Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?

Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?

«Уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (МАР. 9:50).

ЗАРДЖЫТӔ: 39, 77

1, 2. Райдианы чиныджы цавӕр хабӕрттӕ ис фыст ӕмӕ цӕмӕн?

БИБЛИЙЫ иу ӕмӕ дыууӕ ахӕм хабары кой нӕй, иу адӕймаг-иу иннӕйы ныхмӕ куы сси. Искуы сыл хъуыды кодтай? Райдианы чиныджы фыццаг сӕртӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕрмӕст уым дӕр фыст ис цалдӕр ахӕм хабары: Каин амардта Авелы (Райд. 4:3–8); Ламех амардта иу ӕрыгон лӕппуйы, уыцы лӕппу йӕ кӕй ныццавта, уый тыххӕй (Райд. 4:23); Авраамы фыййӕуттӕ быцӕу кодтой Лоты фыййӕуттимӕ (Райд. 13:5–7); Агар Саррӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта, Саррӕ та Авраамыл хъуыр-хъуыр кодта (Райд. 16:3–6); Измаил «алкӕй ныхмӕ дӕр цыд, ӕмӕ алчидӕр цыди йӕ ныхмӕ» (Райд. 16:12).

2 Цымӕ ахӕм хабӕрттӕ Библийы фыст цӕмӕн ӕрцыдысты? Уымӕн ӕмӕ, уыцы хабӕртты кӕй кой цӕуы, уыдонау мах дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ, уыдон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, мах дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Ӕмӕ сын сӕ цӕвиттонтыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, ахӕм уавӕрты куыд хъуамӕ архайӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм (Ром. 15:4). Уый та нын баххуыс кӕндзӕн кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынӕн.

3. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

3 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу бафидауыныл цӕмӕн хъуамӕ бацархайӕм ӕмӕ-иу уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдыл – уыдон нын баххуыс кӕндзысты ахӕм зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ Йегъовӕимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн.

ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ, СЕ ’ХСӔН ЦЫ ФАРН ИС, УЫЙ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ХЪАХЪХЪӔНОЙ?

4. Ӕгас дунейыл дӕр цавӕр зондахаст апарахат ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

4 Адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый сӕйраджыдӕр Хӕйрӕджы аххос у. Едемы цӕхӕрадоны уый загъта, алкӕмӕн дӕр йӕхи бон кӕй у, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын ӕмӕ йӕ уымӕн Хуыцауы разамынд ӕппындӕр кӕй нӕ хъӕуы (Райд. 3:1–5). Фӕлӕ дунемӕ куы акӕсай, уӕд уыцы зондахаст адӕмӕн зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы. Бирӕты фӕнды ӕрмӕстдӕр сӕхи зондӕй цӕрын, сты сӕрбӕрзонд, хиуарзон, иу иннӕмӕй хуыздӕр уа, ууыл архайынц ӕмӕ сӕм нымады дӕр нӕу, искӕй зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕндзысты, уый. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Библийы цы фыст ис, уый: «Йӕ маст чи нӕ уромы, уый загъд ракъахы, ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймаг бирӕ тӕригъӕдтӕ саразы» (Ӕмб. 29:22).

5. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймагӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

5 Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын бамбарын кодта, иннӕтимӕ хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрой, кӕд сын уый ӕнцон нӕ уа, уӕддӕр. Зӕгъӕм, разӕнгард сӕ кодта, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уой, фарнмӕ тырной, сӕ зӕрдӕты мастӕн бынат ма дӕттой, кӕрӕдзиимӕ бафидауыныл фӕстӕ ма кӕной ӕмӕ се знӕгты уарзой (Матф. 5:5, 9, 22, 25, 44).

6, 7. а) Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд бафидауыныл фӕстӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм? б) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

6 Иннӕтимӕ хӕларӕй куы нӕ цӕрӕм, уӕд нӕ лӕггад, ома, Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм ӕмӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый, дзӕгъӕлы уыдзӕн (Мар. 11:25). Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнӕм. (Бакӕс Лукайы 11:4; Ефесӕгтӕм 4:32.)

7 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хатыргӕнаг уой ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрой. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Ӕфсымӕртӕн сӕ рӕдыдтытӕ уайтагъд ныббарын? Кӕд мӕ хатгай фӕхъыг кӕнынц, уӕддӕр мын семӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгон у?» Кӕд ӕй бамбӕрстай, ныххатыр кӕнын дын алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, уӕд сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Нӕ уӕларвон Фыд дын дӕ куывдтытӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн (1 Иоан. 5:14, 15).

ДӔ БОН НӔУ, ӔМӔ АДӔЙМАГӔН ЙӔ РӔДЫД МАЦӔМӔ ӔРДАРАЙ?

8, 9. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм?

8 Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ нӕ макуы мачи фӕхъыг кӕна (Еккл. 7:20; Матф. 18:7). Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕхи аирхӕфсой. Иу хо дыууӕ ӕфсымӕрӕн салам радта, фӕлӕ дзы сӕ иумӕ хъыг фӕкасти, салам сын куыд радта, уый. Ӕмӕ хицӕнӕй куы аззадысты, уӕд уыцы ӕфсымӕр иннӕмӕн хойӕ хъаст кӕнын райдыдта. Фӕлӕ йын иннӕ ӕфсымӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыцы хо 40 азы дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕййафгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта. Загъта йын, уыцы хойӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр кӕй нӕ уыдаид ӕфсымӕры фӕхъыг кӕнын. Чи фӕхъыг, уыцы ӕфсымӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, раст дӕ. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, хомӕ йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хӕсдзӕн.

9 Цымӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзыстӕм, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Адӕмы чи уарзы, уый сын сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:12; 1 Петры 4:8.) Иннӕты рӕдыдтытӕ куы «ницӕмӕ дарай», уӕд дӕ уый Йегъовӕйы цӕсты «рӕсугъд кӕндзӕн» (Ӕмб. 19:11; Еккл. 7:9). Уӕдӕ дӕ исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Мӕ бон нӕу, ӕмӕ ацы хъуыддаг мацӕмӕ ӕрдарон? Ацы хабар уый аккаг у, ӕмӕ йыл хъуыды кӕнон?»

10. а) Иу хо, иннӕтӕ йӕм фаутӕ кӕй хастой, уымӕ фыццаг цы цӕстӕй касти? б) Библийӕ йын цавӕр хъуыды баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕдтаид?

10 Исчи нӕ фыдкой куы кӕна, уӕд нын, чи зоны, зын уа, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ мацӕмӕ дарӕм. Ӕркӕсӕм-ма, иу пионер-хойыл, Люсийыл 1, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Ӕмбырды чидӕртӕ фаутӕ хастой, куыд лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕны, уымӕ. Люсийӕн уыдӕттӕ хъыг уыдысты ӕмӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй уынаффӕ ракуырдта. Люси загъта: «Ӕфсымӕртӕ мын Библийы фӕрцы бамбарын кодтой, чи цы дзуры, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл кӕй хъӕуы хъуыды кӕнын». Ныфсы хос ын фесты Матфейы 6:1–4 фыст ныхӕстӕ. (Бакӕс сӕ.) Уыцы стихтӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Гъемӕ Люси йӕхицӕн загъта, чидӕртӕ йӕм фаутӕ кӕй хӕссынц, ууыл ӕгӕр кӕй нӕ мӕт кӕндзӕн. Ныр дзы иннӕтӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр Люси у амондджын, уымӕн ӕмӕ зоны, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайы.

ДӔ БОН КУЫ НӔ УА, ӔМӔ АДӔЙМАГӔН ЙӔ РӔДЫД МАЦӔМӔ ӔРДАРАЙ

11, 12. а) Чырыстон куы бамбара, йе ’фсымӕр ӕм «цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый», уӕд куыд хъуамӕ архайа? б) Авраам куыд архайдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2). Зӕгъӕм, базыдтай, ӕфсымӕртӕй дӕм чидӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг. Ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнай? Йесо загъта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матф. 5:23, 24). Уӕдӕ де ’фсымӕримӕ аныхас кӕн. Дӕ нысан хъуамӕ уа уыцы ӕфсымӕримӕ бафидауын. Хъуамӕ ууыл ма архайай, ӕмӕ уый дӕр фӕаххосджын кӕнай, фӕлӕ хъуамӕ дӕ рӕдыдыл басӕттай. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм.

12 Библи нын амоны, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон куыд у сӕ фарн бахъахъхъӕнын, кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, Авраамӕн ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лотӕн уыди тынг бирӕ фос, ӕмӕ иуафон сӕ фыййӕуттӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, хизӕнтӕ сын кӕй нал фаг кодта, уый тыххӕй. Авраамы фӕндыд, се ’хсӕн цы фарн уыд, уый бахъахъхъӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Лотӕн уый бар радта, цӕмӕй йӕхицӕн зӕххытӕ фыццаг равзӕрстаид (Райд. 13:1, 2, 5–9). Куыд хорз цӕвиттон нын ныууагъта! Цымӕ Авраам ахӕм рӕдау кӕй разынд, уый тыххӕй истӕмӕй фӕцух? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕм цы уыд, уымӕй йӕм бирӕ фылдӕр кӕй уыдзӕн (Райд. 13:14–17). Цымӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Не ’фсымӕримӕ бафидауыны тыххӕй нӕ нӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнын дӕр куы бахъӕуа, уӕд дӕр нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн 2.

13. Иу цӕстдарӕг ӕфсымӕры карз ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Ӕркӕсӕм-ма, нӕ рӕстӕджы чи ’рцыд, иу ахӕм хабармӕ. Ӕфсымӕр Джоны конгрессы хайӕдтӕй сӕ иуы цӕстдарӕгӕй куы снысан кодтой, уӕд ӕфсымӕр Кевинмӕ телефонӕй бадзырдта ӕмӕ йӕ бафарста, нӕ мӕм фӕкӕсдзынӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Кевин мӕстыйӕ цыдӕртӕ загъта ӕмӕ йыл телефон ӕрӕвӕрдта. Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ уый размӕ уыцы хайады цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕримӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл нӕ бафидыдтой. Джон ӕм нӕ фӕхъыг, фӕлӕ хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй дӕр нӕ ракаст. Иу сахаты фӕстӕ та йӕм телефонӕй бадзырдта ӕмӕ йемӕ фембӕлыныл баныхас кодта. Иннӕ къуыри Паддзахады залы фембӕлдысты, Йегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ стӕй сахаты бӕрц фӕныхӕстӕ кодтой. Кевин ын бамбарын кодта, раздӕры цӕстдарӕгимӕ сӕ хабар куыд рауад, уый. Джон ӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йемӕ цалдӕр стихыл аныхас кодта. Уый фӕрцы дыууӕ ӕфсымӕры сӕ фарн бахъахъхъӕдтой ӕмӕ конгрессы иумӕ балӕггад кодтой. Джон фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодта, уый тыххӕй дзы Кевин фӕбузныг.

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔН ЗӔГЪЫН ХЪӔУЫ?

14, 15. а) Матфейы 18:15–17 цы уынаффӕ ис, уымӕй кӕд хъуамӕ спайда кӕнӕм? б) Йесо цавӕр ӕртӕ къахдзӕфы кой кодта ӕмӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ нысан цы хъуамӕ уа?

14 Дыууӕ чырыстоны кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд арӕхдӕр сӕхи бон вӕййы бафидауын. Фӕлӕ Матфейы 18:15–17 фыст ныхӕстӕй бӕрӕг у: цавӕрдӕр уавӕрты сӕ, чи зоны, иннӕты ӕххуыс дӕр бахъӕуа. (Бакӕс сӕ.) Ацы стихты Йесо цы «тӕригъӕды» кой кӕны, уый, дыууӕ чырыстоны цыдӕр гыццыл хъуыддаджы кӕй нӕ бафидауынц, уымӕ нӕ амоны. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо загъта, зӕгъгӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уыимӕ йе ’фсымӕр хибарӕй куы аныхас кӕна, стӕй та ӕвдисӕнтӕм ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕм куы фӕдзура, фӕлӕ уый уӕддӕр куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд сын хъуамӕ «иннӕ адӕмӕй ӕмӕ хъалонисджытӕй уӕлдай ма уа». Абон ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ ахӕм адӕймаджы хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Уӕдӕ Йесо цы «тӕригъӕды» кой кодта, уымӕ хауы, зӕгъӕм, мӕнг ныхӕстӕ кӕнын кӕнӕ искӕй фыдкой кӕнын. Фӕлӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ, зӕгъӕм, хӕтындзинад, гомосексуализм, раст дин ныууадзын кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, уымӕ нӕ хауынц. Ахӕм тӕригъӕд чи сараза, уымӕн йӕ хъуыддаг хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕвзарой.

Цӕмӕй де ’фсымӕримӕ бафидауай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, йемӕ цалдӕр хатты дӕр бахъӕуа аныхас кӕнын (кӕс 15 абзац)

15 Йесо ацы уынаффӕ уый тыххӕй радта, цӕмӕй нын бамбарын кӕна, нӕ бон куыд у не ’мчырыстонӕн, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ баххуыс кӕнын (Матф. 18:12–14). Цымӕ дӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? 1) Хъуамӕ де ’фсымӕримӕ дӕхӕдӕг хибарӕй аныхас кӕнай. Чи зоны дӕ йемӕ цалдӕр хатты дӕр бахъӕуа аныхас кӕнын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр нӕ бафидыдтат, уӕд та? 2) Хъуамӕ ӕвдисӕнӕн ӕрбакӕнай, уыцы хабар чи федта кӕнӕ, ӕфсымӕр фӕрӕдыд ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн у, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ кӕд уый фӕрцы бафидауат, «уӕд ссардтай де ’фсымӕры». Ӕмӕ ӕфсымӕримӕ цалдӕр хатты куы аныхас кӕнай ӕмӕ уӕддӕр куы нӕ бафидауат, ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ 3) радзурай хабар хистӕр нӕлгоймӕгтӕн.

16. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын хорз у, стӕй уарзондзинадыл дзурӕг у?

16 Арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ, Матфейы 18:15–17 цы къахдзӕфты кой ис, уыдон се ’ппӕт нӕ бахъӕуы саразын. Ӕмӕ уый ӕхсызгон куыннӕ у, уымӕн ӕмӕ фылдӕр хатт, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый йӕ рӕдыдыл басӕтты ӕмӕ йӕ сраст кӕны. Уый фӕрцы йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнын дӕр нӕ бахъӕуы. Ӕмӕ уӕд, кӕй фӕхъыг кодта, уый йӕ, чи зоны, мауал аххосджын кӕна ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Уӕдӕ Йесойы уынаффӕйӕ бӕрӕг у, хабар уайтагъд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзурын кӕй нӕ фӕхъӕуы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуӕн ис, уыцы уынаффӕйӕ фыццаг дыууӕ къахдзӕфы куы саразӕм, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ӕмӕ, адӕймаг кӕй фӕрӕдыд, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд.

17. Иннӕтимӕ «хӕларӕй цӕрыныл» куы архайӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

17 Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ-иу кӕрӕдзи дӕр фӕхъыг кӕндзыстӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йӕ буары ӕппӕт уӕнгты рохтыл дӕр хӕцын» (Иак. 3:2). Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй бафидауӕм. Афтӕмӕй «архайдзыстӕм иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырндзыстӕм» (Пс. 34:14). Уый фӕрцы нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад (Пс. 133:1–3). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ, «фарндӕттӕг Хуыцаумӕ» (Ром. 15:33). Ӕппӕт уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, уарзондзинад нын кӕрӕдзиимӕ фидауынӕн куы ӕххуыс кӕна, уӕд.

^ 1 10 абзац: ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

^ 2 12 абзац: иу адӕймаг-иу иннӕимӕ куы бафидыдта, уый фӕдыл ма Библийы ис ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Иаков бафидыдта Исавимӕ (Райд. 27:41–45; 33:1–11); Иосиф бафидыдта йе ’фсымӕртимӕ (Райд. 45:1–15) ӕмӕ Гедеон та бафидыдта ефремӕгтимӕ (Тӕрх. 8:1–3). Ӕвӕццӕгӕн ма дӕхӕдӕг дӕр ӕндӕр ахӕм цӕвиттонтӕ хъуыды кӕныс.