Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»

«Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма ӕхсӕвыгон уынджы фӕцӕуыс. Ӕвиппайды дӕм афтӕ фӕкаст, цыма чидӕр дӕ фӕдыл цӕуы. Ды ӕрлӕууыдтӕ, ӕмӕ уый дӕр ӕрлӕууыд. Стӕй ды дӕ цыд фӕтагъддӕр кодтай, ӕмӕ уый дӕр фӕцырддӕр. Уӕд лидзынмӕ фӕдӕ. Ӕвиппайды йӕ ӕрхъуыды кодтай, уым ӕввахс де ’мбал кӕй цӕры, ӕмӕ дӕ ных йӕ хӕдзары ’рдӕм сарӕзтай. Дуар дын куы бакодта ӕмӕ мидӕмӕ куы бахызтӕ, уӕд сулӕфыдтӕ, уымӕн ӕмӕ фыдбылызӕй аирвӕзтӕ.

Чи зоны, ахӕм уавӕры никуы бахаудтӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр цӕуылдӕрты мӕт кӕныс. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ, цӕмӕй цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уай, фӕлӕ та дыл фӕтых вӕййы. Кӕнӕ цасдӕр рӕстӕг дӕ бон куыст ссарын нӕу. Науӕд дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ тыхсыс, де ’нӕниздзинад куы фӕцуда, ууыл. Йе та дын ӕндӕр цыдӕр ӕнцой нӕ дӕтты.

Цыфӕнды зын уавӕры ма бахауай, уӕддӕр дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, дӕ сагъӕстӕ кӕмӕн радзурай ӕмӕ дын чи баххуыс кӕна, ахӕм ӕмбал дын куы уа, уӕд. Дӕуӕн та ахӕм ӕввахс ӕмбал ис? Бӕгуыдӕр ис! Йегъовӕ дӕуӕн у ахӕм ӕмбал, кӕддӕр Авраамӕн куыд уыд, афтӕ. Уый зыны, Исайы 41:8–13 стихты цы фыст ис, уымӕй. 10-ӕм ӕмӕ 13-ӕм стихты фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр цы зӕгъы, уый: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй. Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“».

«ӔЗ ДЫЛ ФИДАР ХӔЦДЗЫНӔН»

Ацы ныхӕстӕ дӕ ныфс нӕ уадзынц? Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл. Чи зоны, дӕ цӕстытыл ахӕм ныв ауад, цыма Йегъовӕйы фарсмӕ цӕуыс ӕмӕ йын йӕ къухыл хӕцыс. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ куы уыдаиккой, уӕд дын Йегъовӕ хъуамӕ йӕ рахиз къухӕй хӕцыдаид дӕ галиу къухыл. Ам та дзырд цӕуы, Йегъовӕ дын «йӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» кӕй ныххӕцыд «дӕ рахиз къухыл» – мӕнӕ цыма былӕй фӕхауыс ӕмӕ дӕ сласыныл архайы, афтӕ. Зын уавӕрты куы бахауыс, уӕд дӕм Йегъовӕ уайтагъд йе ’ххуысы къух бадары. Ӕмӕ ма дын ныфс дӕр ӕвӕры: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн».

Йегъовӕйы дӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ Хӕларыл нымайыс? Фидарӕй дӕ уырны, зын уавӕрты дӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн? Йегъовӕ дыл тынг тыхсы ӕмӕ дӕ тынг бирӕ уарзы. Уый фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕна ӕмӕ-иу зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ ма стыхсай. Уый нӕм «зын сахат... уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны» (Пс. 46:1).

РАЗДӔРЫ ТӔРИГЪӔДТЫ ТЫХХӔЙ ДӔХИ КУЫ ХӔРАЙ

Иуӕй-иуты сӕ цӕсгом фӕхӕры сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, цымӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, зӕгъгӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр ахӕм хъуыдытӕ ӕнцой нӕ фӕдӕттынц, уӕд-ма ахъуыды кӕн Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовыл. Уый дзырдта, ӕрыгонӕй-иу рӕдыдтытӕ кӕй ӕруагъта (Иов 13:26). Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Ӕвзонгӕй цы тӕригъӕдтӕ ӕруагътон ӕмӕ цы фыдракӕндтӕ сарӕзтон, уыдон мауал ӕрхъуыды кӕн» (Пс. 25:7). Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст сты, «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын» (Ром. 3:23).

Исайы 41 сӕры цы ныхӕстӕ ис, уыдон фыццаджыдӕр фыст ӕрцыдысты израилӕгтӕн. Уыдон Йегъовӕйы раз стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой, ӕмӕ Йегъовӕ загъта, кӕй сӕ бафхӕрдзӕн – Вавилонмӕ сӕ уацары кӕй акӕндзысты (Ис. 39:6, 7). Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта, ӕмӕ, чи ’рфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ чи раздӕха, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн! (Ис. 41:8, 9; 49:8). Абон дӕр Йегъовӕ ахӕм уарзондзинад ӕмӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонмӕ (Пс. 51:1).

Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Такуяйы * цӕвиттонмӕ. Такуяйӕн зын уыди дыууӕ ӕвзӕр хъуыддаджы ныууадзын – порнографи ӕмӕ мастурбаци. Тынг архайдта йӕхиуыл хӕцыныл, фӕлӕ та-иу фӕрӕдыд. Уый фӕстӕ-иу ӕй йӕ цӕсгом хордта. Такуя дзуры: «Мӕхи-иу зӕххӕй сисинагыл дӕр нал нымадтон. Фӕлӕ-иу Йегъовӕйӕн куы ныллӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын ныххатыр кӕна, уӕд та-иу мыл схӕцыд ӕмӕ-иу мӕ мӕ къахыл слӕууын кодта». Цымӕ йын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта? Такуяйӕн йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, дам, афтӕ куы рауайа, ӕмӕ фӕрӕдыдтӕ, уӕд-иу нӕм телефонӕй фӕдзур. «Уый мын ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ-иу сӕм куы фӕдзырдтон, уӕд та-иу мӕ ныфс бацыд»,– дзуры Такуя. Уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ районон цӕстдарӕгӕн загътой, цӕмӕй Такуяйы бабӕрӕг кӕна. Районон цӕстдарӕг ын загъта: «Ам кӕй дӕн, уый ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ рауад. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын загътой, цӕмӕй дӕм ӕрбацӕуон. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй дӕу бабӕрӕг кодтаин». Такуя ма загъта: «Кӕд-иу тӕригъӕд сарӕзтон, уӕддӕр-иу мӕм Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты йе ’ххуысы къух ӕрбадардта». Ӕппынфӕстаг Такуя йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагъта, сси пионер ӕмӕ ныр лӕггад кӕны филиалы. Йегъовӕ ацы ӕфсымӕрӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн.

ДӔ БОН КУЫСТ ССАРЫН КУЫ НӔ УА

Бирӕтӕ тыхсынц, ӕнӕ куыстӕй кӕй баззадысты ӕмӕ сӕ бон ӕндӕр куыст ссарын кӕй нӕу, ууыл. Ахъуыды-ма кӕн, иу куыстмӕ дӕр дӕ куы нӕ исой, уӕд куыд кӕндзынӕ? Иуӕй-иутӕ сӕхимӕ дӕр ныхъхъусынц, ницы мын уайы, зӕгъгӕ. Ахӕм уавӕры дын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн? Чи зоны дын уайтагъд, дӕу цавӕр куыст хъӕуы, ахӕм ма ссара. Фӕлӕ дын, гӕнӕн ис, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна паддзах Давиды ныхӕстӕ: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Йегъовӕйӕн зынаргъ дӕ, ӕмӕ дын «йӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» ӕххуыс кӕндзӕн, ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый амал кӕнынӕн ӕмӕ йын дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн.

Ӕнӕ куыстӕй куы баззайай, уӕд дын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

Сарӕ цӕры Колумбийы, ӕмӕ уый дӕр йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый. Сарӕ куыста иу зындгонд компанийы. Ӕхца йын дзы бирӕ фыстой, ӕмӕ йӕ кусын дӕр бирӕ хъуыди. Фӕлӕ йӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уый тыххӕй йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Сарӕ агуырдта, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъуыдаид, ахӕм куыст, фӕлӕ йын ницы ӕнтыст. Уӕд байгом кодта иу гыццыл кафе. Фӕлӕ фӕстагмӕ йе ’хца фесты, ӕмӕ кафе сӕхгӕнын бахъуыд. «Стӕй ӕртӕ азы ӕнӕ куыстӕй уыдтӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы бафӕрӕзтон»,– зӕгъы Сарӕ. Уый сахуыр, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ фагыл нымайын. Стӕй, райсом цы уыдзӕн, ууыл дӕр нал мӕт кодта (Матф. 6:33, 34). Иу бон ӕм йӕ раздӕры куысты хицау фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ кӕй исы. Сарӕ йын дзуапп радта, зӕгъгӕ, дам, сразы уыдзынӕн, ӕрмӕст мӕ бон ӕнӕхъӕн бон кусын нӕ уыдзӕн, стӕй-иу мӕ хъӕудзӕн ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм цӕуын. Кӕд Сарӕ, раздӕр цас ӕхца иста, уыйбӕрц ӕхца нӕ исы, уӕддӕр йӕ бон у дарддӕр пионерӕй лӕггад кӕнын. Сарӕ загъта, зӕгъгӕ-иу мӕм уыцы зын рӕстӕджы Йегъовӕ алкӕддӕр йе ’ххуысы къух ӕрбадардта.

АЗТӔ ДЫЛ СӔ УӔЗ КУЫ ӔРУАДЗОЙ

Иуӕй-иутӕ фӕмӕт кӕнынц, кӕй зӕронд кӕнынц, ууыл. Фӕхъуыды кӕнынц, цӕмӕй цӕрдзысты, ӕхца сын алцӕмӕн дӕр фаг кӕндзӕн ӕви нӕ. Стӕй ма фӕтӕрсынц, се ’нӕниздзинад куы фӕцуда, уымӕй дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг дӕр – ӕвӕццӕгӕн, паддзах Давид – Йегъовӕйӕн лӕгъста кодта: «Куы базӕронд уон, уӕд мӕ ма аппар. Хъару мӕм куы нал уа, уӕд мӕ ма ныууадз» (Пс. 71:9, 18).

Уӕдӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ фидӕныл ӕгӕр ма мӕт кӕной? Хъуамӕ дарддӕр дӕр сӕ уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕной, Йегъовӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Чи зоны, цард-цӕрӕнбонты ницы хъуаг уыдысты, ныр та сӕ хъӕудзӕн сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ сӕм цы ис, уый фагыл нымайын. Фӕлӕ стӕй, чи зоны, ахъуыды кӕной, ай мӕнӕ «халсартӕй хӕринаг» «нард галтӕй» пайдадӕр куы у, зӕгъгӕ (Ӕмб. 15:17). Сӕйрагдӕр дын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд дын уый дӕ зӕронды бонты дӕр дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуа, уый.

Хосе ӕмӕ Розӕ Тони ӕмӕ Уендиимӕ

Ахъуыды-ма кӕнӕм Хосе ӕмӕ Розӕйы цӕвиттоныл. Уыдон Йегъовӕйӕн 65 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Уыцы азты дӕргъы алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Иуафон сӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй хъуыди Розӕйы фыдмӕ кӕсын. Уымӕй уӕлдай ма Хосемӕ ссардтой рак ӕмӕ йын бахъуыди операци ӕмӕ химиотерапи скӕнын. Йегъовӕ ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм йӕ рахиз къух куыд бадардта? Баххуыс сын кодта се ’мбырдӕй иу бинонты уылты. Тони ӕмӕ Уендийӕн уыди хӕдзар, ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы пионертӕ цардаиккой, фидын дӕр сӕ нӕ хъуыдаид. Тони ма скъолайы куы ахуыр кодта, уӕд-иу арӕх скъолайы рудзынгӕй каст, Хосе ӕмӕ Розӕ куыд хъусын кӕнынц, уымӕ. Тони сӕ тынг уарзта сӕ зынгзӕрдӕдзинады тыххӕй, ӕмӕ сӕ цӕвиттон йӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой, уый тыххӕй Тони ӕмӕ Уенди аскъуыддзаг кодтой, сӕ хӕдзары Хосе ӕмӕ Розӕ кӕй цӕрдзысты. Тони ӕмӕ Уенди сын ӕххуыс кӕнынц 15 азы дӕргъы. Хосейыл дӕр ӕмӕ Розӕйыл дӕр ныр цӕуы 85 азы бӕрц, ӕмӕ уыцы ӕххуыс нымайынц Йегъовӕйы лӕварыл.

Йегъовӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн». Дӕумӕ дӕр бадардта «йӕ рахиз къух, рӕстдзинады къух». Йӕ къухыл ын ныххӕцдзынӕ?

^ 11 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.