Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Разамонӕг

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Разамонӕг

«Йегъовӕ дӕ алкӕддӕр кӕндзӕн» (ИС. 58:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 3, 4

1, 2. а) Иннӕ динтӕй уӕлдай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн разамынд чи дӕтты? б) Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ арӕх бафӕрсынц, уӕ хистӕр чи у, зӕгъгӕ. Ахӕм фарста уый тыххӕй фӕзыны, ӕмӕ бирӕ динты вӕййы цавӕрдӕр разамонӕг, кӕнӕ хистӕр. Махӕн та нӕ разамонӕг цавӕрдӕр зӕххон адӕймаг нӕу, фӕлӕ Йесо Чырысти. Уымӕн та йӕ Разамонӕг у йӕ Фыд, Йегъовӕ (Матф. 23:10).

2 Фӕлӕ уӕддӕр абон зӕххыл ис, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, ахӕм адӕймӕгты къорд – «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» (Матф. 24:45). Цымӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг кӕй дӕтты разамынд йӕ Фырты уылты? Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ мин азты дӕргъы йӕ адӕмӕн разамынд йе ’взӕрст нӕлгоймӕгты уылты куыд лӕвӕрдта, ууыл. Дыууӕ статьяйӕ дӕр базондзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн алкӕддӕр сӕ Разамонӕг кӕй уыд (Ис. 58:11).

ХАЙДЖЫН УЫДЫСТЫ СЫГЪДӔГ ТЫХӔЙ

3. Моисейӕн йӕ бон цӕй фӕрцы уыди израилӕгтӕн разамынд дӕттын?

3 Хуыцау-иу разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдон-иу хайджын уыдысты сыгъдӕг тыхӕй. Фыццаг уал ӕркӕсӕм Моисейы хабармӕ. Хуыцау ӕй израилӕгты сӕргъы разамонӕгӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ йӕ бон цӕй фӕрцы уыди уыцы уӕззау хӕс ӕххӕст кӕнын? Йегъовӕ йӕ «йӕ сыгъдӕг тыхӕй» кӕй хайджын кодта, уый фӕрцы. (Бакӕс Исайы 63:11–14.) Афтӕмӕй Хуыцау йӕ адӕмӕн Моисейы уылты разамынд лӕвӕрдта.

4. Моисей сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй уыди, уый израилӕгтӕ кӕцӕй зыдтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Сыгъдӕг тых цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ кӕцӕй зыдтой, Моисей дзы хайджын кӕй уыди? Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Моисей сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ фараонӕн Хуыцауы ном ныфсджынӕй фехъусын кодта (Рац. 7:1–3). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма Моисей сси диссаджы удыхъӕды хицау дӕр: уыди уарзӕгой, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон. Уый руаджы йӕ бон уыди израилӕгтӕн разамынд дӕттын. Моисей тынг хицӕн кодта, йӕ заманты ӕндӕр бӕстӕты цы дурзӕрдӕ ӕмӕ хиуарзон хицӕуттӕ уыди, уыдонӕй (Рац. 5:2, 6–9). Уӕдӕ бӕрӕг уыд, Йегъовӕ Моисейы кӕй сӕвӕрдта йӕ адӕмы сӕргъы.

5. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонджытӕй кӕй ӕвӕрдта, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кодта?

5 Моисейы фӕстӕ та Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кодта ӕндӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой. Зӕгъӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы «Навины фырт Йесо хайджын уыди зондӕй» (Дык. з. 34:9). Гедеоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ йыл «Йегъовӕйы тых ӕрцыд» (Тӕрх. 6:34). Давиды тыххӕй та загъд ис, зӕгъгӕ, «хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй» (1 Сам. 16:13). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сӕ ныфс дардтой Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл, ӕмӕ уыцы тыхы руаджы арӕзтой, сӕхи хъаруйӕ кӕй нӕ сарӕзтаиккой, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Йес. Н. 11:16, 17; Тӕрх. 7:7, 22; 1 Сам. 17:37, 50). Ӕмӕ уыцы стыр хъуыддӕгтӕ та кад хастой Йегъовӕйӕн.

6. Хуыцауы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй-иу израилӕгтӕ сӕ разамонджытӕн аргъ кодтаиккой?

6 Моисей, Йесо Навин, Гедеон ӕмӕ Давид сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕм адӕм цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ дардтаиккой? Хъуамӕ сын аргъ кодтаиккой. Иухатт, израилӕгтӕ Моисейы тыххӕй хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕ загъта: «Ацы адӕмӕн ма бирӕ уыдзынӕн хынджылӕггаг?» (Ным. 14:2, 11). Уӕдӕ бӕрӕг у, уыцы нӕлгоймӕгты йӕ адӕмӕн разамонджытӕй Йегъовӕ кӕй равзӕрста. Ӕмӕ-иу сӕм адӕм куы хъуыстой, уӕд-иу афтӕмӕй хъуыстой Йегъовӕмӕ, сӕ Разамонӕгмӕ.

ЗӔДТӔ СЫН ӔХХУЫС КОДТОЙ

7. Моисейӕн зӕдтӕ куыд ӕххуыс кодтой?

7 Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн зӕдтӕ ӕххуыс кодтой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 1:7, 14.) Йегъовӕ-иу зӕдтӕн бабар кодта, цӕмӕй Моисейӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдтаиккой. Зӕгъӕм, иухатт Хуыцауы зӕд Моисеймӕ «сындзы къутӕры... фӕзынд» ӕмӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид ӕмӕ сӕ разамонӕг суыдаид (Хъуыд. 7:35). Йегъовӕ ма «зӕдты уылты» Моисейӕн радта Закъон, цӕмӕй израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Гал. 3:19). Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй» (Рац. 32:34). Библийы никуы ис фыст, израилӕгтӕ-иу сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, Хуыцау-иу зӕдтӕн цы бахӕс кодта, уый-иу куыд арӕзтой. Фӕлӕ Моисей адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕй бӕрӕг уыди, зӕдтӕ йын ӕцӕгдӕр кӕй ӕххуыс кодтой.

8. Зӕдтӕ Йесо Навинӕн ӕмӕ Езекийӕн куыд баххуыс кодтой?

8 Моисейы фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн ног разамонӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Навины. «Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг» дзы ныфс бауагъта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ханаайнӕгты ныхмӕ ракодтаид. Ӕмӕ израилӕгтӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз сты (Йес. Н. 5:13–15; 6:2, 21). Бирӕ азты фӕстӕ паддзах Езеки дӕр зын уавӕры бахауд – Ассирийы ӕфсад Иерусалим бацахсынмӕ хъавыд. Фӕлӕ иу ӕхсӕвмӕ «Йегъовӕйы зӕд... Ассирийы ӕфсадӕй ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин лӕджы» (2 Пад. 19:35).

9. Хуыцау-иу разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдон кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр-иу сӕм израилӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыстаиккой?

9 Зӕдтӕ ӕххӕст сты, кӕмӕн ӕххуыс кодтой, уыцы адӕм та – нӕ. Зӕгъӕм, иухатт Моисей Йегъовӕйы не скадджын кодта (Ным. 20:12). Йесо Навин та Йегъовӕйы нӕ бафарста, афтӕмӕй гаваойнӕгтимӕ бадзырд скодта (Йес. Н. 9:14, 15). Иуафон Езекийӕн дӕр йӕ «зӕрдӕ схъал» (2 Аз. 32:25, 26). Фӕлӕ кӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕм израилӕгтӕ хъуамӕ хъуыстаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой, Йегъовӕ уыцы разамонджытӕн йӕ зӕдты уылты кӕй ӕххуыс кӕны. Уӕдӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ Разамонӕг кӕй уыди.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСМӔ ГӔСГӔ АРХАЙДТОЙ

10. Моисей Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ куыд архайдта?

10 Хуыцау-иу разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдон-иу йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ архайдтой. Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уый Библи хоны «Моисейы закъон» (1 Пад. 2:3). Фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй Закъонӕвӕрӕг Йегъовӕ у, ӕмӕ Моисей дӕр йӕхӕдӕг уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ цард (2 Аз. 34:14). Йегъовӕ йын куы бацамыдта, ӕмбырды цатыр куыд саразын хъӕуы, уый, уӕд «Моисей алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Рац. 40:1–16).

11, 12. а) Йесо Навин ӕмӕ паддзӕхтӕ Хуыцауы адӕмы разамонджытӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой? б) Хуыцауы Ныхас уыцы разамонджытӕн куыд ӕххуыс кодта?

11 Йесо Навин разамонӕг куы сси, уӕд ӕм уыди Хуыцауы Ныхас. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай» (Йес. Н. 1:8). Уый фӕстӕ Хуыцауы адӕмы сӕргъы цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон дӕр хъуамӕ уыцы ӕгъдауыл хӕст уыдаиккой. Хъуамӕ Закъон алы бон дӕр кастаиккой ӕмӕ-иу ӕй сӕхицӕн рафыстаиккой. Стӕй ма сын загъд уыд, зӕгъгӕ, «фидар хӕцут, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл, стӕй ацы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут». (Бакӕс Дыккаг закъон 17:18–20.)

12 Хуыцау-иу йӕ адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас куыд ӕххуыс кодта? Ӕркӕсӕм паддзах Иосийы хабармӕ. Моисейы закъон куы ссардтой, уӕд ын ӕй йӕ писыр кӕсын райдыдта *. Паддзах куыд бакодта? «Куыддӕр... закъоны чиныджы ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта». Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн. Иоси, Хуыцауы Ныхасы цы фыст уыд, уый куы бамбӕрста, уӕд гуымирытӕ иууылдӕр фесафын кодта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй Куадзӕн сбӕрӕг кодтаиккой. Ахӕм Куадзӕн уый размӕ никуыма скодтой (2 Пад. 22:11; 23:1–23). Иоси ӕмӕ иннӕ иузӕрдион разамонджытӕ архайдтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ-иу куы бамбӕрстой, цы разамынд дӕттынц, уым сӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд-иу афтӕ бакодтой. Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы адӕм Йегъовӕйы фӕндон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кодтой.

13. Хуыцауы адӕмы разамонджытӕ иннӕ адӕмты разамонджытӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

13 Уыцы иузӕрдион паддзӕхтӕ тынг хицӕн кодтой иннӕ адӕмты разамонджытӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон архайдтой сӕхи зондӕй. Дзырдӕн, ханаайнаг разамонджытӕ ӕмӕ сӕ адӕм кодтой тынг чъизи митӕ: тугхӕстӕгимӕ-иу ӕмуат ӕрцыдысты, фосимӕ-иу схуыссыдысты, нӕлгоймӕгтӕ-иу нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдысты, мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ-иу сын сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой (Лев. 18:6, 21–25). Вавилоны ӕмӕ Египеты разамонджытӕ адӕмӕн, Хуыцау израилӕгтӕн сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, ахӕм закъӕттӕ нӕ лӕвӕрдтой (Ным. 19:13). Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы разамонджытӕ та израилӕгты ахӕм зондыл арӕзтой, цӕмӕй мӕнгхуыцӕуттӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой, стӕй сӕхи сыгъдӕг дардтаиккой. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ Разамонӕг кӕй уыди.

14. Йегъовӕ-иу йӕ адӕмы разамонджытӕн зонд куыд бацамыдта?

14 Рагзаманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы паддзӕхтӕй чидӕртӕ Хуыцауы зондмӕ нӕ хъуыстой. Уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тых, зӕдты ӕмӕ йын йӕ Ныхас ницӕмӕ дардтой. Ӕмӕ-иу дзы Йегъовӕ кӕмӕндӕрты зонд бацамыдта, кӕйдӕрты бӕсты та-иу ӕндӕр искӕй равзӕрста (1 Сам. 13:13, 14). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ сӕвӕрдта, зӕххон разамонджытӕй бирӕ хуыздӕр чи уыд, ахӕм Разамонӕджы.

ЙЕГЪОВӔ СӔВӔРДТА АЛЦӔМӔЙ ӔХХӔСТ РАЗАМОНӔДЖЫ

15. а) Пехуымпартӕ, алцӕмӕй ӕххӕст разамонӕг кӕй хъуамӕ фӕзына, уый тыххӕй цы дзырдтой? б) Уыцы разамонӕг чи уыди?

15 Бирӕ ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕрдта, йӕ адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдзӕн алцӕмӕй ӕххӕст разамонӕджы. Зӕгъӕм, Моисей Израилы адӕмӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын уӕхи ’хсӕнӕй, де ’фсымӕртӕй, ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусат» (Дык. з. 18:15). Исай та ныффыста, уый кӕй суыдзӕн «хицау ӕмӕ разамонӕг» (Ис. 55:4). Данел дӕр ныффыста, кӕй фӕзындзӕн «Разамонӕг Мессийӕ» (Дан. 9:25). Ӕппынфӕстаг, Йесо Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд йӕхи тыххӕй загъта, Хуыцауы адӕмы «Разамонӕг» уый кӕй у. (Бакӕс Матфейы 23:10.) Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алкӕддӕр йӕ фӕдыл цыдысты ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ йӕ кӕй равзӕрста (Иоан. 6:68, 69). Цы сӕ баууӕндын кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд Йесо Чырыстийы уылты кӕй лӕвӕрдта?

16. Чырысти Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй уыди, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?

16 Чырысти хайджын уыд сыгъдӕг тыхӕй. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Аргъауӕг Иоанн федта, «арв куыд фегом ӕмӕ йӕ сӕрмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд, уый». Уый фӕстӕ Йесойы «Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕцӕуӕг кодта» (Мар. 1:10–12). Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд хайджын уыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ уый фӕрцы диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта (Хъуыд. 10:38). Уымӕй уӕлдай ма Йесомӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыдысты хъӕугӕ миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, циндзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад (Иоан. 15:9; Дзут. 12:2). Йесойы цардӕй куыд уыди бӕрӕг, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй у, уый, афтӕ иу разамонӕджы цардӕй дӕр нӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесойы Разамонӕгӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта.

Йесо донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ йын зӕдтӕ куыд ӕххуыс кодтой? (кӕс 17 абзац)

17. Чырыстийӕн зӕдтӕ куыд ӕххуыс кодтой?

17 Чырыстийӕн зӕдтӕ ӕххуыс кодтой. Донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕм «фӕзындысты зӕдтӕ ӕмӕ йын лӕггад кодтой» (Матф. 4:11). Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ та йӕм «уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта» (Лук. 22:43). Чырысти фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕм ӕххуысмӕ йӕ зӕдты кӕдфӕнды дӕр кӕй рарвитдзӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна (Матф. 26:53).

18, 19. Чырысти Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куыд архайдта ӕмӕ адӕмы куыд ахуыр кодта?

18 Чырысти архайдта Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайдта Фыстадмӕ гӕсгӕ (Матф. 4:4). Суанг ӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд дӕр фидар хӕцыд, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл. Кӕд мӕлгӕ кодта, уӕддӕр дзырдта, Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст уыд, уыдоны тыххӕй (Матф. 27:46; Лук. 23:46). Цымӕ дины разамонджытӕй та цы ис зӕгъӕн? Сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ-иу, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕй куы хицӕн кодтой, уӕд-иу Фыстад ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыцы адӕмы кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта, кӕддӕр Йегъовӕ Исайӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон: «Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты» (Матф. 15:7–9). Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕргъы ахӕм разамонджытӕ никуы сӕвӕрдтаид.

19 Йесо ма Хуыцауы Ныхасы фӕрцы адӕмы ахуыр дӕр кодта. Дины разамонджытӕ-иу ӕй куы къахтой, уӕд-иу йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ фӕлтӕрддзинадыл йӕ зӕрдӕ нӕ дардта, фӕлӕ-иу сын дзуапп Фыстадӕй радта (Матф. 22:33–40). Чырысти адӕмӕн йӕ уӕларвон царды тыххӕй кӕнӕ-иу, Хуыцауӕн Дун-дуне сфӕлдисынӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй никуы ницы дзырдта. Иннӕты дисы бафтауыныл нӕ архайдта, фӕлӕ архайдта, цӕмӕй сын «сӕ зонд бынтондӕр байгом кодтаид, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой» (Лук. 24:32, 45). Чырысти Хуыцауы Ныхас уарзта, ӕмӕ адӕмы зӕрдиагӕй ахуыр кодта.

20. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо Йегъовӕйӕн алкӕддӕр кад кӕй хаста? б) Йесо цӕмӕй хицӕн кодта Ирод Агриппӕ Фыццагӕй?

20 Кӕд-иу адӕм Йесойы «ӕхсызгон ныхӕстыл» дис кодтой, уӕддӕр уый алкӕддӕр кад кодта йӕ Ахуыргӕнӕг Йегъовӕйӕн (Лук. 4:22). Иу хъӕздыг лӕг Йесойы «Хорз Ахуыргӕнӕг» куы схуыдта, уӕд ын Йесо сӕрныллӕгӕй загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Мар. 10:17, 18). Йесо куыд тынг хицӕн кодта Иудейӕйы паддзах Ирод Агриппӕ Фыццагӕй! Уый паддзах сси, Чырысти уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй иу-аст азы фӕстӕ. Иухатт адӕмы размӕ «бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы» рацыд ӕмӕ ныхас кӕнын райдыдта. Уӕд адӕм хъӕр систой: «Уый адӕймаджы хъӕлӕс нӕу, уый хуыцауы хъӕлӕс у!» Ирод, хӕрзаг, йӕхицӕй ныббуц. Фӕлӕ дарддӕр цы ’рцыд? «Уӕд ӕй ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодта, ӕмӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард» (Хъуыд. 12:21–23). Уыдӕттӕ уынгӕйӕ ничи загътаид, Ироды разамонӕгӕй Йегъовӕ сӕвӕрдта, зӕгъгӕ. Йесойӕн та йӕ цардӕй бӕрӕг уыди, Хуыцау ӕй кӕй равзӕрста. Уый алкӕддӕр кад хаста Йегъовӕйӕн – Кадджын Разамонӕгӕн.

21. Иннӕ статьяйӕ дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

21 Йегъовӕ Йесойы Разамонӕгӕй цалдӕр азмӕ нӕ равзӕрста. Йесо куы райгас, уӕд загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. [...] Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:18–20). Фӕлӕ уӕлӕрвтӕй йӕ бон куыд хъуамӕ уыдаид Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕттын? Зӕххыл Йесойы номӕй чи хъуамӕ архайдтаид ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи хъуамӕ лӕвӕрдтаид? Ӕмӕ уыцы разамонджытӕ чи сты, уый чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ базыдтаиккой? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

^ 12 абз. Чи зоны, уый уыди, Моисей йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уыцы къухфыст.