Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Куырыхон зондыл» фидар хӕцыс?

«Куырыхон зондыл» фидар хӕцыс?

ИУ ХЪӔУЫ царди иу мӕгуыр лӕппу. Хъӕуы цӕрджытӕ йӕ нымадтой уӕдӕгондыл, ӕмӕ-иу ыл худтысты. Иухатт сӕ хъӕумӕ чидӕртӕ ӕрбацыд, ӕмӕ дзы хъӕуы цӕрджытӕ йе ’мбӕлтты раз хынджылӕг кӕнын райдыдтой. Равдыстой йын стыр ӕвзист ӕхца ӕмӕ лыстӕг сызгъӕрин ӕхца. Сызгъӕрин ӕхца та ӕвзист ӕхцайӕ дыууӕ хатты зынаргъдӕр уыди. «Иу дзы айс»,– загътой йын уыдон. Лӕппу ӕвзист ӕхца фелвӕста, ӕмӕ лыгъд радта.

Иу бон ӕй иу лӕг бафарста: «Сызгъӕрин ӕхца ӕвзист ӕхцайӕ дыууӕ хатты зынаргъдӕр кӕй у, уый нӕ зоныс?» Гыццыл лӕппу бахудт, ӕмӕ йын загъта: «Куыннӕ». Уӕд та йӕ уыцы лӕг бафарста: «Ӕмӕ уӕд ӕвзист ӕхца цӕмӕн райсыс? Сызгъӕрин ӕхца-иу райс. Уый зынаргъдӕр куы у». Фӕлӕ йын лӕппу афтӕ бакодта: «Сызгъӕрин ӕхца-иу куы райсин, уӕд мемӕ ничиуал хъазид. Ныр та цас ӕвзист ӕхца ӕрӕмбырд кодтон, уый зоныс?» Уыцы гыццыл лӕппумӕ уыди, стыртӕй бирӕтӕн цы миниуӕг фӕпайда уаид, уый – куырыхон зонд.

Библийы фыст ис: «Фидар хӕц куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зон. Уӕд дӕ фӕндагыл цӕудзынӕ ӕдасӕй ӕмӕ дӕ къах ницӕуыл скъуырдзынӕ» (Ӕмб. 3:21, 23). Уӕдӕ «куырыхон зонд» цы у, уый куы зонӕм ӕмӕ нӕм ахӕм зонд куы уа, уӕд уыдзыстӕм ӕнӕфыдбылыз. Нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн ӕмӕ нӕ «къахыл» фидар лӕудзыстӕм.

КУЫРЫХОН ЗОНД ЦЫ У?

Куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ, стӕй ӕмбарындзинад иу не сты. Зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг базоны ног цыдӕртӕ. Ӕмбарындзинад кӕмӕ ис, уымӕн йӕ бон у бамбарын, иу хъуыддаг иннӕимӕ куыд баст у, уый. Зонд кӕмӕ ис, уыцы адӕймагмӕ та ис зонындзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ ӕмбарындзинад дӕр, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын зоны.

Зӕгъӕм, адӕймаг цыбыр рӕстӕгмӕ бакасти ӕмӕ бамбӕрста, адӕмимӕ Библи цы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм, уый. Библи йемӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд алы хатт дӕр раст дзуапп ратты. Чи зоны, ӕмбырдтӕм дӕр цӕуын райдыдта ӕмӕ дзуаппытӕ дӕр фӕдӕтты. Уыдӕттӕ, чи зоны, ууыл дзурӕг уой, ӕмӕ адӕймагмӕ фӕзынд уырнындзинад. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕм куырыхон зонд ис? Алы хатт афтӕ нӕ вӕййы. Чи зоны, ӕнӕуи йӕ сӕр хорз кусы. Фӕлӕ уыцы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй раст пайда кӕнын куы райдайа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕм куырыхон зонд фӕзынд. Цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕна, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ахӕм зонд ӕм кӕй ис, уый.

Матфейы 7:24–27 Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта, дыууӕ лӕджы сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ куыд сарӕзтой, уый тыххӕй. Иу лӕджы дзы Йесо схуыдта «зондджын»: йӕ хӕдзарӕн тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн, ууыл ахъуыды кодта, ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл сарӕзта. Уыцы лӕг алцӕуыл дӕр дӕрдтыл ахъуыды кодта ӕмӕ куыд хуыздӕр у, афтӕ бакодта. Ахӕм хъуыды йӕм нӕ уыд, зӕгъгӕ, мӕ хӕдзар змисыл самайдзынӕн, афтӕ йӕ тагъддӕр сараздзынӕн, стӕй мын бирӕ асламдӕр слӕудзӕн. Зондджын кӕй уыди, уый тыххӕй алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кодта. Ӕмӕ тыхдымгӕ куы рацыди, уӕд йӕ хӕдзарыл ницы ӕрцыд. Уӕдӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй махмӕ дӕр куырыхон зонд фӕзына ӕмӕ йыл фидар хӕцӕм?

ЦӔЙ ФӔРЦЫ НӔМ ФӔЗЫНДЗӔН?

Фыццаг уал ӕркӕсӕм Михейы 6:9 стихмӕ. Уым фыст ис: «Куырыхон зонд кӕмӕ ис, уый дӕ номӕй [Хуыцауы номӕй] тӕрсдзӕн». Йегъовӕйы номӕй чи тӕрсы, уый Йегъовӕйӕн йӕхицӕн стыр аргъ кӕны. Ахӕм адӕймаг стыр аргъ кӕны, йӕ номимӕ цыдӕриддӕр баст у, уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ закъӕттӕн дӕр. Адӕймаг цӕмӕй искӕмӕн аргъ кӕнын райдайа, уый тыххӕй уал хъуамӕ раздӕр базона, куыд хъуыды кӕны, уый. Уый фӕстӕ йыл райдайы ӕууӕндын, йӕ зондмӕ хъусын ӕмӕ йӕ фӕзмын. Уӕдӕ нӕм цӕмӕй куырыхон зонд фӕзына, уый тыххӕй нӕ хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. Стӕй ма уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ хъуамӕ йӕ закъӕттӕ дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм.

Дыккаг та уый, ӕмӕ Ӕмбисӕндты 18:1 фыст ис: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ». Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй адард уыдзыстӕм. Ӕмӕ ныл цӕмӕй ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхи бӕттӕм, Йегъовӕйы номӕй чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕн чи аргъ кӕны, уыдоныл. Гӕнӕн ӕмӕ нӕ амалӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм. Ӕмбырдты цы дзурынц, уымӕ та хъӕуы лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕйы ’вӕрын.

Стӕй ма нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕн ӕргом кӕнын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕм баввахс уыдзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Библи ӕмӕ, Йегъовӕйы организаци цы публикацитӕ уадзы, уыдон куы кӕсӕм ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕйы куы ’вӕрӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый, ӕмӕ фӕсмойнаг никуы ницӕмӕй фӕуыдзыстӕм. Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ исӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты уынаффӕтӕ дӕр (Ӕмб. 19:20). Афтӕмӕй «куырыхон зонды ныхмӕ» никуы рацӕудзыстӕм, фӕлӕ йыл кусдзыстӕм.

НӔ БИНОНТӔН НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН?

Куырыхон зонд бинонты дӕр кӕрӕдзийыл бӕтты. Дзырдӕн, Библи сылгоймӕгтӕн дзуры, цӕмӕй сӕ лӕгты «нымайой» (Еф. 5:33). Уӕдӕ нӕлгоймаджы йӕ бинойнаг кӕд нымайдзӕн? Нӕлгоймаг уый тыхтъӕппӕй куы дома, уӕд уымӕй ницы рамбулдзӕн. Ахӕм нӕлгоймаджы, чи зоны, йӕ ус нымайа, йӕ фарсмӕ куы уа, уӕд. Фӕлӕ хӕдзары куы нӕ уа, уӕд та? Уӕддӕр ӕй нымайдзӕн? Зынтӕй. Нӕлгоймаджы хъӕуы алцӕуыл дӕр дӕрдтыл хъуыды кӕнын. Сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ цӕуы, уыдон ӕм куы уой, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад, уӕд йӕ бинойнаджы йӕхи фӕнддзӕн йӕ лӕджы нымайын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы хъуамӕ нымайа алкӕддӕр,– уый аккаг уа ӕви нӕ, уӕддӕр (Гал. 5:22, 23).

Библи ма зӕгъы, цӕмӕй нӕлгоймӕгтӕ уарзой сӕ бинойнӕгты (Еф. 5:28, 33). Сылгоймаг, чи зоны, хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, цӕмӕй мыл мӕ сӕрыхицауы зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй дзы цыдӕр хъуыддӕгтӕ басусӕг кӕндзынӕн. Уыцы хъуыддӕгтӕ та нӕлгоймаг хъуамӕ зона. Цымӕ уый куырыхон зондыл дзурӕг уыдзӕн? Нӕлгоймаг фӕстӕдӕр уыдӕттӕ куы базона, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Мыййаг, ӕнгомдӕр фӕуыдзысты? Зынтӕй. Нӕлгоймаг йӕ хорз зӕрдӕйыл куы уа, уӕд ын сылгоймаг хабар фӕлмӕнӕй ӕмӕ ӕргом куы радзура, уӕд йӕ сӕрыхицауы зӕрдӕ ссардзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы суыдзысты ӕнгомдӕр.

Дӕ сывӕллӕттӕн абон зонд куы амонай, уӕд сын уый пайда ӕрхӕсдзӕн фидӕны дӕр

Сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджытӕм хъусой, сӕ ныййарджытӕ та сӕ хъуамӕ Йегъовӕйы зондыл аразой (Еф. 6:1, 4). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ныффыссой, сывӕллӕттӕн цы уадзынц ӕмӕ цы нӕ уадзынц аразын, уыдӕттӕ? Хӕдзары цы ӕгъдау ис ӕмӕ сӕ фыдуаг миты тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уыдӕттӕ зонынӕй дарддӕр ма сывӕллӕтты цыдӕртӕ ӕмбарын хъӕуы. Куырыхон зонд кӕмӕ ис, уыцы ныййарджытӕ сӕ цотӕн ӕмбарын кӕндзысты, цӕмӕн сӕм хъӕуы хъусын, уый дӕр.

Зӕгъӕм, сывӕллон йӕ ныййарджытӕм фӕстӕмӕ дзуры. Куы йыл схъӕртӕ кӕной кӕнӕ йыл сӕ пырх куы ныккалой, уӕд сывӕллон йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсдзӕн кӕнӕ сын ӕппындӕр ницыуал дзурдзӕн. Афтӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ маст бахӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕй адард уыдзӕн.

Куырыхон зонд кӕмӕ ис, уыцы ныййарджытӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕндзысты, сӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд хъуамӕ амоной, ууыл, цӕмӕй сын уый фидӕны дӕр пайда ӕрхӕсса. Сывӕллон сӕ куы смӕсты кӕна, уӕд ыл хъуамӕ уайтагъд сӕ пырх ма ныккалой. Хорз уаид, йемӕ хибарӕй фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй куы аныхас кӕниккой ӕмӕ йын куы бамбарын кӕниккой, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ ныййарджытӕм хъуса ӕмӕ ӕнустӕм цӕра. Ӕмӕ сывӕллон куы сахуыр уа йӕ ныййарджытӕн кад кӕнын, уӕд бамбардзӕн, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр кӕй кад кӕны (Еф. 6:2, 3). Фӕлмӕнӕй куы архайой, уӕд сывӕллоны зӕрдӕ ссардзысты. Ӕмӕ бамбардзӕн, йӕ ныййарджытӕ йӕ кӕй уарзынц, ӕмӕ сын фылдӕр аргъ кӕнын райдайдзӕн. Ӕмӕ йӕ фидӕны ӕххуыс куы бахъӕуа, уӕд йӕ ныййарджытӕй уынаффӕ бацагурдзӕн.

Иуӕй-иу ныййарджытӕ тӕрсынц сӕ сывӕллоны зӕрдӕ фӕриссын кӕнынӕй, ӕмӕ йын йӕ ных никуы бакъуырынц. Фӕлӕ уыцы сывӕллон куыд стыр кӕна, афтӕ йӕ хабар куыд уыдзӕн? Йегъовӕйӕ тӕрсдзӕн ӕмӕ йӕ ӕмбардзӕн, йӕ закъӕттӕ адӕймагӕн пайда кӕй хӕссынц? Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕн ӕргом кӕнын базондзӕн ӕви дзы адард уыдзӕн? (Ӕмб. 13:1; 29:21).

Хорз скульптор алы хатт дӕр рагацау лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, цы скульптурӕ араздзӕн, ууыл. Цы ӕрмӕгимӕ кусы, уымӕй къӕртт ралыг кӕнынмӕ нӕ фӕтагъд кӕны, зӕгъгӕ дзы кӕд исты рауаид. Куырыхон зонд кӕмӕ ис, уыцы ныййарджытӕ бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы закъӕттӕ иртасой ӕмӕ дзы царды мидӕг пайда кӕной. Афтӕмӕй ӕвдисынц, йӕ номӕй йын кӕй тӕрсынц, уый. Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕной, йӕ организацийыл ын сӕхи куы бӕттой, уӕд сӕм фӕзындзӕн куырыхон зонд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон уыдзӕн сӕ бинонты кӕрӕдзийыл бӕттын.

Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы, нӕ фидӕныл чи фӕзындзӕн, бирӕ ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ-иу уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ хъуамӕ тагъд ма кӕнӕм, фӕлӕ-иу алцӕуыл дӕр хорз ахъуыды кӕнӕм. Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм ӕмӕ йӕ зондыл куы цӕуӕм, уӕд фидар хӕцдзыстӕм куырыхон зондыл ӕмӕ уыдзыстӕм фӕрнӕйдзаг (Ӕмб. 3:21, 22).