Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон Хуыцауы адӕмӕн разамынд ӕцӕгӕй чи дӕтты?

Абон Хуыцауы адӕмӕн разамынд ӕцӕгӕй чи дӕтты?

«Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты... уыдоны» (ДЗУТ. 13:7).

ЗАРДЖЫТӔ: 123, 126

1, 2. Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд йӕ апостолтӕ цӕуыл хъуыды кодтаиккой?

ЧЫРЫСТИЙЫ ахуыргӕнинӕгтӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл лӕууынц ӕмӕ кӕсынц, се ’ввахс ӕмбал ӕмӕ сӕ хицау уӕларвмӕ куыд ссыд ӕмӕ йӕ мигъ куыд ӕрбамбӕрзта, уымӕ (Хъуыд. 1:9, 10). Уый сӕ дыууӕ азы дӕргъы ахуыр кодта, сӕ ныфсыл сын ныфс ӕфтыдта ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта. Ныр та ацыд уӕлӕрвтӕм. Цымӕ дарддӕр сӕ хабар куыд уыдзӕн?

2 Йесо уӕларвмӕ ацӕуыны хӕдразмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Уыцы хъуыддаг сӕ къухы куыд хъуамӕ бафтыдаид? Йесо сын зӕрдӕ бавӕрдта, тынг тагъд сыгъдӕг тыхӕй кӕй хъуамӕ схайджын уой (Хъуыд. 1:5). Фӕлӕ цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр апарахат уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы хъуыддагӕн чидӕр разамынд лӕвӕрдтаид. Раджы заманты Йегъовӕ разамынд лӕвӕрдта, кӕй-иу равзӕрста, уыцы адӕймӕгты уылты. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ хъуыды кодтой, цымӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ног разамонӕджы сӕвӕрдзӕн, зӕгъгӕ?

3. а) Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд йӕ иузӕрдион апостолтӕ цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахастой? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ Фыстадмӕ ӕркастысты, Хуыцаумӕ скуывтой ӕмӕ Иудӕ Искариоты бӕсты Матфийы равзӕрстой, цӕмӕй суыдаид дыууадӕс апостолӕй сӕ иу (Хъуыд. 1:15–26). Апостолты дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр цӕмӕн фӕндыд ног апостолы равзарын? Апостолтӕ ӕмбӕрстой, дыууадӕс кӕй хъуамӕ уой *. Чырысти сӕ уый тыххӕй нӕ равзӕрста, цӕмӕй-иу сӕ йемӕ ӕнӕуи ракӕн-бакӕн кодтаид, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бацӕттӕ кодтаид ӕмӕ сын Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ахсджиаг хъуыддаг сӕ бӕрны бакодтаид. Цымӕ уый цавӕр хъуыддаг уыд ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти куыд бацӕттӕ кодтой? Цымӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы организацийы ахӕм хъуыддаг искӕй бӕрны ис? Ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй «ма рох кӕнӕм», разамынд нын чи дӕтты, уыдоны, уӕлдайдӕр та «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары»? (Дзут. 13:7; Матф. 24:45).

ЙЕСО РАЗАМОНӔГ СОВЕТӔН РАЗАМЫНД ДӔТТЫ

4. Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы куыст кодтой?

4 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны апостолтӕ райдыдтой чырыстон ӕмбырдӕн разамынд дӕттын. Уӕд «Петр иуӕндӕс апостолимӕ» дзуттӕгты ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдоны размӕ рацыд ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын райдыдта (Хъуыд. 2:14, 15). Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы. Уыцы ног чырыстӕттӕ «дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой» (Хъуыд. 2:42). Апостолтӕ ма дзуапп лӕвӕрдтой ӕмбырды мысайнӕгтӕн дӕр (Хъуыд. 4:34, 35). Стӕй ма чырыстӕтты тыххӕй Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ сӕ ахуыр кодтой. Уый бӕрӕг у сӕ ныхӕстӕй: «Мах... нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ратдзыстӕм кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас амонынӕн» (Хъуыд. 6:4). Уымӕй уӕлдай ма фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй хорз хабар, хъуыстгонд кӕм нӕма ӕрцыд, уыцы рӕтты дӕр хъусын кодтаиккой (Хъуыд. 8:14, 15). Цасдӕры фӕстӕ апостолтӕм ӕрбаиу сты ӕндӕр сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон дӕр хаудысты разамонӕг советмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр разамынд лӕвӕрдтой (Хъуыд. 15:2).

5, 6. а) Сыгъдӕг тых разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Зӕдтӕ разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кодтой? в) Хуыцауы Ныхас разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кодта?

5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ фидарӕй зыдтой, Йегъовӕ разамонӕг советӕн разамынд Чырыстийы уылты кӕй дӕтты. Кӕцӕй йӕ зыдтой? Фыццаджыдӕр, разамонӕг совет хайджын уыд сыгъдӕг тыхӕй (Иоан. 16:13). Кӕд сыгъдӕг тыхӕй чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты хайджын, уӕддӕр разамонджытӕй ӕвзӕрст ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр уыцы апостолтӕ ӕмӕ Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Зӕгъӕм, н. э. 49 азы сыгъдӕг тых разамонӕг советӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сунӕт кӕныны фарстайы фӕдыл уынаффӕ рахастаиккой. Ӕмбырдтӕ уыцы разамындмӕ байхъуыстой, ӕмӕ сӕ «уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:4, 5). Сунӕт кӕныны фарстайы фӕдыл ӕмбырдтӕ цы фыстӕг райстой, уымӕй бӕрӕг уыд, разамонӕг советмӕ кӕй уыди, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад (Хъуыд. 15:11, 25–29; Гал. 5:22, 23).

6 Дыккаг та уый, ӕмӕ разамонӕг советӕн ӕххуыс кодтой зӕдтӕ. Дзырдӕн, Корнилий донаргъуыд куы нӕма райста, уӕд ын зӕд загъта, цӕмӕй апостол Петры бацагуырдтаид. Петр сӕм хӕдзармӕ куы ’рбацыд ӕмӕ сын хорз хабар куы радзырдта, уӕд Корнилийы бинонтӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, кӕд дзы иу нӕлгоймаг дӕр сунӕтгонд нӕ уыди, уӕддӕр. Афтӕмӕй Корнилий сси ӕндӕр адӕмтӕй фыццаг чырыстон. Уыцы хабар апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕн фадат уа чырыстон фӕндагыл ӕрлӕууынӕн, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 11:13–18). Зӕдтӕ ма разамонӕг советӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй хорз хабар дӕрдтыл апарахат уыдаид (Хъуыд. 5:19, 20). Ӕртыккаг, разамонӕг совет архайдта Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Исты ахуырӕдты фӕдыл-иу сӕм фарстатӕ куы фӕзынди кӕнӕ-иу ӕмбырдтӕн цавӕрдӕр разамынд раттын куы хъуыди, уӕд-иу алы хатт дӕр Фыстадмӕ ӕркастысты (Хъуыд. 1:20–22; 15:15–20).

7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕн разамынд Йесо лӕвӕрдта?

7 Кӕд разамонӕг советмӕ стыр бартӕ уыди, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбӕрстой, сӕ Разамонӕг Чырысти кӕй у. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй ӕмбырдӕн апостолтӕ Чырысти радта. Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм, буарӕн йӕ сӕр Чырыстийы дӕлбар уӕвгӕйӕ» (Еф. 4:11, 15). Ахуыргӕнинӕгтӕ-иу сӕхи цавӕрдӕр апостолы фӕдылдзӕуджытыл нӕ нымадтой. Уыдон уыдысты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис, зӕгъгӕ сӕ «Хуыцауы фӕндӕй... схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыд. 11:26). Павел ӕмбӕрста, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ дӕттынц, уыдонмӕ хъусын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр [уыимӕ разамонӕг советы алкӕмӕн дӕр] йӕ хицау у Чырысти... Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:2, 3). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн кӕй бабар кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдтаид.

«АЦЫ ХЪУЫДДАГ АДӔЙМАГӔЙ НӔУ, ФӔЛӔ ХУЫЦАУӔЙ»

8, 9. Ӕфсымӕр Расселл 19 ӕнусы кӕрон цавӕр ахсджиаг куыст кӕнын райдыдта?

8 19 ӕнусы кӕрон Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ архайын райдыдтой, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй хорз хабар алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм базыдтаиккой, уый тыххӕй 1884 азы арӕзт ӕрцыд Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад *. Йӕ президент уыди ӕфсымӕр Расселл. Расселл зӕрдиагӕй Библи иртӕста ӕмӕ ныфсджынӕй хурмӕ калдта аргъуанты мӕнг ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, Троицӕйы тыххӕй ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ. Уый бамбӕрста, Чырыстийы ӕрцыд йӕхи цӕстӕй кӕй ничи фендзӕн ӕмӕ 1914 азы «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» кӕй фӕуыдзӕн (Лук. 21:24). Ацы хабӕрттӕ адӕмӕн фехъусын кӕныны тыххӕй Расселл йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йе ’хца ӕппындӕр не ’вгъау кодта. Бӕрӕг у, уыцы рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ӕмбырдтӕн разамынд ӕфсымӕр Расселлы уылты кӕй лӕвӕрдтой.

9 Ӕфсымӕр Расселл йӕхицӕн кад никуы агуырдта. 1896 азы ныффыста: «Мах нӕхицӕн кад ӕмӕ цыт нӕ агурӕм, стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы ныффыссӕм, уыдон адӕм арвмӕ исой. Стӕй уымӕ нӕ бӕллӕм, ӕмӕ нӕм иннӕтӕ, „Дӕ бӕрзонддзинад“ кӕнӕ „Равви“, зӕгъгӕ, дзурой. Нӕдӕр нӕ уый фӕнды, цӕмӕй исчи йӕхи махӕй искӕй фӕдылдзӕуӕгыл нымайа». Фӕстӕдӕр ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, «ацы хъуыддаг адӕймагӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй».

10. а) Чырысти «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кӕд снысан кодта? б) Ӕфсымӕртӕ куыд бамбӕрстой, Разамонӕг совет ӕмӕ Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнад иу цыдӕр кӕй нӕу?

10 Ӕфсымӕр Расселл амард 1916 азы. Ӕртӕ азы фӕстӕ, 1919 азы, Йесо снысан кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары». Цӕмӕн? Цӕмӕй йын йӕ хӕдзаронтӕн «хӕринаг афоныл дӕтта» (Матф. 24:45). Уыцы рӕстӕджы, Бруклины (Нью-Йорк) сӕйраг хайады цы сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд лӕггад кодта, уыдон Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цӕттӕ кодтой ӕмӕ лӕвӕрдтой уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Дзырдбаст «разамонӕг совет» нӕ публикациты фыссын райдыдтой 1940-ӕм азты. Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ разамонӕг совет ӕмӕ Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад иу цыдӕр кӕй у. Фӕлӕ 1971 азы ӕфсымӕртӕ бамбарын кодтой, уый афтӕ кӕй нӕу. Ӕмӕ Разамонӕг совет юридикон хъуыддӕгтӕм ницыуал бар дардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Разамонӕг советы ис, Ӕхсӕнады директортӕ чи не сты, ӕрмӕстдӕр ахӕм сӕрст ӕфсымӕртӕ. Фӕстаг рӕстӕг Ӕхсӕнады директорты советы ӕмӕ ма нӕ организацийы цы корпорацитӕ ис, уым лӕггад кӕнынц бӕрнон ӕфсымӕртӕ «ӕндӕр фыстӕй». Разамонӕг совет та йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ахуыр кӕна ӕмӕ сын разамынд дӕтта (Иоан. 10:16; Хъуыд. 6:4). 2013 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бамбарын кодтой, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд ӕмӕ уыдон кӕй сты Разамонӕг совет.

Разамонӕг совет, 1950-ӕм азтӕ

11. Разамонӕг совет уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссы?

11 Разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон алы къуыри дӕр фембӕлынц, цӕмӕй-иу ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссой. Афтӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнынц ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад (Ӕмб. 20:18). Афӕдзы дӕргъы сӕ иу вӕййы уыцы фембӕлды сӕрдариуӕггӕнӕг, ӕмӕ азӕй-азмӕ уыцы хӕс радгай феххӕст кӕнынц. Уымӕй бӕрӕг у, се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон бартӕ кӕй ис (1 Пет. 5:1). Разамонӕг советы бӕрны цы ӕхсӕз комитеты ис, уыдоны дӕр уыцы ӕфсымӕртӕ сӕрдариуӕггӕнӕджы хӕстӕ азӕй-азмӕ радгай феххӕст кӕнынц. Уыцы ӕфсымӕртӕй иу дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ иннӕтӕн разамонӕг у. Уыдонӕй алчидӕр йӕхи нымайы, ӕууӕнкджын цагъар хӕринаг кӕмӕн дӕтты, уыцы «хӕдзаронтӕй» иуыл, ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ хъусы.

Ӕууӕнкджын цагъар 1919 азы нысангонд куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн цӕттӕ кӕны уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

«ЧИ У УЫЦЫ ӔУУӔНКДЖЫН ӔМӔ ЗОНДДЖЫН ЦАГЪАР»?

12. Дарддӕр цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

12 Разамонӕг советӕн сыгъдӕг тых цавӕрдӕр хабӕрттӕ диссаджы хуызы нӕ раргом кӕны, стӕй уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕрӕдигӕ дӕр не сты. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр ахуырад раст ма бамбарын кӕной кӕнӕ бынтон раст уынаффӕ ма рахӕссой. Зӕгъӕм, «Индекс публикаций Сторожевой башни»-йы сӕргонды «Уточнение в понимании» ссарӕн ис, 1870 азӕй фӕстӕмӕ цы ахуырӕдтӕ фӕбӕлвырддӕр кодтам, уыдон. Уӕвгӕ, Чырысти дӕр афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъар цы хӕринаг дӕтдзӕн, уымӕ фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ уӕд цавӕр дзуапп раттӕн ис Йесойы фарстайӕн: «Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?» (Матф. 24:45). Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы цагъар у Разамонӕг совет? Ӕркӕсӕм-ма, фыццаг ӕнусы разамонӕг советӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы ӕххуыс кодтой, уыдон абон дӕр Разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕ.

13. Сыгъдӕг тых Разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кӕны?

13 Сыгъдӕг тых сын ӕххуыс кӕны. Сыгъдӕг тых Разамонӕг советӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу бамбарой, раздӕр кӕй не ’мбӕрстой, уыцы ахуырӕдтӕ. 12 абзацы ской кодтам, кӕцыдӕр ахуырӕдтӕ кӕй фӕбӕлвырддӕр кодтам, уый тыххӕй. Уыцы ахуырӕдтӕ сты «Хуыцауы арф зонд», ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй йӕ бон ницы хуызы суыдаид уыцы ахуырӕдтӕ бамбарын кӕнӕ сӕ искӕмӕн бамбарын кӕнын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:10.) Разамонӕг совет разы у апостол Павелы ныхӕстимӕ: «[Мах] уын дзургӕ дӕр уыдӕтты тыххӕй кӕнӕм, ӕрмӕст, адӕймаджы зонды фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм зондджын ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ, сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм ныхӕстӕй» (1 Кор. 2:13). Ӕнусты дӕргъы адӕм уыдысты мӕнг ахуырӕдты уацары ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы нӕ зыдтой. Фӕлӕ 1919 азӕй фӕстӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Ӕмӕ Йегъовӕ Разамонӕг советӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд уымӕн гӕнӕн нӕ уыдаид.

14. Раргомады 14:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ абон зӕдтӕ Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

14 Зӕдтӕ сын ӕххуыс кӕнынц. Абон Разамонӕг совет кӕны стыр куыст: аст милуан хъусынгӕнӕгӕй фылдӕрӕн дӕтты разамынд, цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной. Уыцы хъуыддаг размӕ цӕй фӕрцы цӕуы? Зӕгъӕм, зӕдтӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы. (Бакӕс Раргомад 14:6, 7.) Бирӕ хӕттыты-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу хъусынгӕнджытӕ зӕдты разамындӕй ӕрбацыдысты, уыцы рӕстӕг-иу Хуыцауӕй ӕххуыс чи куырдта, ахӕм адӕймагмӕ! Стӕй кӕд иуӕй-иу бӕстӕты нӕ ныхмӕ карзӕй цӕуынц, уӕддӕр нын хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы бирӕ ӕнтысы. Зӕдтӕ нын куы не ’ххуыс кӕниккой, уӕд уымӕн гӕнӕн нӕ уаид.

15. Разамонӕг совет чырыстон динты разамонджытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ архайынц. (Бакӕс Иоанны 17:17.) Ӕркӕсӕм-ма, 1973 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цы фарстайыл цыд, уымӕ: «Йӕ тамако чи нӕ ныууагъта, уыдонӕн сӕ бон донаргъуыд райсын у?» Йӕ дзуапп уыди ахӕм: «Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй нӕ». Дарддӕр дзы цалдӕр стихы фӕрцы бамбарын кодтой, йӕ тамако ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый (1 Кор. 5:7; 2 Кор. 7:1). Фыст дзы уыд: «Чи зоны, уый искӕмӕ ӕгӕр карз хъуыддаг фӕкӕса. Фӕлӕ уый адӕм не ’рымысыдысты – уый у, Хуыцау йӕ Ныхасы кӕй ныффыссын кодта, уыцы уагӕвӕрд». Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм дин ис, ӕмӕ дзы алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ архайой, уый сӕ адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕддӕр? Ӕрӕджы Иугонд Штатты динты тыххӕй цы чиныг рацыд, уым фыст ис: «Чырыстон динты разамонджытӕ сӕхи адӕмы ӕмӕ иннӕ адӕмы зӕрдӕтӕ балхӕныны тыххӕй арӕх сӕ ахуырӕдтӕ фӕивынц». Уыдонӕй уӕлдай Разамонӕг совет адӕмы зондыл нӕ цӕуы, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ архайы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕхӕдӕг кӕй дӕтты разамынд.

«МА РОХ КӔНУТ, РАЗАМЫНД УЫН ЧИ ДӔТТЫ... УЫДОНЫ»

16. Разамонӕг совет кӕй нӕ рох кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16 Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ма рох кӕнӕм», разамынд нын чи дӕтты, уыдоны. Уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, зӕгъӕм, Разамонӕг советы тыххӕй куы кувӕм, уӕд (Еф. 6:18). Ахъуыды-ма кӕнӕм, сӕ бӕрны цас хъуыддӕгтӕ ис, ууыл: уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нын дӕттынц, ӕгас дунейы хъусын кӕныны хъуыддагмӕ сӕ хъус дарынц ӕмӕ нӕ организацийы мысайнӕгтӕн дзуапп дӕттынц. Уӕдӕ ӕдзухдӕр уыдоны тыххӕй куыннӕ хъуамӕ кувӕм!

17, 18. а) Разамонӕг советы разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг? б) Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕууӕнкджын цагъарӕн ӕмӕ Йесойӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?

17 Разамонӕг совет кӕй нӕ рох кӕнӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, йӕ разамындмӕ йын куы хъусӕм, уӕд. Разамынд та нын дӕтты публикациты, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты уылты. Уымӕй уӕлдай ма снысан кӕны районон цӕстдарджыты, уыдон та снысан кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгты. Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Разамонӕг совет кӕй нӕ рох кӕнынц, уый бӕрӕг у, алкӕддӕр ын йӕ разамындмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайынц, уымӕй. Нӕ Разамонӕг Чырысти нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй йын кад кӕнӕм (Дзут. 13:17).

18 Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уымӕй дӕр ӕвдисӕм, Разамонӕг совет кӕй нӕ рох кӕнӕм. Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй, йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны уырнындзинад фӕзмой. Ӕууӕнкджын цагъарӕн фидар уырнындзинад кӕй ис, уый бӕрӕг у, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕны ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уымӕй. Мах дӕр сын ацы ахсджиаг хъуыддаджы ӕххуыс кӕнӕм? Кӕд о, уӕд Чырысти махӕн дӕр зӕгъдзӕн ацы ныхӕстӕ: «Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (Матф. 25:34–40).

19. Цӕмӕн дӕ фӕнды нӕ Разамонӕг Чырыстийы фӕдыл цӕуын?

19 Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты нӕ ферох кодта (Матф. 28:20). Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын сыгъдӕг тых, зӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхас разамынд дӕттынӕн ӕххуыс кодтой. Ӕмӕ абон йӕхӕдӕг дӕр афтӕ ӕххуыс кӕны ӕууӕнкджын цагъарӕн. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Рарг. 14:4). Ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд афтӕмӕй цӕудзыстӕм нӕ Разамонӕг Чырыстийы фӕдыл. Чырысти нӕ тынг тагъд бакӕндзӕн, ӕнустӕм кӕм цӕрдзыстӕм, уыцы ног дунемӕ (Рарг. 7:14–17). Зӕххыл иу разамонӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕрдӕ ахӕм фидӕнӕй бавӕрын!

^ 3 абз. Куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй дыууадӕс апостолы суыдаиккой, Ног Иерусалимы бындуры чи хъуамӕ уыдаид, уыцы «дыууадӕс дуры» (Рарг. 21:14). Ӕмӕ уыцы иузӕрдион апостолтӕй исчи куы амардаид, уӕд йӕ бӕсты ӕндӕры ӕвӕрын нӕ хъуыдаид.

^ 8 абз. 1955 азӕй фӕстӕмӕ хуыйны Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад (Пенсильвани).