Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕнг динты уацарӕй ссӕрибар сты

Мӕнг динты уацарӕй ссӕрибар сты

«Рацӕут дзы, мӕ адӕм» (РАРГ. 18:4).

ЗАРДЖЫТӔ: 72, 82

1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй кӕй хъуамӕ ссӕрибар уыдаиккой ӕмӕ цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

АЙРАЗМӔЙЫ статьяйӕ базыдтам, иузӕрдион чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацары кӕй бахаудысты. Фӕлӕ уацары хъуамӕ ӕнустӕм ма уыдаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм? Библийы Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕгъы: «Рацӕут дзы». (Бакӕс Раргомад 18:4.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацарӕй ӕнӕмӕнг ссӕрибар уыдаиккой, науӕд ма сын Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта, рацӕут дзы, зӕгъгӕ? Тынг нӕ фӕнды базонын, Хуыцауы адӕм Вавилоны дзӕмбытӕй бынтондӕр кӕд суӕгъд сты, уый. Фӕлӕ уал хъуамӕ дзуапп базонӕм ацы фарстатӕн: 1914 азы размӕ дӕр Библииртасджытӕ Стыр Вавилонмӕ цы цӕстӕй кастысты ӕмӕ фидарӕй цы сфӕнд кодтой? Не ’фсымӕртӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой ӕви нӕ? Афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы адӕм, сӕ рӕдыдтытӕм сын бацамонын кӕй хъуыди, уый тыххӕй Вавилоны уацары уыдысты?

«ВАВИЛОНӔН ЙЕ СӔФТ ӔРЦЫД»

2. Библииртасджытӕ Фыццаг дунеон хӕсты размӕ дӕр мӕнг динтӕм цы цӕстӕй кастысты?

2 Фыццаг дунеон хӕстӕй бирӕ азтӕ раздӕр Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ иннӕ Библииртасджытӕ бамбӕрстой, чырыстон динтӕ, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый кӕй нӕ амонынц. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй исты уыдаид. 1879 азы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, чырыстон динтӕй афтӕ чи дзуры, ӕмӕ Чырыстийыл ӕнувыд у, фӕлӕ ӕцӕгӕй та хицауӕдты фарс у, уыдон сты, Библи хӕтаг сылгоймаг кӕй хоны, уыцы Стыр Вавилоны хай. (Бакӕс Раргомад 17:1, 2.)

3. Библииртасджытӕ куыд равдыстой, мӕнг динтимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницыуал ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ бамбӕрстой, дарддӕр дӕр мӕнг динтимӕ баст куы уой, уӕд сын Хуыцау кӕй нӕ арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ сӕ аргъуантӕм писмотӕ ныффыстой, аргъуанӕй цӕугӕ кӕй кӕнынц, уый фӕдыл. Иуӕй-иутӕ сӕ уыцы писмотӕ аргъуаны хъӕрӕй дӕр бакастысты. Уый бар-иу сын куы нӕ радтой, уӕд та-иу, сӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр писмо ныффыстой. Библииртасджыты нӕ фӕндыди, цӕмӕй сын мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй исты уыдаид! Раздӕр сӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ маргӕ дӕр акодтаиккой. Фӕлӕ 1870 азмӕ бирӕ бӕстӕты хицауад аргъуантӕн афтӕ тынг нал ӕххуыс кодта. Ныр адӕмӕн сӕ бон уыди Библийыл сӕрибарӕй ныхас кӕнын. Ӕмӕ ма суанг сӕ бон уыди зӕгъын, аргъуаны ахуырӕдтимӕ разы кӕй не сты.

4. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Библииртасджытӕ Стыр Вавилонмӕ цы цӕстӕй кастысты?

4 Библииртасджытӕ сӕ бинонтӕн, се ’мбӕлттӕн, ӕмӕ, семӕ аргъуанмӕ чи цыди, уыдонӕн бамбарын кодтой, мӕнг динтимӕ сын иумӕйагӕй кӕй ницыуал ис. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстой, уый фаг кӕй нӕу. Хъуамӕ ӕгас дуне дӕр базыдтаид, Стыр Вавилон Хуыцауы цӕсты хӕтаг сылгоймаг кӕй у! Гъемӕ 1917 азы декабрӕй 1918 азы райдианмӕ цалдӕр мин Библииртасӕджы апарахат кодтой 10 милуан буклеты, «Вавилонӕн йе сӕфт ӕрцыд», зӕгъгӕ. Уыцы буклет чырыстон динты хъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдта. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дины разамонджытӕ мӕстӕй фыхтысты! Фӕлӕ уый Библииртасджыты нӕ баурӕдта. Сӕ фидар фӕнд уыди дарддӕр хъусын кӕнын ӕмӕ фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хъусын, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29). Уый цӕуыл дзурӕг у? Ууыл, ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг уыцы чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Стыр Вавилоны уацары нӕ бахаудысты, фӕлӕ дзы сӕрибар кодтой. Ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтой.

ФЫЦЦАГ ДУНЕОН ХӔСТЫ РӔСТӔГ ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КОДТОЙ

5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕфсымӕртӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой?

5 Раздӕр дзырдтам, зӕгъгӕ, Хуыцауы адӕм Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ нал хъусын кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ адӕм цыбыр рӕстӕгмӕ Стыр Вавилоны уацары бахаудаиккой. Фӕлӕ, 1914 азӕй 1918 азмӕ чи лӕггад кодта, уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕстӕдӕр сӕ царды хабӕрттӕ дзырдтой, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм, куыд къорд, афтӕ, зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй арӕзтой. Библииртасджытӕ уыцы рӕстӕг куыд архайдтой, уый хуыздӕр кӕй бамбӕрстам, уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстам Библийӕ кӕцыдӕр хабӕрттӕ дӕр.

6, 7. а) Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Библииртасджытӕн хъусын кӕнын зын цӕмӕн уыд? б) Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Библииртасджытӕ зынгзӕрдӕ кӕй уыдысты?

6 Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг (1914–1918 азтӕ) Библииртасджытӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт уагътой. Фӕлӕ сын кӕцыдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ уыцы хъуыддаг аразын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ Библииртасджытӕ ӕрмӕст Библиимӕ хъусын кӕнын ахуыр нӕ уыдысты. Фылдӕр-иу парахат кодтой Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Ӕмӕ сын хицауад 1918 азы райдианӕй фӕстӕмӕ бар куы нал лӕвӕрдта, цӕмӕй чиныг «Сусӕгдзинад раргом»-ӕй пайда кодтаиккой, уӕд бирӕ ӕфсымӕртӕн хъусын кӕнын фӕзындӕр. Дыккаг та уый, ӕмӕ уыцы аз адӕмыл схӕцыд, «испанкӕ» кӕй хуыдтой, уыцы грипп. Уый уыди ӕвзӕр хӕцгӕ низ, ӕмӕ тынг кӕй парахат кодта, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕн ӕнцон нал уыд ӕндӕр рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ цӕуын. Фӕлӕ Библииртасджыты уыцы зындзинӕдтӕ нӕ баурӕдтой, ӕмӕ сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй хъусын кодтаиккой.

Библииртасджытӕ уыдысты зынгзӕрдӕ! (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

7 1914 азы Библииртасджыты гыццыл къорд райдыдта «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» ӕвдисын. Уыцы фотодрамӕ арӕзт уыд слайдтӕй ӕмӕ кинокадртӕй, ӕмӕ уыцы рӕстӕг уый уыд ног цыдӕр. Ӕвдыст дзы цыди адӕмы истори Адамӕй суанг Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕронмӕ. Ӕрмӕстдӕр ӕм 1914 азы бакаст 9 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы нымӕц у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон ӕгас зӕххыл цас сты, уымӕй фылдӕр! Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 1916 азы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмбырдтӕм цыди 809 мин адӕймагӕй фылдӕр, 1918 азы та уыцы нымӕц схызт иу-950 мин адӕймагмӕ. Уыцы Библииртасджытӕ ӕцӕгдӕр уыдысты зынгзӕрдӕ!

8. Разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Библииртасджыты куыд фидар кодтой?

8 Разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг сӕ хъарутыл нӕ ауӕрстой ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй алы Библииртасӕгмӕ дӕр литературӕ хӕццӕ кодтаид, стӕй сӕ бафидар кӕнынӕн цы хъуыди, уый дӕр арӕзтой. Уый фӕрцы-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ дарддӕр хъусын кодтой. Уыцы рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кодта, уыдонӕй иу, Ричард Барбер, радзырдта: «Нӕ къухы бафтыд, цӕмӕй цалдӕр цӕуӕг цӕстдарӕджы дарддӕр ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтаиккой. Стӕй „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ уагътам ӕмӕ йӕ Канадӕмӕ дӕр ӕрвыстам, уымӕн ӕмӕ уым йӕ уадзынӕн бар нӕ уыд. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй кӕмӕндӕрты сӕ чингуытӕ, „Сусӕгдзинад раргом“, зӕгъгӕ, байстой. Ӕмӕ сӕм ахӕм чингуытӕ арвыстон, дзыппы чи цыди, ахӕм форматы. Ӕфсымӕр Рутерфорд нын загъта, цӕмӕй Америкӕйы Иугонд Штатты ныгуылӕн хайы цалдӕр горӕты конгресстӕ спълан кодтаиккам ӕмӕ уырдӕм раныхӕстимӕ ӕфсымӕрты арвыстаиккам, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты бафидар кодтаиккой».

ЦАВӔРДӔР ХЪУЫДДӔГТӔ СЫН УЫДЫСТЫ СРАСТКӔНИНАГ

9. а) Хуыцауы адӕмы 1914 азӕй 1919 азы онг цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын цӕмӕн хъуыди? б) Кӕд хабар афтӕ уыд, уӕддӕр цавӕр хатдзӕг нӕ уаид раст?

9 Библииртасджытӕ 1914 азӕй 1919 азы онг цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ нӕ арӕзтой. Йегъовӕ хицӕуттӕм хъусыны тыххӕй цы загъта, уый кӕронмӕ не ’мбӕрстой (Ром. 13:1). Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ хӕсты рӕстӕг, куыд къорд, афтӕ, ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайдтой. Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты президент адӕммӕ куы басидт, цӕмӕй 1918 азы 30 майы сабырдзинады тыххӕй куывтаиккой, уӕд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр Библииртасджыты уымӕ баразӕнгард кодта. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ хӕстӕн ӕхцайӕ дӕр ӕххуыс кодтой, чидӕртӕ та сӕ суанг хӕстмӕ дӕр ацыдысты. Фӕлӕ сын кӕд сӕ рӕдыдтытӕм бацамонын хъуыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъын раст нӕ уаид, ӕмӕ уыцы рӕстӕг уый тыххӕй Стыр Вавилоны уацары бахаудысты. Ӕцӕгӕй хабар афтӕ уыд, ӕмӕ сӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг бирӕ нал хъуыд, ӕмӕ мӕнг динтӕй бынтондӕр ссӕрибар уыдаиккой. (Бакӕс Лукайы 12:47, 48.)

10. Библииртасджытӕ куыд равдыстой, цардӕн кӕй аргъ кодтой?

10 Библииртасджытӕ уӕд кӕронмӕ не ’мбӕрстой, цӕуыл дзурӕг у, чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард кӕй хъуамӕ лӕууой, уый. Фӕлӕ уыдон зыдтой, искӕй марыны бар сын кӕй нӕй. Ӕмӕ кӕд ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз райстой, уӕддӕр маргӕ никӕй кодтой. Уый тыххӕй-иу сӕ кӕйдӕрты хӕсты тӕккӕ цӕхӕрмӕ арвыстой, цӕмӕй-иу фӕмард уыдаиккой.

11. Библииртасджытӕ хӕсты кӕй нӕ хӕцыдысты, уымӕ хицауад цы цӕстӕй ракаст?

11 Ӕфсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕстӕй фыхти. Гъемӕ «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынвӕнд» скодта (Пс. 94:20). Америкӕйы Иугонд Штатты ӕфсады инӕлар Джеймс Франклин Белл ӕфсымӕртӕ Джозеф Рутерфордӕн ӕмӕ Уильям ван Амбургӕн загъта, хицауад кӕй хъуамӕ рауагътаид ног закъон. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн уыд, хӕсты хӕцын кӕй нӕ фӕндыд, уыдонӕн. Сӕйраджыдӕр кодта Библииртасджыты кой. Инӕлар ӕфсымӕр Рутерфордӕн мӕстыйӕ загъта, Америкӕйы Иугонд Штатты президент уыцы закъоныл кӕй не сразы, ӕндӕр ӕй кӕй сфидар кодтаиккой. Стӕй ма загъта: «Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, цы гӕнгӕ уын у, ӕмӕ уын схос кӕндзыстӕм

12, 13. а) Аст бӕрнон ӕфсымӕры ахӕстоны цӕмӕн сбадын кодтой? б) Ахӕстон ӕфсымӕрты басаста? Бамбарын ӕй кӕн.

12 Ӕппынфӕстаг хицауад Библииртасджыты бафхӕрынӕн мадзал ссардта. Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадӕй ӕфсымӕр Рутерфорды, Уильям ван Амбургы ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕхсӕз ӕфсымӕры ӕрцахстой. Сӕ хъуыддаг сын чи ӕвзӕрста, уыцы тӕрхонгӕнӕг ӕфсымӕртӕй загъта, зӕгъгӕ, дам, уыдон ӕнӕхъӕн немыцаг дивизийӕ дӕр тӕссагдӕр сты. Уыдон, дам, дзырдтой хицауады, ӕфсады ӕмӕ ӕппӕт аргъуанты ныхмӕ ӕмӕ, дам, сӕ хъӕуы карзӕй бафхӕрын. Ӕмӕ уыцы аст ӕфсымӕры дзӕвгар рӕстӕгмӕ сбадын кодтой Атлантӕйы ахӕстоны (штат Джорджи, АИШ). Фӕлӕ хӕст куы фӕци, уӕд сӕ ссӕрибар кодтой ӕмӕ загътой, аххосджын нӕ уыдысты, зӕгъгӕ.

13 Кӕд уыцы аст ӕфсымӕры ахӕстоны бадтысты, уӕддӕр сӕ фидар фӕнд уыди Хуыцауы закъон ӕххӕст кӕнын. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уыдон Америкӕйы Иугонд Штатты президентмӕ ныффыстой, цӕмӕй сӕ ахӕстонӕй рауадзын кодтаид. Сӕ фыстӕджы ныффыстой, Библи адӕймаджы амарыны бар кӕй никӕмӕн дӕтты. Ӕмӕ, дам, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уый йын йӕ закъоны сӕрты зонгӕ-зонын куы ахиза, уӕд йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау фесафдзӕн. Уыдон ын бамбарын кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон кӕй нӕу искӕй цард байсын. Президентмӕ ахӕм писмо ныффыссынӕн хъуыди хъӕбатырдзинад! Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕфсымӕртӕн сӕ иузӕрдиондзинад нӕ фӕцудыдта.

КӔДӔЙ-УӔДӔЙ СӔРИБАР!

14. Фыстадмӕ гӕсгӕ бамбарын кӕн, 1914 азӕй 1919 азмӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, уый.

14 Малахийы 3:1–3 дзырд цӕуы, Библииртасджытыл 1914 азӕй 1919 азы райдианмӕ цы хабӕрттӕ цыд, уыдоныл. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕ Хуыцау, ома «ӕцӕг Хицау», ӕмӕ Йесо Чырысти, ома «бадзырды минӕвар», ӕрцыдысты «Левийы фыртты», ома сӕрст чырыстӕтты, хъуыддӕгтӕм ӕркӕсынмӕ. Йегъовӕ сын сӕ рӕдыдтытӕм куы бацамыдта ӕмӕ сӕ куы ссыгъдӕг кодта, уӕд цӕттӕ уыдысты ног хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ. 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» – уый хъуамӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Матф. 24:45). Кӕдӕй-уӕдӕй Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕндон хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтой. Ӕмӕ дзы йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй тынг бузныг сты! 1

15. Стыр Вавилоны уацарӕй кӕй ссӕрибар стӕм, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

15 Стыр Вавилоны уацарӕй кӕй ссӕрибар стӕм, уый нын стыр цины хос куыннӕ у. Хӕйрӕгӕн раст дин фесафын нӕ бантыст. Састы бынаты баззад! Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕ цӕмӕн ссӕрибар кодта, уый. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой (2 Кор. 6:1). Мӕнг дины уацары нырма дуне сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ис, ӕмӕ сӕ не ’ххуыс тынг хъӕуы! Цӕй уӕдӕ нӕ иузӕрдион ӕфсымӕртау мах дӕр адӕмӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ссӕрибар уой!

^ 1 14 абзац: дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары цы уавӕры уыдысты, уый абарӕн ис чырыстӕтты уавӕримӕ – раст дин чи ныууагъта, уыдон куы сбирӕ сты, уӕд. Ӕмхуызонӕй дзы бирӕ цыдӕртӕ ис. Фӕлӕ нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ, дзуттӕгты уацары кӕй акодтой, уый амыдта, сӕрст чырыстӕттыл цы ’рцыд, уымӕ. Ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ дзы алы лыстӕг хабар дӕр хъуамӕ сӕрст чырыстӕттыл сӕххӕст уыдаид. Уыцы дыууӕ хабары цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕнынц. Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ уацары уыдысты 70 азы, чырыстӕттӕ та бирӕ фылдӕр.