Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

«Сымах дӕр фӕразон ут» (ИАК. 5:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 114, 79

1, 2. а) Кӕд нӕм фӕзыны ахӕм фарста, «цас ма» кӕнӕ «кӕдмӕ», зӕгъгӕ? б) Рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ нын ныфсы хос цӕмӕн сты?

«КӔДМӔ уыдзӕн афтӕ?» – бафарста Йегъовӕйы йӕ иузӕрдион пехуымпар Исай. Иннӕ иузӕрдион пехуымпар Аввакум та йӕ бафарста: «Цас ма?» (Ис. 6:11; Ав. 1:2). Паддзах Давид 13-ӕм псалом куы фыста, уӕд уый дӕр фондз хатты бафарста, «кӕдмӕ», зӕгъгӕ (Пс. 13:1, 2). Суанг ма Йесо Чырысти дӕр, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕмы уынгӕйӕ загъта, «цас ма», зӕгъгӕ (Матф. 17:17). Уӕдӕ диссаг нӕ уыдзӕн, махмӕ дӕр-иу хатт ахӕм фарста куы фӕзына, уӕд.

2 Йегъовӕйы цӕмӕн фӕфӕрсӕм, «цас ма» кӕнӕ «кӕдмӕ», зӕгъгӕ? Чи зоны, дзӕгъӕлы ӕфхӕрд баййӕфтам. Кӕнӕ та ныл, гӕнӕн ис, азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, цавӕрдӕр низ нӕ уӕгъд нӕ уадзы, науӕд сфӕлмӕцыдыстӕм, «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уымӕй (2 Тим. 3:1). Чи зоны, нӕ алыварс адӕмы митӕм кӕсгӕйӕ нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уа,– стыр ныфсы хос нын у, раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм ахӕм фарста кӕй фӕзынд ӕмӕ-иу сӕм Йегъовӕ уый тыххӕй кӕй не смӕсты, уый.

3. Зын уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн?

3 Фӕлӕ нын зын уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн? Иаков Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ ут фӕразон» (Иак. 5:7). Уӕдӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы фӕразондзинад. Фӕлӕ цы у фӕразондзинад ӕмӕ нӕ бон куыд у ацы рӕсугъд миниуӕг ӕвдисын?

ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦЫ У?

4, 5. а) Фӕразондзинад цы у? б) Фӕразондзинад цы у, уый Иаков куыд ӕмбарын кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй фӕразондзинад, кӕнӕ бирӕфӕразондзинад, у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон нӕу, цас хъӕуы, уыйбӕрц фӕразондзинад ӕвдисын. Фӕразондзинад у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ фӕразон куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Стӕй ма уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Фӕразондзинад нын куы нӕ фаг кӕна, уӕд нӕ уарзондзинады тӕгтӕ лӕмӕгъдӕр кӕндзысты, фӕразон куы уӕм, уӕд та – фидардӕр (1 Кор. 13:4; Гал. 5:22). Фӕразондзинад ма баст у ӕндӕр ахсджиаг миниуджытимӕ дӕр, зӕгъӕм, фидардзинадимӕ. Ацы миниуӕджы фӕрцы та нӕ бон у зын уавӕрты быхсын ӕмӕ уыимӕ цин кӕнын дӕр (Кол. 1:11; Иак. 1:3, 4). Фӕразондзинад ма нын ӕххуыс кӕны цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн. Стӕй уый фӕрцы, чи нӕ фӕхъыг кӕна, уымӕй нӕ маст нӕ исдзыстӕм. Библи ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ кӕй хъӕуы, уый. Уый тыххӕй та бакӕсӕн ис Иаковы 5:7, 8 стихты. (Бакӕс сӕ.)

5 Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ фӕразонӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Иаков нын нӕ уавӕр абарста зӕхкусӕджы уавӕримӕ. Кӕд зӕхкусӕг йӕ хуым байтауыныл бирӕ фӕфыдӕбон кӕны, уӕддӕр боныхъӕдыл кӕнӕ, цы байтыдта, уый ӕвзар кӕд суадздзӕн, ууыл йӕ бар нӕ цӕуы. Уый ӕмбары, «зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ» йӕ кӕй хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Раст афтӕ, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ махӕн дӕр нӕ бар бирӕ цӕуылдӕрты нӕ цӕуы (Мар. 13:32, 33; Хъуыд. 1:7). Ӕмӕ мах дӕр зӕхкусӕгау хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

6. Пехуымпар Михейы цӕвиттонӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

6 Пехуымпар Михей дӕр ӕмбӕлди, абон мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕмтыл. Уый цард фыдгӕнӕг паддзах Ахазы рӕстӕг. Иудӕйы бӕстӕ мӕнгард адӕмӕй ӕмӕ гӕртамхортӕй байдзаг. Адӕм «ӕвзӕрдзинад аразынмӕ дӕсны» систы. (Бакӕс Михейы 7:1–3.) Михей ӕмбӕрста, уыцы уавӕр йӕхи бон кӕй нӕ уыд фӕивын. Уӕдӕ йӕ бон цы уыд саразын? Уый загъта: «Мӕнӕн та мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ. Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ. Мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн» (Мих. 7:7). Михейау мах дӕр хъуамӕ, «цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм».

7. Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕнӕуи ӕнхъӕлмӕ кӕсын фаг цӕуылнӕ у?

7 Михеймӕ цы уырнындзинад уыд, махмӕ дӕр ахӕм уырнындзинад куы уа, уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм. Махӕн нӕ уавӕр, ахӕстоны йӕ мӕлӕты бонмӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм ахст адӕймаджы уавӕры хуызӕн нӕу. Уымӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы бон ралӕууа. Фӕлӕ мах Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ тӕккӕ дӕр йӕ афоныл йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕнусон цард кӕй ратдзӕн! Уымӕ гӕсгӕ «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй» фидар лӕууӕм (Кол. 1:11, 12). Фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуыр-хъуыр куы кӕнӕм, Йегъовӕ ӕгӕр фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн (Кол. 3:12).

ИУЗӔРДИОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ ЦӔВИТТОНТӔ

8. Рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

8 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Нӕ бон у Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл хъуыды кӕнын. Уыдон фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ (Ром. 15:4). Хорз уаид, сӕ цӕвиттонтыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам, цас сӕ бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕн сӕ фӕндыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты.

Авраамы Исав ӕмӕ Иаковы райгуырдмӕ бахъуыди бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын (кӕс 9, 10 абзацтӕ)

9, 10. Авраам ӕмӕ Саррӕйы цас бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ?

9 Ахъуыды-ма кӕнӕм Авраам ӕмӕ Саррӕйыл. Уыдон сты, «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта», уыдоны ’хсӕн. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Авраам «фӕразондзинад куы равдыста, уӕд» ын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгты кӕй сбирӕ кӕндзӕн (Дзут. 6:12, 15). Фӕлӕ цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдаид, уымӕн дӕр хъуыди рӕстӕг, ӕмӕ та Авраамы ногӕй хъуыди фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый йӕ тыхы бацыд н. э. размӕ 1943 азы 14 нисаны, Саррӕимӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтимӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыд, уӕд. Уый фӕстӕ Авраам йӕ фырт Исахъы райгуырдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст 25 азы – райгуырд н. э. размӕ 1918 азы. Стӕй та йӕ йӕ фырты фыртты, Исав ӕмӕ Иаковы, райгуырдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд 60 азы – уыдон райгуырдысты н. э. размӕ 1858 азы (Дзут. 11:9).

10 Цымӕ Аврааммӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй цас ӕрхауд? Библийы фыст ис: «Ӕрмӕст ын дзы уӕд [Йегъовӕ] бынӕн ницы радта, къахы быны йас дӕр. Фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы зӕхх ын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн кӕй ратдзӕн, кӕд ын зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр» (Хъуыд. 7:5). Авраамы байзӕддӕгтӕ хицӕн адӕмыхатт систы, Авраам Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уымӕй ӕрмӕстдӕр 430 азы фӕстӕ, ӕмӕ уыдон хъуамӕ бацахстаиккой Зӕрдӕвӕрд зӕхх (Рац. 12:40–42; Гал. 3:17).

11. Авраам цӕмӕн уыд цӕттӕ Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ ӕмӕ уый тыххӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзӕн?

11 Авраам цӕттӕ уыд, цас хъуыд, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:8–12.) Авраам ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, кӕд ӕмӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕ рӕстӕджы кӕронмӕ нӕ сӕххӕст, уӕддӕр. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, Авраам куыд цин кӕндзӕн, зӕххыл дзӕнӕты куы райгас уа, уӕд. Ӕмӕ куыннӕ бадис кӕндзӕн, Библийы йӕ царды тыххӕй ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хабӕртты тыххӕй цас ис фыст, уый куы базона, уӕд *. Хӕрзаг, йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн, куы йӕ базона, Йегъовӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй цы фӕнд уыд, уым цы ахсджиаг бынат ахста, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй: уыйбӕрц кӕй фенхъӕлмӕ каст, ууыл нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн.

12, 13. Иосифы фӕразондзинад цӕмӕн хъуыди ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст уыд?

12 Авраамы фырты фыртыфырт Иосиф дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Иосифӕн ӕнаххосӕй стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой. Иу-17 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Стӕй та йӕ йӕ хицауы ус фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд, ӕмӕ Иосифы уый тыххӕй ахӕстоны ныппӕрстой (Райд. 39:11–20; Пс. 105:17, 18). Иосиф арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый. Фӕлӕ искӕмӕ, чи зоны, афтӕ фӕкастаид, цыма уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр ӕфхӕрд ӕййӕфта, ӕмӕ дзы арфӕдзинӕдтӕн та сӕ кой дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ 13 азы фӕстӕ йӕ уавӕр ӕвиппайды фӕивта. Иосифы ахӕстонӕй рауагътой, ӕмӕ сси Египеты фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг (Райд. 41:14, 37–43; Хъуыд. 7:9, 10).

13 Цымӕ Иосиф, уыйбӕрц ӕфхӕрд кӕй баййӕфта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдыдта? Мыййаг ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта? Нӕ. Иосиф фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта? Иосиф Йегъовӕйыл тынг ӕууӕндыд. Зыдта йӕ, Йегъовӕ алцӕмӕ дӕр йӕ хъус кӕй дардта. Уый бӕрӕг у, йе ’фсымӕртӕн цы загъта, уымӕй: «Ма тӕрсут. Исты ӕз Хуыцау дӕн? Сымах мын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавыдыстут, фӕлӕ йӕ ныр куыд уынут, афтӕмӕй йӕ Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй бирӕты аирвӕзын кӕна» (Райд. 50:19, 20). Иосиф ӕй ӕмбӕрста, уыйбӕрц рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй не ’нхъӕлмӕ каст.

14, 15. а) Давид куыд фӕразон уыд, уый диссаг цӕмӕй у? б) Давидӕн цы ’ххуыс кодта фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн?

14 Паддзах Давидӕн дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодтой. Йегъовӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй ӕрыгонӕй равзӕрста. Фӕлӕ ма йӕ уый фӕстӕ дӕр хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Зӕгъӕм, фыццаг уал ӕй паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕхи мыггагӕн, ӕмӕ йӕ уымӕ дӕр хъуыди 15 азы бӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын (2 Сам. 2:3, 4). Уыцы рӕстӕджы дӕргъы паддзах Саул иуцасдӕр йӕ фӕдыл зылд, марынмӕ йӕ хъавыд *. Уый тыххӕй Давид йӕ хӕдзарӕй фӕхауӕггаг, ӕмӕ-иу куы ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, куы ӕдзӕрӕг быдыры лӕгӕтты рамбӕхс-бамбӕхс кодта. Ӕппынфӕстаг Саул хӕсты фӕмард. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр Давиды бахъуыд 7 азы бӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ йӕ ӕнӕхъӕн Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой, уӕдмӕ (2 Сам. 5:4, 5).

15 Давид фӕразонӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Уый базонӕн ис, 5 хатты афтӕ кӕм загъта, «кӕдмӕ», зӕгъгӕ, уыцы псаломы. Давид загъта: «Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын де ’нувыд уарзтыл. Уадз цин кӕнӕд мӕ зӕрдӕ, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл. Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ рӕвдыд дӕн йӕ хорздзинӕдтӕй» (Пс. 13:5, 6). Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы. Уый-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ-иу ын раздӕр куыд баххуыс кодта, ууыл, ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ зындзинӕдтӕй йӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Давид зыдта, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй кӕй хъӕуы, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕуыдзӕн.

Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй фӕразон уӕм. Ӕмӕ йӕхӕдӕг цы нӕ саразид, уый махӕн дӕр нӕ аразын кӕны

16, 17. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн сты?

16 Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй фӕразон уӕм. Ӕмӕ йӕхӕдӕг цы нӕ саразид, уый махӕн дӕр нӕ аразын кӕны. Уый йӕхӕдӕг дӕр цӕттӕ у, цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. (Бакӕс 2 Петры 3:9.) Йегъовӕ ныр цалдӕр мин азы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй, Едемы цӕхӕрадоны цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн бӕстон дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕуа. Уый «ӕнхъӕлмӕ кӕсы», йӕ ном кӕронмӕ кӕд срухс уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уый фӕрцы, «чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон» схайджын уыдзысты, сӕ фыны дӕр кӕй нӕ федтой, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй (Ис. 30:18).

17 Йесо дӕр цӕттӕ у, цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Зӕххыл цӕргӕйӕ Хуыцауыл суанг кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ н. э. 33 азы йӕ нывонды аргъимӕ уӕлӕрвты Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыд. Фӕлӕ Паддзахӕй ӕвӕрд ӕрцыд ӕрмӕстдӕр 1914 азы, ӕмӕ йӕ уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бирӕ бахъуыд (Хъуыд. 2:33–35; Дзут. 10:12, 13). Уымӕй уӕлдай ма йе знӕгтӕ иууылдӕр фесӕфдзысты ӕрмӕстдӕр йӕ Миназон хицаудзинады кӕрон (1 Кор. 15:25). Ӕмӕ йӕ уӕдмӕ дӕр нырма цас хъӕудзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ йӕ зонӕм, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыдзӕн.

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН?

18, 19. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн?

18 Бӕрӕг у, алчидӕр нӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уа, цас хъӕуа, уыйбӕрц фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаджы цы ’ххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тых дӕтта. Рох дӕ ма уӕд, фӕразондзинад кӕй у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Еф. 3:16; 6:18; 1 Фес. 5:17–19). Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дын фӕразынӕн ӕмӕ быхсынӕн ӕххуыс кӕна.

19 Стӕй ма дӕ зӕрдыл дар, Авраамӕн, Иосифӕн ӕмӕ Давидӕн цы ’ххуыс кодта, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн. Уыцы лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтой. Уыдон ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ, сӕхицӕн ӕнцондӕр куыд уыд, ууыл нӕ хъуыды кодтой. Цы хорздзинӕдтӕй схайджын сты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕнддзӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

20. Нӕ фидар фӕнд цы у?

20 Уӕдӕ кӕд зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй, «цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм». Хатгай-иу, гӕнӕн ис, дзыназӕм, «о Йегъовӕ, кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?», зӕгъгӕ (Ис. 6:11). Фӕлӕ-иу нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых хъарутӕ бауадздзӕн, ӕмӕ-иу нӕ бон уыдзӕн Йеремийау зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ хай... ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн» (Йер. хъ. 3:21, 24).

^ 11 абз. Райдианы чиныгӕй 15 сӕры бӕрц сты Авраамы царды хабӕртты тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма Чырыстон Грекъаг Фыстыты Авраамы кой ис 70 хаттӕй фылдӕр.

^ 14 абз. Саул 2 азӕй гыццыл фылдӕр уыд паддзах, афтӕ йыл Йегъовӕ йӕ къух систа. Фӕлӕ ма уӕддӕр уый фӕстӕ паддзах уыд 38 азы, суанг йӕ мӕлӕты онг (1 Сам. 13:1; Хъуыд. 13:21).