Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Гай йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодта

Гай йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодта

ФЫЦЦАГ ӕнусы кӕронмӕ ’ввахс Гай ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ ӕмбӕлдысты алыхуызон зындзинӕдтыл. Мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, уыдон архайдтой ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад ӕмӕ иудзинад фехалыныл (1 Иоан. 2:18, 19; 2 Иоан. 7). Иу нӕлгоймаг, Диотреф, зӕгъгӕ, апостол Иоанны ӕмӕ иннӕты фыдкой кодта, ӕндӕр рӕттӕй-иу сӕм цы ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты, уыдоны суазӕг кӕнын дӕр-иу ӕй нӕ фӕндыд ӕмӕ ма иннӕты дӕр уыцы зондыл арӕзта (3 Иоан. 9, 10). Ӕмӕ Иоанн дӕр Гаймӕ фыстӕг уыцы рӕстӕг ныффыста; уый уыд н. э. 98 азмӕ ’ввахс. Уыцы фыстӕг Чырыстон Грекъаг Фыстыты хуыйны «Иоанны ӕртыккаг фыстӕг».

Кӕд Гай зындзинӕдтыл ӕмбӕлди, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, иузӕрдион кӕй уыд, уый? Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын? Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Иоанны фыстӕг куыд баххуыс кӕндзӕн?

ИОАННЫ ФЫСТӔГ ЙӔ ЗЫНАРГЪ ӔМБАЛМӔ

Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕджы йӕхи хоны «хистӕр нӕлгоймаг». Ацы дзырдбастӕй тӕлмац грекъаг дзырд ма нысан кӕны «ацӕргӕ нӕлгоймаг» дӕр. Ӕмӕ ма Гайы цы базонын хъуыдаид, чи йӕм фыссы, уый – фыста йӕм апостол Иоанн, рӕстдзинад кӕй фӕрцы базыдта, уыцы ӕфсымӕр. Иоанн Гаймӕ ныффыста, «зынаргъ ын... [кӕй] у» ӕмӕ йӕ «зӕрдиагӕй кӕй уарзы». Уый фӕстӕ дзы раппӕлыд, Хуыцауы фӕндагыл ын бирӕ кӕй ӕнтысы, уый тыххӕй ӕмӕ ма загъта, кӕй фӕкувы, цӕмӕй ӕнӕниз уа (3 Иоан. 1, 2, 4).

Гай, чи зоны, уыд ӕмбырды цӕстдарӕг, фӕлӕ Иоанны фыстӕджы уый тыххӕй бӕлвырдӕй фыст нӕй. Иоанн дзы ӕппӕлыд, ӕфсымӕрты-иу кӕй суазӕг кодта, уый тыххӕй, кӕд-иу сӕ зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр. Иоаннӕн уый дзурӕг уыд Гайы иузӕрдиондзинадыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр хицӕн кодтой сӕ уазӕгуарзондзинадӕй (Райд. 18:1–8; 1 Тим. 3:2; 3 Иоан. 5).

Иоанны ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕм цард, уырдыгӕй-иу ӕфсымӕртӕ арӕх иннӕ рӕттӕм кӕй цыдысты, стӕй-иу уырдӕм дӕр, иннӕ рӕтты чи уыд, уыцы ӕмбырдтӕй чидӕртӕ кӕй ӕрцыд. Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕфсымӕртӕ Иоаннӕн хабӕрттӕ ракодтой. Ӕмӕ ацы ӕмбырды хабӕрттӕ дӕр Иоанн, гӕнӕн ис, афтӕмӕй базыдта.

Иннӕ рӕттӕм чи цыд, уыцы чырыстӕтты-иу фӕндыдаид се ’мчырыстӕттӕм ӕрлӕууын. Уыцы рӕстӕг уазӕгдзӕрӕнтӕн хорз ном нӕ уыд, уыди дзы тынг ӕвзӕр уавӕртӕ, стӕй дзы алы ӕнӕгъдау митӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕмбаргӕ бӕлццӕттӕ ӕрлӕууыдысты се ’мбӕлттӕм, чырыстӕттӕ та – се ’мчырыстӕттӕм.

«УЫДОН ЙӔ НОМЫ ТЫХХӔЙ АЦЫДЫСТЫ»

Иоанн Гайы баразӕнгард кодта, цӕмӕй та ногӕй уазӕгуарзондзинад равдыстаид. Загъта йын: «Афӕндараст сӕ кӕн [ома бӕлццӕтты], Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ». Ацы ран Иоанн, афӕндараст сӕ кӕн, зӕгъгӕ, куы ныффыста, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, цӕмӕй сӕ сӕ дарддӕры балцы цы хъуыд, уымӕй сӕм фӕкастаид. Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Гай уый размӕ дӕр ахӕм уазӕгуарзондзинад равдыста, уымӕн ӕмӕ-иу цы чырыстӕтты суазӕг кодта, уыдон-иу сӕ фысымы уарзондзинады ӕмӕ уырнындзинады тыххӕй Иоаннӕн радзырдтой (3 Иоан. 3, 6).

Уыцы уазджытӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты миссионертӕ кӕнӕ-иу Иоанн кӕй рарвыста, уыцы ӕфсымӕртӕ, йе та цӕуӕг цӕстдарджытӕ. Фӕлӕ чифӕнды ма уыдаиккой, уӕддӕр ахӕм балцыты цыдысты хорз хабары тыххӕй. Иоанн загъта: «Уыдон йӕ номы тыххӕй ацыдысты» (3 Иоан. 7). 6-ӕм стихы Иоанн кӕны Хуыцауы кой, уымӕ гӕсгӕ ныхӕстӕ «йӕ номы тыххӕй» амонынц Йегъовӕйы номмӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты чырыстон ӕмбырдӕй, ӕмӕ уый аккаг уыдысты, цӕмӕй сӕ зӕрдиагӕй суазӕг кодтаиккой. Иоанн ныффыста: «Мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй-иу ахӕм адӕмы суазӕг кӕнӕм, цӕмӕй рӕстдзинады суӕм ӕмкусджытӕ» (3 Иоан. 8).

ИОАНН ЗЫН УАВӔРЫ БАХХУЫС КОДТА

Иоанн Гаймӕ ӕрмӕст бузныг зӕгъыны тыххӕй нӕ ныффыста. Фӕндыди ма йӕ Гайӕн иу зын хъуыддаджы баххуыс кӕнын дӕр. Цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ-иу се ’мбырдӕй иу ӕфсымӕры, Диотрефы, нӕ фӕндыд ӕфсымӕрты суазӕг кӕнын. Ӕмӕ-иу сӕ исчи суазӕг кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд ма-иу уыдоны дӕр нӕ уагъта (3 Иоан. 9, 10).

Иузӕрдион чырыстӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Диотрефмӕ не ’рлӕууыдаиккой, уый гӕнӕн сын куы уыдаид, уӕддӕр. Диотрефы фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды фыццаг уыдаид, Иоанны ныхӕстӕ ницӕмӕ дардта, стӕй Иоанны ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты фыдкой кодта. Иоанн Диотрефы мӕнг ахуыргӕнӕг никуы хуыдта. Фӕлӕ Диотреф цыди йӕ ныхмӕ. Уый бӕллыд кадмӕ ӕмӕ йӕхи дардта, чырыстонӕн куыд не ’мбӕлы, афтӕ. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй иузӕрдион лӕггадгӕнӕг зынтӕй уыд схонӕн. Диотрефы хабарӕй бӕрӕг у, кадуарзаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕмӕн сӕ бон кӕй у ӕмбырд ныддихтӕ кӕнын. Гъемӕ Иоанн Гайӕн загъта, цӕмӕй ӕвзӕр адӕмы ма фӕзмыдтаид, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц абон махмӕ дӕр (3 Иоан. 11).

ХОРЗДЗИНАД АРАЗӔМ

Иоанн ма ракодта ӕндӕр чырыстоны кой дӕр, Дмитрийы кой, фӕлӕ Диотрефӕй уӕлдай, уый уыд фӕзминаг. Иоанн ныффыста: «Дмитрийы хорзы кой кӕнынц... Уӕвгӕ, мах дӕр дзы уый зӕгъӕм, ӕмӕ нӕ ныхас раст кӕй у, уый ды хорз зоныс» (3 Иоан. 12). Чи зоны, Дмитрийы хъуыди Гайы ӕххуыс, ӕмӕ Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕджы ракодта, Дмитрий цавӕр адӕймаг уыд, уый кой. Дмитрий уыди кӕнӕ цӕуӕг цӕстдарӕг, кӕнӕ йӕ Иоанн йӕхӕдӕг рарвыста, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы фыстӕг Гаймӕ йӕхӕдӕг фӕхӕццӕ кодта. Ӕмӕ йӕ Иоанн кӕмӕ ныффыста, уыдонӕн ӕй уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр бамбарын кодта.

Иоанн Гайы цӕмӕн разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр уазӕгуарзон уыдаид, кӕд ӕмӕ уӕдмӕ дӕр уазӕгуарзон уыд? Диотреф уазӕгуарзон чырыстӕтты ӕмбырдӕй фӕсурыныл кӕй архайдта, уый тыххӕй Иоанн, чи зоны, мӕт кодта, Гай ӕфсымӕрты суазӕг кӕнын куы тӕрса, ууыл. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд Гайы ныфс бауадзын. Куыдфӕнды ма уыдаид, Иоанн Гайы бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй» (3 Иоан. 11). Кӕд афтӕ у, уӕд дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ куыннӕ хъуамӕ аразӕм!

Цымӕ Иоанны фыстӕг Гайӕн баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр уазӕгуарзон уыдаид? Ӕвӕццӕгӕн, о, уымӕн ӕмӕ Иоанны ӕртыккаг фыстӕг у Библийы чингуытӕй иу, ӕмӕ йӕ абон чи фӕкӕсы, уый дӕр бафӕнды «хорз адӕмы фӕзмын».

ИОАННЫ ӔРТЫККАГ ФЫСТӔГӔЙ ЗОНДӔН РАЙСӔН ЦЫ ИС

Амӕй уӕлдай нӕ зынаргъ ӕфсымӕр Гайы тыххӕй ӕндӕр ницы зонӕм. Фӕлӕ йӕ хабӕрттӕй нӕ бон у зондӕн цыдӕртӕ райсын.

Нӕ бон куыд у уазӕгуарзондзинад ӕвдисын?

Фыццаг: нӕ фылдӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ рӕстдзинад базыдтам, ӕндӕр ранӕй нӕм хорз хабар фехъусын кӕнынмӕ чи ’рцыд, ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты руаджы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон чырыстӕттӕ се ’ппӕт хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй дард рӕттӕм нӕ ацӕуынц. Фӕлӕ нӕ бон у Гайы хуызӕн, Хуыцауы хъуыддаджы тыххӕй ӕндӕр ранмӕ чи ацӕуы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бон у районон цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ цардӕмбалы ныфсыл ныфс ӕфтауын. Кӕнӕ та, чи зоны, нӕ бон у ӕхцайӕ дӕр фӕкӕсын, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм чи ацӕуы, уыдонмӕ. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ацӕуынц сӕ бӕстӕйы иу ранӕй иннӕмӕ кӕнӕ та ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр. Цӕй уӕдӕ «алкӕддӕр уӕм уазӕгуарзон» (Ром. 12:13; 1 Тим. 5:9, 10).

Дыккаг: хъуамӕ дис ма кӕнӕм, ӕмбырды стӕм хатт исчи хистӕр нӕлгоймӕгты ныхмӕ куы цӕуа, уӕд. Иоанны ныхмӕ дӕр цыдысты, стӕй апостол Павелы ныхмӕ дӕр (2 Кор. 10:7–12; 12:11–13). Ӕмӕ ӕмбырды ахӕм цӕуылдӕр куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд хъуамӕ кӕнӕм? Павел Тимофейӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Хицауы цагъар... хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса, исчи йын ӕвзӕрӕй исты куы араза, уӕд йӕхиуыл хӕцын фӕраза, ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона». Ӕдзух иннӕтӕм фаутӕ чи хӕссы, уыдонимӕ фӕлмӕн куы уӕм, уӕд, чи зоны, гыццылгай фӕивой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ, гӕнӕн ис, «ӕрфӕсмон кӕныны фадат ратта, цӕмӕй, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной» (2 Тим. 2:24, 25).

Ӕртыккаг: кӕд иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр уыдон Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын хъуамӕ уый тыххӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ ӕппӕлӕм. Апостол Иоанны фыстӕг Гайы ӕнӕмӕнг бафидар кодтаид, стӕй йын ууыл дзурӕг дӕр уыдаид, ӕмӕ, раст цы у, уый аразы. Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ апостол Иоаннау хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕной, цӕмӕй-иу ма бафӕллайой (Ис. 40:31; 1 Фес. 5:11).

Апостол Иоанн йӕ фыстӕг Гаймӕ ныффыста грекъаг ӕвзагыл, ӕмӕ дзы уыцы ӕвзагыл 219 дзырды йеддӕмӕ нӕй. Ацы чиныг у Библийы чингуытӕй ӕппӕты къаддӕр. Фӕлӕ абон чырыстӕттӕн у стыр хӕзна.