Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕрледзӕггӕгтӕн ӕнхус кӕнтӕ Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун

Ӕрледзӕггӕгтӕн ӕнхус кӕнтӕ Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун

«Йеговӕ гъӕуай кӕнуй ӕрцӕуӕггӕгти» (ПС. 146:9).

ЗАРТӔ: 17, 109

1, 2. а) Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ? б) Уой фӕдбӕл цӕхуӕн фарстатӕ ӕвзуруй?

«БУРУНДИЙ медбӕстон тугъд ци бон райдӕдта, еци бон ӕгас бийнонтӕй дӕр районон конгресси адтан,– зӕгъуй ӕнсувӕр Лие.– Адӕн кумӕдӕр лигъдӕнцӕ, кӕмидӕрти ӕхсун райдӕдтонцӕ. Мӕн, мӕ ниййергути, удта мӕ 10 хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕрей дӕр ледзун багъудӕй, цӕмӕй нӕ цард фӕййервӕзун кодтайанӕ. Нӕ хӕццӕ берӕ неци райстан. Кадӕртӕ ни бахъӕрдтӕнцӕ Малавий лигъд адӕни лагермӕ. Цӕун имӕ багъудӕй 1 600 километри. Иннетӕ ба фӕйнердӕмӕти ниххӕлеу ӕнцӕ».

2 Зӕнхӕбӕл лигъд адӕн 65 милиуанемӕй фулдӕр ӕнцӕ. Еци адӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ниууагътонцӕ ӕма ралигъдӕнцӕ, тугъд сӕмӕ ке райдӕдта кенӕ ӕфхуӕрд ке ӕййафтонцӕ, уой туххӕй. Лигъд адӕн абони цӕйбӕрцӕ ’нцӕ, уойбӕрцӕ некӕд ма адтӕнцӕ *. Сӕ астӕу ес мингай Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр. Беретӕ си ӕнӕ нецӕмӕй байзадӕнцӕ, кӕмӕндӕрти ба си сӕ хеуӕнтти дӕр рамардтонцӕ. Цума ма уой фӕсте дӕр ести зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ? Нӕ бон куд ӕй еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнун, цӕмӕй уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ӕййафгӕй дӕр Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ? (Пс. 100:2). Удта нӕ бон куд ӕй, Йегови ка нӕ зонуй, еци лигъд адӕнӕн дӕр хуарз хабар ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕнун?

ЛИГЪД АДӔНИ ЦАРД

3. Йесой, удта ӕ фӕдбӕлдзӕугути лигъд адӕни цард кӕнун цӕмӕн багъудӕй?

3 Йегови изӕд Иосифӕн ку фегъосун кодта, паддзах Ирод Йесой марунмӕ ке гъавуй, уӕд Египетмӕ фӕллигъдӕнцӕ ӕма цалинмӕ Ирод нӕ рамардӕй, уӕдмӕ уоми цардӕнцӕ (Матф. 2:13, 14, 19–21). Берӕ ӕнзтӕ фӕстӕдӕр Йесой фӕдбӕлдзӕугути карзӕй ӕфхуӕрун райдӕдтонцӕ, ӕма уой туххӕй ӕгас «Иудейӕ ӕма Самарибӕл ниппурхӕ ’нцӕ» (Гъуд. 8:1). Йесо ӕй зудта, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй беретӕ ӕфхуӕрд ке ӕййафдзӕнцӕ, удта сӕ сӕ хӕдзӕрттӕй ледзун ке багъӕудзӕй, уой, ӕма уомӕ гӕсгӕ загъта: «Еу горӕти уӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ, уӕд ледзетӕ иннемӕ» (Матф. 10:23). Цийфӕнди ма уа, уӕддӕр, дӕ хӕдзарӕ ниууадзӕ ӕма ледзӕги фӕууо, е хъӕбӕр зин ӕй.

4, 5. Лигъд адӕн цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ а) надбӕл? б) лагери?

4 Ледзӕги ка фӕцӕй, еци адӕн сӕ надбӕл берӕ тӕссаг уавӕрти бахаунцӕ, удта син лигъд адӕни лагери дӕр ӕнцон нӕ фӕууй. Лией кӕстӕр ӕнсувӕр Гад зӕгъуй: «Цалдӕр къуӕрей къахӕй фӕццудан, нӕ надбӕл ба дуйне мӕрдтӕ. Уӕд мӕбӕл 12 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй. Мӕ къӕхтӕ уотӕ ниррӕсудӕнцӕ, ӕма мӕ хеуӕнттӕн загътон, цӕмӕй идарддӕр ӕнӕ мӕнӕй цудайуоцӕ. Фал мин мӕ фидӕ хъӕбӕр тарстӕй, змӕнтгути къохмӕ ку бахауон, уомӕй, ӕма мӕ ӕ рагъи фӕххаста. Уӕхӕн зиндзийнӕдтӕн ниббухстан, Йеговӕмӕ ке кувтан ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ке дардтан, уой фӕрци. Уотӕ дӕр фӕууидӕ ӕма надбӕл, манго бӕласӕй ке ӕртонианӕ, еци рӕзӕй ӕндӕр нӕмӕ хуӕруйнаг неци уидӕ» (Фил. 4:12, 13).

5 Лией хеуӕнттӕй сӕ фулдӕр берӕ ӕнзти дӕргъи фӕццардӕнцӕ, Еугонд Нацити Организаци лигъд адӕнӕн ци лагертӕ искодта, уонӕми. Фал син уоми дӕр берӕ цӕмӕйдӕрти тӕссаг адтӕй. Лие нур районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнуй ӕма зӕгъуй: «Лагери куст некӕмӕн адтӕй. Адӕн кӕрӕдзей фудкой кодтонцӕ, ниуазтонцӕ, ӕхцабӕл гъастонцӕ, давтонцӕ ӕма хаттӕнцӕ». Уоми ка цардӕй, еци Ӕвдесӕнтӕ, цӕмӕй иннети хузӕн ма иссайуонцӕ, уой туххӕй сӕ Хуцауи гъуддӕгти берӕ архайун гъудӕй (Дзиуит. 6:11, 12; 10:24, 25). Сӕ рӕстӕгӕй раст ке пайда кодтонцӕ, уой фӕрци рӕстдзийнади надӕй нӕ радзӕгъӕл ӕнцӕ. Беретӕ си пионертӕй лӕггадӕ кодтонцӕ. Цӕмӕй сӕ къохтӕ ма ӕруагътайуонцӕ, уой туххӕй, сӕ гъудий дардтонцӕ, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг будури куд нӕ байзадӕнцӕ, уотӕ етӕ дӕр еци лагери алкӕд ке нӕ уодзӕнцӕ (2 Кор. 4:18).

ӔРЛЕДЗӔГГӔГТӔМӔ ХӔЛАРЗӔРДӔ УОТӔ

6, 7. а) Йегови ку уарзӕн, уӕд не ’нсувӕртӕн куд уодзиан? б) Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

6 Хуцауи ке уарзӕн, е нӕ не ’нсувӕрти уарзунмӕ дӕр разӕнгард кӕндзӕй, уӕлдайдӕр ба зиндзийнӕдтӕ ку ӕвзаронцӕ, уӕд. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:17, 18.) Зӕгъӕн, фиццаг ӕноси Иудейи киристӕнттӕбӕл стонгдзаман ку искодта, уӕд сӕбӕл ӕнсувӕртӕ батухстӕнцӕ ӕма син банхус кодтонцӕ (Гъуд. 11:28, 29). Апостол Павел ӕма Петур дӕр киристӕнтти разӕнгард кодтонцӕ, цӕмӕй иуазӕгуарзон адтайуонцӕ (Ром. 12:13; 1 Пет. 4:9). Не ’мбурдмӕ ӕндӕр рауӕнтӕй ка ӕрбацӕуй, уони зӕрдиагӕй баиуазӕг кӕнӕн. Мадта ӕ цард багъӕуай кӕнуни туххӕй ӕ хӕдзарӕ ка ниууагъта кенӕ е ’ууӕндундзийнади туххӕй ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, уонӕн ба куд гъӕуама уӕн? (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 3:27.) *

7 Ӕрӕги мингай Йегови Ӕвдесӕнтӕ Украини искӕсӕн хаййи сӕ хӕдзӕрттӕ ниууагътонцӕ, тугъд ке райдӕдта ӕма сӕ ӕфхуӕрун ке райдӕдтонцӕ, уой туххӕй. Гъигагӕн си кедӕрти маргӕ дӕр ракодтонцӕ. Фал си берети ба нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ Украини иннӕ хӕйттӕй, удта Уӕрӕсейӕй дӕр сӕхемӕ ӕрбакодтонцӕ. Дууӕ бӕстеми дӕр ӕнсувӕртӕ сӕ зӕрдӕбӕл дардтонцӕ, «аци дуйнейӕй» ке нӕ ’нцӕ, ӕма дуйней гъуддӕгти нӕ архайдтонцӕ, фал идарддӕр дӕр хуарз хабар зингзӕрдӕй игъосун кодтонцӕ (Иоан. 15:19; Гъуд. 8:4).

ӔРЛЕДЗӔГГӔГТӔН ӔНХУС КӔНТӔ СЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КӔНУН

8, 9. а) Лигъд адӕн нӕуӕг бӕсти цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ? б) Не ’нхус сӕ цӕми багъӕуй?

8 Еуӕй-еу адӕни багъудӕй сӕхе бӕсти ӕндӕр хаймӕ раледзун, фал фулдӕр адӕн ба раледзунцӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ. Хецауадӕ лигъд адӕнӕн раттуй хуӕруйнаг, хъӕппӕл ӕма цӕрӕн бунат, фал син уӕддӕр ӕнцон нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, ци хуӕруйнаг син раттунцӕ, уобӕл, гӕнӕн ес, ӕма ахур ма уонцӕ. Гъар бӕстӕй ка ӕрлигъдӕй, етӕ ба уазалтӕбӕл ахур нӕ фӕуунцӕ ӕма ’й нӕ фӕззонунцӕ, цӕхуӕн хъӕппӕлтӕ даргӕ ӕй, уой. Гъӕути ка цардӕй, уонӕн ба зин фӕууй балӕдӕрун, нӕуӕг техникӕй куд пайда кӕнгӕ ’й, уой.

9 Кӕцидӕр бӕстити хецауӕдтӕ байархайунцӕ, цӕмӕй лигъд адӕнӕн банхус кӕнонцӕ, нӕуӕг уавӕртӕбӕл исахур ун. Фал цалдӕр мӕйи фӕсте ба гъӕуама сӕхуӕдтӕ сӕхе дарунгъон уонцӕ. Е ба ӕнцон нӕй. Расагъӕс кӕнӕ, еци еу рӕстӕг сӕ фӕгъгъӕуй базонун, нӕуӕг ӕвзаг ӕма нӕуӕг ӕгъдӕуттӕ. Удта ма сӕ фӕгъгъӕуй нӕуӕг закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ хъалон федун, сувӕллӕнтти скъоламӕ бадӕттун, удта сӕ ӕндӕрхузи гъомбӕл кӕнун. Дӕ бон н’ адтайдӕ, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ка ӕмбӕлуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фӕразонӕй ӕнхус кӕнун? (Фил. 2:3, 4).

10. Нӕ бӕстӕмӕ ка ӕрлигъдӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун нӕ бон куд ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

10 Фӕууй уотӕ дӕр, ӕма хецауадӕ ӕрледзӕггаг ӕнсувӕрти къулумпи фӕккӕнуй, цӕмӕй бунӕттон ӕмбурди хӕццӕ ма фӕййеу уонцӕ. Куст син ку раттунцӕ, уӕд ибӕл гъӕуама ӕнӕмӕнгӕй исарази уонцӕ, цӕмӕй син идарддӕр дӕр ӕнхус кӕнонцӕ ӕма сӕ бӕстӕй ма ратӕронцӕ. Уотемӕй ба еци кустбӕл ку исарази уонцӕ, уӕд син ӕмбурдтӕмӕ цӕуни фадуат нӕбал уодзӕй. Еуӕй-еу ӕнсувӕртӕ тарст ӕма ӕнхусгъӕуагӕ ке адтӕнцӕ, уой туххӕй уӕхӕн кустбӕл исарази ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама нӕхуӕдтӕ ӕвӕстиатӕй байархайӕн, цӕмӕй нӕ бӕстӕмӕ ка ӕрлигъдӕй, еци Ӕвдесӕнти хӕццӕ фӕййеу уӕн. Гъӕуама ӕй фӕууинонцӕ, ке сӕбӕл тухсӕн, уой, удта син цӕмӕй нӕ бон ӕй, уомӕй банхус кӕнӕн. Уотемӕй син се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕндзиан (Ӕмб. 12:25; 17:17).

ӔРЛЕДЗӔГГӔГТӔН ГЪУДДАГӔЙ ӔНХУС КӔНТӔ

11. а) Фиццаг бал нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕмӕ нӕ бон цӕмӕй ӕй фӕккӕсун? б) Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бон куд ӕй бавдесун, иннетӕй боз ке ’нцӕ, уой?

11 Фиццаг бал нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕмӕ нӕ бон ӕй фӕккӕсун хуӕруйнагӕй, хъӕппӕлӕй ӕма ӕндӕр гъӕугӕ дзаумӕттӕй *. Ӕнсувӕрӕн уотид галстук ку балӕвар кӕнай, уӕд ин е дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй. Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку некӕмӕй неци агоронцӕ ӕма син иннетӕ цидӕриддӕр кӕнунцӕ, уомӕй боз ку уонцӕ, уӕд син бунӕттон хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕ цийнӕгӕнгӕй ӕнхус кӕндзӕнцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алкӕддӕр еске харзӕй ку цӕронцӕ, уӕд сӕхецӕн нӕбал аргъ кӕндзӕнцӕ ӕма син ӕнсувӕрти хӕццӕ федаун дӕр зиндӕр уодзӕй (2 Фес. 3:7–10). Фал сӕ уӕддӕр мах ӕнхус хъӕбӕр гъӕуй.

Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (кӕсӕ 11–13 абзацтӕ)

12, 13. а) Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнгъезуй банхус кӕнун? б) Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

12 Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнунмӕ берӕ ӕхца нӕ гъӕуй. Фиццагидӕр ӕй гъӕуама уинонцӕ, ке сӕбӕл тухсӕн ӕма син нӕ рӕстӕг ке не ’вгъау кӕнӕн, уой. Зӕгъӕн, адӕймаги ескумӕ цӕун ку гъӕуа, уӕд ин нӕ бон ӕй байамонун, цӕбӕл цӕугӕ ’й ӕма надихарз куд федгӕ ’й, уой кенӕ ин ӕнгъезуй байамонун, пайдадӕр ӕма асландӕр хуӕруйнӕгтӕ кӕми ӕнгъезуй балхӕнун, уой. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй байамонун, еу минкъий ӕхца ракосӕн кӕмӕй ес, уӕхӕн дзаумӕттӕ куд ӕнгъезуй исамал кӕнун, уой дӕр, зӕгъӕн, хуйӕн машинкӕ кенӕ газонокосилкӕ. Фал ин фиццагидӕр ба гъӕуама банхус кӕнӕн, цӕмӕй нӕуӕг ӕмбурдбӕл исахур уа. Кӕд гӕнӕн ес, уӕд ибӕл ӕмбурдмӕ цӕугӕй баздӕхӕ ӕма ’й дӕ хӕццӕ раласӕ. Дӕ бон ма ӕй ӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ дӕр фӕццӕун ӕма ин байамонун, бунӕттон адӕнӕн куд игъосун кӕнун гъӕуй, уой.

13 Еу ӕмбурдмӕ ӕрбацудӕнцӕ, сӕхе бӕстӕй ка ралигъдӕнцӕ, цуппар уӕхӕн ӕригон ӕнсувӕри, ӕма син бунӕттон хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хъӕбӕр банхус кодтонцӕ. Етӕ сӕ исахур кодтонцӕ машинӕбӕл цӕун, удта компьютербӕл мухур кӕнун. Ба ма син амудтонцӕ, кустмӕ курдиадӕ финсун куд гъӕуй, уой дӕр, удта син банхус кодтонцӕ, сӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кӕнун, цӕмӕй син игъосун кӕнунмӕ фагӕ рӕстӕг адтайдӕ (Гал. 6:10). Фӕстӕдӕр еци ӕнсувӕртӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ син ке банхус кодтонцӕ, удта сӕхуӕдтӕ дӕр ке архайдтонцӕ, уой фӕрци Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр фӕцӕнцӕ ӕма сӕ Сайтани дуйне ӕхердӕмӕ нӕ расайдта.

14. а) Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе цӕмӕй гъӕуама хезонцӕ? б) Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

14 Ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр иннӕ киристӕнтти хузӕн гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй сӕбӕл дуйней зундахаст ма рабӕрӕг уа, ӕма мулк ӕмбурд кӕнунбӕл ма фӕууонцӕ, уомӕн ӕма уӕд Йеговӕй раидард уодзӕнцӕ *. Статьяй райдайӕни ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Лие, удта ӕ хуӕртӕ ӕма е ’нсувӕртӕ нур дӕр ма хуарз гъуди кӕнунцӕ сӕ фидӕ сӕ цӕбӕл ахур кодта, уой. Лие зӕгъуй: «Ӕнӕмӕнгӕй нӕ ка нӕ гъудӕй, еци дзаумӕттӕ еугай-дугай ракалдта. Фӕстагмӕ ба ревӕд сумкӕ исиста, бахудтӕй ӕма загъта: „Уинетӕ, амӕй ӕндӕр уӕ неци гъӕуй!“» (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 6:8.)

ӔРЛЕДЗӔГГӔГТӔН ӔНХУС КӔНТӔ, СӔЙРАГИДӔР СӔ ЦИ ГЪӔУЙ, УОМӔЙ

15, 16. Нӕ бон куд ӕй ӕрледзӕггӕгтӕн а) се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун? б) сӕ нифс бафедар кӕнун?

15 Ӕрледзӕггӕгти айдагъ хуӕруйнаг ӕма хъӕппӕл нӕ фӕгъгъӕуй, фал ма син фӕгъгъӕуй сӕ нифс, удта се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун дӕр (Матф. 4:4). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон ӕй ӕнсувӕртӕн литературӕ сӕхе ӕвзагбӕл исамал кӕнун, удта сӕ базонгӕ кӕнун, се ’взаг син ка зонуй, ӕндӕр уӕхӕн Ӕвдесӕнти хӕццӕ. Сӕ бӕстӕй ледзун ке багъудӕй, еци адӕн ниууагътонцӕ сӕ хеуӕнтти, сӕ зонгити ӕма се ’мбурд. Ӕма ’й гъӕуама Хуцауи адӕни астӕу балӕдӕронцӕ, Йеговӕ сӕ ке уарзуй ӕма сӕбӕл ке тухсуй, уой. Уотӕ ку нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма ӕнхус агоронцӕ, Ӕвдесӕн ка нӕй, еци хеуӕнттӕ ӕма ӕмзӕнхонтӕй (1 Кор. 15:33). Ӕмбурди уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ку тухсӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма мах дӕр Йегови хузӕн «гъӕуай кӕнӕн ӕрцӕуӕггӕгти» (Пс. 146:9).

16 Йесой ӕма ӕ ниййергути бон н’ адтӕй фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхун, цалинмӕ бӕстӕ се ’фхуӕргути дӕлбарӕ адтӕй, уӕдмӕ. Лигъд адӕнӕн дӕр сӕ хабар еуӕй-еухатт уотӕ фӕууй, берети ба фӕндгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй фӕстӕмӕ раздӕхун. Лие зӕгъуй: «Беретӕ сӕхе цӕститӕй фӕууидтонцӕ, сӕ хеуӕнттӕн син тухмиуӕ куд бакодтонцӕ ӕма сӕ куд рамардтонцӕ, уой. Ӕма сагъӕс дӕр нӕ кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ раздӕхонцӕ, еци хабӕрттӕ кӕми ӕрцудӕнцӕ, уордӕмӕ». Цӕмӕй уӕхӕн цӕмӕндӕрти ка ниббухстӕй, уонӕн банхус кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама «ӕнсувӕрти уарзӕн, кӕрӕдзей зин лӕдӕрӕн, уӕн сӕрниллӕг» (1 Пет. 3:8). Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ карз ӕфхуӕрд ке баййафтонцӕ, уой туххӕй сӕхемӕ нийгъосунцӕ ӕма, ӕвӕдзи, ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ, цитӕ бавзурстонцӕ, уой дзорунмӕ, уӕлдайдӕр ба сӕ сувӕллӕнтти рази. Дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕз уӕхӕн рист ку бавзурстайнӕ, уӕд мӕ куд фӕндадтайдӕ, цӕмӕй мин иннетӕ уонцӕ?» (Матф. 7:12).

ИГЪОСУН КӔНТӔ, ӔВДЕСӔН КА НӔЙ, ЕЦИ ЛИГЪД АДӔНӔН

17. Паддзахади туххӕй ке игъосун кӕнӕн, е лигъд адӕнӕн уодӕнцойнӕ куд хӕссуй?

17 Лигъд адӕнӕй беретӕ ӕрцӕунцӕ, хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕн игъосун кӕнуни барӕ кӕми нӕ дӕттуй, уӕхӕн бӕститӕй. Ӕма уонӕй мингай адӕн «Паддзахади туххӕй дзурд» фиццаг хатт фегъосунцӕ, зингзӕрдӕй ка игъосун кӕнуй, еци Ӕвдесӕнти фӕрци (Матф. 13:19, 23). «Уӕззау уаргъ ка хӕссуй», уонӕй беретӕ уодӕнцойнӕ иссерунцӕ не ’мбурдти ӕма фӕззӕгъунцӕ: «Ӕцӕгӕйдӕр, Хуцау уӕ хӕццӕ ӕй» (Матф. 11:28–30; 1 Кор. 14:25).

18, 19. Лигъд адӕнӕн игъосун кӕнгӕй зундӕй цӕмӕн гъӕуама архайӕн?

18 Лигъд адӕнӕн ка игъосун кӕнуй, етӕ гъӕуама уонцӕ лӕмбунӕг ӕма лӕдӕргӕ (Матф. 10:16; Ӕмб. 22:3). Адӕймаг дин, цӕбӕл тухсуй, уой ку дзора, уӕд имӕ лӕмбунӕг игъосӕ, фал ӕ хӕццӕ политики хабӕрттӕ ма кӕнӕ. Цӕмӕй дӕбӕл маци фидбилиз ӕрцӕуа, уой туххӕй архайӕ филиали, удта бунӕттон хецауади амундтӕмӕ гӕсгӕ. Базонӕ, лигъд адӕни дин ӕма ӕгъдӕутти туххӕй ӕма син сӕ гъудийӕн аргъ кӕнӕ. Зӕгъӕн, кӕцидӕр бӕстити цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ, силгоймагбӕл цӕхуӕн уӕледарӕс ес, уомӕ. Мадта лигъд адӕнӕн ку игъосун кӕнӕн, уӕд син гъӕуама нӕ бакаст къулумпий хуасӕ ма уа.

19 Мах фӕндуй, зиндзийнӕдтӕ ка ӕвзаруй, еци адӕнӕн дӕр ӕнхус кӕнун, кӕд Йегови лӕггадгӕнгутӕ нӕ ’нцӕ, уӕддӕр. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд мах дӕр уодзиан, Йесо ӕ фӕсномуг дзурди ци самарийаг лӕги хабар ракодта, уой хузӕн (Лук. 10:33–37). Лигъд адӕнӕн тӕккӕ хуӕздӕр ӕнхус уодзӕй, хуарз хабар син ке игъосун кӕнӕн, е. Берӕ уӕхӕн адӕнӕн ка банхус кодта, еу уӕхӕн хестӕр нӕлгоймаг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ син уайтагъд фӕгъгъӕуй зӕгъун, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ан, уой. Гъӕуама син балӕдӕрун кӕнӕн, нӕ сӕйраг нисан адӕнӕн Библий дессаги нифси туххӕй дзорун ке ӕй. Уотӕ ку нӕ бакӕнӕн, уӕд нӕмӕ кадӕртӕ, гӕнӕн ес, ӕма игъосонцӕ, цӕмӕдӕр нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уой туххӕй.

НЕ ’НХУС ЦӔХУӔН ХУАРЗ ГЪУДДӔГТӔМӔ ӔРКӔНУЙ?

20, 21. а) Лигъд адӕнмӕ хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд е цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕндзӕй? б) Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

20 Лигъд адӕнмӕ хӕларзӕрдӕ ку фӕууӕн, уӕд е хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнуй. Еу хуӕрӕ радзурдта, ӕ бийнонти Эритрейӕй ледзун ке багъудӕй, ӕфхуӕрд ке ӕййафтонцӕ, уой туххӕй. Ӕ сувӕллӕнттӕй цуппарей багъудӕй аст боней дӕргъи ӕдзӕрӕг будури цӕун. Ӕппунфӕстаг бахъӕрдтӕнцӕ Суданмӕ. Еци хуӕрӕ зӕгъуй: «Бунӕттон ӕнсувӕртӕ сӕбӕл, цума сӕ хӕстӕгутӕ адтӕнцӕ, уотӕ батухстӕнцӕ. Равардтонцӕ син хуӕруйнаг, хъӕппӕл, цӕрӕнбунат ӕма ма надихарз дӕр. Йегови Ӕвдесӕнтӕй уӕлдай ма ӕ хӕдзарӕмӕ ӕнӕзонгӕ адӕни ка ӕрбакӕндзӕй, еу Хуцауӕн ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй? Неке!» (Бакӕсӕ Иоанни 13:35.)

21 Ӕндӕр бӕстӕмӕ сӕ ниййергути хӕццӕ ка ралигъдӕй, еци сувӕллӕнттӕй ба ци ес зӕгъӕн? Иннӕ статьяй базондзиан, нӕ бон син куд ӕй ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ.

^ 2 абз. Аци статьяй дзурдтӕ «ӕрледзӕггаг» ӕма «лигъд адӕн» амонунцӕ, тугъд, ӕфхуӕрд кенӕ ӕрдзон бӕллӕхи туххӕй ӕ хӕдзарӕ ка ниууагъта ӕма ӕндӕр бӕстӕмӕ кенӕ ӕхе бӕсти ӕндӕр хаймӕ ледзун ке багъудӕй, уӕхӕн адӕнмӕ. Ӕгас дуйнебӕл дӕр лигъд адӕнӕн ка ӕнхус кӕнуй, еци организаций бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ абони зӕнхӕбӕл «алли 113-аг адӕймаги дӕр багъудӕй ӕ хӕдзарӕй раледзун».

^ 11 абз. Лигъд адӕн куддӕр ӕрцӕуонцӕ, уотӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама байархайонцӕ, киунуги «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци» 8 сӕри 30 абзацци ци амундтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ. Сӕхе филиалмӕ сӕ бон ӕй ниффинсун, цӕмӕй базононцӕ, ӕрледзӕггаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ раздӕр ци ӕмбурдмӕ цудӕнцӕ, уой. Уӕдмӕти ба бал сӕ сӕ бон ӕй уӕзданӕй рафӕрсун, се ’мбурди ӕма сӕ лӕггади туххӕй, цӕмӕй базононцӕ, се ’ууӕндундзийнадӕ ци уавӕри ӕй, уой.

^ 14 абз. Кӕсӕ брошюрӕ «Моисейы уырнындзинад фӕзмут» (bw545), статьятӕ «Адӕймагӕн йӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын» ӕма «Ныфсджын у – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!», 17–26 фӕрстӕ.