Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕнӕм Хуыцауы лӕвӕрд хӕзнатӕн

Аргъ кӕнӕм Хуыцауы лӕвӕрд хӕзнатӕн

«Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр» (ЛУК. 12:34).

ЗАРДЖЫТӔ: 76, 59

1, 2. а) Йегъовӕ нын цавӕр ӕртӕ хӕзнайы радта? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ДУН-ДУНЕЙЫ Йегъовӕйӕ хъӕздыгдӕр нӕй. Алцыдӕр йӕ къухы ис (1 Аз. 29:11, 12). Фӕлӕ Йегъовӕ у тынг рӕдау. Ӕмӕ дзы куыд бузныг стӕм, цы хӕзнатӕ нын радта, уыдоны тыххӕй! Уыцы хӕзнатӕй иуӕй-иутӕ сты: 1) Хуыцауы Паддзахад, 2) нӕ лӕггад ӕмӕ 3) йӕ Ныхасы чи ис, уыцы хӕзнатӕ. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ферох кӕнӕм, уыцы хӕзнатӕн цы стыр аргъ ис, уый. Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уыцы хӕзнатӕ куыд зынаргъ сты, ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр» (Лук. 12:34).

2 Уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад, нӕ лӕггад ӕмӕ рӕстдзинад къаддӕр уарзын ма райдайӕм ӕмӕ сын алкӕддӕр аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕуӕн дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын уыцы хӕзнатӕ ноджы зынаргъдӕр суой.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД У ЗЫНАРГЪ НАЛХЪУЫТЫ ХУЫЗӔН

3. Йесойы фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой ис, уый налхъуыт балхӕныны тыххӕй цы сарӕзта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Бакӕс Матфейы 13:45, 46. Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, налхъуыттӕ чи агуырдта, ахӕм сӕудӕджеры тыххӕй. Иу бон уыцы нӕлгоймаг ссардта, уый размӕ цыдӕриддӕр налхъуыттӕ федта, уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр налхъуыт. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй балхӕдтаид, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уыдӕттӕ ауӕй кодта. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы налхъуыт йӕ цӕсты куыд зынаргъ уыдаид!

4. Хуыцауы Паддзахадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд цӕмӕ уыдзыстӕм цӕттӕ?

4 Йесойы фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауы Паддзахад у уыцы зынаргъ налхъуыты хуызӕн. Сӕудӕджер налхъуытӕн куыд аргъ кодта, мах дӕр Хуыцауы Паддзахадӕн афтӕ куы аргъ кӕнӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕхи уыцы Паддзахады дӕлбар бакӕнӕм. (Бакӕс Марчы 10:28–30.) Ӕркӕсӕм, дыууӕ адӕймаджы афтӕ куыд бакодтой, уымӕ.

5. Закхейы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы бафӕндыд саразын?

5 Закхей уыд хъалонисӕг, ӕмӕ адӕмы кӕй стыгъта, уый фӕрцы схъӕздыг (Лук. 19:1–9). Фӕлӕ иу бон Закхей фехъуыста, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый. Ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ цард бынтондӕр фӕивын. Уый загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис ратдзынӕн мӕгуыртӕн, ӕмӕ хӕрамӕй кӕмӕй цы байстон, уымӕн ӕй цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн». Закхей адӕмӕй цы ’хцатӕ байста, уыдон сын фӕстӕмӕ радта ӕмӕ зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕймаг нал уыд.

6. Иу сылгоймаг цавӕр ивындзинӕдтӕ скодта ӕмӕ цӕмӕн?

6 Цалдӕр азы размӕ, сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард чи кодта, иу ахӕм сылгоймаг фехъуыста Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Стӕй ма уыд, гомосексуалистты бартыл чи тох кодта, ахӕм организацийы президент дӕр. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд райдыдта Хуыцауы Паддзахадӕн аргъ кӕнын. Бамбӕрста йӕ, царды йӕ стыр ивындзинӕдтӕ кӕй хъӕуы скӕнын, уый (1 Кор. 6:9, 10). Йегъовӕйы кӕй бауарзта, уый тыххӕй ныууагъта уыцы организаци ӕмӕ, кӕимӕ цард, уыцы сылгоймаджы дӕр. Стӕй 2009 азы донаргъуыд райста, иннӕ аз та райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый цыфӕнды буары фӕндтӕй дӕр тыхджындӕр уыд (Мар. 12:29, 30).

7. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм?

7 Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕты бахъуыди нӕ цард бынтондӕр фӕивын (Ром. 12:2). Фӕлӕ нӕ тох нӕма фӕци. Хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй цӕйдӕр тыххӕй Хуыцауы Паддзахадӕн мауал аргъ кӕнӕм – нӕдӕр мулчы тыххӕй, нӕдӕр ӕнӕгъдау буары фӕндты тыххӕй (Ӕмб. 4:23; Матф. 5:27–29). Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй ма нын Йегъовӕ ноджыдӕр иу хӕзна радта.

ХЪУСЫН КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ АДӔМ ФЕРВӔЗОЙ

8. а) Апостол Павел нын нӕ лӕггад, «ӕлыг мигӕнӕнты» чи ис, ахӕм хӕзнаимӕ цӕмӕн абарста? б) Павел куыд равдыста, йӕ лӕггад кӕй уарзта, уый?

8 Йесо нын бахӕс кодта адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ нын апостол Павел нӕ лӕггад абарста, ӕлыг мигӕнӕнты чи ис, ахӕм хӕзнаимӕ (2 Кор. 4:7; 1 Тим. 1:12). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ абарӕн ис ӕлыг мигӕнӕнтимӕ. Фӕлӕ цы хабар хъусын кӕнӕм, уый зынаргъ хӕзнайӕ уӕлдай нӕу, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн дӕр ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕмӕ Павел дӕр уый зыдта, ӕмӕ уацамынды алыхуызон мадзӕлттӕй уый тыххӕй пайда кодта. Уый загъта: «Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон» (1 Кор. 9:23). Павел бирӕ фыдӕбон кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:14, 15; 2 Тимофеймӕ 4:2.) Ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын кӕй уарзта, уый йын ӕххуыс кодта уыцы хъуыддаг дарддӕр дӕр аразынӕн, кӕд ӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр (1 Фес. 2:2). Цымӕ махӕн та нӕ бон куыд уаид равдисын, Павелау нӕ лӕггад кӕй уарзӕм, уый?

9. Нӕ лӕггад кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

9 Павел йӕ лӕггад кӕй уарзта, уый равдыста, зӕгъӕм, адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр кӕй пайда кодта, уымӕй. Павелау ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты ӕмӕ, адӕмыл кӕмфӕнды ма ӕмбӕлӕм, уым (Хъуыд. 5:42; 20:20). Мах фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ бон куы вӕййы, уӕд фӕлӕггад кӕнӕм пионертӕй кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Науӕд та нӕ бон вӕййы ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, стӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ та суанг ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр ацӕуын (Хъуыд. 16:9, 10).

10. Ирен хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй фыдӕбон кодта, уый йын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

10 Америкӕйы Иугонд Штатты иу ӕнӕцыд хойы, Ирены, бафӕндыд уырыссаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнын. Ӕмӕ 1993 азы, горӕт Нью-Йорчы цы уырыссаг къорд уыд, уырдӕм ахызт. Уыцы рӕстӕг дзы уыд ӕрмӕстдӕр 20 адӕймаджы бӕрц. Ирен уыцы территорийы зӕрдиагӕй фӕлӕггад кодта иу-20 азы, ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Ныр дӕр ма уырыссаг ӕвзаг дзӕбӕх нӕ зонын». Фӕлӕ Йегъовӕ уымӕн дӕр ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕн дӕр ӕххуыс кодта уыцы ӕвзагыл хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ абон Нью-Йорчы ис ӕхсӕз уырыссаг ӕмбырды. Ирен Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй фынддӕс донаргъуыд райстой. Чидӕртӕ сӕ сты вефилӕгтӕ, пионертӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Ирен зӕгъы: «Иуӕй-иу хатт ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕ царды ӕндӕр исты нысӕнттӕ куы равзӕрстаин, уӕд та цымӕ куыд уыдаид. Фӕлӕ йӕ бамбарын, ныр цы аразын, уымӕй фылдӕр циндзинад мын ницы ӕрхастаид». Иренӕн йӕ лӕггад ӕцӕгдӕр хӕзна у.

Дӕ лӕггадӕн аргъ кӕныс ӕмӕ йын алы къуыри дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕныс? (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

11. Куы нӕ фефхӕрынц, уӕд дӕр куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд уый хорзӕй цӕмӕ ӕркӕны?

11 Нӕ лӕггад зынаргъ хӕзнайыл куы нымайӕм, уӕд мах дӕр апостол Павелау дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм, суанг нӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр (Хъуыд. 14:19–22). 1930 азӕй 1940 азты райдиантӕм Америкӕйы Иугонд Штатты не ’фсымӕрты тынг ӕфхӕрдтой. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр хъусын кодтой. Ӕмӕ-иу сӕ хицауад хъусын кӕнын куы нӕ уагъта, уӕд-иу тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу бирӕ хӕттыты рамбылдтой. 1943 азы ӕфсымӕр Нейтан Норр, Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны цы хъуыддаг рамбылдтам, уый кой куы кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, не ’фсымӕртӕ дарддӕр дӕр куы нӕ хъусын кодтаиккой, уӕд иу хъуыддаг дӕр нӕ хъуыдаид тӕрхондоны ӕвзарын. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фӕзынд сӕрибарӕй хъусын кӕныны фадат. Ӕмӕ иннӕ бӕстӕты дӕр ӕфсымӕртӕ тӕрхондӕтты бирӕ хъуыддӕгтӕ рамбылдтой. Ӕцӕгӕйдӕр, нӕ лӕггад афтӕ тынг кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нӕ уыцы хъуыддаг аразын ницы бакъуылымпы кӕндзӕн.

12. Дӕ фидар фӕнд цы у?

12 Нӕ лӕггадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд, хыгъды цы ныффыссӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ тыхсдзыстӕм. Мах ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (Хъуыд. 20:24; 2 Тим. 4:5). Фӕлӕ иннӕтӕн цы дзурдзыстӕм? Ӕркӕсӕм, Хуыцау ма нын цавӕр хӕзна радта, уымӕ.

БИБЛИЙЫ ХӔЗНАТЫ КЪӔБИЦ

13, 14. Йесо Матфейы 13:52 цавӕр «къӕбицы» кой кодта ӕмӕ йӕ куыд ис дзаг кӕнӕн?

13 Ӕртыккаг хӕзна у, Йегъовӕ нын кӕй раргом кодта, уыцы рӕстдзинад. Рӕстдзинад цӕуы Йегъовӕйӕ (Пс. 31:5). Ӕмӕ нӕ Фыд рӕдау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ Ныхасы хӕзнатӕй хай кӕны. Рӕстдзинад фыццаг хатт куы фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ бон уыди Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ нӕ публикацитӕй, стӕй ӕмбырдтӕй ӕмӕ конгресстӕй ноджы фылдӕр базонын. Цасдӕры фӕстӕ нӕм фӕзынд зонындзинӕдты «къӕбиц», ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй дзы ис ног хӕзнатӕ дӕр ӕмӕ зӕронд хӕзнатӕ дӕр. (Бакӕс Матфейы 13:52.) Ахӕм зонындзинӕдтӕ ӕмбӕхст хӕзнатау куы агурӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ «къӕбиц» дзаг кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:4–7.) Фӕлӕ сӕ куыд ис агурӕн?

14 Хъуамӕ ӕдзухдӕр Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕсӕм ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг иртасӕм. Уый фӕрцы-иу «ног» цыдӕртӕ базондзыстӕм, ома, раздӕр мах цы нӕ зыдтам, уыдӕттӕ (Йес. Н. 1:8, 9; Пс. 1:2, 3). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыры, 1879 азы июлы уагъд чи уыд, уым, фыст уыд: «Рӕстдзинад у, царды ӕдзӕрӕг быдыры чи зайы, ахӕм гыццыл дидинӕджы хуызӕн. Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕнгдзинады хӕмпӕлты бын фӕуыдзӕн. Кӕд уӕ фӕнды рӕстдзинад ссарын, уӕд ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр цырддзаст ут. [...] Кӕд уӕ рӕстдзинад хъӕуы, уӕд ӕм ӕргуыбыр кӕнут ӕмӕ йӕ ӕртонут. Рӕстдзинады „дидинджытӕй“ уӕ иу куы фӕуа, уӕд уын фаг ма уӕд. [...] Ноджыдӕр агурут, ӕмбырд сӕ кӕнут». Уӕдӕ хъуамӕ Библийы ӕдзухдӕр ноджы фылдӕр хӕзнатӕ зӕрдиагӕй агурӕм.

15. Библийӕ цы базыдтам, уыдӕттӕй цыдӕртӕ «зӕронд» схонӕн цӕмӕн ис ӕмӕ уыцы хӕзнатӕй тынгдӕр кӕцыйӕн аргъ кӕныс?

15 Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд диссаджы хабӕрттӕ базыдтам. Ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕ ис схонӕн «зӕронд», уымӕн ӕмӕ фыццаг уыдӕттӕ базыдтам. Уыцы зонындзинӕдтӕм цы хауы? Зӕгъӕм, фыццаг уал базыдтам, Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый. Базыдтам ма, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Стӕй ма базыдтам, Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын (Иоан. 3:16; Рарг. 4:11; 21:3, 4).

16. Библийӕ цыдӕр куыд ӕмбарӕм, уым исты куы фӕива, уӕд нӕ куыд хъӕуы бакӕнын?

16 Иуӕй-иу хатт Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕнӕ стихтӕй кӕцыдӕртӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын райдайӕм. Уӕд фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй, цы фӕивта, уый хорз раиртасӕм ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнӕм (Хъуыд. 17:11; 1 Тим. 4:15). Раздӕр ӕй куыд ӕмбӕрстам ӕмӕ йӕ ныр куыд ӕмбарӕм, уый куыд хицӕн кӕны, ӕрмӕст уый фенын фаг нӕу. Ныр ӕй куыд ӕмбарӕм, уымӕ хъуамӕ лыстӕг хабӕртты онг ӕркӕсӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зонындзинӕдты «къӕбицы» фӕзындзӕн ног хӕзна. Афтӕ архайын цӕмӕн хъӕуы?

17, 18. Сыгъдӕг тых нын куыд баххуыс кӕны?

17 Йесо дзырдта, раздӕр цы базыдтам, уыдӕттӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн (Иоан. 14:25, 26). Уый нын уацамынды куыд баххуыс кӕны? Ӕркӕсӕм-ма иу ӕфсымӕры хабармӕ, йӕ ном Питер. 1970 азы, 19 азы йыл куы цыд, уӕд, райдыдта Великобританийы Вефилы лӕггад кӕнын. Питер хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодта, уӕд сӕмбӕлд, 50 азы бӕрц кӕуыл цыди, иу ахӕм боцъоджын нӕлгоймагыл. Питер ӕй бафарста, зӕгъгӕ, дам, дӕ Библи хуыздӕр базонын нӕ фӕндид. Уыцы нӕлгоймаг разынд дзуттаг раввин ӕмӕ йӕм диссаг фӕкаст, уыцы ӕрыгон лӕппу йын Библийӕ цыдӕртӕ бацамонынмӕ кӕй хъавыд. Цӕмӕй Питеры бафӕлвӕрдтаид, уый тыххӕй йӕ бафарста: «Уӕдӕ-ма мын, мӕ лӕппу, зӕгъ, Данелы чиныг цы ’взагыл ӕрцыд фыст?» Питер ын дзуапп радта, йӕ иу хай фыст кӕй ӕрцыд арамейаг ӕвзагыл. Питер ма ноджыдӕр радзырдта: «Раввин тынг бадис кодта, раст дзуапп ын кӕй радтон, ууыл, фӕлӕ мӕхӕдӕг та уымӕй тынгдӕр бадис кодтон! Йӕ дзуапп ын кӕцӕй зыдтон? Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ ӕмӕ „Райхъал ут!“-ы фӕстаг цалдӕр номырмӕ ӕркастӕн, ӕмӕ дзы иу статьяйы фыст уыд, Данелы чиныгӕн йӕ кӕцыдӕр хай фыст кӕй ӕрцыд арамейаг ӕвзагыл» (Дан. 2:4) *. Уӕдӕ бӕрӕг у, сыгъдӕг тых нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цы бакастыстӕм ӕмӕ нӕ зонындзинӕдты «къӕбицы» цы нывӕрдтам, уый ӕрхъуыды кӕнынӕн (Лук. 12:11, 12; 21:13–15).

18 Йегъовӕ цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй сӕ нӕ зонындзинӕдты «къӕбиц» йедзаг кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ зонындзинӕдтӕ цас фылдӕр кӕной, уыйас иннӕты ахуыр кӕнынмӕ дӕр хуыздӕр арӕхсдзыстӕм.

ДӔ ХӔЗНАТӔ ХЪАХЪХЪӔН

19. Нӕ хӕзнатӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

19 Ацы статьяйӕ базыдтам, Хуыцау нын цы хӕзнатӕ радта, уыдонӕн аргъ кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне ӕдзух архайынц, цӕмӕй уыцы хӕзнатӕн мауал аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй сӕ фӕндиаг ма фӕуӕм. Хорз кӕм фидынц, ахӕм куыстӕй нын зӕрдӕ куы бавӕрой, хъӕздыг цардыл куы хъуыды кӕнӕм кӕнӕ нӕ куы фӕнда нӕ исбонӕй ӕппӕлын, уӕд нын уыдӕттӕ, гӕнӕн ис, къуылымпыйы хос суой. Апостол Иоанн нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ацы дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ тагъд кӕй нал уыдзысты (1 Иоан. 2:15–17). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хӕзнатӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕм.

20. Дӕ хӕзнатӕ куыд хъахъхъӕндзынӕ?

20 Хуыцауы Паддзахадӕн къаддӕр аргъ кӕнын цӕй тыххӕй райдайдзынӕ, уыдӕттыл дӕ къух сис. Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн ӕмӕ дӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕс. Библийы фылдӕр хӕзнатӕ агур. Афтӕмӕй дӕхицӕн ӕрӕмбырд кӕндзынӕ «хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм давӕг хӕстӕг нӕ цӕуы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры». Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр (Лук. 12:33, 34).