Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ уӕлӕдарӕсӕй Хуыцауӕн кад хӕссыс?

Дӕ уӕлӕдарӕсӕй Хуыцауӕн кад хӕссыс?

«Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн» (1 КОР. 10:31).

ЗАРДЖЫТӔ: 34, 61

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕлӕдарӕсмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ИУ ГОЛЛАНДИАГ газеты аргъуанты сӕргълӕуджыты фембӕлды тыххӕй фыст уыд: «Тӕвд бон уыди, ӕмӕ бирӕтӕ куыдфӕндыйы кондӕй ӕрбацыдысты. [...] Ахӕм цыдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты нӕ фендзынӕ. [...] Лӕппутыл ӕмӕ нӕлгоймӕгтыл вӕййы пиджактӕ ӕмӕ галстуктӕ. Чызджытӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн сӕ ибкӕтӕ цыбыр нӕ вӕййынц... фӕлӕ модӕйӕ дӕр фӕстейӕ нӕ зайынц». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй арӕх раппӕлынц, зӕгъгӕ, сӕ дарӕсӕй бӕрӕг у, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты» ӕмӕ сӕхи кӕй рӕсугъд кӕнынц, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Тим. 2:9, 10). Кӕд ацы стихты Павел сылгоймӕгты кой кодта, уӕддӕр ацы ныхӕстӕ чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр хауынц.

2 Йегъовӕйы адӕм, сӕ уӕлӕ цы скӕной, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы, кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцау дӕр (Райд. 3:21). Библийы ӕддаг бакасты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Дунедарӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыцы хъуыддаджы бӕлвырд ӕгъдау кӕй ӕрӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм ӕмӕ не ’ддаг бакаст цавӕр уыдзӕн, уый ӕрмӕст, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕй кӕнгӕ хъуамӕ ма уа. Хъуамӕ ма-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл дӕр.

3. Хуыцау израилӕгтӕн цы закъон радта, уымӕй дарӕсы тыххӕй цы ис базонӕн?

3 Хуыцауы Закъон Израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй сыхаг адӕмты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи хызтаиккой. Уыцы Закъонӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыдта, сылгоймаг йӕ уӕлӕ нӕлгоймаджы дарӕс кӕй кодта, нӕлгоймаг та сылгоймаджы дарӕс. (Бакӕс Дыккаг закъон 22:5.) Хуыцауы закъонӕй бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, нӕлгоймаг йӕ дарӕсӕй сылгоймаджы хуызӕн куы вӕййы, сылгоймаг та – нӕлгоймаджы хуызӕн, кӕнӕ зын зӕгъӕн куы вӕййы, ай нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг.

4. Хуыцауы адӕмӕн уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ цы баххуыс кӕндзӕн?

4 Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, нӕ алыварс адӕм цыфӕнды ӕгъдауыл хӕст ма уой ӕмӕ нӕм цыфӕнды климӕт ма уа, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ. Хуыцауы адӕмӕн цавӕр уӕлӕдарӕс ӕмбӕлы кӕнӕ не ’мбӕлы дарын, уый лыстӕггай фыст никуы ис. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ хорз уынаффӕтӕ рахӕссӕм. Цӕй ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм, цӕмӕй «бамбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:1, 2).

«ӔВДИСӔМ, ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ КӔЙ СТӔМ, УЫЙ»

5, 6. Нӕ дарӕс иннӕтыл куыд ӕндавы?

5 2 Коринфӕгтӕм 6:4 стихы апостол Павел скодта иу ахсджиаг уагӕвӕрды кой. (Бакӕс ӕй.) Не ’ддаг бакаст иннӕтӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг вӕййы (1 Сам. 16:7). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы дзаумӕттӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц кӕнӕ мын уыдоны мидӕг ӕнцондӕр у. Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй ма дарӕм ӕлхъывд, гом кӕнӕ, чъизи монцтӕ чи ссудзы, ахӕм дарӕс. Ӕндӕр ныхӕстӕй, нӕ буары уӕнгтӕ кӕм зыной кӕнӕ цӕсты кӕм хауой, ахӕм уӕлӕдарӕс нӕ дардзыстӕм. Куыд конд стӕм, уымӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ мачи сӕфсӕрмы уа кӕнӕ йӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм ма азила.

6 Нӕ дарӕс сыгъдӕг, рӕсугъд ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, не ’ддаг бакаст та – аив, уӕд-иу адӕм базондзысты, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм. Уӕд уыдоны дӕр бафӕнддзӕн нӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ нӕ организацийӕн хорз ном скӕндзыстӕм. Стӕй уый фӕрцы адӕм хуыздӕр хъусдзысты, цы ахсджиаг хабар сӕм хӕссӕм, уымӕ.

7, 8. Нӕ конд аив уӕлдайдӕр кӕд хъуамӕ уа?

7 Мах хӕсджын стӕм нӕ сыгъдӕг Хуыцауы раз, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты раз, стӕй адӕмы раз дӕр, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕсӕй кад хӕссӕм, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн (Ром. 13:8–10). Уӕлдай тынгдӕр уый хъуамӕ бӕрӕг уа ӕмбырды ӕмӕ уацамынды. Мах хъуамӕ нӕхи рӕсугъд кӕнӕм, «йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны», уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Тим. 2:10). Иу ран цавӕрдӕр уӕлӕдарӕсмӕ хорз цӕстӕй кӕм кӕсынц, уымӕ ӕндӕр ран, гӕнӕн ис, кӕсой ӕвзӕр цӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕм нымайынц бынӕттон ӕгъдӕуттӕ, цӕмӕй сыл макӕй зӕрдӕ бахуда.

Дӕ уӕлӕдарӕсмӕ кӕсгӕйӕ адӕмы дӕ Хуыцауӕн скад кӕнын бафӕнддзӕн? (кӕс 7, 8 абзацтӕ)

8 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31. Ӕмбырдмӕ кӕнӕ конгресмӕ куы цӕуӕм, уӕд ацы дунейы адӕмы сӕ ӕнахуыр кондӕй нӕ фӕзмдзыстӕм, нӕ дарӕс уыдзӕн аив ӕмӕ хӕдӕфсарм. Гостиницӕйы куы уӕм кӕнӕ уырдыгӕй куы рацӕуӕм, йе та конгрессы программӕйы размӕ кӕнӕ фӕстӕ нӕ фӕллад куы уадзӕм, уӕддӕр куыдфӕнды кӕндтытӕ хъуамӕ ма уӕм. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ фефсӕрмы уыдзыстӕм, ӕмӕ нын фадат куы фӕзына, уӕд нӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй Библийӕ иу-дыууӕ ныхасы зӕгъын.

9, 10. Филиппӕгтӕм 2:4 стих куыд баст у, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, уыимӕ?

9 Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕной? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ сӕ фӕнды Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусын: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын» (Кол. 3:2, 5). Махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй мах аххосӕй ӕмбырды искӕмӕн зын уа ацы фӕдзӕхстмӕ хъусын. Раздӕр ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, чи зоны, нырма тох кӕнынц чъизи хъуыдытимӕ (1 Кор. 6:9, 10). Мах та нӕ фӕнды, цӕмӕй сын уыцы тохы фӕзындӕр уа.

10 Нӕ уӕлӕдарӕсы фӕрцы ӕмбырд ис схонӕн, ӕгъдау ӕмӕ ’фсарм кӕм ис, ахӕм бынат. Ӕмӕ хабар афтӕ хъуамӕ ӕрмӕст ӕмбырды ма уа, фӕлӕ иумӕ кӕмдӕриддӕр фембӕлӕм, уым. Чи цы дзаума дардзӕн, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ иууылдӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ конды фӕрцы иннӕтӕн ӕнцондӕр уа Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг цард кӕнын,– фӕнды хъуыдыты уа, фӕнды ныхасӕй, фӕнды хъуыддӕгтӕй (1 Пет. 1:15, 16). Ӕцӕг уарзт, «чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Кор. 13:4, 5).

КӔМ ЦАВӔР УӔЛӔДАРӔС ФИДАУЫ?

11, 12. Нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

11 Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йӕ уӕлӕ исты куы кӕна, уӕд хъуамӕ ӕмбара, кӕй ис «йӕхи рӕстӕг алы хъуыддагӕн дӕр ӕмӕ алы куыстӕн дӕр» (Еккл. 3:1, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ран дӕр ис йӕхи климӕт, йӕхи уавӕртӕ, стӕй афӕдзы афонтӕ дӕр ивынц. Уымӕ гӕсгӕ адӕм алкӕд ӕмӕ алкӕм иухуызон дзаумӕтты нӕ фӕцӕуынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ боныхъӕдау нӕ ивынц (Мал. 3:6).

12 Уӕлдайдӕр хъарм бӕстӕты вӕййы зын бацархайын, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс хӕдӕфсармдзинадыл ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг уа. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ фӕаргъ кӕнынц, нӕ уӕлӕ куы не скӕнӕм гом кӕнӕ ӕлхъывд дзаумӕттӕ (Иов 31:1). Стӕй ма доныбыл кӕнӕ бассейны куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ найӕн дарӕс хъуамӕ уа ӕфсармыл дзурӕг (Ӕмб. 11:2, 20). Ацы дунейы адӕм ахӕм рӕтты скӕнынц ӕнӕфсарм найӕн дарӕс, фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та фӕхъуыды кӕнынц, бирӕ кӕй уарзынц, уыцы Хуыцауӕн кад куыд хӕссой, ууыл.

13. 1 Коринфӕгтӕм 10:32, 33 стихты цы уынаффӕ ис, уый нӕ уӕлӕдарӕсыл куыд хъуамӕ фӕзына?

13 Уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ ма нын баххуыс кӕндзӕн ноджыдӕр иу уагӕвӕрд – иннӕты ӕфсармыл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕви нӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:32, 33). Хъуамӕ йӕ хорз ӕмбарӕм, иннӕты раз ныл цы хӕс ис, уый. Ӕмӕ нӕ уӕлӕ никуы скӕндзыстӕм, иннӕты чи фӕкъӕмдзӕстыг кӕна, ахӕм дарӕс. Апостол Павел ныффыста: «Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл». Стӕй бамбарын кодта, афтӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый: «Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта» (Ром. 15:2, 3). Махӕн дӕр Йесойау хъуамӕ Хуыцауы фӕндон ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын уой фыццаг бынаты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр уӕлӕдарӕс нӕхи зӕрдӕмӕ куы цӕуа, фӕлӕ уый тыххӕй адӕм хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд ӕй не скӕндзыстӕм.

14. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ цоты ахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ уӕлӕдарӕсӕй Хуыцауы кадджын кӕной?

14 Чырыстон ныййарджытӕ хӕсджын сты, цӕмӕй сӕ цотӕн ӕххуыс кӕной Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕ хауы, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр хӕдӕфсарм дарӕс ӕмӕ ӕддаг бакастӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной (Ӕмб. 22:6; 27:11). Цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сахуыр уой сыгъдӕг Хуыцауӕн кад кӕнын, уый тыххӕй сын хъуамӕ уой фӕзминаг ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй амоной, кӕм цавӕр уӕлӕдарӕс фидауы, уый. Уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕрмӕст, сӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл ма хъуыды кӕной, фӕлӕ цы Хуыцауы ном хӕссынц, уый куыд скадджын кӕной, ууыл дӕр.

ӔМБАРГӔ У

15. Уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ нӕ цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын?

15 Хуыцауы Ныхас нын цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон нын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн кад хӕсдзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр алчидӕр уӕлӕдарӕс йӕхӕдӕг февзары. Иуӕн йӕ зӕрдӕмӕ иу цӕуы, иннӕмӕн та – ӕндӕр. Стӕй алкӕмӕн йӕ къух иухуызон нӕ амоны. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ дарӕс хъуамӕ алкӕддӕр уа сыгъдӕг, аив ӕмӕ хӕдӕфсарм. Хъӕуы ма хъуыды кӕнын, кӕдӕм цӕуӕм ӕмӕ кӕм цӕрӕм, ууыл дӕр.

16. Аив уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ цы тыхтӕ бахардз кӕнӕм, уыдон дзӕгъӕлы цӕуылнӕ фӕуыдзысты?

16 Хӕдӕфсарм ӕмӕ аив уӕлӕдарӕс афтӕ ӕнцон ссарӕн нӕу. Дуканитӕ йедзаг сты фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ хуыд дзаумӕттӕй, ӕмӕ бахъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй ссарай хӕдӕфсарм ӕмӕ, ӕлхъывд чи нӕу, ахӕм ибкӕтӕ, къабатӕ, кофтӕтӕ, костюмтӕ ӕмӕ хӕлӕфтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр куы бафыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ хӕдӕфсарм ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ дарӕс куы ссарӕм, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уый бафиппайдзысты ӕмӕ йын саргъ кӕндзысты. Кӕд уӕлӕдарӕс ӕвзарын ӕнцон нӕу, уӕддӕр уый дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕ уӕлӕдарӕсӕй кад хӕсдзыстӕм, ӕмӕ нын уый уыдзӕн цины хос.

17. Ӕфсымӕр боцъотӕ дардзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?

17 Цы ис зӕгъӕн, ӕфсымӕртӕн боцъотӕ дарӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй та? Моисейы закъон нӕлгоймӕгтӕй домдта, цӕмӕй боцъотӕ дардтаиккой. Фӕлӕ абон чырыстӕттӕ Моисейы закъон нал ӕххӕст кӕнынц (Лев. 19:27; 21:5; Гал. 3:24, 25). Иуӕй-иу рӕтты нӕлгоймӕгтӕ дзӕбӕх зылд боцъотӕ кӕй дарынц, уымӕ адӕм хорз цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ уый никӕй бахъыгдары хорз хабармӕ байхъусын. Бӕрнон ӕфсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ дары боцъотӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ та нӕ дарынц (1 Кор. 8:9, 13; 10:32). Ис ахӕм бӕстӕтӕ, ӕмӕ сӕм боцъотӕ кадджын не сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр нӕ дарынц. Ахӕм бӕстӕйы ӕфсымӕрӕн боцъотӕ куы уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауӕн кад ма хӕсса, стӕй дзы зӕгъӕн дӕр нӕ уыдзӕн, «фау ӕрхӕссӕн» ӕм нӕй, зӕгъгӕ (1 Тим. 3:2, 7; Ром. 15:1–3).

18, 19. Михейы 6:8 нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа?

18 Мах бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакаст цавӕр хъуамӕ уа, уый нын лыстӕггай кӕй нӕ дзуры. Бар нын радта, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕхӕдӕг зондджын уынаффӕтӕ хӕссӕм. Афтӕмӕй нӕ бон у нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакастӕй равдисын, кӕй нӕ фӕнды бонзонгӕйӕ нӕ Хуыцауимӕ цӕуын (Мих. 6:8).

19 Бонзонгӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинад фӕзмдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр уынаффӕтӕ ничи ратдзӕн. Бонзонгӕдзинадмӕ ма хауы иннӕты хъуыдыйӕн ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕн аргъ кӕнын. Уӕдӕ нӕ «Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕудзыстӕм», йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ’ххӕст кӕнӕм ӕмӕ иннӕты хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд.

20. Нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакаст иннӕтыл куыд хъуамӕ ӕндава?

20 Нӕ уӕлӕдарӕсӕй адӕм хъуамӕ уайтагъд бамбарой, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ, афтӕ иннӕ адӕм дӕр хъуамӕ уыной, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕнды Хуыцауы кадджын кӕнын. Йӕ фӕдзӕхстытӕ сты табуйаг ӕмӕ сӕ мах ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕнӕм. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ раппӕлинаг сты сӕ хӕдӕфсарм кондӕй ӕмӕ уӕздандзинадӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабармӕ байхъусынц, ӕмӕ кад хӕссынц Йегъовӕйӕн. Дарддӕр дӕр уӕззаузондӕй уӕлӕдарӕс куы ’взарӕм, уӕд кад хӕсдзыстӕм Хуыцауӕн, йӕхи «кад ӕмӕ намысы» чи сфӕлыста, уымӕн (Пс. 104:1, 2).