Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон суыдзӕн бафидауын ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнын?

Дӕ бон суыдзӕн бафидауын ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнын?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй фарнӕн аргъ кӕной ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрой. Афтӕ кӕй кӕнынц, уый фӕрцы чырыстон ӕмбырды ис фарн. Ӕмӕ уыцы фарн уынгӕйӕ, сабыр цардмӕ чи бӕллы, уыдоны бафӕнды ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын.

Зӕгъӕм, Мадагаскары иу дӕсны куы федта, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы фарн ис, уый, уӕд йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ мӕ кӕд искӕцы диныл ныххӕцын бафӕнда, уӕд ацы дин равзардзынӕн. Ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕ ныууагъта, йӕ бинонты цард Библимӕ гӕсгӕ банывыл кодта ӕмӕ райдыдта Йегъовӕйӕн, фарны Хуыцауӕн, лӕггад кӕнын.

Уыцы нӕлгоймагау мингӕйттӕ алы аз дӕр чырыстон ӕмбырды ссарынц, афтӕ тынг цы фарнмӕ фӕбӕллынц, уый. Фӕлӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕмбырды исчи хӕлӕг ӕмӕ загъд куы фӕкӕны, уӕд ӕмбӕлттӕ сызнаг вӕййынц ӕмӕ ӕмбырды фӕзыны зындзинӕдтӕ (Иак. 3:14–16). Фӕлӕ нын Библи дӕтты хорз уынаффӕтӕ, ахӕм хабӕрттӕй нӕхи куыд бахизӕм ӕмӕ нӕ фарн куыд бахъахъхъӕнӕм, уый фӕдыл. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы уынаффӕтӕ иуӕй-иутӕн куыд баххуыс кодтой, уымӕ.

НЕ ’ХСӔН ИСТЫ КУЫ РАУАЙА

«Цы ’фсымӕримӕ куыстон, уыимӕ ӕппындӕр нӕ фидыдтам. Иухатт ма кӕрӕдзийыл хъӕр кӕнын дӕр райдыдтам, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй дыууӕ адӕймаджы ӕрбаййӕфтой» (КРИС).

«Арӕх цы хоимӕ хъусын кодтон, уый мын ӕвиппайды афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уацамынды нал цӕуӕм. Уый фӕстӕ та мемӕ дзургӕ дӕр нал кодта. Афтӕ цӕмӕн бакодта, уый мӕ сӕр нӕ ахста» (ДЖАНЕТ).

«Ӕртӕ ӕфсымӕрӕй телефонӕй ныхас кодтам. Стӕй иу ӕфсымӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, дзӕбӕх ут, ӕмӕ фенхъӕлдтон, телефон ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ дзы иннӕ ӕфсымӕрӕн йӕ кой фӕкодтон, афтӕмӕй та мӕ хъусгӕ кодта» (МАЙКЛ).

«Не ’мбырды дыууӕ хойы, пионертӕ, нал фидыдтой. Сӕ иу иннӕимӕ ӕдзух загъд кодта. Ӕмӕ сӕхи афтӕ кӕй дардтой, уый тыххӕй-иу иннӕтӕн дӕр сӕ ныфс асаст» (ГАРИ).

Чи зоны, зӕгъай, зӕгъгӕ, уыдӕттӕ сӕ дзурыны аккаг дӕр не сты. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн, гӕнӕн уыд, ӕмӕ сӕ зӕрдӕты арф хъӕдгӕмттӕ баззадаид ӕмӕ ӕмбырды фарн дӕр фехӕлдаид. Фӕлӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Библийы уынаффӕтӕй спайда кодтой ӕмӕ та кӕрӕдзиимӕ бафидыдтой. Цымӕ сын цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кодтой?

«Фӕндагыл-иу кӕрӕдзимӕ ма хыл кӕнут» (Райд. 45:24). Иосиф ахӕм хорз уынаффӕ йе ’фсымӕртӕн радта, фӕстӕмӕ сӕ фыдмӕ куы цыдысты, уӕд. Адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар куы нал фӕцӕуы ӕмӕ уайтагъд куы рамӕсты вӕййы, уӕд, гӕнӕн ис, уавӕр фӕфыддӕр уа ӕмӕ иннӕтӕ дӕр смӕсты уой. Крис бамбӕрста, сӕрныллӕгдзинад ын кӕй нӕ фаг кӕны ӕмӕ йын искӕй разамындмӕ хъусын зын кӕй у, ӕмӕ йӕ бафӕндыди фӕивын. Гъемӕ, цы ’фсымӕримӕ фӕхыл, уымӕй хатыр ракуырдта. Стӕй райдыдта йӕхиуыл кусын, цӕмӕй йӕ маст уромын сахуыр уыдаид. Ӕмӕ уый уынгӕйӕ, иннӕ ’фсымӕр дӕр Крисы бафӕзмыдта. Ныр се ’хсӕн ис фарн ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц.

«Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты» (Ӕмб. 15:22). Джанетмӕ йе ’мбал дзыхӕй куы нал дзырдта, уӕд Джанет ацы стихмӕ гӕсгӕ бацархайдта. Уый йе ’мбалмӕ бацыд ӕмӕ йемӕ аныхас кодта. Бафарста йӕ, зӕгъгӕ, дам, дӕ мыййаг истӕмӕй фӕхъыг кодтон. Иуцасдӕр сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бадт, фӕлӕ стӕй, сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый кӕрӕдзийӕн сабырӕй радзырдтой, ӕмӕ сын уӕд ныхас кӕнын фенцондӕр. Уыцы хо бамбӕрста, Джанет йӕ разы ӕппындӕр кӕй ницы аххосджын уыд, ӕмӕ дзы хатыр ракуырдта. Абон Йегъовӕйӕн иумӕ ӕмвӕндӕй лӕггад кӕнынц.

«Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау» (Матф. 5:23, 24). Йесо ацы уынаффӕ радта йӕ зындгонд раныхасы. Майкл иннӕ ӕфсымӕры кой куы фӕкодта, уӕд стӕй йӕхӕдӕг дӕр хорзау нал фӕци. Йӕхицӕн загъта, алцыдӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй бафидауой. Гъемӕ уыцы ӕфсымӕрмӕ бацыд ӕмӕ дзы хатыртӕ ракуырдта. Майкл зӕгъы: «Ме ’фсымӕр мын зӕрдӕбынӕй ныххатыр кодта». Ӕмӕ та Майкл ӕмӕ уыцы ӕфсымӕр фӕстӕмӕ балымӕн сты.

«Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Кол. 3:12–14). Бирӕ азты дӕргъы пионертӕй чи лӕггад кодта, уыцы дыууӕ хоимӕ хистӕр нӕлгоймаг фӕлмӕнӕй аныхас кодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй ахӕм фарстатыл ахъуыды кодтаиккой: «Уый бар нын ис, цӕмӕй нӕ хылтӕй иннӕтӕн сӕ ныфс сӕттӕм? Цы ’фсон нын ис, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ма фидауӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй ма лӕггад кӕнӕм?» Хотӕ йын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой – бафидыдтой, ӕмӕ та иумӕ цингӕнгӕйӕ хорз хабар хъусын кӕнынц.

Колоссӕгтӕм 3:12–14 цы уынаффӕ ис, уый дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уай, чи дӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнай ӕмӕ, цы ’рцыд, ууыл хъуыды дӕр мауал кӕнай. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, бацархайдтам, цӕмӕй адӕймагӕн ныххатыр кӕнӕм, фӕлӕ нын нӕ уайы, уӕд та? Матфейы 18:15 ис хорз уынаффӕ. Кӕд дзы Йесо уӕззау тӕригъӕдты кой кодта, уӕддӕр нын баххуыс кӕндзӕн, искӕцы хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд дӕр. Нӕ бон у адӕймагмӕ бацӕуын ӕмӕ йемӕ сабырӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй аныхас кӕнын, цӕмӕй хъуыддаг банывыл кӕнӕм.

Библийы ма бирӕ хорз уынаффӕтӕ ис. Ӕмӕ нын цӕмӕй уыцы уынаффӕтӕ баххуыс кӕной, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, «сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый», ома «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (Гал. 5:22, 23). Зӕгъӕм, цӕмӕй цавӕрдӕр механизм дзӕбӕх куса, уый тыххӕй йын йӕ хӕйттӕ фӕхъӕуы байсӕрдын. Раст афтӕ, цӕмӕй-иу иннӕтимӕ бафидауӕм ӕмӕ семӕ хӕларӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуынц ацы миниуджытӕ.

ӔМБЫРД АЛЫХУЫЗОН АДӔМӔЙ ХЪӔЗДЫГДӔР КӔНЫ

Алчидӕр нӕ хицӕн кӕны, цы миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ цард хъӕздыгдӕр кӕны. Фӕлӕ, алыхуызӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм, ӕмӕ, гӕнӕн ис, хыл дӕр фӕуӕм. Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймагӕн хатт зын вӕййы хъӕлдзӕг, дзураг ӕмӕ, иннӕтимӕ уайтагъд чи балымӕн вӕййы, ахӕм адӕймаджы фарсмӕ куы вӕййы, уӕд. Ахӕм хицӕндзинад, чи зоны, кӕмӕдӕр ницы кӕсы, фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕмӕндӕрты стыр масты хос фӕуа». Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, тынг чи хицӕн кӕны, дыууӕ ахӕм адӕймаджы кӕрӕдзи никуы бамбардзысты? Ахъуыды-ма кӕнӕм дыууӕ апостолы хабарыл. Зӕгъӕм, Петр-иу цы хъуыды кодта, уый-иу уайтагъд загъта. Иоанн та уыд фӕлмӕн адӕймаг, ӕмӕ-иу исты зӕгъыны кӕнӕ саразыны размӕ хъуыды акодта. Петр ӕмӕ Иоанн кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой, фӕлӕ Йегъовӕйӕн иумӕ ӕнтыстджынӕй лӕггад кодтой (Хъуыд. 8:14; Гал. 2:9). Афтӕ абон дӕр алыхуызон чырыстӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм лӕггад кӕной.

Фӕлӕ, зӕгъӕм, ӕмбырды кӕмӕдӕр йӕ миты кӕнӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй мӕсты кӕныс. Уӕд хорз уаид, дӕ зӕрдыл куы дарис, Чырысти йӕ цард уыцы адӕймаджы тыххӕй дӕр кӕй радта ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзай (Иоан. 13:34, 35; Ром. 5:6–8). Ӕмӕ раст нӕ уаид, дӕхицӕн афтӕ куы зӕгъис, ӕз йемӕ никуы балымӕн уыдзынӕн, зӕгъгӕ, кӕнӕ ма дзы дӕхи дард ласын дӕр куы райдаис. Фӕлтау ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ хо кӕнӕ ме ’фсымӕр Йегъовӕйы закъоны ныхмӕ исты аразы? Мыййаг мӕ барӕй фӕхъыг кӕны? Ӕви хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнӕм?» Ахсджиаг ма у ахӕм фарстайыл дӕр ахъуыды кӕнын: «Цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уыдонӕй мӕ бон бафӕзмын никӕцы уаид?»

Зӕгъӕм, кӕд чидӕр дзураг у, ды та мадзура дӕ, уӕд йемӕ уацамынды ацу ӕмӕ фен, дӕ бон ӕй цӕмӕй у бафӕзмын. Ӕмӕ, зӕгъӕм, уыцы адӕймаг дӕуӕй бирӕ рӕдаудӕр куы уа, уӕд та? Ацӕргӕтӕн, рынчынтӕн кӕнӕ, хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн куы феххуыс кӕны, уӕд куыд амондджын вӕййы, уый бафиппайдтай? Дӕ бон нӕ уаид, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ноджы рӕдаудӕр суай? Ӕмӕ кӕд уыцы ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ удыхъӕдӕй хицӕн кӕнут, уӕддӕр хорз уаид, фылдӕр ын йӕ хорз миниуджытыл куы хъуыды кӕнис. Ӕмӕ, чи зоны, уыцы адӕймаг дӕ хуыздӕр ӕмбал макуы суа, фӕлӕ афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ баввахс уыдзыстут. Уый фӕрцы дӕ зӕрдӕйы дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн.

Апостол Павел кӕй тыххӕй фыста, уыцы хотӕ, Еводи ӕмӕ Синтихи, ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Фӕлӕ сын Павел бафӕдзӕхста, цӕмӕй, «Хицауимӕ иудзинады кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмхуызон... хъуыды кӕной» (Фил. 4:2). Мах дӕр фӕнды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Йегъовӕйӕн ӕмвӕндӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕмбырды фарн хъахъхъӕнын.

УӔ ХЫЛ БИРӔ МА АХӔССӔД

Искӕмӕ маст хӕссын куы райдайӕм, уӕд-иу хъуамӕ уыцы ӕнкъарӕн уайтагъд бахурх кӕнӕм. Ахӕм ӕнкъарӕн абарӕн ис, рӕсугъд цӕхӕрадоны хӕмпӕлгӕрдӕг куыд сзайы, уыимӕ. Уыцы хӕмпӕлгӕрдӕг уайтагъд куы не стонӕм, уӕд ӕнӕхъӕн цӕхӕрадоныл дӕр ахӕлиу уыдзӕн. Раст афтӕ, кӕмӕдӕр нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм ӕмӕ уыцы маст нӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ куы ауадза, уӕд, гӕнӕн ис, уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр фӕзына. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнӕм.

Сӕрныллӕг куы уай ӕмӕ-иу иннӕтимӕ бафидауыныл куы архайай, уӕд бадис кӕндзынӕ, цас дын бантысдзӕн, ууыл

Иннӕтимӕ бафидауыныл куы архайӕм, уӕд, чи зоны, дис дӕр бакӕнӕм, уавӕр хуыздӕрырдӕм куыд фӕивдзӕн, ууыл. Иу хо уый йӕхиуыл бавзӕрста. Уый радзырдта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ иу хо йӕхи мемӕ афтӕ дары, раст цыма йын гыццыл сывӕллон дӕн. Уый тыххӕй тынг мӕсты кодтон. Ӕмӕ йӕм цас тынгдӕр мӕсты кодтон, уыйас йемӕ схуыстдӕр ныхас кодтон. Афтӕ хъуыды кодтон, зӕгъгӕ мӕ кӕд уый ницӕмӕ дары, уӕд ӕй ӕз дӕр ницӕмӕ дардзынӕн».

Стӕй ацы хо, йӕхӕдӕг йӕхи куыд дары, ууыл хъуыды кӕнын райдыдта. Уый зӕгъы: «Мӕхи хъӕндзинӕдтӕ куы федтон, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл фӕхудти. Бамбӕрстон ӕй, мӕ зондахаст мӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Йегъовӕмӕ фӕкуывтон, ӕмӕ стӕй уыцы хойӕн иу гыццыл лӕвар балхӕдтон ӕмӕ йӕм фыстӕг ныффыстон. Ныффыстон дзы, хатыр дзы кӕй курын, мӕхи йемӕ куыд дардтон, уый тыххӕй. Куы фембӕлдыстӕм, уӕд кӕрӕдзийӕн ахъӕбыс кодтам ӕмӕ загътам, уыцы хабар хъуыды дӕр кӕй нал ӕркӕндзыстӕм. Уӕдӕй фӕстӕмӕ не ’хсӕн никуыуал ницы рауад».

Алчидӕр нӕ бӕллы фарнмӕ. Фӕлӕ адӕймаг йӕ кадӕн куы фӕтӕрсы кӕнӕ та сӕрбӕрзонд куы вӕййы, уӕд фарн бахъахъхъӕныныл нал фӕхъуыды кӕны. Ӕмӕ ацы дунейы адӕм арӕх фӕкӕнынц афтӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕмы ’хсӕн уа фарн ӕмӕ иудзинад. Павел Йегъовӕйы фӕндӕй ныффыста: «Лӕгъстӕ [уын] кӕнын: цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уымӕн аккагӕй ӕмӕ алкӕддӕр ут сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон, уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут, зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Хуыцауы адӕм цы «фарны тӕгтӕй» сты баст, уыдонӕн аргъ нӕй. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр уыцы тӕгтӕ фидар кӕнӕм ӕмӕ-иу не ’хсӕн цыфӕнды ма рауайа, уӕддӕр-иу хъуыддаг банывыл кӕнӕм.