Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕй бузныг стӕм йе стыр хорзӕхы тыххӕй

Хуыцауӕй бузныг стӕм йе стыр хорзӕхы тыххӕй

«Уый не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй» (ИОАН. 1:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 95, 13

1, 2. а) Цыбыртӕй радзур Йесойы фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны хицауы тыххӕй. б) Ацы фӕсномыг ныхасӕй рӕдаудзинады ӕмӕ стыр хорзӕхы тыххӕй цы ис базонӕн?

СӔНӔФСИРДОНЫ хицау райсомӕй раджы ацыд базармӕ, цӕмӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырстаид. Кӕй ссардта, уыдон сразы сты, цы мызд сын загъта, ууыл ӕмӕ кусынмӕ ацыдысты. Фӕлӕ ма йӕ ноджыдӕр бахъуыди кусджытӕ, ӕмӕ ма уыцы бон цалдӕр хатты ацыд базармӕ, цӕмӕй фылдӕр кусджытӕ баххуырстаид. Ӕмӕ се ’ппӕтимӕ дӕр баныхас кодта, цы сын ӕмбӕла, уый сын кӕй бафиддзӕн. Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау кусджытӕм фӕдзырдта, цӕмӕй сын сӕ мызд бафыстаид. Ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бон чи бакуыста, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, иу сахат чи бакуыста, уыдонӕн дӕр ӕмхуызон мызд бафыста. Уӕд, фыццаг кӕй баххуырста, уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Сӕнӕфсирдоны хицау сын загъта: «Цы мыздыл баныхас кодтам, ууыл уӕхӕдӕг не сразы стут? Кӕмӕн цы бафидон, уый мӕхи бар нӕу? Ӕви сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕн, уый сын уӕ цӕст нӕ уарзы?» (Матф. 20:1–15).

2 Йесойы фӕсномыг ныхас нын не ’ргом здахы Йегъовӕйы миниуджытӕй сӕ иумӕ – йе стыр хорзӕхмӕ 1. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:1.) Чи зоны, искӕмӕ афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бон чи бакуыста, уыдонӕн хъуамӕ фылдӕр бафыстаиккой. Фӕлӕ сӕнӕфсирдоны хицау стыр хорзӕх равдыста, иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыдонмӕ. Библийы «стыр хорзӕх»-ӕй тӕлмац чи ’рцыд, уыцы дзырды тыххӕй иу ахуыргонд загъта: «Йӕ сӕйраг хъуыды у, адӕймагӕн цыдӕр рӕдауӕй кӕй балӕвар кодтой, кӕй бафыдӕбон кодта, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи».

ЙЕГЪОВӔЙЫ РӔДАУ ЛӔВАР

3, 4. Йегъовӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр йе стыр хорзӕхӕй куыд бахай кодта ӕмӕ цӕмӕн?

3 Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы стыр хорзӕх адӕмӕн «лӕвар» кӕй у (Еф. 3:7). Йегъовӕйы закъӕттӕ иууылдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы ӕххӕст кодтаиккам, уӕд йӕ хорзӕхы аккаг уыдаиккам. Фӕлӕ ӕнӕрӕдигӕ не стӕм. Зӕгъӕм, зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Еккл. 7:20). Апостол Павел дӕр ныффыста: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын», стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ром. 3:23; 6:23а). О, тӕригъӕдджын адӕм сты мӕлӕты аккаг.

4 Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сын йе стыр хорзӕхӕй скодта, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар. «Йӕ иунӕг Фырты» зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард радтаид (Иоан. 3:16). Павел Йесойы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «кад ӕмӕ намысӕй... схайджын, мӕлӕт кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй. О, Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ уый мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзут. 2:9). «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ром. 6:23а).

5, 6. а) Тӕригъӕды дӕлбар куы уӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? б) Стыр хорзӕхы дӕлбар куы уӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

5 Адӕм сӕ туджы, удхарӕй сӕ чи мары, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт куыд рахастой? Библи нын дзуапп дӕтты: «Иу адӕймаджы [ома Адамы] тӕригъӕд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ уыцы иуы аххосӕй мӕлӕт паддзах уыд». Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ ныл цӕуы мӕлӕты бар (Ром. 5:12, 14, 17). Фӕлӕ, тӕригъӕды дӕлбар мауал уӕм, уымӕн гӕнӕн ис. Куыдӕй? Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕхи бакодтам Йегъовӕйы стыр хорзӕхы дӕлбар. «Адӕмы тӕригъӕдтӕ куы сбирӕ сты, уӕд сын Хуыцау та ноджы стырдӕр хорзӕхӕй бахай кодта. Цӕмӕн? Цӕмӕй, тӕригъӕд мӕлӕтимӕ иумӕ куыд уыд паддзах, афтӕ Хуыцауы стыр хорзӕх дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы паддзах уа ӕмӕ цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой» (Ром. 5:20, 21).

6 Кӕд ныр дӕр ма тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ тӕригъӕды цагъартӕ уӕм. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Хъуамӕ уыл тӕригъӕды бар ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ сымах закъоны дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы дӕлбар» (Ром. 6:14). Уӕдӕ нын «хицау» сси Хуыцауы стыр хорзӕх. Ӕмӕ нын уый цы пайда хӕссы? Павел загъта: «Стыр хорзӕх нын амоны, цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:11, 12).

ХУЫЦАУ ЙЕ СТЫР ХОРЗӔХ «АЛЫХУЫЗОНӔЙ... ӔВДИСЫ»

7, 8. Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ йе стыр хорзӕх «алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы», уый? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

7 Апостол Петр ныффыста: «Хуыцау уын уӕ бар бакодта, алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уыцы стыр хорзӕх, ӕмӕ сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (1 Пет. 4:10). Йегъовӕ йе стыр хорзӕх «алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы», уый куыд ӕмбаргӕ у? Царды цыфӕнды фӕлварӕныл ма сӕмбӕлӕм, Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сӕрты ахизӕм (1 Пет. 1:6). Фӕлварӕнтӕ сты алыхуызон, фӕлӕ Хуыцау дӕр йе стыр хорзӕх алыхуызонӕй ӕвдисы, ӕмӕ нын алы фӕлварӕны дӕр ратдзӕн, цы нӕ хъӕуа, уый, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм.

8 Апостол Иоанн ныффыста: «Уый [ома Йесо Чырысти] не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй» (Иоан. 1:16). Йегъовӕ Йесойы уылты йе стыр хорзӕх алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уый фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

9. Йегъовӕйы стыр хорзӕх нын цы пайда хӕссы ӕмӕ нӕ бон куыд у, бузныг дзы кӕй стӕм, уый равдисын?

9 Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ дарддӕр куы фӕтох кӕнӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ ныххатыр кӕны. (Бакӕс 1 Иоанны 1:8, 9.) Павел, йӕ рӕстӕджы цы сӕрст чырыстӕттӕ цард, уыдонмӕ ныффыста: «[Йегъовӕ] нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы, ӕмӕ нӕ бакодта йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ. Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Кол. 1:13, 14). Йегъовӕйӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынг бузныг стӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ нын кӕй хатыр кӕны, уый фӕрцы ма хайджын стӕм ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕр.

10. Хуыцауы стыр хорзӕх нын цавӕр арфӕдзинад хӕссы?

10 Нӕ бон у Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕрын. Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдыстӕм Хуыцауы знӕгтӕ. Павел дӕр уый тыххӕй фыста: «Знӕгтӕ уӕвгӕйӕ бафидыдтам Хуыцауимӕ йӕ Фырты мӕлӕты руаджы» (Ром. 5:10). Чырыстийы нывонды фӕрцы нын фӕзынд фадат, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы стыр хорзӕхимӕ куыд баст у, уый тыххӕй Павел йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн загъта: «Уӕдӕ ныр, нӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл нымад куы ’рцыдыстӕм, уӕд, фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы. Уый фӕрцы ма нын нӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ байгом фӕндаг дӕр, ныртӕккӕ хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы стыр хорзӕхмӕ» (Ром. 5:1, 2). Уый цӕй диссаджы арфӕдзинад у!

Хуыцау йе стыр хорзӕх куыд ӕвдисы.

Адӕм хорз хабар фехъусынц (кӕс 11 абзац)

11. Сӕрст чырыстӕттӕ «ӕндӕр фыстӕн» куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ суой?

11 Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ систӕм. Пехуымпар Данел фыста, зӕгъгӕ, кӕроны рӕстӕджы, «ӕмбаргӕ чи у», ома, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон, «бирӕты рӕстдзинадмӕ» ӕрбакӕндзысты. (Бакӕс Данелы 12:3.) Сӕрст чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы милуангай «ӕндӕр фыстӕн» баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты рӕстгӕнджытӕ суой (Иоан. 10:16). Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы. Павел бамбарын кодта: «Рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар – йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы» (Ром. 3:23, 24).

Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын (кӕс 12 абзац)

12. Нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый йе стыр хорзӕхимӕ куыд баст у?

12 Куывды фӕрцы ӕрбаввахс вӕййӕм Хуыцауы паддзахбадӕнмӕ. Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы ахӕм арфӕдзинадӕй хайджын стӕм, ӕмӕ нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын. Павел Йегъовӕйы паддзахбадӕн схуыдта, «стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕн» ӕмӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ «Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм» (Дзут. 4:16а). Ахӕм фадат нын Йегъовӕ радта йӕ Фырты фӕрцы. Библийы фыст ис: «Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нӕ бон у Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын ӕмӕ йӕ разы ныфсджынӕй ӕрлӕууын» (Еф. 3:12).

Бахъуаджы сахат нын баххуыс кӕны (кӕс 13 абзац)

13. Хуыцау нын йе стыр хорзӕхы фӕрцы «бахъуаджы сахат» куыд баххуыс кӕны?

13 Хуыцау нын «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕны. Павел нӕ разӕнгард кодта Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувынмӕ, «цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (Дзут. 4:16б). Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ тынг тыхст куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ дзыназын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Ӕмӕ кӕд уый аккаг не стӕм, уӕддӕр нын дзуапп ратты. Арӕх нын баххуыс кӕны не ’мчырыстӕтты уылты. Нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы, «уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзут. 13:6).

14. Зӕрдӕсаст куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ йе стыр хорзӕхы фӕрцы куыд баххуыс кӕны?

14 Удӕнцой ссарӕм. Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы ма ахӕм стыр арфӕдзинадӕй дӕр хайджын стӕм, ӕмӕ, зӕрдӕсаст куы вӕййӕм, уӕд нын удӕнцой ратты (Пс. 51:17). Фессалоникӕйы чырыстӕттӕ ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд сӕм Павел ныффыста: «Уадз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцау, мах чи бауарзта ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхы фӕрцы ӕнӕкӕрон удӕнцой ӕмӕ диссаджы ныфс чи радта, уыцы Хуыцау, уӕ зӕрдӕтӕ барӕвдауӕнт ӕмӕ уӕ бафидар кӕнӕнт» (2 Фес. 2:16, 17). Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы!

15. Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы нын цавӕр ныфс ис?

15 Ис нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм ӕнӕ Йегъовӕйӕ хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ каст. (Бакӕс Псалом 49:7, 8.) Фӕлӕ нын Йегъовӕ радта диссаджы ныфс. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕ Фыды уый фӕнды, цӕмӕй, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй» (Иоан. 6:40). Ӕнустӕм цӕрыны ныфс у, Йегъовӕ нын йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй скодта, ахӕм рӕдау лӕвар. Павел дӕр уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ загъта: «Раргом Хуыцауы стыр хорзӕх, алыхуызон адӕмӕн ирвӕзындзинад чи хӕссы, уый» (Тит. 2:11).

ХУЫЦАУЫ СТЫР ХОРЗӔХ УЫН ТӔРИГЪӔД АРАЗЫНЫ ӔФСОН МА ФӔУӔД

16. Фыццаг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты Хуыцауы стыр хорзӕх тӕригъӕдтӕ аразыны ӕфсон куыд фӕци?

16 Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ хатыр кӕндзӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты «Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ кодтаиккой» (Иуд. 4). Уыдон Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон у тӕригъӕдтӕ аразын, Йегъовӕ мын уӕддӕр ныххатыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ноджы стырдӕр бӕллӕх та уый уыд, ӕмӕ ма иннӕ ӕфсымӕрты дӕр рӕдийын кодтой. Ӕмӕ кӕд абон дӕр исчи афтӕ кӕны, уӕд уый, «Хуыцауы стыр хорзӕх кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы сыгъдӕг тых... фауы» (Дзут. 10:29).

17. Петр чырыстӕттӕн цавӕр ахсджиаг уынаффӕ радта?

17 Абон дӕр Хӕйрӕг иуӕй-иу чырыстӕтты рӕдыд зондыл сарӕзта – афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр сын Хуыцау хатыр кӕндзӕн. Раст у, Йегъовӕ хатыр кӕны, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Фӕлӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕдзухдӕр нӕ тӕригъӕдджын монцтимӕ тох кӕнӕм. Хуыцауы фӕндӕй Петр ныффыста: «Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы хабӕрттӕ рагацау зонгӕйӕ уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах дӕр семӕ ӕнӕуаг адӕмы рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат. Архайут, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй фылдӕрӕй-фылдӕр хайджын куыд кӕнат ӕмӕ йӕ ноджы хуыздӕр куыд базонат, ууыл» (2 Пет. 3:17, 18).

СТЫР ХОРЗӔХ НЫЛ ХӔС ӔВӔРЫ

18. Йегъовӕ нын йе стыр хорзӕхӕй кӕй хай кӕны, уымӕ гӕсгӕ хӕсджын цӕмӕй стӕм?

18 Мах Йегъовӕйӕ йе стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ курдиӕттӕй Хуыцауы кадджын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. Уый нӕ бон куыд у аразын? Павел нын дзуапп дӕтты: «Иугӕр [нӕ] Хуыцау йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ алыхуызон курдиӕттӕй схайджын кодта, уӕд... лӕггадгӕнӕг чи у, уый дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕд; иннӕты чи ахуыр кӕны, уый сӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕнӕд; иннӕты чи фӕдзӕхсы, уый сӕ фӕдзӕхсӕд... хатыр чи кӕны, уый хатыр кӕнӕд зӕрдӕйӕ» (Ром. 12:6–8). Кӕд нын Йегъовӕ йе стыр хорзӕхӕй хай кӕны, уӕд мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, адӕмӕн, Библи цы дзуры, уый амонӕм, не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты фӕдзӕхсӕм, ома сӕ фидар кӕнӕм, ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕна, уыдонӕн хатыр кӕнӕм.

19. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Йегъовӕ нын йӕ уарзондзинад кӕй не ’вгъау кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕныныл» (Хъуыд. 20:24). Ӕмӕ ацы хъуыддагыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

^ 1 2 абзац: кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы «Дзырдуат», дзырдбаст «Стыр хорзӕх».