Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрлидзджыты сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм

Ӕрлидзджыты сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм

«Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 ИОАН. 4).

ЗАРДЖЫТӔ: 134, 133

1, 2. а) Сӕ ныййарджытӕ ӕрлидзӕг кӕмӕн сты, ахӕм сывӕллӕттӕ цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

ЙӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ ӕрлидзӕг кӕмӕн сты, иу ахӕм лӕппу, Джошуа, зӕгъы: «Гыццылӕй фӕстӕмӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр дзырдтон, мӕ ныййарджытӕ кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзагыл. Фӕлӕ скъоламӕ куы бацыдтӕн, уӕд фылдӕр райдыдтон бынӕттон ӕвзагыл дзурын. Ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ мӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕппындӕр нал дзырдтон. Ӕмбырды цы дзырдтой, уый нал ӕмбӕрстон, стӕй мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, цыма мӕ ныййарджытимӕ иу адӕмыхаттӕй дӕр нал дӕн». Джошуайыл цы хабар ӕрцыд, ахӕм хабӕрттӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты.

2 Абон 240 милуан адӕймагӕй фылдӕр цӕрынц, кӕм райгуырдысты, уым нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕйы. Кӕд ӕрлидзӕг дӕ ӕмӕ дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрой»? (3 Иоан. 4). Ӕмӕ уын уыцы хъуыддаджы иннӕтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН ФӔЗМИНАГ УТ

3, 4. а) Ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой? б) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй цы хъуамӕ ма домой?

3 Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ се ’ввахс Хӕлар суа ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой, уӕд сын хъуамӕ уӕхӕдӕг фӕзминаг уат. Сывӕллӕттӕ куы уыной, ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад», уӕд сахуыр уыдзысты сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ сӕ уырндзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый цух сӕ кӕй нӕ уадздзӕн (Матф. 6:33, 34). Уӕ царды сӕйрагдӕр уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, фылдӕр цыдӕртӕ амал кӕнын нӕ, фӕлӕ. Хуымӕтӕг цард кӕнут ӕмӕ архайут, цӕмӕй хӕстӕ ма исат. Ӕхцамӕ ӕмӕ уын «адӕм... кад кӕной», уымӕ ма бӕллут, фӕлӕ бӕллут, цӕмӕй уын уа «хӕзна уӕлӕрвты», ома уӕ цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ райа. (Бакӕс Марчы 10:21, 22; Иоан. 12:43.)

4 Афтӕ ӕнӕвдӕлон макуы ут, ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг ма уа. Сымахӕн кӕнӕ сӕхицӕн кадджын ном скӕныныл кӕнӕ фылдӕр ӕхца бакусыныл куы нӕ фӕархайынц, фӕлӕ Йегъовӕйы фыццаг бынаты куы сӕвӕрынц, уӕд-иу сын зӕгъут, сӕрыстыр сӕ кӕй стут. Ацы дунейы адӕм куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ макуы хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ хъуамӕ батыхсой, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕ ӕнӕмӕт цард кӕной. Рох уӕ ма уӕд, «сывӕллӕттӕ ныййарджытӕн нӕ, фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ скӕной бынтӕ» (2 Кор. 12:14).

ӔВЗАГ УЫН КЪУЫЛЫМПЫЙЫ ХОС МА СУӔД

5. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ Йегъовӕйы тыххӕй арӕх цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕной?

5 Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Йегъовӕйы организацимӕ кӕй ӕрбацӕудзысты «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм (Зах. 8:23). Фӕлӕ уын кӕд уӕ сывӕллон уе ’взаг хорз не ’мбары, уӕд уын зын уыдзӕн, цӕмӕй йын рӕстдзинад амонат. Уӕ сӕйрагдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ сты уӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы куы базоной, уӕд сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын (Иоан. 17:3). Цӕмӕй уӕ сывӕллон Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ базона, уый тыххӕй сыл хъуамӕ арӕх дзурат. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6, 7.)

6. Уӕ сывӕллӕттӕ уе ’взагыл куы дзурой, уӕд сын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Сывӕллӕттӕ бынӕттон ӕвзаг сахуыр кӕндзысты скъолайы, стӕй иннӕтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ уын уе ’взаг та сӕйраджыдӕр сахуыр кӕндзысты, семӕ арӕх куы ныхас кӕнат, уӕд. Уӕ сывӕллӕттӕ уе ’взагыл куы дзурой, уӕд сын уемӕ ныхас кӕнын ӕмӕ уын, цы хъуыды кӕнынц, уый дзурын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ ма сын уый ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр фӕпайда уыдзӕн. Зӕгъӕм, иу ӕвзагӕй фылдӕр куы зоной, уӕд хъуыды кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзысты ӕмӕ сын иннӕты хъуыды ӕмбарын, иннӕтимӕ лымӕн кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй сын фадат уыдзӕн фылдӕр лӕггад кӕнынӕн дӕр. Йӕ ныййарджытӕ ӕрлидзӕг кӕмӕн сты, иу ахӕм чызг, Каролинӕ, зӕгъы: «Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым ӕххуыс кӕнынӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа?»

7. Уӕ бинонтӕй иу иннӕйы ӕвзаг куы нал ӕмбара, уӕд цы ис саразӕн?

7 Ӕрлидзджыты сывӕллӕттӕ бынӕттон ӕвзаг куы базонынц ӕмӕ бынӕттон ӕгъдӕуттыл куы сахуыр вӕййынц, уӕд сӕ кӕйдӕрты сӕ мадӕлон ӕвзагыл дзурын нал фӕфӕнды, стӕй сын уайгӕ дӕр нал фӕкӕны. Кӕд уӕ сывӕллӕттӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, уӕд гӕнӕн нӕ уаид, цӕмӕй бынӕттон ӕвзагыл иу гыццыл уӕддӕр сахуыр уат дзурын? Уӕ сывӕллӕттӕ цӕуыл фӕныхас кӕнынц, цы ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынц ӕмӕ сын скъолайы хӕдзармӕ цы куыст раттынц, уый куы ’мбарат, стӕй ахуыргӕнджытимӕ уӕхи бон ныхас кӕнын куы уа, уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ чырыстон фӕндагыл слӕууын кӕнын. Ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг, тыхтӕ ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад. Фӕлӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзыстут. Зӕгъӕм, сывӕллон хъусӕй куы нал хъусид, уӕд йӕ ныййарӕг къухӕйамонгӕ ӕвзаг нӕ сахуыр кӕнид, цӕмӕй йӕ бон йемӕ ныхас кӕнын уа? Уӕдӕ, ӕндӕр ӕвзагыл дзурын чи райдыдта, ахӕм сывӕллоны тыххӕй дӕр бафыдӕбон кӕнын нӕ хъӕуы? *

8. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, бынӕттон ӕвзагыл хорз куы нӕ дзурат, уӕд?

8 Иуӕй-иу ныййарджытӕн, чи зоны, зын уа, сӕ сывӕллӕттӕ цы ’взагыл райдыдтой дзурын, уый хорз сахуыр кӕнын. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа «сыгъдӕг Фыстытӕ» сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнын (2 Тим. 3:15). Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕддӕр дӕ бон у дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Шан, дзуры: «Мӕн ӕмӕ мӕ дыууӕ хойы нӕ мад иунӕгӕй хъомыл кодта, ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийы ӕвзаг хорз не ’мбӕрстам. Фӕлӕ йӕ уыдтам, Библи кӕй иртӕста, кӕй куывта ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдта алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзыныл. Уый фӕрцы мах бамбӕрстам, куыд ахсджиаг у Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын».

9. Библи дыууӕ ӕвзагыл ахуыр кӕнын кӕй бахъӕуы, уыцы сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕ куыд феххуыс кӕнынц?

9 Иуӕй-иу сывӕллӕтты та Йегъовӕйы тыххӕй алыхуызон ӕрмӕг фӕхъӕуы дыууӕ ӕвзагыл иртасын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ скъолайы иу ӕвзагыл фӕдзурынц, хӕдзары та – ӕндӕр ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу ныййарджытӕ литературӕ, аудиозаписьтӕ ӕмӕ видеотӕй пайда кӕнынц дыууӕ ӕвзагыл дӕр. Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕрлидзджыты бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕй фӕхъӕуы бахардз кӕнын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой.

КӔЦЫ ӔМБЫРДМӔ ХЪУАМӔ ЦӔУАТ?

10. а) Бинонтӕ кӕцы ӕмбырдмӕ цӕудзысты, уый фӕдыл уынаффӕ чи хъуамӕ рахӕсса? б) Бинонты хистӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ цы хъуамӕ сараза?

10 Ӕрлидзджытӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм хӕстӕг се ’взагыл дзурӕг Ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд сӕ хъӕуы цӕуын, бынӕттон ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдмӕ (Пс. 146:9). Фӕлӕ сӕм кӕд хӕстӕг ис се ’взагыл дзурӕг ӕмбырд, уӕд бинонты хистӕр хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, йӕ бинонтӕн хуыздӕр кӕцы ӕмбырдмӕ уыдзӕн цӕуын. Фӕлӕ уал хъуамӕ фыццаг лӕмбынӕг ахъуыды кӕна ӕмӕ уый тыххӕй скува, стӕй ма хъуамӕ йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ дӕр аныхас кӕна (1 Кор. 11:3). Бинонты хистӕр уынаффӕ куы хӕсса, уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна? Библийӕ йын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

11, 12. а) Сывӕллон ӕмбырдӕй цас бахъуыды кӕндзӕн, уый ӕвзагыл куыд у баст? б) Иуӕй-иу сывӕллӕтты сӕ ныййарджыты ӕвзаг ахуыр кӕнын цӕуылнӕ фӕфӕнды?

11 Ныййарджытӕ хъуамӕ хъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕтты ӕцӕгдӕр цы хъӕуы, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй сывӕллон Библийы рӕстдзинад хорз ӕмбара, уый тыххӕй йын, алы къуыри дӕр ӕмбырдты цы базоны, уый фаг нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, сывӕллон хуыздӕр кӕй ӕмбары, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ӕнӕуи цӕугӕ куы кӕна, уӕд ын уый стыр пайда хӕсдзӕн. Чи зоны дзы уыйбӕрц бахъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ уый ӕнхъӕл дӕр ма уой. Фӕлӕ ӕвзаг хорз куы не ’мбара, уӕд ын ӕмбырдтӕ пайда нӕ хӕсдзысты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:9, 11.) Гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд сывӕллон йӕ мадӕлон ӕвзагыл мауал хъуыды кӕна кӕнӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр мауал хъара. Чи зоны, сахуыр уа йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуапп дӕттын, алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнын, фӕлӕ, цы дзура, уый йӕ зӕрдӕйӕ ма цӕуа.

12 Фӕлӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн ӕрмӕст ӕвзаджы фӕрцы нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы Джошуайы хистӕр хо Эстер зӕгъы: «Гыццыл сывӕллӕттыл ӕндавы, сӕ ныййарджытӕ цы ’взагыл дзурынц, цы адӕмыхаттӕй сты ӕмӕ цы диныл хӕст сты, уый». Ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕхи сӕ ныййарджыты адӕмыхаттӕй куы нӕ нымайой, уӕд сӕ, чи зоны, ма бафӕнда сӕ ныййарджыты ӕвзаг ӕмӕ дин дӕр базонын. Уӕдӕ ныййарджытӕн куыд кӕнгӕ у?

13, 14. а) Иу бинонтӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ цӕмӕн ахызтысты? б) Ныййарджытӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид?

13 Чырыстон ныййарджытӕ сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ, сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл (1 Кор. 10:24). Джошуа ӕмӕ Эстеры фыд, Сэмюэл, зӕгъы: «Нӕ сывӕллӕттӕм нӕ хъус лӕмбынӕг дардтам, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаиккам, рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ цы ’взагыл хъары, ӕмӕ Йегъовӕйӕ зонд куырдтам. Йегъовӕ нын ахӕм дзуапп ратдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ йӕ куы федтам, ӕмӕ сын нӕхи ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырд бирӕ пайда нӕ хӕссы, уӕд сфӕнд кодтам бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын. Ӕмбырдтӕм ӕмӕ-иу уацамынды дӕр иумӕ цыдыстӕм. Стӕй-иу не ’мбырдӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕхимӕ фӕхуыдтам кӕнӕ-иу иумӕ искуыдӕм ацыдыстӕм. Уыдӕтты фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр хуыздӕр базонгӕ сты, стӕй бамбӕрстой, Йегъовӕ ӕрмӕст сӕ Хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ ма сӕ Фыд дӕр ӕмӕ сӕ Хӕлар дӕр. Уыцы хъуыддаг нӕм, не ’взаг нын сахуыр кодтаиккой, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр каст».

14 Сэмюэл ма зӕгъы: «Цӕмӕй мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнагӕн дӕр нӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид, уый тыххӕй-иу цыдыстӕм нӕхи ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ дӕр. Бирӕ хъуыддӕгтӕ нын кӕй уыд, уый тыххӕй нын рӕстӕг ницӕмӕн фаг кодта, ӕмӕ-иу тынг бафӕлладыстӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъӕм, нӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кодтам, уый тыххӕй нын кӕй раарфӕ кодта ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци. Ныртӕккӕ не ’ртӕ сывӕллоны дӕр Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц».

ӔРЫГӔТТӔН СӔ БОН ЦЫ У САРАЗЫН

15. Кристинӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахизын цӕмӕн сфӕнд кодта?

15 Сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕд, чи зоны, бамбарой, сӕ бон кӕй у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын, хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды. Фӕлӕ ныййарджытӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ сыл сӕ сывӕллӕттӕ сӕ къух систой. Иу хо, Кристинӕ, мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕ мадӕлон ӕвзаг иу гыццыл зыдтон, фӕлӕ ӕмбырды цы ныхӕстӕй пайда кодтой, уыдон ӕппындӕр не ’мбӕрстон. 12 азы мыл куы цыди, уӕд ацыдтӕн, скъолайы цы ’взагыл дзырдтон, уыцы ӕвзагыл цы конгресс уыди, уырдӕм. Фыццаг хатт ӕй бамбӕрстон, цы дзы дзурынц, уый рӕстдзинад кӕй у! Фӕстӕдӕр, скъолайы кӕуыл дзырдтон, уыцы ӕвзагыл кувын райдыдтон. Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ бон уыди, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый Йегъовӕйӕн дзурын!» (Хъуыд. 2:11, 41). Кристинӕйыл 18 азы куы сӕххӕст, уӕд йӕ ныййарджытимӕ аныхас кодта ӕмӕ аскъуыддзаг кодта, бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын. Уый зӕгъы: «Скъолайы цы ’взагыл дзырдтон, уыцы ӕвзагыл Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтон, уӕд мӕ фылдӕр аразын бафӕндыд». Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Кристинӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ у тынг амондджын.

16. Надя ӕндӕр ӕмбырдмӕ кӕй нӕ ахызт, уый хорз цӕмӕн уыд?

16 Ӕрыгӕттӕ, мыййаг уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уын хуыздӕр уаид бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Уыцы ӕмбырдмӕ куы ахизат, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕуыдзыстут? (Иак. 4:8). Ӕви уӕ уый тыххӕй фӕнды ахизын, цӕмӕй уын уӕ ныййарджытӕ уӕ алы къахдзӕфмӕ сӕ хъус ма дарой кӕнӕ цӕмӕй уӕхи ӕгӕр ма тыхсын кӕнат? Ныртӕккӕ Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Надя, зӕгъы: «Ӕз, ме ’ртӕ хойы ӕмӕ ме ’фсымӕр гыццыл куы рахъомыл стӕм, уӕд нӕ бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын бафӕндыд». Фӕлӕ сӕ ныййарджытӕ зыдтой, куы ахизой, уӕд сын уый кӕй нӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Надя дарддӕр зӕгъы: «Ныртӕккӕ нӕ ныййарджытӕй тынг бузныг стӕм, се ’взагыл дзурын нӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ нӕ бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ ахизын кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй. Уый фӕрцы нӕ лӕггадӕй нӕ зӕрдӕ ради ӕмӕ нын фылдӕр фадӕттӕ уыди адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурынӕн».

ИННӔТӔН СӔ БОН КУЫД У БАХХУЫС КӔНЫН

17. а) Йегъовӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын кӕмӕн бахӕс кодта? б) Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн кӕй бон у баххуыс кӕнын?

17 Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын Йегъовӕ бахӕс кодта ныййарджытӕн. Уыцы хӕс нӕдӕр бабутыл ӕмӕ дедутыл ис, нӕдӕр ӕндӕр искӕуыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:8; 31:10, 27, 28.) Фӕлӕ ныййарджытӕ бынӕттон ӕвзаг куы нӕ зоной, уӕд сӕ, чи зоны, ӕххуыс бахъӕуа, цӕмӕй рӕстдзинад сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты нывӕрой. Ныййарджытӕ ӕххуыс куы фӕагурынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ сӕ хӕс кӕйдӕр бар бакӕнынмӕ хъавынц. Фӕлӕ уый фӕрцы дӕр сӕ бон вӕййы сӕ сывӕллӕтты, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ «йӕ зондыл аразын» (Еф. 6:4). Зӕгъӕм, ныййарджытӕн сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрсын, бинонты ахуыр хуыздӕр куыд уаид уадзын, уый тыххӕй кӕнӕ сын зӕгъын, цӕмӕй сын баххуыс кӕной сӕ сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн.

Ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ӕмбырдыл куы бӕттой, уӕд сын уый стыр пайда уыдзӕн (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

18, 19. а) Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын? б) Ныййарджыты дарддӕр цы хъӕуы аразын?

18 Зӕгъӕм, ныййарджытӕн сӕ бон у рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ бинонты ахуырмӕ ӕндӕр бинонты хонын. Стӕй ма бирӕ ӕрыгӕттӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр сты, семӕ кӕй хъусын кодтой кӕнӕ иумӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыстой, уый фӕрцы (Ӕмб. 27:17). Гыццыл раздӕр цы Шаны кой кодтам, уый зӕгъы: «Чи мын ӕххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕрты ӕз хорз хъуыды кӕнын. Ӕмбырды-иу мын цыбыр раныхӕстӕ бацӕттӕ кӕнынӕн куы баххуыс кодтой, уӕд-иу алкӕддӕр ног цыдӕр базыдтон. Стӕй семӕ рӕстӕг ӕрвитын тынг уарзтон».

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искӕй сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджыты фӕндмӕ гӕсгӕ чи ’ххуыс кӕны, уыдон сӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн кад кӕной. Уый сӕ къухы бафтдзӕн, сӕ ныййарджыты хорзы кой сын куы кӕной ӕмӕ ныййарджыты сӕйраг хӕс – сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныны хӕс – сӕхимӕ куы нӕ исой, уӕд. Стӕй ма хъуамӕ сӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарой, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр мачи мацӕмӕй фӕаххосджын кӕна (1 Пет. 2:12). Кӕд ныййарджыты хатт иннӕты ӕххуыс бахъӕуы, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонын сӕйраджыдӕр сӕ хӕс у. Стӕй хъуамӕ сӕ хъус дарой, иннӕ чырыстӕттӕ сын сӕ сывӕллӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕ.

20. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ суой?

20 Ныййарджытӕ, Йегъовӕмӕ кувут ӕмӕ уӕ бон цы у, уый аразут. (Бакӕс 2 Азфыстыты 15:7.) Уӕ сывӕллон Йегъовӕйы хӕлар суа, уый уын уӕд ӕппӕты сӕйраг. Ӕппӕт тыхтӕй архайут, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнат, Хуыцауы Ныхас уӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ хъары ӕви нӕ. Уӕ сывӕллон Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй суыдзӕн, ууыл макуы дызӕрдыг кӕнут. Куы уынат, уӕ сывӕллон, Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕ кӕй архайы ӕмӕ уын уӕ хорз цӕвиттон кӕй фӕзмы, уӕд сымахӕн дӕр уӕ бон уыдзӕн апостол Иоаннау зӕгъын: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4).

^ 7 абз. Кӕс 2007 азы мартъийы «Пробудитесь!», статья «Новый язык вам по силам!», 10–12 фӕрстӕ.