Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»

«Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»

«Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?» (ИОАН. 21:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 143, 65

1, 2. Петр кӕсаг ахсынмӕ куы ацыд, уый фӕстӕ йыл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд?

ЙЕСОЙЫ авд ахуыргӕнинаджы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Галилейӕйы денджызы кӕсаг ахстой, фӕлӕ иу кӕсаг дӕр не ’рцахстой. Денджызы былӕй та сӕм каст Йесо – уый уыд, куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ сын загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут кӕсӕгтӕ». Ӕмӕ уыдон дӕр «сӕ хыз баппӕрстой, фӕлӕ йӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сласын нал уыди, уымӕн ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсӕгтӕ уыд» (Иоан. 21:1–6).

2 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн райсомӕй кӕсаг ӕмӕ дзул бахӕрын кодта. Стӕй Петры бафарста: «Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?» Йесо йӕ зыдта, Петр кӕсаг ахсыны куыст кӕй уарзта. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕй зӕгъинаг уыд, зӕгъгӕ, фылдӕр цы уарзыс, мӕн ӕмӕ уӕ цӕуыл ахуыр кодтон, уыдӕттӕ ӕви кӕсаг ахсын. Петр ын загъта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын» (Иоан. 21:15). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Петры цардӕй ӕцӕгдӕр бӕрӕг уыд, йӕ ныхасӕн хицау кӕй у. Чырыстийы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, ӕппынӕдзух кӕй хъусын кодта, уымӕй. Ӕмӕ фӕстӕдӕр сси чырыстон ӕмбырды цӕджындзтӕй иу.

3. Чырыстӕттӕн тӕссаг цӕмӕй у?

3 Йесо Петрӕн цы загъта, уымӕй цы ис базонӕн? Хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ма ӕрмынӕг уа ӕмӕ Чырыстийы къаддӕр уарзын ма райдайӕм. Йесо зыдта, ацы дунейы цард уӕззау кӕй уыдзӕн, стӕй мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй йедзаг. Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд бамбарын кодта, иуӕй-иутӕ «Паддзахады тыххӕй дзырд» сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты ӕмӕ фыццаг сӕ зӕрдӕты зынг кӕй судздзӕн. Фӕлӕ, дам, фӕстӕдӕр «ацы царды сагъӕстыл» суыдзысты, хъӕздыгдзинад сӕ сӕ фӕдыл асайдзӕн, ӕмӕ «дзырд нал сырӕздзӕн», ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг ӕрмынӕг уыдзӕн (Матф. 13:19–22; Мар. 4:19). Нӕхи куы нӕ хъахъхъӕнӕм, уӕд нӕ царды сагъӕстӕ хъыгдардзысты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34).

4. Нӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын, Чырыстийы ма раздӕрау уарзӕм ӕви нӕ? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый мах Петрау ӕвдисӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрӕм, уымӕй. Куыд у нӕ бон сбӕлвырд кӕнын, афтӕ кӕнӕм ӕви нӕ? Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕппӕты фылдӕр цы уарзын? Фылдӕр мын циндзинад цы хӕссы, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый ӕви ӕндӕр хъуыддӕгтӕ?» Цӕмӕй нӕхицӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, адӕймаг Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ къаддӕр уарзын кӕй тыххӕй райдайы, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Уыдон сты куыст, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ мулк.

КУЫСТМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔС

5. Бинонты хистӕртыл цавӕр хӕс ис?

5 Апостол Петр кӕсаг ахсыны куыст ӕрмӕст йӕхи аирхӕфсыны тыххӕй нӕ кодта – йӕ бинонты уымӕй дардта. Ӕмӕ абон дӕр бинонты хистӕртӕ ӕмбарынц, Библимӕ гӕсгӕ сыл кӕй ис хӕс, цӕмӕй сӕ бинонты дарой (1 Тим. 5:8). Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты адӕймагӕн йӕ куыст арӕх масты хос дӕр свӕййы.

6. Арӕх куыст адӕймагыл куыд фӕзыны?

6 Куыст чи агуры, уыдон тынг бирӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ арӕх куыст ссарын зын вӕййы. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ разы вӕййынц фӕскуыст кусыныл дӕр, кӕд сын, цас ӕмбӕлы, уыйбӕрц фидгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, уӕддӕр. Алыхуызон куыстуӕттӕ ӕмӕ компанитӕ архайынц фылдӕр цыдӕртӕ уадзыныл, сӕ кусджытӕ та къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕм тынг бафӕллайынц, стыхсынц ӕмӕ ма рынчын дӕр фӕвӕййынц. Бирӕтӕ фӕтӕрсынц, сӕ хицау сӕ цы домы, уый куы нӕ аразой, уӕд сӕ куыстӕй кӕй ратӕрдзысты, уымӕй.

7, 8. а) Фыццаджыдӕр иузӕрдион кӕуыл хъуамӕ уӕм? б) Таиландӕй иу ӕфсымӕр йӕ куыст куы фӕивта, уӕд цы бамбӕрста?

7 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион, нӕ куысты хицауыл нӕ, фӕлӕ (Лук. 10:27). Куыст нӕ цӕмӕн хъӕуы? Цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи дарын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, нӕ куыст Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр хъыгдара. Таиландӕй иу ӕфсымӕр йӕхи тыххӕй радзырдта: «Мӕ куыст уыд компьютертӕ цалцӕг кӕнын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕлӕ-иу мӕ кусын бирӕ кӕй хъуыд, уый тыххӕй-иу мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг тынг гыццыл баззад. Фӕстагмӕ йӕ бамбӕрстон, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад мӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтаин, уый тыххӕй мӕ ӕндӕр куыст ссарын кӕй хъуыди». Ацы ӕфсымӕр куыд бакодта?

8 Уый дарддӕр дзуры: «Афӕдзы бӕрц пълӕнттӕ кодтон ӕмӕ ӕхца ӕмбырд кодтон. Ӕмӕ стӕй райдыдтон уынджы марожнӕ уӕйгӕнӕгӕй кусын. Ӕхцайӕ фыццаг тынг тыхстӕн, ӕмӕ-иу мӕ ныфс дӕр асаст. Раздӕр кӕимӕ куыстон, уыдонӕй-иу мыл исчи куы амбӕлд, уӕд-иу мыл худтысты, марожнӕ уӕй кӕнын, дам, дӕм, сатӕг агъуысты компьютертимӕ кусынӕй хуыздӕр кӕсы, ӕви. Мӕнӕн мӕ нысан уыд, цӕмӕй мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид. Ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтон, цӕмӕй мӕ зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтаин ӕмӕ мӕ нысан мӕ къухы бафтыдаид. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уавӕр хуыздӕрырдӕм ивын райдыдта. Ӕлхӕнджыты зӕрдӕмӕ фылдӕр цы цӕуы, уый базыдтон, стӕй марожнӕ аразынмӕ дӕр фӕдӕсныдӕр дӕн. Цасдӕры фӕстӕ хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу алы бон дӕр мӕ марожнӕ иууылдӕр ауӕй. Раст куы зӕгъон, уӕд, компьютертӕ цалцӕггӕнгӕйӕ ӕхца цас истон, уымӕй мӕм фылдӕр ӕфтын райдыдта. Мӕ раздӕры куысты-иу куыд стыхстӕн, ныр афтӕ нал стыхсын, ӕмӕ бирӕ амондджындӕр сдӕн. Уӕлдай ахсджиаг та уый у, ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс дӕн». (Бакӕс Матфейы 5:3, 6.)

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

9 Зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кӕнӕм, уымӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны. Ӕмӕ ахӕм фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ вӕййы (Ӕмб. 12:14). Фӕлӕ нын хъуамӕ нӕ куыст Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ма суа. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕтты кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:33). Фӕлӕ йӕ куыд ис базонӕн, куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ? Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Кӕд мӕ куыст мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ цӕуы? Ӕви уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын ӕмӕ дзы фӕлмӕцгӕ дӕр акӕнын?» Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн бамбарын, ӕцӕгӕй цы уарзӕм, уый.

10. Йесо Марфӕйӕн цавӕр ахсджиаг хабар бамбарын кодта?

10 Йесо бамбарын кодта, царды нын фыццаг бынаты цы хъуамӕ уа, уый. Иухатт уазӕгуаты уыд дыууӕ хомӕ, Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ. Марфӕ уайтагъд бавнӕлдта хӕринаг кӕнынмӕ, Марийӕ та Йесойы къӕхты раз сбадти ӕмӕ йӕм хъуыста. Уӕд Марфӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдта, Марийӕ мын цӕуылнӕ ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Марийӕ... хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн» (Лук. 10:38–42). Йесо Марфӕйӕн иу ахсджиаг хабар бамбарын кодта. Цӕмӕй нӕ царды сагъӕстӕ ма хъыгдарой ӕмӕ, Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй хъуамӕ равзарӕм «хуыздӕр хай» – ома нын хъуамӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уа фыццаг бынаты.

ИРХӔФСӔНТӔМ ӔМӔ ФӔЛЛАД УАДЗЫНМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ

11. Библийы фӕллад уадзыны ӕмӕ улӕфыны тыххӕй цы ис фыст?

11 Абон цард афтӕ у, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй йӕ сӕрыл куырой разилы, ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы баулӕфынӕн рӕстӕг ссарын. Библийы фыст ис: «Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» (Еккл. 2:24). Йесо ӕмбӕрста, йӕ ахуыргӕнинӕгты-иу кӕй хъуыди сӕ фӕллад суадзын. Иухатт тынг бирӕ куы фӕхъусын кодтой, уӕд сын Йесо загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат» (Мар. 6:31, 32).

12. Нӕхи аирхӕфсын нӕ куы фӕнда, уӕд къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Цӕмӕй адӕймаг баулӕфа, уый тыххӕй йӕ фӕхъӕуы йӕхи аирхӕфсын дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нын уыцы хъуыддаг ӕппӕты сӕйраг ма суа. Фыццаг ӕнусы бирӕтӕ ахӕм зондыл хӕст уыдысты: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Кор. 15:32). Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ афтӕ цӕрынц. Зӕгъӕм, Европӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын. Фӕлӕ ирхӕфсӕнтӕ афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕмбырдтӕм нал цыд. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд ӕй бамбӕрста, ирхӕфсӕнтыл афтӕ кӕй сси, уый йын мӕстытӕ йеддӕмӕ хорзӕй кӕй ницы ӕрхаста. Уӕд фӕстӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ хорз хабар хъусынгӕнӕг дӕр сси. Донаргъуыды фӕстӕ загъта: «Адӕймаг Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ куыд амондджын вӕййы, афтӕ амондджын, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны фӕрцы никуы уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ раздӕр цӕуылнӕ бамбӕрстон, ӕрмӕстдӕр ууыл фӕсмон кӕнын».

13. а) Адӕймаг ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕна, уый хорз кӕй нӕу, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм?

13 Ирхӕфсӕнтӕ хъӕуынц, цӕмӕй нӕм ногӕй тыхтӕ фӕзына, не уӕнгты хъарутӕ бацӕуа. Уӕдӕ цымӕ ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг хъуамӕ хардз кӕнӕм? Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Адджинӕгтӕ бирӕтӕ уарзынц, фӕлӕ сӕ ӕдзух куы хӕрӕм, уӕд уый не ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕсдзӕн. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм, уӕд хъуамӕ фылдӕр хӕрӕм, пайда нын чи фӕуыдзӕн, ахӕм хӕринӕгтӕ. Раст афтӕ, нӕ рӕстӕг ӕдзух ирхӕфсӕнтыл куы хардз кӕнӕм, уӕд уый фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн? Зӕгъӕм, нӕ бон у ныффыссын, къуырийы дӕргъы нын Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл, ома ӕмбырдтыл, уацамындыл ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл, цал сахаты ацыд, уый. Стӕй та ис ныффыссӕн, уыцы къуырийы дӕргъы ирхӕфсӕнтыл, зӕгъӕм, спортыл, телевизорыл кӕнӕ видеохъӕзтытыл, цал сахаты бахардз кодтам, уый. Дыууӕ нымӕцы куы абарӕм, уӕд цы фендзыстӕм? Мыййаг нӕ «адджинӕгтӕ» фӕкъаддӕр кӕнын нӕ хъӕуы? (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.)

14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынӕн?

14 Йегъовӕ нын дӕтты ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыны бар. Ӕмӕ бинонты хистӕртӕн дӕр сӕ бон у равзарын, сӕ бинонтӕ сӕ фӕллад куыд уадздзысты ӕмӕ сӕхи куыд ирхӕфсдзысты, уый. Библийы Йегъовӕ ныффыссын кодта, цы хъуыды кӕны, уый кӕй фӕрцы ис базонӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у раст уынаффӕтӕ хӕссын *. Хорз ирхӕфсӕнтӕ «Хуыцауы лӕвар» сты (Еккл. 3:12, 13). Уый дӕр ӕмбарӕм, ӕмӕ иуы зӕрдӕмӕ иу ирхӕфсӕн фӕцӕуы, иннӕйы зӕрдӕмӕ – ӕндӕр (Гал. 6:4, 5). Фӕлӕ цавӕрфӕнды ирхӕфсӕнтӕ ма равзарӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй нын уыдон сӕйраг ма суой. Йесо афтӕ загъта: «Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:21). Йесойы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕй, нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы Паддзахад нын ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у, уый (Фил. 1:9, 10).

МУЛЧЫ ФӔДЫЛ МА АЦӔУӔМ

15, 16. а) Адӕймаг мулчы къӕппӕджы куыд бахауы? б) Йесо цавӕр зондджын уынаффӕ радта?

15 Ныртӕккӕ бирӕтӕн сӕ сӕйраг мӕт у, цӕмӕй сын уа, фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ чи сты, ахӕм дзаумӕттӕ, ногдӕр телефонтӕ, компьютертӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон мулчы фӕдыл цӕуынц, ома сын ӕхца ӕмӕ дзауматӕ сты ӕппӕты сӕйраг. Дӕуӕн та ӕппӕты сӕйраг цы у? Хорз уаид, алы чырыстон дӕр-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы ахъуыды кӕнид: «Фылдӕр рӕстӕг мын цӕуыл ацӕуы, цы ног машинӕтӕ фӕзынд ӕмӕ модӕйы цы ис, уый тыххӕй кӕсыныл ӕмӕ хъуыды кӕныныл ӕви ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕныныл? Царды хабӕрттыл ӕгӕр не сдӕн? Кувынӕн ӕмӕ мын Библи кӕсынӕн къаддӕр рӕстӕг нӕ баззайы?» Куы йӕ бамбарӕм, ӕмӕ ӕхца ӕмӕ дзауматӕ фылдӕр уарзын райдыдтам, Чырыстийы та – къаддӕр, уӕд ын хъуамӕ йӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕнӕм, «зыд мацӕуыл кӕнут», зӕгъгӕ (Лук. 12:15). Афтӕ нӕ цӕмӕн бафӕдзӕхста?

16 Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Иу «хицау» дӕр ӕмӕ иннӕ «хицау» дӕр домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион. Адӕймаг «сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн» (Матф. 6:24). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр «нӕ буары монцтимӕ», кӕнӕ фӕндтимӕ, тох кӕнӕм, ӕмӕ уыцы фӕндтӕм хауы мулк уарзын дӕр (Еф. 2:3).

17. а) Иуӕй-иутӕн зын цӕмӕн вӕййы ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсын? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма ацӕуӕм?

17 Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн зын у ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:14.) Сӕ зонд кӕй фӕкъуырма вӕййы, уымӕ гӕсгӕ сын зын вӕййы, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзут. 5:11–14). Ӕмӕ иуӕй-иутӕн бафсис ницӕмӕйуал вӕййы – цас фылдӕр сын вӕййы, уыйас сӕ фылдӕр фӕхъӕуы (Еккл. 5:10). Фӕлӕ ныл цӕмӕй ахӕм зондахаст ма бандава, уымӕн ис хос: алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас Библи кӕсын (1 Пет. 2:2). Йесо Хуыцауы ныхӕстыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы йӕ бон сси Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ цӕмӕй мулчы фӕдыл ма ацӕуӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын (Матф. 4:8–10). Уӕд Йесо фендзӕн, ӕхца ӕмӕ йӕ мулкӕй фылдӕр кӕй уарзӕм.

Царды дын сӕйрагдӕр цы у? (кӕс 18 абзац)

18. Цы дӕ фӕнды дарддӕр дӕр аразын?

18 Йесо Петры афтӕ куы бафарста, «адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс», зӕгъгӕ, уӕд ын уымӕй бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын йӕ царды фыццаг бынаты кӕй хъуамӕ уа. Петры ном нысан кӕны «дур» кӕнӕ «къӕдзӕхдур». Петрыл йӕ ном хорз фидыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уыди къӕдзӕхау фидар (Хъуыд. 4:5–20). Абон мах дӕр фӕнды, ӕмӕ афтӕ фидар уӕм, ома Чырыстийы алкӕддӕр уарзӕм, макуы йыл сыстырзӕрдӕ уӕм. Уӕдӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй нӕ царды куыстӕн, ирхӕфсӕнтӕн ӕмӕ мулкӕн, цы бынат сын ӕмбӕлы, уыцы бынат уа. Ӕмӕ уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Петрау зӕгъын: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын».

^ 14 абз. Кӕс статья «Дӕ ирхӕфсӕнтӕ дын пайда хӕссынц?» брошюрӕйы «Дӕ ирхӕфсӕнтӕ дын пайда хӕссынц?» (bw515), 9–12 фӕрстӕ, 6–15 абзацтӕ.