Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ Великобританийы, райхъал ут!»

«Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ Великобританийы, райхъал ут!»

«ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ хъусынгӕнджытӕ Великобританийы, райхъал ут!» – ахӕм сидт бакӕсӕн уыд 1937 азы декабры «Информатор»-ы * (Лондоны уагъд). Йӕ бынмӕ та фыст уыди: «Дӕс азмӕ ныл тынг гыццыл бафтыд». «Информатор»-ӕн йӕ фыццаг фарсыл ныммыхуыр кодтой 1928–1937 азты лӕггады хыгъд. Уыцы хыгъдӕй бӕрӕг уыд, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыди, уый.

ӔГӔР БИРӔ ПИОНЕРТӔ?

Великобританийы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуылнӕуал цыд? Ӕмбырдтӕ раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал хъусын кодтой, ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ азты дӕргъы. Уымӕй уӕлдай ма филиал аскъуыддзаг кодта, сӕ территорийы иу-200 пионеры йеддӕмӕ кӕй нӕ хъӕуы. Ӕмӕ уыдон дӕр ӕмбырдтимӕ нӕ лӕггад кодтой, фӕлӕ дард рӕтты. Пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн та филиал загъта, Великобританийы сын хъусын кӕнынӕн фаг бынат кӕй нӕй, ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй лӕггад кӕнынмӕ ацыдаиккой Европӕйы ӕндӕр бӕстӕтӕм. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр иннӕ бӕстӕтӕм агуылф кодтой, зӕгъӕм, Францимӕ, кӕд ӕвзаг иугыццыл йеддӕмӕ, йе та ӕппындӕр нӕ зыдтой, уӕддӕр.

«ӔНДӔРХУЫЗОН БАФӔЛВАРУТ»

1937 азы «Информатор»-ы цы статья уыди, уым хъусынгӕнджыты раз ӕрӕвӕрдтой стыр нысан: 1938 азы иу милуан сахаты! Уыцы нысан сӕ къухы ӕнцонтӕй бафтыдаид, хъусынгӕнджытӕ мӕй 15 сахаты куы хъусын кодтаиккой, пионертӕ та – 110 сахаты, уӕд. Статьяйы ма уыди ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй уацамындон къордтӕ скодтаиккой ӕмӕ-иу кӕцыдӕр бонты фондз сахаты хъусын кодтаиккой. Стӕй хъуамӕ архайдтаиккой, цӕмӕй-иу кусгӕ бонты изӕрыгӕтты ногӕй абӕрӕг кодтаиккой, чи-иу сӕм байхъуыста, уыдоны.

Зынгзӕрдӕ пионертӕ хъусын кӕнынц

Уыцы хъусинаг бирӕты баразӕнгард кодта ногӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынмӕ. Хильдӕ Паджетт * загъта: «Уыцы разамынд сӕйраг хайад радта. Уымӕ махӕй бирӕтӕ рагӕй бӕллыдысты ӕмӕ нын цыбыр рӕстӕгмӕ тынг бирӕ бантыст». Хо Уоллис ныффыста: «Алы бон дӕр хъуамӕ фондз сахаты хъусын кодтаиккам! Ӕнӕхъӕн бон Хицауӕн лӕггад кӕнай, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уыдаид?... Кӕд-иу фӕлладӕй ӕрбаздӕхтыстӕм, уӕддӕр-иу тынг цин кодтам!» Ӕрыгон Стивен Миллеры дӕр бафӕндыд фылдӕр хъусын кӕнын, цалынмӕ йын фадат уыд, уӕдмӕ. Фӕстӕдӕр-иу йӕ зӕрдыл арӕх ӕрлӕууыд, къордтӕй-иу велосипедтыл ӕнӕхъӕн бонмӕ уацамынды кӕй ацыдысты, сӕрдыгон изӕрты та-иу адӕмӕн раныхӕсты записьтӕ кӕй сӕвӕрдтой. Уыдон уыдысты тынг зынгзӕрдӕ: сӕ уӕлӕ-иу плакаттӕ ӕрцауыгътой ӕмӕ-иу кӕрӕдзи фӕстӕ фӕндаджы фӕрсты цыдысты, стӕй-иу уынджы журналтимӕ хъусын кодтой.

«Информатор»-ы ма фыст уыди: «Мах хъӕуы 1 000 пионеры». Ног разамындмӕ гӕсгӕ пионертӕ ныр хъуамӕ ӕмбырдимӕ лӕггад кодтаиккой, ӕххуыс сын кодтаиккой ӕмӕ сӕ фидар кодтаиккой. Джойс Эллис (чызгӕй Барбер) загъта: «Фылдӕр пионертӕ кӕй хъуыди, уый фӕрцы ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ „райхъал сты“. Уӕд мыл ӕртындӕс азы йеддӕмӕ нӕ цыд, фӕлӕ мӕ тынг фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын». Джойсӕн йӕ фӕнд сӕххӕст 1940 азы июлы, фынддӕс азы йыл куы цыд, уӕд. Фӕстӕдӕр йӕ цард кӕимӕ баиу кодта, уыцы ӕфсымӕр, Питер дӕр уыцы хъусинаг фехъуыста ӕмӕ «пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй хъуыды кӕнын райдыдта». 1940 азы июны, ӕвддӕс азы йыл куы цыди, уӕд ӕй пионерӕй снысан кодтой Скарборомӕ, ӕмӕ уырдӕм велосипедыл фӕцыд 105 километры.

Сирил ӕмӕ Китти Джонсон дӕр бирӕ ӕндӕр хъусынгӕнджытау зынгзӕрдӕйӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Уыдон сфӕнд кодтой сӕ хӕдзар ӕмӕ сӕ мулк ауӕй кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уыдаид ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Сирил йӕ куыст ныууагъта, ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ йӕ бинойнагимӕ цӕттӕ уыдысты пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Сирил загъта: «Раст кӕй бакодтам, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтам. Уый нӕхи фӕнд уыди ӕмӕ амондджын уыдыстӕм».

ПИОНЕРТЫ ХӔДЗӔРТТӔ

Пионерты нымӕцыл цыбыр рӕстӕгмӕ дзӕвгар кӕй бафтыд, уымӕ гӕсгӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуыды кодтой, куыд сын баххуыс кӕной, ууыл. 1938 азы Джим Карр лӕггад кодта зоналон лӕггадгӕнӕгӕй (ныр хуыйны районон цӕстдарӕг), ӕмӕ йын бахӕс кодтой, цӕмӕй горӕтты пионертӕн хӕдзӕрттӕ бацагуырдтаид. Пионертӕ хъуамӕ цалдӕргӕйттӕй иумӕ цардаиккой ӕмӕ лӕггад кодтаиккой, цӕмӕй хӕрдзтӕ къаддӕр уыдаиккой. Горӕт Шеффилды цы стыр хӕдзар баххуырстой, уымӕ йӕ хъус дардта иу бӕрнон ӕфсымӕр. Бынӕттон ӕмбырд сын ӕхцайӕ ӕмӕ мебелӕй баххуыс кодта. Джим загъта: «Алчидӕр архайдта, цӕмӕй хӕдзар тагъддӕр срӕвдз уыдаид». Уыцы хӕдзары царди дӕс пионеры. Уыдон сӕхиуыл нӕ ауӕрстой, афтӕмӕй хъусын кодтой ӕмӕ ӕдзух сӕ уырнындзинад фидар кодтой. «Алы райсом дӕр-иу хӕрды рӕстӕг боны стихыл ныхас кодтой» ӕмӕ «алы бон дӕр горӕты алы рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ цыдысты».

Великобританийы фӕзынд тынг бирӕ ног пионертӕ

Хъусынгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ пионертӕ дӕр архайдтой, цӕмӕй сӕ къухы бафтыдаид, 1938 азы сӕ разы цы нысан ӕвӕрд уыд, уый – милуан сахаты хъусын кӕнын. Уацамынды хыгъдӕй бӕрӕг уыд, алы хъуыддаджы дӕр сын бирӕ кӕй бантыст – фылдӕр рӕстӕг лӕггад кодтой, фылдӕр публикацитӕ байуӕрстой, фылдӕр дыккаг бацыдтӕ скодтой ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фондз азмӕ Великобританийы хъусынгӕнджыты нымӕц, зӕгъӕн ис, ӕртӕ хатты фӕфылдӕр. Сӕ тыхтӕ ногӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ кӕй сарӕзтой, уый Йегъовӕйы адӕмы бафидар кодта, ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, фӕстӕдӕр хӕсты рӕстӕг цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уыдонмӕ.

Абон дӕр, Хуыцауы хӕст Армагеддон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Великобританийы пионерты нымӕцыл дӕр ӕфты. Фӕстаг дӕс азы пионертӕ фӕфылдӕр сты ӕмӕ 2015 азы октябры уыдысты 13 224. Уыцы пионертӕ ӕмбарынц, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ уый бӕрӕг у сӕ цардӕй.

^ 3 абз. Фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг».

^ 8 абз. Хо Паджетты царды хабӕрттӕ фыст сты 1995 азы 1 октябры «Сторожевая башня»-йы, 19–24 фӕрстӕ.