Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи дын ныр дӕр дӕ удыхъӕд ивы?

Библи дын ныр дӕр дӕ удыхъӕд ивы?

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (РОМ. 12:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 61, 52

1–3. а) Донаргъуыды фӕстӕ нын, чи зоны, цавӕр хъуыддӕгты уа зын фӕивын? б) Нӕ удыхъӕд ивын нын, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй зындӕр куы уа, уӕд нӕм, чи зоны, цавӕр фарстатӕ фӕзына? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

БИРӔ азты дӕргъы Кевин 1 ӕхцайыл хъазыд, фыднозт кодта, тамако дымдта ӕмӕ наркотиктӕ кодта. Стӕй рӕстдзинад базыдта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суыдаид. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй хъуыди йӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивын. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы, стӕй, йӕ Ныхас Библийы цы тых ис, уый фӕрцы йӕ бон баци уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнын (Дзут. 4:12).

2 Кевин донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ дӕр ӕй хъуыди йӕхиуыл кусын, цӕмӕй йӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивтаид (Еф. 4:31, 32). Зӕгъӕм-иу уайтагъд рамӕсты. Ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыд, йӕхиуыл хӕцын ын афтӕ зын кӕй уыдзӕн. Кевин загъта: «Мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин, уый мын мӕ раздӕры ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕй бирӕ зындӕр уыд!» Фӕлӕ Кевин Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, стӕй Библи арф иртӕста, ӕмӕ йын уый фӕрцы йӕхи фӕивын бантыст.

3 Донаргъуыд райсыны размӕ нӕ бирӕты хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ сарӕзтаиккам. Фӕлӕ йӕ ӕмбарӕм: цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы хуызӕн тынгдӕр уӕм, уый тыххӕй нӕ ныр дӕр хъӕуы нӕ удыхъӕды цыдӕртӕ ивын, кӕд уыдон ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ не сты, уӕддӕр (Еф. 5:1, 2; 1 Пет. 2:21). Чи зоны, бафиппайдтам, арӕх цӕуылдӕрты кӕй фӕхъуыр-хъуыр кӕнӕм кӕнӕ иннӕты фыдкой кӕй фӕкӕнӕм. Йе та, чи зоны, адӕм цы зӕгъдзысты, уый тасӕй, раст цы у, уый нӕ саразӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы фӕивыныл архайӕм, фӕлӕ уӕддӕр уыцы иу рӕдыдтытӕ кӕнӕм. Ӕмӕ, чи зоны, дис кӕнӕм: «Ацы гыццыл хъуыддӕгты фӕивын мын афтӕ зын цӕмӕн у? Цы мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй, Библи куыд дзуры, афтӕ архайон, ӕмӕ мӕ удыхъӕд дарддӕр дӕр ива?»

ДӔ БОН У ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗӔРДӔ РУХС КӔНЫН

4. Нӕ бон цӕуылнӕ у алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

4 Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Фӕлӕ нын, хъыгагӕн, уый алы хатт нӕ рауайы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ арӕх мах дӕр Павелау фӕзӕгъӕм: «Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы» (Ром. 7:18; Иак. 3:2).

5. Донаргъуыды размӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скодтам, фӕлӕ нӕ уӕддӕр цавӕр хъӕндзинӕдтимӕ хъӕуы тох кӕнын?

5 Цӕмӕй донаргъуыд райстаиккам, уый тыххӕй хъуамӕ ныууагътаиккам, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕ (1 Кор. 6:9, 10). Фӕлӕ уӕддӕр нырма ӕнӕххӕст стӕм (Кол. 3:9, 10). Ӕмӕ кӕд донаргъуыд бирӕ азты размӕ райстам, уӕддӕр рӕдийӕм. Хатгай нӕм, чи зоны, ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ фӕзыны кӕнӕ та ныл цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинад фӕтых вӕййы. Ӕмӕ, чи зоны, уыцы иу хъӕндзинадимӕ бирӕ азты дӕргъы тох кӕнӕм.

6, 7. а) Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын уый фадат цӕй фӕрцы ис, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм? б) Йегъовӕйӕ хатыр курын цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм?

6 Фӕлӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм. Макуы рох кӕн, Йегъовӕйы хӕлар цӕй фӕрцы сдӕ, уый. Хуыцау дӕм хорзӕй цыдӕр федта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ базыдтаис (Иоан. 6:44). Уый зыдта, цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ дӕм кӕй ис ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр кӕй кӕндзынӕ. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕлар суыдаис.

7 Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ нын стыр лӕвар ракодта – йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ цард радтаид (Иоан. 3:16). Ӕмӕ куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ хатыр курын. Мах зонӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайдзӕн (Ром. 7:24, 25; 1 Иоан. 2:1, 2). Дӕ зӕрдыл дар, Чырысти йӕ цард, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, ахӕм адӕмы тыххӕй кӕй радта. Уӕдӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ тынг уӕззау тӕригъӕд ракодтам, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ хатыр курӕм. Науӕд афтӕ рауайдзӕн, цыма нӕ къухтӕ чъизи сты, фӕлӕ сӕ ныхсӕм, уый та нӕ нӕ фӕнды. Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ уый фадат дӕтты, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:15.)

8. Нӕ хъӕндзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хъӕндзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ нӕхи нӕ рӕстытӕ кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нын бӕлвырд бамбарын кодта, йӕ хӕларыл цавӕр адӕймаджы банымайдзӕн, уый (Пс. 15:1–5). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд ын хъуамӕ йӕхи ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндтӕн сӕ рохтыл хӕцӕм йе та сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм. Донаргъуыд ӕрӕджы райстам ӕви бирӕ азты размӕ, уӕддӕр хъуамӕ нӕ удыхъӕд дарддӕр дӕр ивӕм (2 Кор. 13:11).

9. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нӕ бон у дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ивын?

9 Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у ӕмӕ йӕ монцтӕ сӕ фӕдыл кӕй сайынц ӕмӕ кӕй халынц, уыцы зӕронд удыхъӕд хъуамӕ ныууадзат. Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:22–24). Ацы ныхӕстӕ, «хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ удыхъӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр ивӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ сӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Ӕмӕ нын Библийы фӕрцы уый ӕнӕмӕнг бантысдзӕн.

АФТӔ ЗЫН ЦӔМӔН У?

10. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Библи дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ива ӕмӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

10 Цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ива, уый тыххӕй хъуамӕ ууыл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм. Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Афтӕ зын цӕмӕн у? Кӕд нын Хуыцау нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны, уӕд нӕ нысан нӕ къухы хъуамӕ тагъддӕр ма бафтид? Йегъовӕ афтӕ цӕуылнӕ сарӕзта, цӕмӕй нын нӕ удыхъӕд ивын ӕнцондӕр уа?»

11–13. Цымӕ Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ нӕхӕдӕг тох кӕнӕм?

11 Дун-дунемӕ куы акӕсай, уӕд бӕрӕг у, Йегъовӕ стыр тыхы хицау кӕй у. Ахъуыды-ма кӕнӕм, хур куыд конд у, ууыл. Хур алы секунд дӕр уыйбӕрц энерги дӕтты, ӕмӕ уыцы энергийӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу гыццыл хай дӕр фаг у, цӕмӕй зӕххыл цард уа (Пс. 74:16; Ис. 40:26). Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн дӕр, куы фӕхъӕуы, уӕд хъарутӕ ратты (Ис. 40:29). Уӕдӕ йӕ куы бафӕндыдаид, уӕд афтӕ сарӕзтаид, ӕмӕ-иу нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл ӕмӕ не ’взӕр фӕндтыл ӕнцонтӕй фӕтых уыдаиккам. Фӕлӕ цымӕ афтӕ цӕуылнӕ бакодта?

12 Йегъовӕ нӕ ахӕм сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, ӕмӕ нӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ йӕм хъусдзыстӕм ӕви нӕ, уый дӕр нӕхицӕй кӕнгӕ у. Куы йӕм хъусӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон зӕрдиагӕй куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды. Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй хицау уа. Фӕлӕ мах Йегъовӕмӕ хъусӕм, ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, нӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайӕм. Ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд уымӕн тынг аргъ кӕны (Иов 2:3–5; Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ нӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын нӕ хъӕуы, уӕд ма куыд равдыстаиккам, иузӕрдион ыл кӕй стӕм ӕмӕ йӕ нӕ Хицауыл кӕй нымайӕм, уый?

13 Йегъовӕ нын зӕгъы, цӕмӕй йын йӕ миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕмӕ ууыл «ӕппӕт хъарутӕй архайӕм» (Бакӕс 2 Петры 1:5–7; Кол. 3:12). Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй архайӕм, нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар куыд цӕуа, ууыл (Ром. 8:5; 12:9). Ӕмӕ уый нӕ къухы куы бафты, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы.

ХУЫЦАУЫ НЫХАС ДЫН ДӔ УДЫХЪӔД ДАРДДӔР ДӔР ИВӔД

14, 15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ? (Кӕс рамкӕ « Библийы фӕрцы ӕмӕ кувыны фӕрцы сӕ удыхъӕд фӕивтой».)

14 Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ? Фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый хъуамӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг ма скъуыддзаг кӕнӕм, фӕлӕ-иу хъуамӕ уыцы хъуыддаджы Хуыцауы разамынд агурӕм. Ромӕгтӕм 12:2 фыст ис: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст». Йегъовӕйы фӕндон цы у, уый бамбарыны тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм, цы-иу бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уый фӕрцы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ хъуыдытӕ, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзысты. Фӕлӕ нӕ уӕд дӕр хъӕудзӕн дарддӕр дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын (Ӕмб. 4:23).

Дӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ ӕмӕ статьятӕ бацагур ӕмӕ-иу сӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕс (кӕс 15 абзац)

15 Библи алы бон дӕр кӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый йеддӕмӕ ма йӕ хъуамӕ лӕмбынӕг иртасӕм, цы публикацитӕ нӕм ис, уыдоны фӕрцы, зӕгъӕм, ӕмбырды кӕй фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн кӕй фӕпарахат кӕнӕм, уыцы брошюрӕты фӕрцы. Цы статьятӕ дзы вӕййы, уыдоны арӕх дзырд фӕцӕуы, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы миниуджытӕ фӕзмын ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын. Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бацагурынц, чи сын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм статьятӕ ӕмӕ Библийы стихтӕ, ӕмӕ-иу сӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕсынц.

16. Кӕд нын нӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивын, мах куыд фӕнды, афтӕ тагъд нӕ уайы, уӕддӕр нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ’руадзӕм?

16 Цӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ӕрфидар уой, уый тыххӕй рӕстӕг хъӕуы. Уӕдӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ удыхъӕды бирӕ ницы фӕивта, уӕддӕр дӕ къухтӕ ма ’руадз, фӕлӕ фӕразон у. Фыццаг рӕстӕг дын, чи зоны, зын уа, Библи куыд зӕгъы, афтӕ архайын. Фӕлӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл цас фылдӕр архайай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцау дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый аразын дӕр (Пс. 37:31; Ӕмб. 23:12; Гал. 5:16, 17).

ХЪУЫДЫ КӔН, ЦЫ ДИССАДЖЫ ФИДӔН НӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ, УУЫЛ

17. Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

17 Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕнустӕм куы лӕггад кӕнӕм, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд нӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын нал хъӕудзӕн ӕмӕ нын Йегъовӕйы фӕзмын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ абон дӕр, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр, нӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, Чырыстийы мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы. Ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивыныл куы архайӕм ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

18, 19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библийӕн уыцы тых кӕй ис, цӕмӕй нын дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ива?

18 Статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр Кевин, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕ маст уромын сахуыр уыдаид. Библийы цы каст, ууыл арф хъуыды кодта ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй йӕ удыхъӕд ивтаид. Стӕй ма йӕ зӕрдӕмӕ айста, йе ’мчырыстӕттӕ йын цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдтой, уыдон дӕр. Йӕхи фӕивыныл ын ацыд цалдӕр азы. Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды снысан кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй. Фӕстаг 20 азы та лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Фӕлӕ Кевин ӕмбары, дарддӕр дӕр ӕй кӕй хъӕуы йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын.

19 Кевинау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивын. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Пс. 25:14). Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын, Библийы фӕрцы нӕ бон кӕй у дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ивын (Пс. 34:8).

^ 1 1 абзац: ном ивд у.