕ, уый та йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ хӕцгӕ кӕны». Цымӕ Давид ӕцӕгдӕр сывӕллон уыд? Нӕ уыд. Фӕлӕ хӕстмӕ цӕуынӕн нырма ӕгӕр ӕрыгон уыди, стӕй йӕ хуыз дӕр ӕрыгонхуыз уыди. Фӕлӕ Давиды уӕдмӕ дӕр хъӕбатыр хӕстонӕй зыдтой, цӕугӕ та йыл, чи зоны, ссӕдз азмӕ ’ввахс кодта (1 Самуилы 16:18; 17:33).

Давид Саулӕн радзырдта, домбай ӕмӕ арсӕн цы бакуыста, уый тыххӕй. Цымӕ йӕхицӕй ӕппӕлгӕ кодта? Нӕ. Давид зыдта, уыцы сырдтыл кӕй фӕрцы фӕтых, уый, ӕмӕ Саулӕн загъта: «Домбай ӕмӕ мӕ арсы дзӕмбытӕй чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы филистимаджы къухӕй дӕр». Ӕппынфӕстаг ын Саул йӕ фӕндоныл сразы: «Ацу, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд» (1 Самуилы 17:37).

Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ уырнындзинад Давиды уырнындзинадау фидар уа? Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Давидӕн йӕ уырнындзинад ӕрмӕст ныхӕстӕй бӕрӕг нӕ уыд. Хуыцауыл фидарӕй ӕууӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ хорз зыдта, стӕй йын йе ’ххуыс уыдта. Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны, стӕй йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы. Кӕд мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад афтӕ фидар уа, уӕд хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй Библийӕ фылдӕр базоныныл архайӕм. Ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд фендзыстӕм, махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕй уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:1).

«АБОН ДӔ ЙЕГЪОВӔ РАТДЗӔН МӔ КЪУХМӔ»

Фыццаг уал Саул Давидыл йӕ хӕстон уӕлӕдарӕс скодта. Уый уыди Голиафы уӕлӕдарӕсы хуызӕн, ӕрхуыйӕ конд, ӕмӕ уыцы дзаумӕттӕй иу, ӕвӕццӕгӕн, уыди стыр хӕрвцъар згъӕрхӕдон. Фӕлӕ Давид уыцы стыр ӕмӕ уӕззау дзаумӕтты куы арацу-бацу кодта, уӕд бамбӕрста, йӕ бон дзы цӕуын кӕй нӕу. Хӕсты хӕцын никуы ахуыр кодта, ӕмӕ хӕстон уӕлӕдарӕсыл ахуыр нӕ уыд. Уӕлдайдӕр та йын Саулы уӕлӕдарӕсы уыдаид зын, уымӕн ӕмӕ уый уыд Израилы ӕппӕты бӕрзонддӕр нӕлгоймаг (1 Самуилы 9:2). Давид сӕ раласта, уымӕн ӕмӕ йын йӕхи дзаумӕтты ӕнцондӕр уыд – уыдоны-иу йӕ дзуг хъахъхъӕдта (1 Самуилы 17:38–40).

Давид йӕ фыййауы лӕдзӕг йӕ къухмӕ райста ӕмӕ йӕ хызын йе уӕхскыл баппӕрста. Йӕ дурӕхсӕн дӕр уыд йемӕ. Абон, чи зоны, дурӕхсӕнмӕ хуымӕтӕг цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ уыцы рӕстӕг хорз хӕцӕнгарзыл нымад уыди. Дурӕхсӕн конд уыди дзӕкъулгонд хъуымацы гӕбазӕй, йӕ дыууӕ кӕроныл та-иу бабастой даргъ сӕрак бӕттӕнтӕ – уый уыд фыййауы хӕцӕнгарз. Дур-иу дзӕкъулгонды нывӕрдта, уый фӕстӕ-иу ӕй йӕ сӕрмӕ тынг ныззылдта ӕмӕ-иу ын стӕй йӕ бӕттӕнтӕй иу феуӕгъд кодта. Дур-иу атахт ӕмӕ-иу кӕуыл сӕмбӕлд, уый-иу амард. Дурӕхсӕн ахӕм хорз хӕцӕнгарз кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу иуӕй-иу хатт ӕфсады дурӕхсджыты къордтӕ дӕр уыди.

Давид дӕр ахӕм хӕцӕнгарзимӕ рацыд йе знаджы ныхмӕ. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Давид зӕрдӕбынӕй куыд скуывта, доны был куы ’рлӕууыд ӕмӕ фондз гыццыл лӕгъз дуры куыд агуырдта, уый. Уый фӕстӕ Голиафы ныхмӕ цӕугӕ нӕ ракодта, фӕлӕ лидзгӕ!

Цымӕ йӕ Голиаф куы федта, уӕд цы ахъуыды кодта? Библийы кӕсӕм: «Давиды куы федта, уӕд ӕм уыцы ӕнӕрвӕссон каст бакодта, уымӕн ӕмӕ Давид уыди бынтон ӕрыгон, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд лӕппу». Голиаф ныхъхъӕр кодта: «Куыдз дын дӕн, лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ?» Ӕвӕццӕгӕн ын йӕ лӕдзӕг федта, йӕ дурӕхсӕн та йын не ’рхъуыды кодта. Голиаф ӕй йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста ӕмӕ расомы кодта, йӕ мард ын мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн кӕй бахӕрын кӕндзӕн (1 Самуилы 17:41–44).

Давид ын цы дзуапп радта, уый дзурӕг у йӕ фидар уырнындзинадыл, ӕмӕ абоны онг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн у фӕзминаг. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы ӕрыгон лӕппу Голиафмӕ куыд хъӕр кӕны: «Ды мӕ ныхмӕ хъама ӕмӕ дыууӕ арцимӕ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы номимӕ, ды кӕмӕй хынджылӕг кӕныс, уыцы Израилы ӕфсады Хуыцауы номимӕ». Давид зыдта, адӕймаджы хъару ӕмӕ хӕцӕнгарз сӕйрагдӕр кӕй не сты. Голиаф Йегъовӕ Хуыцауы ницӕмӕ дардта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уый нӕ ныббарстаид. Давид куыд загъта, афтӕмӕй уыцы «хӕст Йегъовӕйы хӕст уыд» (1 Самуилы 17:45–47).

Давид куырм нӕ уыд, цӕмӕй ма федтаид, Голиаф ӕмӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ цӕйас уыдысты, уый. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ фӕтарст. Уый Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонтау йӕхи йемӕ нӕ барста. Давид хъуыды кодта, Голиаф Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ цӕйас уыд, ууыл. Ӕртӕ метры бӕрзӕндӕн Голиаф иннӕты раз хохыйас зынди. Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауимӕ абаргӕйӕ та? Иннӕтау уый дӕр мӕлдзыгӕй стырдӕр нӕ уыд – ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фесафынмӕ хъавыд!

Давид йӕ хызынмӕ дур сисынмӕ нывнӕлдта, афтӕмӕй йе знаджы размӕ ныййарц. Йӕ дурӕхсӕны дур авӕрдта ӕмӕ йӕ йӕ сӕрмӕ афтӕ ныззылдта, ӕмӕ йе ’хситт райхъуыст. Голиаф дӕр Давидмӕ хӕстӕгдӕр бацыди, йӕ разӕй та, ӕвӕццӕгӕн, цыд, йӕ уарт ын чи хаста, уыцы хӕстон. Голиаф тынг бӕрзонд кӕй уыд, сафгӕ дӕр ӕй уый фӕкодта. Йӕ уартхӕссӕг йӕхи хуызӕн бӕрзонд кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ уарт богалы сӕры онг сисын йӕ бон нӕ уыди. Давид та растдӕр уырдӕм хъавыд (1 Самуилы 17:41).

Давид уыдта, Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ суанг богал дӕр рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у

Давид йӕ дур фехста. Дур куы фӕцӕйтахт, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, иу хъыпп-сыпп дӕр никуыцӕйуал хъуыст. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давиды дыккаг хатт дур ӕхсын кӕй нал бахъуыд, уый Йегъовӕйы фӕрцы уыд. Дур Голиафӕн йӕ тӕккӕ ныхы ныссагъд. Уӕйыг зӕххыл дӕлгоммӕ афӕлдӕхт. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ уартхӕссӕг фыртӕссӕй лидзынмӕ фӕци. Давид Голиафмӕ бацыд, йӕ хъама йын систа ӕмӕ йын дзы йӕ сӕр акъуырдта (1 Самуилы 17:48–51).

Уӕд Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонты ныфс бацыд, ӕмӕ тохы хъӕр кӕнгӕйӕ сӕхи филистимӕгтыл ныццавтой. Хабар рауад, Давид Голиафӕн куыд загъта, афтӕ: «Йегъовӕ... уӕ ратдзӕн нӕ къухмӕ» (1 Самуилы 17:47, 52, 53).

Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хӕсты нӕ хӕцынц. Уыцы замантӕ раджы аивгъуыдтой (Матфейы 26:52). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы Давиды уырнындзинад фӕзмын. Уыйау хъуамӕ махӕн дӕр Йегъовӕ уа удӕгас Хуыцау – хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕй тӕрсӕм. Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ зындзинӕдты цур нӕхӕдӕг зынгӕ дӕр нӕ кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕгӕрон хъаруимӕ абаргӕйӕ нӕ зындзинӕдтӕ тынг гыццыл сты. Уӕдӕ Йегъовӕ нӕ Хуыцау куы уа ӕмӕ йыл Давидау куы ’ууӕндӕм, уӕд иу бӕллӕхӕй дӕр ӕмӕ иу зындзинадӕй дӕр нӕ фӕтӕрсдзыстӕм. Ахӕмӕй ницы ис, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы бон фервӕзын кӕнын ма уа!