Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ... кӕуетӕ»

«Кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ... кӕуетӕ»

«Идарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ» (1 ФЕС. 5:11).

ЗАРТӔ: 90, 111

1, 2. Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймагӕн куд ӕнгъезуй банхус кӕнун, уой зонун цӕмӕн гъӕуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

«НӔ ФУРТ кӕдӕй рамардӕй, уӕдӕй рацудӕй еу анз, фал уӕддӕр нӕ зӕрди рист нӕ сабур кӕнуй» – зӕгъуй Сузи. Ӕ бийнойнаг ӕнӕнгъӕлти кӕмӕн рамардӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр ба гъе уотӕ маст кодта ӕма ма ӕ бауӕр дӕр цидӕр ӕнахур рист кодта. Гъигагӕн, уӕхӕн цӕветтонтӕ берӕ ес. Берӕ хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕ уой ӕнгъӕл н’ адтӕнцӕ, ӕма сӕбӕл Армагеддони разӕй уӕхӕн фидбилиз ӕрцӕудзӕй. Кӕд дӕубӕл дӕр кенӕ дӕ зонгитӕй ескӕбӕл уӕхӕн хабар ӕрцудӕй, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, фӕндуй базонун: «Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕнӕн сӕ зин рӕстӕги куд ӕнгъезуй банхус кӕнун?»

2 Уотӕ фӕззӕгъунцӕ, рӕстӕг, дан, уоди цӕфтӕ дзӕбӕх кӕнуй. Фал цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Еу идӕдзӕ силгоймаг загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ рӕстӕг адӕймаги исдзӕбӕх кӕндзӕй ӕви нӕ, е кӕнгӕ ’й, еци рӕстӕгӕй куд пайда кӕндзӕй, уомӕй». Адӕймаг ӕ къох ку фӕллух кӕнуй, уӕд ин еунӕг бонмӕ нӕ радзӕбӕх уй, фал ӕй фӕгъгъӕуй бахезун ӕма ’й естӕмӕйти дзӕбӕх кӕнун. Уотӕ уоди цӕф дӕр уайтагъд нӕ радзӕбӕх уй, фал рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд еци рист фӕссабурдӕр уодзӕй. Мадта зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймагӕн еци рист бафӕразунмӕ ци банхус кӕндзӕй?

ЙЕГОВӔ ӔЙ «УОДӔНЦОЙНӔДӔТТӔГ ХУЦАУ»

3, 4. Йеговӕ нин нӕ рист ке лӕдӕруй, уобӕл нӕ бон федарӕй ӕууӕндун цӕмӕн ӕй?

3 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ уоди цӕфтӕ нин нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕй хуӕздӕр неке исдзӕбӕх кӕндзӕй. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4.) Йеговӕ нин тӕккӕ хуӕздӕр цӕветтон ӕй, иннетӕн куд ӕнхус кӕнун гъӕуй, еци гъуддаги ӕма нин зӕгъуй: «Ӕз уин мӕхуӕдӕг рӕвдаун уӕ зӕрдитӕ» (Ис. 51:12; Пс. 119:50, 52, 76).

4 Йеговӕ – уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцау, ӕхуӕдӕг бавзурста еци рист, берӕ ке уарзта, еци ӕмбӕлттӕ ин ку рамардӕнцӕ, уӕд, зӕгъӕн, Авраам, Исаак, Иаков, Моисей ӕма паддзах Давид (Ним. 12:6–8; Матф. 22:31, 32; Гъуд. 13:22). Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ сӕбӕл Йеговӕ хъӕбӕр ӕрхун кӕнуй ӕма ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, игас кӕнун сӕ кӕд райдайдзӕй, еци рӕстӕгмӕ (Иов 14:14, 15). Еци адӕн уодзӕнцӕ хъӕбӕр амондгун ӕма ӕнӕнез. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ зонуй, бӕдоли мӕлӕт ци ӕй, уой дӕр. Ӕхе Фурт дӕр гъезӕмарӕ кӕнгӕй рамардӕй (Ӕмб. 8:22, 30). Е ин, ӕвӕдзи, уойбӕрцӕ маст ӕрхаста, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес (Иоан. 5:20; 10:17).

5, 6. Йеговӕ нин уодӕнцойнӕ куд раттуй?

5 Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл. Уой туххӕй ба имӕ гъӕуама ковӕн ӕма ин нӕ зӕрди рист ӕргом кӕнӕн. Йеговӕ нӕ хуарз лӕдӕруй ӕма нин багъӕуаги уодӕнцойнӕ ратдзӕй. Уой ке зонӕн, айдагъ е дӕр нин уодӕнцойни хуасӕ ӕй. Цума нин куд фенхус кӕнуй?

6 Зӕгъӕн, уодӕнцойнӕ нин раттуй ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци (Гъуд. 9:31). Йесо зӕрдӕ байвардта, нӕ уӕларвон Фидӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ ке ратдзӕй, ка си коруй, уонӕн (Лук. 11:13). Райдайӕни ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Сузи зӕгъуй: «Нӕ уӕрагисӕртӕбӕл лӕугӕй Йеговӕй уодӕнцойнӕ арӕх курдтан! Ӕма ’й алли хатт дӕр балӕдӕрианӕ, Хуцауи фарнӕ нин нӕ зӕрдӕ ӕма нӕ зунд куд гъӕуай кодта, уой». (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.)

ЙЕСО ДӔР НИН ЛӔДӔРУЙ НӔ РИСТ

7, 8. Йесо нин зин рӕстӕги ке банхус кӕндзӕй, уобӕл цӕмӕн гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн?

7 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд алли гъуддаги дӕр Йегови фӕнзта – ӕ дзурдтӕ дӕр, удта ӕ гъуддӕгтӕ дӕр адӕнӕн уодӕнцойнӕ хастонцӕ (Иоан. 5:19). Йеговӕ Йесой зӕнхӕмӕ уой туххӕй рарвиста, цӕмӕй «зӕрдӕсаст адӕнӕн» ӕма «маст кадӕриддӕр кӕнуй», уонӕн уодӕнцойнӕ хастайдӕ (Ис. 61:1, 2; Лук. 4:17–21). Адӕн ӕй уидтонцӕ, Йесо син сӕ рист ке лӕдӕруй ӕма ’й ӕцӕгӕйдӕр банхус кӕнун ке фӕндуй, уой (Дзиуит. 2:17).

8 Йесо ӕригонӕй дӕр зудта, уарзон адӕймаги мӕлӕт ци ӕй, уой. Ӕ зӕнхон фидӕ Иосиф, ӕвӕдзи, рамардӕй, Йесо ма ирӕзгӕ кари ку адтӕй, уӕд *. Расагъӕс кӕнӕ, Йесо ӕхуӕдӕг дӕр куд маст кодтайдӕ, удта ӕ мадӕ, ӕ хуӕртӕ ӕма е ’нсувӕртӕ дӕр куд маст кодтонцӕ, уой уинун дӕр ин куд зин адтайдӕ.

9. Лазӕр ку рамардӕй, уӕд Йесо куд бавдиста, иннети рист имӕ ке гъаруй?

9 Йесо зӕнхӕбӕл ку лӕггадӕ кодта, уӕд ӕй адӕн уидтонцӕ, ӕцӕгӕйдӕр сӕ ке лӕдӕрдтӕй ӕма син тӕрегъӕд ке кодта. Зӕгъӕн, ӕ хуарз ӕмбал Лазӕр ку фӕззиан ӕй, уӕд ӕй Йесо зудта, ке ӕй райгас кӕндзӕй. Фал уӕддӕр ӕ зӕрдӕ ристӕй, Марийӕ ма Марфӕн куд ристӕй, уотӕ. Уони мастмӕ кӕсгӕй Йесойӕн дӕр ӕ зӕрдӕ исхъурмӕ ӕй ӕма ӕ цӕстисугтӕ ӕруадӕнцӕ (Иоан. 11:33–36).

10. Йесо нин нӕ рист ке лӕдӕруй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн?

10 Хуцауи Фурт адӕни рист ке лӕдӕрдтӕй, уой зонун абони махӕн ци пайда хӕссуй? Библи зӕгъуй: «Йесо Киристе еци еухузи ӕй – ӕзинӕ дӕр, абони дӕр ӕма ӕносмӕ дӕр» (Дзиуит. 13:8). Киристе – «адӕни цардмӕ ка кӕнуй», е, ӕхебӕл бавзурста, уарзон адӕймаги мӕлӕт ци ӕй, уой ӕма «уомӕ гӕсгӕ ӕ бон ӕй банхус кӕнун, фӕлварӕнти ка бахаудтӕй, уонӕн» (Гъуд. 3:15; Дзиуит. 2:10, 18). Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йесомӕ иннети рист ке гъаруй. Лӕдӕруй ӕй, куд маст кӕнӕн, уой ӕма нин «багъӕуаги» уодӕнцойнӕ ратдзӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:15, 16.)

«ФИНСТАДӔ ЦИ УОДӔНЦОЙНӔ ДӔТТУЙ»

11. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр дин Библийӕй кӕци стихтӕ ӕнхус кӕнунцӕ?

11 Йесойӕн Лазӕрбӕл ӕ зӕрдӕ куд фӕрристӕй, е ӕрмӕстдӕр еунӕг хабар ӕй, Библий ма ци нифсфедаргӕнӕн хабӕрттӕ финст ес, уонӕй. Ӕма е дессаг дӕр нӕй, уомӕн ӕма «раздӕр цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, е финст ӕрцудӕй махӕн зунд байамонунмӕ, цӕмӕй нӕмӕ нӕ федардзийнади фӕрци ӕма, Финстадӕ ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уой фӕрци уа нифс» (Ром. 15:4). Кӕд дӕубӕл дӕр зиан ӕрцудӕй, уӕд дин аци стихтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, уодӕнцойнӕ иссерун.

  • «Йеговӕ хӕстӕг ӕй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕмӕ, ӕма, нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй» (Пс. 34:18, 19).

  • «Тухст сагъӕстӕ мин ӕнцойнӕ ку нӕбал лӕвардтонцӕ, уӕд мин дӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ рӕвдудтонцӕ мӕ уод» (Пс. 94:19).

  • «Ӕма уин уадзӕ ма нӕ Хецау Йесо Киристе ӕхуӕдӕг ӕма нӕ Фидӕ Хуцау, мах ка бауарзта ӕма нин е ’стур хуарзӕнхи фӕрци ӕнӕкӕрон уодӕнцойнӕ ӕма дессаги нифс ка равардта, еци Хуцау, уӕ зӕрдитӕ барӕвдауӕнтӕ ӕма уӕ бафедар кӕнӕнтӕ» (2 Фес. 2:16, 17) *.

НЕ ’МБУРДТӔ НИН ХӔССУНЦӔ ӔЦӔГ УОДӔНЦОЙНӔ

12. Иннетӕн уодӕнцойнӕ кӕд хӕсдзиан?

12 Зин рӕстӕгути ма нин устур уодӕнцойнӕ хӕссунцӕ не ’мбурдтӕ дӕр. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:11.) Нифссаст ка ӕй, уони куд ӕнгъезуй бафедар кӕнун? (Ӕмб. 17:22). Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, «ес рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ ӕма рӕстӕг дзорунмӕ» (Еккл. 3:7). Ӕ лӕг кӕмӕн рамардӕй, уӕхӕн силгоймаг, Далин, зӕгъуй: «Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, еци адӕймаги еске хӕццӕ радзорун фӕгъгъӕуй. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама уӕхӕн адӕймагмӕ лӕмбунӕг байгъосӕн». Е ’нсувӕр ӕхе кӕмӕн рамардта, еу уӕхӕн силгоймаг Юнийӕ ба зӕгъуй: «Ӕвӕдзи, адӕймаги рист кӕронмӕ балӕдӕрун дӕ бон нӕ исуодзӕй. Фал сӕйрагдӕр е ӕй, ӕма дӕмӕ ӕ рист гъаруй».

13. Еске бафедар кӕнун нӕ ку бафӕнда, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

13 Уой дӕр ма иронх кӕнтӕ, ӕма уӕхӕн уавӕри алке ӕмхузӕн нӕ фӕммаст кӕнуй. Хатгай ӕй адӕймагӕн ӕхецӕй ӕндӕр неке фӕззонуй, ӕ рист куд хъӕбӕр ӕй, уой ӕма ин, ӕвӕдзи, зин фӕууй, ӕ зӕрди ци ес, уой дзурдтӕй зӕгъун. Хуцауи Дзурди финст ес: «Адӕймаги зӕрдӕ зонуй ӕ уоди рист ӕма ин иннӕ адӕймаг ӕ цийнӕ нӕ балӕдӕрдзӕй» (Ӕмб. 14:10). Адӕймаг ести ку радзоруй, уӕддӕр, ци зӕгъунмӕ гъавта, уой еуӕй-еухатт зин балӕдӕрӕн фӕууй.

14. Зиангун адӕймагӕн ци ӕнгъезуй зӕгъун?

14 Еуӕй-еухатт зиангун адӕймагӕн ци зӕгъӕн, уой дӕр нӕ фӕззонӕн. Фал Библи зӕгъуй, зӕгъгӕ, «зундгини ӕвзаг ба ӕй ӕвдадзи хуасӕ» (Ӕмб. 12:18). Беретӕн устур ӕнхус фӕцӕнцӕ, брошюри «Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...» ци хуарз гъудитӕ ес, етӕ *. Фал арӕхдӕр тӕккӕ хуӕздӕр ӕнхус фӕууй Библий финст унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун, «кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ... кӕуетӕ», зӕгъгӕ (Ром. 12:15). Ӕ лӕг кӕмӕн рамардӕй, уӕхӕн силгоймаг Габи, зӕгъуй: «Еуӕй-еухатт мӕ зӕрди рист ӕрмӕстдӕр цӕстисугӕй фӕккӕлуй. Ӕма ме ’мбӕлттӕ дӕр мӕ хӕццӕ ку фӕккӕунцӕ, уӕд мин фенцондӕр уй, уомӕн ӕма мӕ ристи мӕхемӕ еунӕг нӕбал фӕккӕсун».

15. Зиангун адӕймаги хӕццӕ дин зин дзорӕн ку уа, уӕд дӕ бон ци ӕй бакӕнун? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Нифсфедаргӕнӕн дзурдтӕ».)

15 Кӕд дин, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ, зин дзорӕн ӕй, уӕд дӕ бон ӕй рарветун ести открытка, финстӕг, СМС кенӕ ба интернети рафинсун. Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй Библийӕй ести стихтӕ равзарун, кенӕ ка рамардӕй, еци адӕймагмӕ цӕхуӕн хуарз менеугутӕ адтӕй, уой туххӕй ниффинсун кенӕ дӕбӕл еци адӕймаги хӕццӕ ка ӕрцудӕй, уӕхӕн ести дзӕбӕх цау ӕргъуди кӕнун. Юнийӕ зӕгъуй: «Мӕ бон ӕй зӕгъун дӕр нӕй, хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕ мӕ сӕ хӕццӕ рабадунмӕ ке фӕххонунцӕ кенӕ мӕмӕ цубур нифсфедаргӕнӕн финстӕгутӕ ке ферветунцӕ, е мин куд ӕнхус кӕнуй, уой. Гъе уӕд ӕй фӕллӕдӕрун, ке мӕ уарзунцӕ ӕма мин ке аргъ кӕнунцӕ, уой».

16. Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уонӕн ма кутемӕй банхус кӕндзиан?

16 Кувдӕн ци хъаурӕ ес, уой дӕр макӕд иронх кӕнӕ. Нӕ бон ӕй ковун, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, еци адӕймаги туххӕй, удта ин ӕхе хӕццӕ дӕр ковун. Уӕхӕн уавӕри еуӕй-еухатт зин фӕууй кувди дӕ гъудитӕ радзорун. Фал зӕрдӕхъурмитӕ кӕнгӕй дӕр зӕрдиагӕй ку ковай, уӕд зиангун адӕймаги хъӕбӕр бафедар кӕндзӕнӕ. Далин зӕгъуй: «Хуӕртӕ мӕмӕ ку ӕрбацӕунцӕ, цӕмӕй мӕ бафедар кӕнонцӕ, уӕд син еуӕй-еухатт фӕззӕгъун, цӕмӕй Йеговӕмӕ исковонцӕ. Ӕма ковун ку райдайунцӕ, уӕд син фиццаг зин дзорӕн фӕууй, уой фӕсте ба син фенцондӕр уй ӕма хъӕбӕр зӕрдиаг кувд ракӕнунцӕ. Уӕхӕн федар ӕууӕндундзийнадӕ сӕмӕ ке ес, ке мӕ уарзунцӕ ӕма мӕбӕл ке тухсунцӕ, е мин мӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр хъӕбӕр федар кӕнуй».

ИДАРДДӔР ДӔР УОДӔНЦОЙНӔ ХӔССЕТӔ

17–19. Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймагӕн идарддӕр дӕр ӕнхус кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

17 Зиан кӕбӕл ӕрцӕуй, уӕхӕн адӕнӕй ӕхе кеми алке ӕмхузӕн рӕстӕгмӕ не ’рцӕуй. Фиццаг рӕстӕг бал адӕймагӕн ӕ фарсмӕ фӕуунцӕ е ’мбӕлттӕ ӕма ӕ хеуӕнттӕ. Фал уой фӕсте райдайунцӕ ӕ алли бони гъуддӕгтӕ. Уомӕ гӕсгӕ фиццаг цалдӕр бони ӕ фарсмӕ ку балӕууайтӕ, уӕд ӕй уой фӕсте дӕр ма иронх кӕнтӕ. «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзуй. Е ӕй, зин сахат адӕймаги фарсмӕ балӕуунмӕ ка райгуруй, уӕхӕн ӕнсувӕр» (Ӕмб. 17:17). Адӕймаг цалинмӕ ӕхе кеми цӕуа ӕма ӕ ристи хӕццӕ тох кӕна, уӕдмӕ ин гъӕуама ӕнхус кӕнӕн ӕма ин уодӕнцойнӕ уӕн. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 3:7.)

18 Уой дӕр ма иронх кӕнӕ, ӕма еуӕй-еухатт адӕймаги зӕрди ӕрбафтуйуй, ка ин рамардӕй, уой хӕццӕ куд цардӕнцӕ, е, ӕма ӕ уодицӕф раздӕрау исресуй. Уотӕ фӕууй, зӕгъӕн, сӕ киндзӕхсӕвӕри бон ку ралӕууй, ести зар ку фегъосуй, хузтӕ ку фӕууинуй, ести ку фӕккосуй кенӕ ма сауӕнгӕ цидӕр смӕг ӕ фийбӕл ку рауайуй, уӕд, кенӕ ба ӕрдзи кӕцидӕр афонӕ ку ралӕууй. Ӕ цардӕмбал кӕмӕн рамардӕй, уонӕн ба уӕлдай зиндӕр фӕууй, раздӕр еумӕ ке кодтонцӕ, уӕхӕн гъуддаг сӕ фиццаг хатт еунӕгӕй кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд, зӕгъӕн, Киристей мӕлӕт Имисӕн изӕрмӕ фӕццӕун. Еу ӕнсувӕр загъта: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма нин киндзӕхсӕвӕр ци бон адтӕй, еци бон ку ӕрхъӕрта, уӕд мин ӕнӕ мӕ цардӕмбалӕй хъӕбӕр зин уодзӕй ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ адтӕй. Фал мӕмӕ еци бон мӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ цалдӕремӕй ӕрбацудӕнцӕ, цӕмӕй еунӕгӕй ма адтайнӕ».

19 Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уой рази ӕрмӕстдӕр кӕцидӕр бӕнтти балӕуун фагӕ нӕй. Юнийӕ зӕгъуй: «Иннетӕ дин ку ӕнхус кӕнонцӕ ӕма айдагъ кӕцидӕр бӕнттӕ нӕ, фал ӕнӕуой дӕр дӕ фарсмӕ ку уонцӕ, уӕд е хъӕбӕр устур ӕнхус ӕй. Уӕхӕн ӕнхусӕй хъӕбӕр боз фӕуун, уой фӕрци мӕмӕ нӕуӕг хъауритӕ фӕззиннуй». Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕймагӕн нӕ бон нӕй уотӕ банхус кӕнун, цӕмӕй ӕппундӕр мабал маст кӕна, фал нӕ бон куд ӕй, уотӕ ин ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд ин е устур уодӕнцойнӕ уодзӕй (1 Иоан. 3:18). Габи зӕгъуй: «Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, уӕхӕн лӕдӕргӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин ке ес, ӕма зин рӕстӕгути мӕ фарсмӕ ке ӕрбалӕууиуонцӕ. Мӕ хӕццӕ ку дзурдтонцӕ, уӕд мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума мӕ Йеговӕ ӕ къохти рӕвдауй».

20. Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ нин уодӕнцойни хуасӕ цӕмӕн ӕнцӕ?

20 Тагъд рӕстӕги Йеговӕ – уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцау, маст ӕма ристӕн кӕрон ке искӕндзӕй ӕма зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уони зӕрдитӕ ке ӕрсабур кӕндзӕй, айдагъ е дӕр нин устур уодӕнцойни хуасӕ ӕй. Еци рӕстӕг «ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ ин [Йесойӕн] фегъосдзӕнцӕ ӕ гъӕлӕс, ӕма рацӕудзӕнцӕ» (Иоан. 5:28, 29). Библи нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Е фесафдзӕй мӕлӕт ӕносмӕ, Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ се ’гасемӕндӕр сӕ цӕстисугтӕ сӕ ростӕй ниссӕрфдзӕй» (Ис. 25:8). Ӕма нӕ уӕд, «кӕугӕ ка кӕнуй», уони хӕццӕ кӕун нӕбал гъӕудзӕй, уомӕн ӕма зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр цийнӕ кӕндзӕнцӕ, «цийнӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ» (Ром. 12:15).

^ 8 абз. Иосифи кой ма Библий фӕстаг хатт цӕуй, Йесобӕл 12 анзи ку цудӕй, уӕд. Фал Йесо киндзӕхсӕвӕри донӕй сӕнӕ ку рауайун кодта, уӕд си Иосифи хабар некӕмибал цудӕй. Еци рӕстӕг, ӕвӕдзи, Иосиф нӕбал адтӕй. Йесо гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ку адтӕй, уӕд дӕр ӕ мади Иоаннбӕл бафӕдзахста ӕма уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, Иосиф ӕгас ке нӕбал адтӕй (Иоан. 19:26, 27).

^ 14 абз. Кӕсӕ ма 2010 анзи 1 ноябри «Сторожевая башня», статья «Утешайте скорбящих, как это делал Иисус».