Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрлидзджытӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной

Ӕрлидзджытӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной

«Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты» (ПС. 146:9).

ЗАРДЖЫТӔ: 17, 109

1, 2. а) Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? б) Уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

«БУРУНДИЙЫ хӕст куы райдыдта, уӕд нӕ бинонтимӕ уыдыстӕм конгрессы,– дзуры ӕфсымӕр Лийе.– Адӕм кӕдӕмдӕр лыгъдысты, алырдыгӕй хъуысти гӕрӕхтӕ. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй ма амардтаиккой, уый тыххӕй мӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ мӕ дӕс хо ӕмӕ ’фсымӕримӕ алыгъдыстӕм, немӕ бирӕ ницы рахастам, афтӕмӕй. Нӕ бинонтӕй чидӕртӕ бахӕццӕ сты Малавимӕ, лыгъд адӕмӕн дзы цы лагер уыд, уырдӕм. Цӕуын ӕм хъуыди 1 600 километры. Иннӕтӕ та алы рӕттӕм ныххӕлиу сты».

2 Ӕнӕхъӕн дунейы лыгъд адӕм сты 65 милуанӕй фылдӕр, ӕмӕ уыйбӕрц никуыма уыдысты. Сӕ хӕдзӕрттӕ сӕ ныууадзын бахъуыди хӕсты тыххӕй кӕнӕ, ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый тыххӕй *. Уыдонӕй мингӕйттӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Бирӕтӕн сӕ хиуӕттӕ фӕмард сты, стӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ исбон иууылдӕр фесӕфтой. Иуӕй-иутӕ ма ноджыдӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты? Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной цингӕнгӕйӕ», кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр? (Пс. 100:2). Ӕрлидзджытӕй Йегъовӕйы чи нӕма зоны, уыдонӕн нӕ бон куыд у хорз хабар хъусын кӕнын?

ӔРЛИДЗӔДЖЫ ЦАРД

3. Йесо, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ сӕ бӕстӕйӕ хауӕггаг цӕмӕн фесты?

3 Йегъовӕйы зӕд Иосифӕн куы загъта, паддзах Ирод Йесойы марынмӕ кӕй хъавы, уӕд Йесойы йӕ ныййарджытӕ райстой ӕмӕ Египетмӕ алыгъдысты. Ӕмӕ уым цардысты, цалынмӕ Ирод нӕ амард, уӕдмӕ (Матф. 2:13, 14, 19–21). Бирӕ азты фӕстӕ Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгты ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд «Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты» (Хъуыд. 8:1). Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты кӕй бахъӕудзӕн сӕ хӕдзӕрттӕй сыстын ӕмӕ алидзын. Уый загъта: «Иу горӕты уӕ фӕдыл куы зилой, уӕд лидзут иннӕмӕ» (Матф. 10:23). Адӕймаджы йӕ хӕдзар ныууадзын цӕйфӕнды тыххӕй ма бахъӕуа, уӕддӕр ын уый фылдӕр хатт ӕнцон нӕ вӕййы.

4, 5. а) Лыгъд адӕмӕн фӕндагыл тӕссаг цӕмӕй вӕййы? б) Ӕрлидзджытӕн лагеры цӕргӕйӕ тӕссаг цӕмӕй вӕййы?

4 Лидзын кӕй бахъӕуы, уыцы адӕмӕн тӕссаг вӕййы фӕндагыл дӕр, стӕй лыгъд адӕмы лагеры дӕр. Лийейы кӕстӕр ӕфсымӕр, Гад, дзуры: «Цӕуын нӕ бахъуыди цалдӕр къуырийы, ӕмӕ-иу фӕндагыл федтам тынг бирӕ мӕрдтӕ. Цыди мыл 12 азы. Мӕ къӕхтӕ афтӕ ныррӕсыдысты, ӕмӕ мӕ бинонтӕн загътон, цӕмӕй дарддӕр ӕнӕ мӕнӕй ацыдаиккой. Мӕ фыдӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, цӕмӕй мӕ змӕнтджытӕн ныууагътаид, ӕмӕ мӕ йӕхӕдӕг ахаста. Алы бон дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтам ӕмӕ йӕм куывтам, ӕмӕ хъуыды кодтам, абон искуыдтӕ фӕцӕрӕм, ӕмӕ та райсом исты уыдзӕн, зӕгъгӕ. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу, фӕндагыл цы манготӕ зад, уыдон йеддӕмӕ ницы хордтам» (Фил. 4:12, 13).

5 Лийейы бинонтӕн сӕ фылдӕр бирӕ азтӕ арвыстой, Иугонд Нациты Организаци лыгъд адӕмӕн кӕй скодта, уыцы лагерты. Фӕлӕ сын уым дӕр ӕдас нӕ уыд. Лийе ныр у районон цӕстдарӕг, ӕмӕ мӕнӕ куыд зӕгъы: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн куыст нӕ уыд. Кӕрӕдзийы фыдкой кодтой, нуӕзтой, ӕхцайыл хъазыдысты, давтой ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой». Цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл уыцы ӕвзӕр зондахаст ма фӕзындаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди ӕппӕт тыхтӕй ӕмбырды хъуыддӕгты архайын (Дзут. 6:11, 12; 10:24, 25). Цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид, уый тыххӕй сӕ рӕстӕгӕй раст пайда кодтой, зӕгъӕм, бирӕтӕ лӕггад кодтой пионертӕй. Ныфс сӕ уыди, лыгъд адӕмы лагеры рӕстӕгмӕ кӕй сты, кӕддӕр израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры рӕстӕгмӕ куыд уыдысты, афтӕ (2 Кор. 4:18).

ӔРЛИДЗДЖЫТЫ УАРЗӔМ

6, 7. а) Чырыстӕттӕ Хуыцауы кӕй уарзынц, уый сӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу се ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууой? б) Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны не ’фсымӕрты уарзынмӕ дӕр, уӕлдайдӕр та ӕвирхъау хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд. (Бакӕс 1 Иоанны 3:17, 18.) Фыццаг ӕнусы Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд уым цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ баххуыс кодтой (Хъуыд. 11:28, 29). Стӕй ма апостолтӕ Павел ӕмӕ Петр чырыстӕтты разӕнгард кодтой, цӕмӕй уазӕгуарзон уыдаиккой (Ром. 12:13; 1 Пет. 4:9). Кӕд чырыстӕттӕ, ӕмбырдтӕ чи фӕбӕрӕг кӕны, уыцы ӕфсымӕрты суазӕг кӕнынц, уӕд, йӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕн у кӕнӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыдонмӕ цас тынгдӕр хъуамӕ равдисой уазӕгуарзондзинад! (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:27.) *

7 Ӕрӕджы Украинӕйы скӕсӕн хайы мингай Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ алидзын, хӕст дзы кӕй цыд, стӕй сӕ ӕфхӕргӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Хъыгагӕн дзы чидӕртӕ фӕмард. Фӕлӕ сӕ фылдӕры суазӕг кодтой ӕфсымӕртӕ Украинӕйы иннӕ рӕтты, бирӕты та – хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Уӕрӕсейы. Уыцы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ никӕй фарс рахӕцыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, «ацы дунейӕ [кӕй] не сты», ӕмӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ «хъусын кодтой хорз хабар» (Иоан. 15:19; Хъуыд. 8:4).

ӔРЛИДЗДЖЫТӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ СӔ УЫРНЫНДЗИНАД МА ӔРЛӔМӔГЪ УА

8, 9. а) Ӕрлидзджытӕ ног бӕстӕйы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? б) Цӕмӕн сын фӕхъӕуы фӕразонӕй ӕххуыс кӕнын?

8 Иуӕй-иуты алидзын бахъӕуы сӕ бӕстӕйы иу ранӕй иннӕмӕ, фӕлӕ бирӕтӕ та лидзӕггаг фӕвӕййынц бынтон ӕндӕр, ӕнӕзонгӕ бӕстӕтӕм. Ӕмӕ сын, чи зоны, хицауад цавӕрдӕр хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ цӕрӕнбынат дӕр ратта, фӕлӕ, ахуыр кӕуыл уыдысты, ахӕм хӕринаг сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал уа. Хъарм бӕстӕтӕй уазал бӕстӕтӕм лидзӕггаг чи фӕвӕййы, уыдон уазалыл ахуыр нӕ вӕййынц, ӕмӕ, цы дарой, уый дӕр хатт нӕ фӕзонынц. Хъӕутӕй чи ралидзы, уыдон та, гӕнӕн ис, ма зоной, хӕдзары нырыккон техникӕйӕ куыд хъӕуы пайда кӕнын, уый.

9 Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад саразы программӕтӕ, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрлидзӕг адӕмӕн феххуыс кӕнынц, цӕмӕй ног уавӕртыл сахуыр уой. Фӕлӕ арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы программӕтӕм гӕсгӕ ӕрлидзджытӕ хъуамӕ цалдӕр мӕймӕ сӕхи дарынхъом суой. Уый сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг зын уа. Зӕгъӕм, хъӕуы сӕ ахуыр кӕнын ног ӕвзаг, ног закъӕттӕ, ног ӕгъдӕуттыл, хъалонтӕ ӕмӕ алыхуызон фидинӕгтӕ фидын, стӕй сывӕллӕтты фӕхъӕуы ног скъоламӕ цӕуын, ныййарджыты та фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕтты ӕндӕрхуызон хъомыл кӕнын. Иу ныхасӕй, хъуамӕ алцӕуыл дӕр сахуыр уой уыцы иу рӕстӕг! Ахӕм зындзинӕдтыл цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕмбӕлынц, уыдонӕн дӕ бон у фӕразонӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕнын? (Фил. 2:3, 4).

10. Нӕ бон куыд у ӕрлидзӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад бафидар кӕнын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Лидзӕггаг чи фӕвӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн хицауады домӕнты тыххӕй иуӕй-иу хатт зын вӕййы ӕмбырдтӕм цӕуын. Зӕгъӕм, ӕрлидзджытӕн чи феххуыс кӕны, уыцы организаци сын куыст ссары, ӕмӕ сын фӕзӕгъынц, ӕнӕмӕнг ыл кӕй хъуамӕ сразы уой, цӕмӕй сын дарддӕр ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕ ма атӕрой. Афтӕмӕй та, уыцы куыстыл куы сразы уой, уӕд сын ӕмбырдтӕм цӕуыны фадат нӕ уыдзӕн. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ ахӕм куыстытыл сразы сты, кӕй сын нал ӕххуыс кӕндзысты, уымӕй кӕй тарстысты ӕмӕ, куыд кӕной, уый кӕй нӕ зыдтой, уый тыххӕй. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу, лидзӕггаг чи фӕци, уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ хотимӕ фембӕлӕм, куыддӕр ӕрцӕуой, афтӕ. Хъуамӕ йӕ феной, кӕй сыл тыхсӕм. Сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм ӕмӕ сын куы баххуыс кӕнӕм, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн (Ӕмб. 12:25; 17:17).

ӔРЛИДЗДЖЫТӔМ ХЪУЫДДАГӔЙ ФӔКӔСӔМ

11. а) Ӕрлидзджытӕн фыццаджыдӕр цӕмӕй хъӕуы баххуыс кӕнын? б) Ӕрлидзджытӕн сӕ бон куыд у, бузныг кӕй сты, уый равдисын?

11 Фыццаджыдӕр сын нӕ бон у, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй баххуыс кӕнын, зӕгъӕм, хӕринагӕй, дзаумӕттӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй *. Суанг гыццыл лӕвар дӕр, зӕгъӕм, галстук ӕфсымӕрӕн, бирӕ цӕуылдӕр дзурӕг уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрлидзӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕхицӕн ницы домдзысты, фӕлӕ иннӕтӕй се ’ххуысы тыххӕй бузныг уыдзысты. Афтӕмӕй сӕ фысымтӕ дӕр цин кӕндзысты, сӕ бон рӕдаудзинад ӕвдисын кӕй у, ууыл. Фӕлӕ ӕрлидзджытӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй сӕ бон суа сӕхи дарын. Уый фӕрцы сӕхицӕн аргъ кӕндзысты ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ дарддӕр хӕларӕй цӕрдзысты (2 Фес. 3:7–10). Фӕлӕ уӕддӕр ӕрлидзджытӕн хъӕуы хъуыддагӕй баххуыс кӕнын.

Нӕ бон куыд у ӕрлидзӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын? (кӕс 11–13 абзацтӕ)

12, 13. а) Ӕрлидзджытӕн нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у баххуыс кӕнын? б) Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Цӕмӕй ӕрлидзджытӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бирӕ ӕхца нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕйраджыдӕр нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ уарзондзинад. Зӕгъӕм, ис сӕ сахуыр кӕнӕн автобустыл ӕмӕ маршруткӕтыл цӕуын кӕнӕ сын бацамонӕн, хорз ӕмӕ аслам хӕринаг кӕм ис балхӕнӕн, уый. Дӕ бон ма сын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй кусӕнгӕрзтӕ балхӕной кӕнӕ та цавӕрдӕр куыстыл сахуыр уой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдзӕни къӕбӕры фаг кусын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕнай сӕ ног ӕмбырды хъуыддӕгты архайынӕн. Кӕд дӕ бон у, уӕд-иу сӕ ӕмбырдмӕ балас. Радзур-иу сын, уӕ территорийы куыд ис адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕн. Стӕй-иу сӕ демӕ уацамынды дӕр акӕн.

13 Иу ӕмбырдмӕ цыппар ӕрлидзӕг ӕрыгон ӕфсымӕры цӕуын куы райдыдтой, уӕд сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сахуыр кодтой машинӕ скъӕрын, компьютерыл мыхуыр кӕнын, бацамыдтой сын, куысты тыххӕй курдиат бадӕттӕн куыд ис, уый. Стӕй ма сӕ сахуыр кодтой сӕ рӕстӕг пълан кӕнын дӕр, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Гал. 6:10). Гыццыл фӕстӕдӕр цыппарӕй дӕр райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын кӕй ӕххуыс кодтой ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ кӕй ӕвӕрдтой, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы амӕттаг нӕ баисты.

14. а) Ӕрлидзджыты цавӕр фӕлварӕнтимӕ фӕхъӕуы тох кӕнын? б) Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Иннӕ чырыстӕттау ӕрлидзӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр фӕхъӕуы фӕлварӕнтимӕ тох кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сын цавӕрдӕр дзауматӕ, Йегъовӕимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр ма суой *. Лийе дӕр ӕмӕ йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр хъуыды кӕнынц, сӕ фыд сын суанг фӕндагыл дӕр сӕ уырнындзинад куыд фидар кодта, уый: «Ӕнӕмӕнг нӕ цы дзаумӕттӕ нӕ хъуыди, уыдон иугай ӕппӕрста. Фӕстагмӕ нӕм афтид хызын равдыста ӕмӕ нын йӕ мидбылты худгӕ загъта: „Уынут? Ам цыдӕриддӕр уыд, ӕнӕ уыдӕттӕй дӕр фӕцӕрӕн ис!“» (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:8.)

ӔРЛИДЗӔГ АДӔМЫ ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔХЪӔУЫ

15, 16. а) Нӕ бон куыд у ӕрлидзджытӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын? б) Нӕ бон куыд у ӕрлидзджытӕн сӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кӕнын?

15 Ӕрлидзджыты хӕринагӕй ӕмӕ дзаумайӕ тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ ӕмбарӕм ӕмӕ сын Библийы фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Матф. 4:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ сын литературӕ се ’взагыл хӕссой ӕмӕ сӕ базонгӕ кӕной се ’взагыл дзурӕг ӕфсымӕртимӕ. Уый сӕ тынг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕрлидзджытӕй бирӕтӕн тыххӕй ныууадзын кодтой, афтӕ хорз зонгӕ цӕимӕ уыдысты, ӕппӕт уыдӕттӕ. Уыдон фӕмысынц сӕ хиуӕтты, сӕ адӕмы ӕмӕ се ’мбырд. Йӕ бӕстӕйӕ лидзӕггаг чи фӕци, уыдон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн хъуамӕ банкъарой, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй ӕмбары, уый. Науӕд ӕххуыс агурдзысты, сӕ бӕстӕйӕ чи у, фӕлӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй (1 Кор. 15:33). Куы сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын не ’мбырд хи бинонты ад скӕна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕимӕ иумӕ «хъахъхъӕнӕм ӕрцӕуӕггӕгты» (Пс. 146:9).

16 Гыццыл Йесойӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ хабар куыд рауад, афтӕ ӕрлидзӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр, чи зоны, фӕстӕмӕ аздӕхӕн ма уа, цалынмӕ сӕ чи ӕфхӕрдта, уый хицау уа, уӕдмӕ. Кӕйдӕрты та, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхын сӕхи ма бафӕнда. Лийе зӕгъы: «Ныййарджытӕй бирӕтӕ федтой, сӕ бинонтӕй сын кӕмӕндӕрты тыхми куыд бакодтой ӕмӕ сӕ куыд амардтой, уый. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕм ӕрцыдысты, уырдӕм фӕстӕмӕ сӕ сывӕллӕтты акӕнын». Цӕмӕй ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ сӕ рыст хъара, хъуамӕ ӕфсымӕрты уарзӕм, кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм ӕмӕ уӕм сӕрныллӕг (1 Пет. 3:8). Ӕрлидзджытӕй кӕйдӕрты тынг кӕй бафхӕрдтой, уый тыххӕй сӕхи иннӕтӕй дард фӕласынц. Стӕй сӕм сӕ хабӕрттӕ дзурын, чи зоны, худинаг кӕса, уӕлдайдӕр та сӕ сывӕллӕтты раз. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕхӕдӕг ахӕм рыст куы бавзӕрстаин, уӕд иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастаин?» (Матф. 7:12).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔН ЧИ НӔУ, УЫЦЫ ӔРЛИДЗДЖЫТӔН ХЪУСЫН КӔНӔМ

17. Ӕрлидзджытӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд сын уый удӕнцой куыд ӕрхӕссы?

17 Ӕрлидзджытӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц, сӕрибарӕй хъусын кӕнӕн кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕтӕй. Зынгзӕрдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕрцы мингай ӕрлидзджытӕ фыццаг хатт фехъусынц «Паддзахады тыххӕй дзырд» (Матф. 13:19, 23). «Уӕззау уаргъ чи хӕссы», уыдонӕй бирӕтӕ не ’мбырдты ссарынц удӕнцой ӕмӕ ныфс, ӕмӕ сӕ бон вӕййы афтӕ зӕгъын: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис» (Матф. 11:28–30; 1 Кор. 14:25).

18, 19. Куыд ис ӕрлидзджытӕн ӕмбаргӕйӕ хъусын кӕнӕн?

18 Ӕрлидзджытӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ уӕм «ӕмбаргӕ» ӕмӕ нӕхи «хъахъхъӕнӕм» (Матф. 10:16; Ӕмб. 22:3). Лӕмбынӕг-иу сӕм байхъус, фӕлӕ семӕ политикӕйыл ма ныхас кӕн. Хъуамӕ архайӕм, филиалӕй, стӕй бынӕттон хицӕуттӕй цы амындтӕ райсӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ хъуамӕ нӕхи кӕнӕ иннӕты фыдбылызы ма ’ппарӕм. Ӕрлидзӕг адӕм вӕййынц алыхуызон бӕстӕтӕй ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст, ӕмӕ-иу хъуамӕ базонӕм, семӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ ма фӕхъыг кӕнӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иу бӕстӕты адӕммӕ ис бӕлвырд хъуыды, сылгоймагыл цавӕр дарӕс хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Ӕмӕ уырдыгӕй ралидзгӕ адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд хорз уаид, нӕ дарӕсы тыххӕй нӕм куы не смӕсты уаиккой.

19 Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы самариаг лӕджы кой ракодта, уыйау мах дӕр фӕнды, хъизӕмар чи кӕны, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уыимӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр (Лук. 10:33–37). Уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕрлидзджытӕй бирӕтӕн чи баххуыс кодта, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг зӕгъы: «Семӕ ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд уал сын хъуамӕ зӕгъай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ дӕ сӕйраг нысан уый кӕй нӕу, цӕмӕй сын ӕхцайӕ баххуыс кӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Хуыцауимӕ базонгӕ кӕнай. Кӕннод чидӕртӕ немӕ ныхас кӕнын райдайынц, цӕмӕдӕр нӕм кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый тыххӕй».

ЦЫ НЫН БАНТЫСТ

20, 21. а) Ӕрлидзджыты ӕнӕхин уарзтӕй куы фӕуарзӕм, уӕд нын уый фӕрцы цы бантысы? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Ӕрлидзӕг адӕмы ӕнӕхин уарзтӕй куы фӕуарзӕм, уӕд нын бирӕ бантысы. Иу хо радзырдта, йӕ бинонтӕ Эритрейӕ лидзинаг кӕй фесты, сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй. Йӕ сывӕллӕттӕй цыппары бахъуыди аст боны ӕдзӕрӕг быдырыл цӕуын, ӕмӕ сӕм тыхы мур нал баззад. Фӕстагмӕ бахӕццӕ сты Суданмӕ. Хо зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕ сыл хи бинонтау батыхстысты, баххуыс сын кодтой хӕринагӕй, дзаумайӕ, цӕрӕнбынат сын ссардтой ӕмӕ сын фӕндаггагӕн дӕр ӕхца радтой. Чи суазӕг кӕндзӕн йӕ хӕдзары ӕнӕзонгӕ адӕмы, иу Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ ничи!» (Бакӕс Иоанны 13:35.)

21 Ныййарджытимӕ ма ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуы бирӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у ахӕм бинонтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной.

^ 2 абз. Ацы статьяйы дзырдтӕ «лыгъд адӕм» кӕнӕ «ӕрлидзӕг» амонынц, йӕ бӕстӕйы иу ранӕй иннӕмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ чи алидзы, уыдонмӕ. Лидзӕггаг фӕвӕййынц хӕсты кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхы аххосӕй, кӕнӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый тыххӕй.

^ 6 абз. Кӕс брошюрӕ «Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ ут» (bw575), 8–12 фӕрстӕ.

^ 11 абз. Куыддӕр ӕрлидзджытӕй исчи ӕрхӕццӕ уа, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ бацархайой, чиныджы «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 8 сӕры 30 абзацы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бынӕттон филиалмӕ ныффыссын, цӕмӕй базоной, раздӕр кӕцы ’мбырдмӕ цыди, уый. Уӕдмӕ та сӕ бон у уыцы адӕймаджы йӕхи фӕлмӕнӕй афӕрсын йе ’мбырдӕй ӕмӕ, куыд хъусын кодта, уымӕй, цӕмӕй бамбарой, йӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый.

^ 14 абз. Кӕс статьятӕ «Адӕймагӕн йӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын» ӕмӕ «Ныфсджын у – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!» брошюрӕйы «Моисейы уырнындзинад фӕзмут» (bw545), 17–26 фӕрстӕ.