Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»

«Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»

«Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн» (МАТФ. 5:33).

ЗАРДЖЫТӔ: 124, 51

1. а) Йеффай ӕмӕ Аннӕмӕ иумӕйагӕй цы уыд? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.) б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

ЙЕФФАЙ уыд хъӕбатыр хӕстон ӕмӕ разамонӕг. Аннӕ уыд хорз бинойнаг ӕмӕ хӕдзары хорз ӕфсин. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ ма сӕм уымӕй уӕлдай иумӕйагӕй цы уыд? Йеффай дӕр ӕмӕ Аннӕ дӕр Йегъовӕйӕн дзырд радтой, ӕмӕ дзы иу дӕр йӕ ныхас нӕ фӕсайдта. Уыдон фӕзминаг сты, абон Йегъовӕйӕн дзырд чи ратты, уыдонӕн. Уӕдӕ уый фӕдыл ӕркӕсӕм ахӕм фарстатӕм: Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Стӕй Йеффай ӕмӕ Аннӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2, 3. Библийӕ дзырд раттыны тыххӕй цы ис базонӕн?

2 Библийы дзырд раттыны кой кӕм ис, уым фӕамоны, адӕймаг-иу Хуыцауӕн цы дзырд ратта, уымӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн-иу загъта, цыдӕр кӕй сараздзӕн, цыдӕр ын кӕй балӕвар кӕндзӕн, цавӕрдӕр хуызы лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн кӕнӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кӕндзӕн. Ахӕм дзырд раттын адӕймаджы хъуамӕ йӕхи бафӕнда. Хъуамӕ йын ӕй тыххӕй мачи раттын кӕна. Фӕлӕ йӕ иугӕр радта, уӕд уыцы хъуыддаг Йегъовӕ тынг ахсджиагыл нымайы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕна. Библимӕ гӕсгӕ, дзырд раттын сомы ракӕнынӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаг сомы ракӕны, цыдӕр кӕй сараздзӕн кӕнӕ кӕй нӕ сараздзӕн, уый номыл (Райд. 14:22, 23; Дзут. 6:16, 17). Цымӕ Библи цы зӕгъы, Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

3 Моисейы закъоны фыст ис: «Адӕймаг Йегъовӕйӕн дзырд куы ратта кӕнӕ... куы расомы кӕна... уӕд хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайа. Цыдӕриддӕр загъта, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕна» (Ным. 30:2). Фӕстӕдӕр та Соломон ныффыста: «Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн» (Еккл. 5:4). Йесойы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйӕн цы дзырд ратты, уый сӕххӕст кӕнын ахсджиаг кӕй у: «Рагон адӕмӕн... уыд загъд: „Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн“» (Матф. 5:33).

4. а) Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? б) Йеффайы ӕмӕ Аннӕйы тыххӕй цы базондзыстӕм?

4 Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ вӕййы. Уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй кӕнгӕ у, Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дардзӕн, уый. Давид уыцы хъуыды хорз бамбарын кодта: «Кӕй бон у Йегъовӕйы хохмӕ схизын, кӕй бон у йӕ сыгъдӕг бынатмӕ ссӕуын? ...Мӕнг сомытӕ чи нӕ кодта, уымӕн» (Пс. 24:3, 4). Йеффай ӕмӕ Аннӕ Хуыцауӕн цавӕр дзырд радтой? Ӕнцон сын уыд, цы дзырд радтой, уый сӕххӕст кӕнын?

ХУЫЦАУӔН ЦЫ ДЗЫРД РАДТОЙ, УЫЙ СӔХХӔСТ КОДТОЙ

5. Йеффай куыд расомы кодта ӕмӕ хабар куыд рауад?

5 Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта, аммонӕгтимӕ, Хуыцауы адӕмы знӕгтимӕ, схӕцинаг куы уыд, уӕд (Тӕрх. 10:7–9). Лӕгъстӕ йын кодта, цӕмӕй йын сӕ йӕ къухмӕ радтаид, ӕмӕ расомы кодта: «Кӕд мын Аммоны фыртты мӕ къухмӕ раттай ӕмӕ Аммоны фырттӕй фӕстӕмӕ фарнимӕ ӕрыздӕхон, уӕд, мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ чи рацӕуа, уый уыдзӕн Йегъовӕйы». Хуыцау ын йӕ куывдӕн дзуапп радта – Йеффай йе знӕгтыл фӕуӕлахиз. Ӕмӕ сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ иунӕг чызг йӕ размӕ рацыд, ӕмӕ хъуамӕ уый суыдаид Йегъовӕйы (Тӕрх. 11:30–34). Цымӕ уый чызджы цардыл куыд фӕзындаид?

6. а) Йеффай ӕмӕ йӕ чызгӕн ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид, Йеффай цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнын? б) Дыккаг закъоны 23:21, 23 стихты ӕмӕ Псаломы 15:4 стихы фыст ныхӕстӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

6 Цӕмӕй Йеффайы чызг, йӕ фыд цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ иууылдӕр лӕвӕрдтаид Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынӕн. Цымӕ Йеффай, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, ууыл нӕ ахъуыды кодта? Уый афтӕ нӕу. Йеффай йӕ ӕмбӕрстаид, уый гӕнӕн дӕр кӕй ис, ӕмӕ фыццаг йӕ размӕ йӕ чызг рацӕуа. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста ӕви нӕ, уӕддӕр йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын йӕ чызгӕн дӕр ӕмӕ йӕхицӕн дӕр ӕнцон нӕ уыдаид. Йеффай йӕ чызджы куы федта, уӕд ын загъта, мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ йӕ чызг ацыд, цӕмӕй, «чындзы кӕй никуы ацӕудзӕн, ууыл фӕкуыдтаид». Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Йеффайӕн фырт нӕ уыд. Ӕмӕ ныр йӕ иунӕг чызг дӕр мой нал скӕндзӕн ӕмӕ йын цот дӕр никуы уыдзӕн. Йеффайы мыггаг хъуамӕ ууыл аскъуыдаид. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕмбӕрстой, ӕппӕты сӕйраг уый кӕй нӕу. Йеффай загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн дзырд радтон, ӕмӕ йӕ мӕ бон фӕсайын нӕу». Йӕ чызг та загъта: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн» (Тӕрх. 11:35–39). Йеффай ӕмӕ йӕ чызг Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион, ӕмӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, цӕмӕй, Йеффай Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый ма сӕххӕст кодтаиккой, цыфӕнды зын сын ма уыдаид, уӕддӕр. (Бакӕс Дыккаг закъон 23:21, 23; Псалом 15:4.)

7. а) Аннӕ цавӕр дзырд радта ӕмӕ цӕмӕн? Уый фӕстӕ цы ’рцыд? б) Аннӕ цы дзырд радта, уый Самуилы цардыл куыд фӕзынд? (Кӕс фиппаинаг.)

7 Аннӕ дӕр Йегъовӕйӕн дзырд радта, сагъӕстӕ йын ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уыцы рӕстӕг. Аннӕ тынг маст кодта, уымӕн ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ нӕ уыд, стӕй ма йын йӕ лӕджы иннӕ ус дӕр ӕдзух ӕлхыскъ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ риссын кодта (1 Сам. 1:4–7, 10, 16). Аннӕ, цӕуыл маст кодта, уый Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ йын дзырд радта: «О ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, кӕд дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕсай ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕнай, кӕд нӕ ферох кӕнай дӕ цагъары ӕмӕ йын лӕппу радтай, уӕд ӕй ӕз йӕ цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн нӕ андзӕвдзӕн» (1 Сам. 1:11) *. Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Аннӕйӕн иу азы фӕстӕ райгуырд лӕппу. Аннӕйы цинӕн ма кӕрон кӕм уыди! Фӕлӕ Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый дзы рох нӕ уыд, ӕмӕ йын лӕппу куы райгуырд, уӕд загъта: «Ӕз ӕй Йегъовӕйӕ ракуырдтон» (1 Сам. 1:20).

8. а) Аннӕйӕн йӕ дзырд сӕххӕст кӕнын ӕнцон уыдаид? б) Давид 61-ӕм псаломы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон кӕсгӕйӕ цӕмӕн ис Аннӕйыл ахъуыды кӕнӕн?

8 Самуилыл иу-ӕртӕ азы куы цыд, уӕд Аннӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта. Йӕ лӕппуйы Силоммӕ Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбакодта ӕмӕ хистӕр сауджын Илийӕн загъта: «Мӕнӕ ацы лӕппуйы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, цы дзы куырдтон, уый. Ӕмӕ йӕ ныр ӕз дӕттын Йегъовӕйӕн. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы» (1 Сам. 1:24–28). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Самуил цард Хуыцауы цатыры. Уым «гыццыл Самуил... стыр кодта Йегъовӕйы раз» (1 Сам. 2:21). Аннӕйӕн йӕ дзырд сӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ уыдаид. Йӕ хъӕбул уыд йӕ цӕстырухс, фӕлӕ йын ныр уый фадат нал уыд, цӕмӕй алы бон дӕр йемӕ рӕстӕг ӕрвыстаид ӕмӕ, куыд стыр кӕны, уый уыдтаид. Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг ӕй фӕндыдаид йӕ гыццыл лӕппуйы йӕ фӕлмӕн уарзтӕй барӕвдауын, йемӕ ахъазын йе та йын истытӕ бацамонын. Фӕлӕ уӕддӕр Аннӕ, йӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодта, ууыл нӕ фӕсмон кодта. Уыцы сылгоймагӕн Йегъовӕ уыд «йӕ зӕрдӕйы стыр цин» (1 Сам. 2:1, 2; бакӕс Псалом 61:1, 5, 8).

Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕныс?

9. Дарддӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

9 Уӕдӕ федтам, Хуыцауӕн дзырд раттынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Ныр та аныхас кӕнӕм ахӕм фарстатыл: чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй раттынц дзырд? Цы дзырд радтам, уый сӕххӕст кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

ДӔХИ ХУЫЦАУӔН КУЫ СНЫВОНД КОДТАЙ, УӔД ЦЫ ДЗЫРД РАДТАЙ, УЫЙ

Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодтай (кӕс 10 абзац)

10. Чырыстӕттӕ дзырд цы хъуыддӕгты тыххӕй раттынц, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕцы у ӕмӕ уый сӕ цардыл куыд фӕзыны?

10 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд уый йӕ царды вӕййы ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф. Хуыцаумӕ хибарӕй скувы ӕмӕ йын дзырд ратты, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын ӕнустӕм кӕй лӕггад кӕндзӕн. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг йӕхи тыххӕй нал фӕцӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй, ома йын уый свӕййы ӕппӕты сӕйрагдӕр (Матф. 16:24). Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы у (Ром. 14:8). Мах уыцы дзырд раттынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Не ’ппӕт дӕр разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн? Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн, сӕххӕст сӕ кӕндзынӕн йӕ адӕмы раз» (Пс. 116:12, 14).

11. Донаргъуыд кӕй райстай, уымӕй цы равдыстай?

11 Ды дӕр дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай? Кӕд о, уӕд уый тынг хорз у! Хъуыды ма йӕ кӕныс, донаргъуыды фӕдыл раныхас кӕмӕн уыди, уыцы ӕфсымӕр ахӕм фарста куы радта, зӕгъгӕ, дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай? Стӕй загъта: «Ды Хуыцауӕн дзырд радтай, ӕмӕ ныр донаргъуыд куы райсай, уӕд суыдзынӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ уыдзынӕ, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийы. Ӕмбарыс ӕй, уый цы нысан кӕны?» Уыцы фарстайӕн, о, зӕгъгӕ, дзуапп куы радтай, уӕд, уым чидӕриддӕр уыди, уыдон базыдтой, дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕй дӕ. Уыцы бон дӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куыннӕ барухс!

12. а) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? б) Петр нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

12 Фӕлӕ хабар донаргъуыдыл нӕ ахицӕн вӕййы. Уый фӕстӕ дӕр нӕ фӕфӕнды, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Донаргъуыд куы райстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс дӕн? Ныр дӕр ма йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын? (Кол. 3:23). Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувын? Библи алы бон дӕр фӕкӕсын? Алы ӕмбырды дӕр вӕййын? Мӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусын кӕнын? Ӕви ацы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕры афтӕ зынгзӕрдӕйӕ нал архайын?» Апостол Петры ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у: цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нӕ лӕггады ӕнтыстджын нал стӕм, уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕм уа фылдӕр уырнындзинад, зонындзинӕдтӕ, фидардзинад, стӕй Хуыцауыл ноджы иузӕрдиондӕр уӕм. (Бакӕс 2 Петры 1:5–8.)

13. Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уый цы хъуамӕ ӕмбара?

13 Кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтам, кӕй йын лӕггад кӕндзыстӕм, уӕд ӕй нӕ бон аивын нал у. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй кӕнӕ чырыстон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрынӕй чи сфӕлмӕцыд, уымӕн йӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, зӕгъгӕ, ӕцӕгӕй Хуыцауӕн мӕхи никуы снывонд кодтон ӕмӕ мӕ донаргъуыд ӕцӕг донаргъуыдыл дӕр нымайӕн нӕй *. Куыдфӕнды ма уа, донаргъуыд кӕй райста, уый алкӕмӕн дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн снывонд кодта. Ахӕм адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд дзуапп дӕтдзӕн Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ ӕмбырды раз дӕр (Ром. 14:12). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йесо искуы зӕгъа, райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нын зӕгъа: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый дӕр» (Рарг. 2:4, 19). Фӕнды нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй.

ДӔ ЦАРДӔМБАЛӔН ЦЫ ДЗЫРД РАДТАЙ, УЫЙ

Дӕ цардӕмбалӕн дзырд куы радтай (кӕс 14 абзац)

14. Адӕймаг ма цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы ратты дзырд ӕмӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Адӕймаг цы ахсджиагдӕр хъуыддӕгты ратты дзырд, уыдонӕй дыккаг у, йӕ цардӕмбалӕн дзырд кӕй ратты, уый. Бинонты цард у табуйаг. Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттынц, уӕд дзырд раттынц Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ, сӕ фарсмӕ чи вӕййы, уыцы адӕмы раз дӕр. Бирӕ бӕстӕты арӕх сӕ кӕрӕдзийӕн дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, кӕрӕдзийӕн аргъ ӕмӕ кад кӕй кӕндзысты, «цалынмӕ а-зӕххыл цӕрынц, уӕдмӕ, Хуыцау ӕмкъайадӕн цы уаг сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ». Чидӕртӕ, чи зоны, раст ахӕм ныхӕстӕ нӕ фӕзӕгъынц, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы раз дзырд раттынц. Кӕрӕдзийӕн ахӕм дзырд куы раттынц, уӕд свӕййынц лӕг ӕмӕ ус. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ, бинонтӕ хъуамӕ иумӕ уой цард-цӕрӕнбонты (Райд. 2:24; 1 Кор. 7:39). Йесо загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд». Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, нӕ бинонты цард куы нӕ ацӕуа, уӕд ахицӕн уыдзыстӕм, зӕгъгӕ (Мар. 10:9).

15. Чырыстӕттӕ бинонты цардмӕ ацы дунейы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсой?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххыл иу ӕххӕст адӕймаг дӕр нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй иу ӕххӕст бинонтӕ дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ Библи зӕгъы, алы бинонтӕн дӕр хаттӕй-хатт сӕ царды кӕй уыдзӕн зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28). Хъыгагӕн, ацы дунейы бирӕтӕ бинонты цардмӕ кӕсынц уӕлӕнгай цӕстӕй. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, сӕ цард куы нӕ ацӕуа, уӕд сӕ бон у сӕ цардӕмбалы ныууадзын. Фӕлӕ чырыстӕттӕ бинонты цардмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уыдон ӕй ӕмбарынц, дзырд Хуыцауы раз кӕй радтой. Ӕмӕ уыцы дзырдӕн хицау куы нӕ разыной, уӕд афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы асайдтой. Хуыцау та, сайгӕ чи кӕны, уыдонӕй йе сӕфт уыны (Лев. 19:12; Ӕмб. 6:16–19). Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой апостол Павелы ныхӕстӕ: «Ус дын ис? Уӕд ма архай, куыд дзы фервӕзай, ууыл» (1 Кор. 7:27). Павел афтӕ фидарӕй уымӕн дзырдта, ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы ӕмӕ дзы куы ахицӕн вӕййы, уымӕй (Мал. 2:13–16).

16. Библи хицӕн кӕныны ӕмӕ хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй цы зӕгъы?

16 Йесо дзырдта, Фыстадмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕй ис, ӕрмӕстдӕр сӕ искӕмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа ӕмӕ йын йӕ цардӕмбал куы нӕ ныххатыр кӕна, уӕд (Матф. 19:9; Дзут. 13:4). Цы ис зӕгъӕн хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй та? Библийы уый фӕдыл дӕр ис амындтӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11.) Библийы бӕлвырдӕй нӕй фыст, хицӕнтӕй цӕрӕн цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй ис, уый. Фӕлӕ кӕцыдӕр уавӕрты чырыстон, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕна, йӕ цардӕмбалӕй ацӕуыны бар ын кӕй ис, зӕгъӕм, йӕ цардӕмбал ӕй тынг куы ’фхӕра ӕмӕ йӕм йӕ къух куы иса кӕнӕ та раст дин куы ныууадза, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй йӕ цардӕн кӕнӕ йӕ уырнындзинадӕн тынг тӕссаг куы уа, уӕд *.

17. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ бинонты цард макуы фехӕла?

17 Хатт лӕг ӕмӕ ус хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ бацӕуынц. Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ сын зӕгъой, хорз кӕй уаид, кинонывмӕ «Цы у ӕцӕг уарзондзинад?» куы бакӕсиккой кӕнӕ иумӕ брошюрӕ «Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!» куы раиртасиккой. Цӕмӕн? Ацы кинонывы ӕмӕ брошюрӕйы ис Библийӕ хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ бинонты цардӕн стыр ӕххуыс сты. Иу лӕг ӕмӕ йӕ бинойнаг загътой: «Ацы брошюрӕ ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ амондджындӕр стӕм». 22 азы моймӕдзыд чи у, иу ахӕм хо зӕгъы, сӕ бинонты цард фехӕлынӕввонг кӕй уыд ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыцы кинонывмӕ кӕй бакаст. Уый зӕгъы: «Нӕ дыууӕ дӕр уыдыстӕм донаргъуыд чырыстӕттӕ, фӕлӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстам. Ацы киноныв рацыд йӕ тӕккӕ афоныл! Ныртӕккӕ нӕ бинонты цард у бирӕ хуыздӕр». Бӕрӕг у, лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзысты ӕмӕ бирӕ амондджындӕр уыдзысты.

СӔРМАГОНД ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ ЦЫ ДЗЫРД РАТТЫНЦ, УЫЙ

18, 19. а) Чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ куыд бакодтой? б) Сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ цы дзырд раттынц, уымӕ цы хауы?

18 Гыццыл раздӕр ныхас кодтам, Йеффай ӕмӕ Аннӕ сӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодтой, ууыл. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йеффайы чызг ӕмӕ Аннӕйы лӕппу цӕрӕнбонты Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кодтой. Абон чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕтты баразӕнгард кодтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ уыцы лӕггад сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрынмӕ. Ӕмӕ махӕн не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у ӕрыгӕттӕй ӕппӕлын, Хуыцауӕн афтӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй (Тӕрх. 11:40; Пс. 110:3).

Сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг куы сдӕ (кӕс 19 абзац)

19 Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты ӕппӕтдунеон ордены ис 67 000 лӕггадгӕнӕджы. Чидӕртӕ сӕ лӕггад кӕнынц Вефилты, районон цӕстдарджытӕй, сӕрмагонд пионертӕй, миссионертӕй, аразджытӕй, зилынц Конгрессты залтӕм ӕмӕ, скъолатӕ кӕм фӕцӕуынц, уыцы агъуыстытӕм. Иннӕтӕ лӕггад кӕнынц алыхуызон скъолаты ахуыргӕнджытӕй, зӕгъӕм, фӕуадзынц Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола, Хистӕр нӕлгоймӕгты скъола ӕмӕ Скъола цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн. Алчидӕр сӕ дзырд радта, коммӕгӕс кӕй уыдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕй кӕндзӕн. Уыдон цӕттӕ сты Йегъовӕйы хъуыддаджы цыфӕнды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ дӕр, сты бонзонгӕ ӕмӕ сын бар куы нӕ радтой, уӕд кусгӕ никуы фӕкӕнынц. Сӕрмагонд лӕггадгӕнджытӕ кӕй хуыйнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕхӕдӕг цӕмӕйдӕр хицӕн кӕнынц кӕнӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты. Сӕ лӕггад хицӕн кӕны иннӕты лӕггадӕй. Уыдоны фидарӕй фӕнды сӕ дзырд ӕххӕст кӕнын, цалынмӕ сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ сты, уӕдмӕ.

20. «Алы бон дӕр» цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

20 Ацы статьяйы ӕркастыстӕм, Хуыцауӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы раттӕм дзырд, уымӕ. Чи зоны, ды дӕр ацы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕры дзырд радтай. Мах ӕй зонӕм, цы дзырд радтам, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайӕм (Ӕмб. 20:25). Хуыцауы раз цы дзырд радтам, уый куы нӕ сӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, стыр зиан ӕрхӕсса (Еккл. 5:6). Цӕй ӕмӕ уӕм псаломзарӕггӕнӕджы хуызӕн. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Ӕз... ӕнустӕм зардзынӕн дӕ номӕн, цӕмӕй мӕ сомытӕ алы бон дӕр ӕххӕст кӕнон» (Пс. 61:8).

^ 7 абз. Аннӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, фырт ын куы райгуыра, уӕд ӕй Йегъовӕйӕн кӕй ратдзӕн ӕмӕ цӕрӕнбонты назорейӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ уыдаид нывондгонд ӕмӕ хибаргонд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (Ным. 6:2, 5, 8).

^ 13 абз. Цалынмӕ адӕймаг донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ йемӕ алыхуызон хабӕрттыл аныхас кӕной, цӕмӕй йӕ бамбарой, донаргъуыд раттын ын ӕмбӕлы ӕви нӕ. Ӕмӕ уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты тынг стӕм хатт бахъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, зӕгъгӕ, йӕ донаргъуыдӕн тых нӕй.