Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»

«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»

«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад... ӕмӕ иузӕрдионӕй архай» (ПС. 37:3).

ЗАРДЖЫТӔ: 150, 124

1. Йегъовӕ адӕмы куыд сфӕлдыста?

ЙЕГЪОВӔ адӕмы куыд сфӕлдыста, уый диссаг у. Зӕгъӕм, нӕ бон хъуыды кӕнын кӕй у, уый фӕрцы нӕ бон у зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын ӕмӕ цыдӕртӕ пълан кӕнын (Ӕмб. 2:11). Радта ма нын тыхтӕ, цӕмӕй архайӕм, нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ нысӕнттӕ нӕ къухы куыд бафтой, ууыл (Фил. 2:13). Йегъовӕ ма нын радта ӕфсарм дӕр – нӕ зӕрдӕ нӕм фӕдзуры, уый хорз у, уый та ӕвзӕр, зӕгъгӕ. Уый фӕрцы нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй бахизӕм ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнӕм (Ром. 2:15).

2. Цы зонӕм ӕмӕ цы аразынхъом стӕм, уыдӕттӕй Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

2 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы зонӕм ӕмӕ цы аразынхъом стӕм, уыдӕттӕй раст пайда кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ зоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстыты кӕсӕм: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» ӕмӕ «Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй» (Ӕмб. 21:5; Еккл. 9:10). Чырыстон Грекъаг Фыстыты та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм» ӕмӕ «Сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн» (Гал. 6:10; 1 Пет. 4:10). Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, нӕхи пайдайӕн дӕр ӕмӕ иннӕты пайдайӕн дӕр нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм.

3. Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу?

3 Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу. Зӕгъӕм, нӕхи бон никуы бауыдзӕн ӕнӕххӕстдзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон скӕнын. Уӕдӕ нӕ бон нӕу иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, куыд цӕрой, уый сын амонын дӕр, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр радта сӕрибардзинад (1 Пад. 8:46). Ӕмӕ цыфӕнды зондджын ӕмӕ фендджын ма уӕм, уӕддӕр, Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ, мах алкӕддӕр сывӕллӕттӕй уӕлдай нӕ уыдзыстӕм (Ис. 55:9).

Зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ «дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Хъуамӕ алы уавӕры дӕр Йегъовӕйӕ разамынд курӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ, нӕхи бон цы нӕ уа, уый кӕй сараздзӕн, ууыл. Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр, нӕ уавӕры нӕ бон цы у, уый аразӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 37:3.) Цыбырдзырдӕй, хъуамӕ нӕ «зӕрдӕ дарӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ аразӕм хорздзинад», стӕй хъуамӕ «иузӕрдионӕй архайӕм». Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Ной, Давид ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл куыд дардтой, уымӕ. Мах фендзыстӕм, сӕ бон цы нӕу, уый-иу кӕй зыдтой, ӕмӕ-иу, сӕ бон цы уыд, уый кӕй арӕзтой.

НӔ АЛЫВАРС АДӔМ ФЫДХЪУЫДДӔГТӔ КУЫ КӔНОЙ

5. Нойы заман дуне цыхуызӕн уыд?

5 Нойы заман зӕхх «фыдмитӕй байдзаг» ӕмӕ адӕм бынысӕфт фесты (Райд. 6:4, 9–13). Ной зыдта, Йегъовӕ уыцы фыддунейӕн ӕппынфӕстаг кӕрон кӕй скӕндзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр, уыцы адӕм цытӕ арӕзтой, уый тыххӕй куыннӕ маст кодтаид. Ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу, фӕлӕ, йӕ бон цы уыд саразын, уый дӕр зыдта.

Уацамынды нӕм куы нӕ хъусой (кӕс 6–9 абзацтӕ)

6, 7. а) Нойӕн йӕ бон цы нӕ уыд саразын? б) Нӕ уавӕр Нойы уавӕры хуызӕн цӕмӕй у?

6 Нойӕн йӕ бон цы нӕ уыд саразын. Ной Йегъовӕйы тӕрхон хъусын кодта, фӕлӕ йӕ бон нӕ уыд адӕмӕн тыххӕй афтӕ бакӕнын, цӕмӕй уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой. Стӕй йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын дӕр, цӕмӕй Доны хъаймӕт тагъддӕр райдыдтаид. Нойы хъуыди ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ уыцы ӕвзӕр адӕмы йӕ афоныл кӕй фесафдзӕн (Райд. 6:17).

7 Нӕ рӕстӕджы дӕр дуне у фыддзинадӕй йедзаг, ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ фесафдзӕн (1 Иоан. 2:17). Мах хъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар», фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон нӕу адӕмӕн тыххӕй афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Уӕдӕ «стыр бӕллӕх» фӕтагъддӕр кӕнын дӕр нӕ бон нӕу (Матф. 24:14, 21). Нойау махӕн дӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар ӕмӕ нӕ хъуамӕ уырна, тагъд Хуыцау ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн (Пс. 37:10, 11). Мах ӕй фидарӕй зонӕм, йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ цас хъӕуы, уымӕй иу бон дӕр фылдӕр ацы фыддунейӕн кӕй нӕ фӕраздзӕн (Ав. 2:3).

8. Ной фылдӕр цӕуыл хъуыды кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Нойӕн йӕ бон цы уыд саразын. Ной, йӕ бон цы нӕ уыд, уый тыххӕй йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста, фӕлӕ фылдӕр хъуыды кодта, йӕ бон цы уыд саразын, ууыл. Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», ӕмӕ йын Йегъовӕ цы хабар бахӕс кодта, уый хъусын кодта (2 Пет. 2:5). Уыцы хъуыддаг ын ӕнӕмӕнгдӕр ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Нойӕн бахӕс кодта, цӕмӕй нау сарӕзтаид, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн дӕр йӕ тыхтӕ ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:7.)

9. Нӕ бон куыд у Нойы бафӕзмын?

9 Нойау мах дӕр «бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Уымӕ хауы Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразын ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнын, конгрессты ӕххуыс кӕнын, стӕй филиалы кӕнӕ тӕлмацгӕнджыты офисы лӕггад кӕнын. Фӕлӕ сӕйраг у, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы, цы ныфс нын ис, уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Иу иузӕрдион хо уый тыххӕй мӕнӕ цы загъта: «Хуыцауы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй адӕмимӕ куы фӕдзурын, уӕд ӕй фенын, ныфс сӕ ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй ис ӕмӕ сӕм афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕй никуы фервӕздзысты». Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕхи ныфсыл дӕр ныфс бафты ӕмӕ нӕм фӕзыны хъарутӕ, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр згъорӕм (1 Кор. 9:24).

ТӔРИГЪӔД КУЫ САРАЗӔМ

10. Давид цавӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзта?

10 Йегъовӕ паддзах Давиды схуыдта «йӕ зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг (Хъуыд. 13:22). Кӕд ыл Давид иузӕрдион уыд, уӕддӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Давид Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд. Уымӕй ӕвзӕрдӕр та уый у, ӕмӕ хъавыд йӕ тӕригъӕд басусӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ йын йӕ лӕджы, Урийы, хӕсты быдыры амарын кодта. Суанг ма, йӕ мӕлӕты тӕрхон кӕм уыд, уыцы фыстӕг ын йӕхицӕн ахӕссын кодта! (2 Сам. 11:1–21). Ӕппынфӕстаг Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ рахъӕр сты (Мар. 4:22). Цымӕ уӕд куыд бакодта?

Дӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ’рхъуыды кӕнай (кӕс 11–14 абзацтӕ)

11, 12. а) Давид тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд йӕ бон цы нӕ уыд саразын? б) Нӕ тӕригъӕдыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн?

11 Давидӕн йӕ бон цы нӕ уыд саразын. Давид цы сарӕзта, уымӕн нӕ уыд фӕстӕмӕ раздахӕн. Ӕмӕ йӕ тӕригъӕд цы фӕстиуджытӕм ӕркодта, уыдонӕй йӕ бон нӕ уыд йӕхи бахизын. Кӕцыдӕртӕ йын суанг цӕрӕнбонтӕм дӕр масты хос уыдысты (2 Сам. 12:10–12, 14). Уымӕ гӕсгӕ Давиды хъуыди уырнындзинад. Давид зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уырныдтаид, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодтой, уыдон сфӕразынӕн дӕр ын кӕй баххуыс кӕндзӕн.

12 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр рӕдийӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу рӕдыдтытӕ иннӕтӕй стырдӕр вӕййынц, ӕмӕ сӕ хатт нӕ бон нӕ вӕййы сраст кӕнын. Ӕмӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уыдӕттӕн дӕр аивӕн нал вӕййы (Гал. 6:7). Фӕлӕ нын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, суанг кӕд уыцы зындзинӕдты нӕхи аххосӕй бахауӕм, уӕддӕр. (Бакӕс Исай 1:18, 19; Хъуыддӕгтӕ 3:19.)

13. Давид та ногӕй Йегъовӕмӕ куыд баввахс?

13 Давидӕн йӕ бон цы уыд саразын. Давид Йегъовӕйӕн уый бар радта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, ӕмӕ та йӕм уый фӕрцы баввахс. Зӕгъӕм, пехуымпар Нафаны йӕм куы барвыста, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамыдтаид, уӕд ӕм Давид байхъуыста (2 Сам. 12:13). Стӕй ма Давид Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл басаст, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд ногӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарын (Пс. 51:1–17). Давид йӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста, фӕлӕ йын зондзонӕн фесты. Ахӕм тӕригъӕдтӕ никуыуал сарӕзта. Давид йӕ мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ дӕр ахӕмӕй бахъуыды кодта (Дзут. 11:32–34).

14. Давиды хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

14 Давиды хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм, Йегъовӕйы раз нӕ тӕригъӕдыл басӕттӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна (1 Иоан. 1:9). Стӕй ма хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕххуыс ракурӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ бон у махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм. (Бакӕс Иаковы 5:14–16.) Йегъовӕ зӕгъы, кӕй нын ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ фӕстӕмӕ нӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ йын кӕд йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕм, уӕд ын йе ’ххуысы къух райсдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсгӕйӕ, Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм (Дзут. 12:12, 13).

ӔНДӔР УАВӔРТЫ КУЫ БАХАУӔМ

Низимӕ куы тох кӕнай (кӕс 15 абзац)

15. Аннӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Ӕвӕццӕгӕн, Библийӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр зоныс, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дардта ӕмӕ, йӕ уавӕры йӕ бон цы уыд, уый чи арӕзта, ахӕмты. Зӕгъӕм, Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ цыд, уымӕн йӕхи бон ницы уыд саразын. Фӕлӕ уый зыдта, Йегъовӕ йын удӕнцой кӕй ратдзӕн, ӕмӕ-иу цатырмӕ бакувынмӕ ӕрбацыд ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уый Йегъовӕйӕн радзырдта (1 Сам. 1:9–11). Аннӕ нын фӕзминаг куыннӕ у! Вӕййы афтӕ, ӕмӕ цавӕрдӕр низимӕ фӕтох кӕнӕм кӕнӕ, нӕ бар кӕуыл нӕ фӕцӕуы, ӕндӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ сагъӕстӕ иууылдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, кӕй ныл тыхсы (1 Пет. 5:6, 7). Стӕй, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй нын ӕмбырдтӕ ӕмӕ ма нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ноджыдӕр цы дӕтты, уыдӕттӕ пайда хӕссой (Дзут. 10:24, 25).

Дӕ сывӕллон рӕстдзинад куы ныууадза (кӕс 16 абзац)

16. Ныййарджытӕ Самуилы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

16 Иуӕй-иу ныййарджытӕ та цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлдысты? Кӕд сӕхӕдӕг иузӕрдион сты, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинад ныууагътой. Ахъуыды-ма кӕнӕм пехуымпар Самуилы цӕвиттоныл. Йӕ фырттӕ гыццыл сывӕллӕттӕ нал уыдысты, ӕмӕ сын цыфӕнды куы кодтаид, уӕддӕр йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаиккой – тыхмийӕ, дам, ми нӕй (1 Сам. 8:1–3). Ӕмӕ хъуамӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтаид. Фӕлӕ Самуил, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕхӕдӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кодтаид (Ӕмб. 27:11). Абон дӕр чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ ахӕм уавӕры сты. Уыдоны фидарӕй уырны, Йесойы фӕсномыг ныхасы фыд йӕ сӕфт фыртмӕ куыд ӕнхъӕлмӕ каст, раст афтӕ Йегъовӕ дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдон кӕй ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты (Лук. 15:20). Фӕлӕ ма уыимӕ уыцы ныййарджытӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй сӕхӕдӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс ис, сӕ сывӕллӕттӕ сӕ кӕй бафӕзмдзысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты.

Ӕхцахъуаг куы ӕййафай (кӕс 17 абзац)

17. Мӕгуыр идӕдз усы цӕвиттон нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

17 Фӕзминаг ма нын у, Йесойы рӕстӕг цы мӕгуыр идӕдз ус царди, уый дӕр. (Бакӕс Лукайы 21:1–4.) Кувӕндоны ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй цыд, стӕй мӕгуыр кӕй уыд, уый аивын йӕ бон нӕ уыд (Матф. 21:12, 13). Фӕлӕ уӕддӕр ӕхцавӕрӕны «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы» ныппӕрста, кӕд уыдон уыдысты, «цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый». Уыцы иузӕрдион сылгоймаг йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцауы хъуыддаг ын фыццаг бынаты куы уа, уӕд ӕй Йегъовӕ, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ ныууадздзӕн. Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд раст динӕн, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Раст афтӕ мах дӕр уырны, ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы уа, уӕд нӕ Йегъовӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Матф. 6:33).

18. Радзур, раст зондахаст кӕмӕн уыд, иу ахӕм ӕфсымӕры тыххӕй.

18 Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ ныфс дарынц Йегъовӕйыл. Уыдон сӕйраджыдӕр хъуыды кӕнынц, сӕ бон цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ, сӕ бон цы у, ууыл. Ӕркӕсӕм-ма ӕфсымӕр Малколмы цӕвиттонмӕ. Уый суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр уыд иузӕрдион (амард 2015 азы). Малколм ӕмӕ йӕ бинойнаг Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой, ӕмӕ сӕ царды хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ федтой, фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты. Малколм загъта: «Райсом ныл цы ’рцӕудзӕн, уый нӕ фӕзонӕм, стӕй зын уавӕрты дӕр бахауӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕхи зондӕй ныфсджын чи вӕййы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн». Стӕй радта ахӕм уынаффӕ: «Кув, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнай, дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Хъуыды кӕн, дӕ бон саразын цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ дӕ бон цы у, ууыл» *.

19. а) 2017 азӕн цавӕр стих ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ цӕмӕн? б) 2017 азы стихӕй дӕ царды куыд спайда кӕндзынӕ?

19 Ацы дуне кӕны «фыддӕрӕй-фыддӕр», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ зындзинӕдтӕ дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (2 Тим. 3:1, 13). Уӕдӕ абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй-иу зындзинӕдты тыххӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм. Стӕй ма хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ-иу, нӕ бон цы у, уый аразӕм. Уымӕ гӕсгӕ 2017 азӕн ӕвзӕрст ӕрцыдысты Псаломы 37:3 стихы ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад».

2017 азы стих: «Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад» (Псалом 37:3)