Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы

Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы

«Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (ФИЛ. 4:7).

ЗАРДЖЫТӔ: 112, 58

1, 2. Павел ӕмӕ Силӕйыл Филиппты цавӕр хабар ӕрцыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ӔМБИСӔХСӔВ. Дыууӕ миссионеры, Павел ӕмӕ Силӕ, сты ахӕстоны рӕбинагдӕр хайы, горӕт Филиппты. Сӕ бон фезмӕлын дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ бакодтой хъадаманты, стӕй сӕ нӕмгӕ кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй сӕ фӕсонтӕ ныр дӕр ма риссынц (Хъуыд. 16:23, 24). Уыцы бон сӕ адӕм базары фӕзы балӕууын кодтой, ӕмӕ сын уым тагъд-тагъдӕй тӕрхон акодтой. Уый фӕстӕ сын сӕ дарӕс ӕрыскъуыдтой ӕмӕ сӕ уистӕй тынг фӕнадтой (Хъуыд. 16:16–22). Уый раст тӕрхон кӕцӕй уыд схонӕн! Павел уыд ромаг, ӕмӕ йын хъуамӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ тӕрхон кодтаиккой *.

2 Ахӕстоны бадгӕйӕ Павел, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, ууыл. Хъуыды ма кодтаид, Филиппты цы адӕм цард, уыдоныл дӕр. Павел бирӕ горӕтты уыд, ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр дзуттӕгтӕн уыд ӕмбырдгӕнӕн, фӕлӕ Филиппты та нӕ уыд. Ӕмӕ-иу дзуттӕгтӕ ӕмбырд кодтой горӕты кулдуары ӕддейӕ, цӕугӕдоны цур (Хъуыд. 16:13, 14). Чи зоны, афтӕ уый тыххӕй уыд, ӕмӕ дзы ӕмбырдгӕнӕн скӕныны фаг дӕс дзуттаг нӕлгоймаджы дӕр нӕ уыд. Филиппты цӕрджытӕ ромӕгтыл нымад кӕй уыдысты, уымӕй уыдысты тынг сӕрыстыр (Хъуыд. 16:21). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕ, цыдӕр дзуттӕгтӕ, ромӕгтӕ разындзысты. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Павел ӕмӕ Силӕйы ахӕстоны дзӕгъӕлы баппӕрстой.

3. Павелы ахӕстоны кӕй баппӕрстой, уый тыххӕй йӕм цавӕр фарстатӕ фӕзындаид, фӕлӕ уыцы уавӕрмӕ цы цӕстӕй каст?

3 Чи зоны ма Павел хъуыдытӕ кодта, фӕстаг цалдӕр мӕйы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл дӕр. Эгейы денджызы иннӕ фарс, Къаннӕг Азийы, куы уыд, уӕд ӕй сыгъдӕг тых цалдӕр хатты нӕ бауагъта кӕцыдӕр рӕтты хъусын кӕнын. Раст ӕй цыма ӕндӕр кӕдӕмдӕр кодта (Хъуыд. 16:6, 7). Фӕлӕ кӕдӕм? Уый базыдта, Троадӕйы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд. Павелӕн загъд уыд, «Македонимӕ-ма ӕрцу», зӕгъгӕ. Йегъовӕйы цы фӕндыд, уый уыд бӕрӕг. Ӕмӕ Павел дӕр ӕвӕстиатӕй Македонимӕ араст. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:8–10.) Фӕлӕ стӕй цы ’рцыди? Македонимӕ куы ’рцыд, уымӕй йӕ гыццыл фӕстӕдӕр ахӕстоны баппӕрстой! Чи зоны, Павел хъуыдытӕ кодта: Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй мыл ацы хабар ӕрцыдаид? Цымӕ ахӕстоны цас уыдзынӕн? Фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ цин кодта. Павел ӕмӕ Силӕ «куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты» (Хъуыд. 16:25). Хуыцауы фарн сын сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд ӕрсабыр кодта.

4, 5. а) Мах дӕр хатт Павелау цавӕр уавӕрты вӕййӕм? б) Павелӕн йӕ уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕивта?

4 Чи зоны-иу дӕуӕн дӕр афтӕ уыд, ӕмӕ ӕмбӕрстай, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, уый кӕй аразыс, фӕлӕ стӕй хабӕрттӕ, куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, афтӕ нӕ рауадысты. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕмбӕлдтӕ бирӕ зындзинӕдтыл, кӕнӕ дӕ уавӕртӕ бынтондӕр кӕй фӕивтой, уый тыххӕй дӕ бахъуыди дӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ саразын (Еккл. 9:11). Ныр уыцы хабӕрттӕ дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕныс, зӕгъгӕ сӕ цымӕ Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта. Кӕд афтӕ у, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай ӕмӕ фидар лӕууай? Дзуапп базоныны тыххӕй Павел ӕмӕ Силӕйы хабармӕ дарддӕр ӕркӕсӕм.

5 Павел ӕмӕ Силӕ Хуыцауы кадӕн куы зарыдысты, уӕд ӕрцыд, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдысты, цалдӕр ахӕм хабары. Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысыд. Ахӕстоны дуӕрттӕ фегом сты, стӕй ахст адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ рӕхыстӕ феуӕгъд сты. Ахӕстонгӕс хъавыд йӕхи амарынмӕ, фӕлӕ йӕ Павел нӕ бауагъта. Ахӕстонгӕс ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр донаргъуыд райстой. Куы сбон, уӕд горӕты хицӕуттӕ хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы рауагътаиккой. Фӕлӕ хицӕуттӕ базыдтой, Павел ӕмӕ Силӕ ромӕгтӕ кӕй сты, ӕмӕ йӕ бамбӕрстой, стыр рӕдыд кӕй ӕруагътой. Ӕмӕ уӕд ацыдысты ӕмӕ сӕ сӕхӕдӕг ахӕстонӕй ракодтой, стӕй сын загътой, цӕмӕй горӕтӕй ацыдаиккой. Фӕлӕ уал Павел ӕмӕ Силӕ ацыдысты сӕ ног хо Лидийӕйӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ. Стӕй ма ӕфсымӕрты дӕр бафидар кодтой (Хъуыд. 16:26–40). Ӕвӕдза, хабӕрттӕ куыд тагъд фӕивтой!

АДӔЙМАДЖЫ ЗОНД ЫЛ НЕ ’ХХӔССЫ

6. Ныртӕккӕ цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Ацы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ бакӕнын, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Павел уый, ӕвӕццӕгӕн, цӕрӕнбонтӕм бахъуыды кодта. Уый бӕрӕг у, фӕстӕдӕр филиппаг ӕфсымӕртӕм цы ныффыста, уымӕй: ныффыста сӕм, истӕуыл куы мӕт кӕной, уӕд сын Хуыцауы фарн куыд баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй. Цӕй ӕмӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм. (Бакӕс сӕ.) Уый фӕстӕ ма Библийӕ ноджыдӕр цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, Йегъовӕ-иу, адӕймаг ӕнхъӕл цӕмӕн нӕ уыд, ахӕм цыдӕртӕ куыд сарӕзта, уый. Фӕстагмӕ та аныхас кӕндзыстӕм, зындзинӕдты нын «Хуыцауы фарн» куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм.

7. Павел филиппаг ӕфсымӕртӕн йӕ фыстӕджы цы бамбарын кӕнынмӕ хъавыд ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

7 Филиппаг ӕфсымӕртӕ Павелы фыстӕг куы кастысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цы йыл ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, хабӕрттӕ афтӕ кӕй фӕзылдта, уый. Павел сын йӕ фыстӕджы цы бамбарын кӕнынмӕ хъавыд? Сӕйраджыдӕр, цӕмӕй мӕт ма кодтаиккой. Хъуамӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой, цӕмӕй йӕ фарнӕй схайджын уыдаиккой. Павел загъта, Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», зӕгъгӕ. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ ацы дзырдбаст ратӕлмац кодтой, зӕгъгӕ, «адӕймаг фыны дӕр кӕй нӕ федтаид, ахӕм» кӕнӕ «хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаид, ахӕм» фарн. Павелы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, «Хуыцауы фарн» ахӕм диссаг у, ӕмӕ йыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы. Уӕдӕ кӕд адӕймаг нӕ фӕзоны, йӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕза науӕд цы ис саразӕн, уый, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ бон у, ӕнхъӕл дӕр цӕмӕн не стӕм, ахӕм цыдӕр саразын. (Бакӕс 2 Петры 2:9.)

8, 9. а) Кӕд Павел Филиппты ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр уый цӕмӕн фӕахъаз? б) Филиппаг ӕфсымӕртӕн Павелы ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ цӕуылнӕ уыдаиккой?

8 Филиппаг ӕфсымӕртӕн сӕ уырнындзинад тынг бафидар уыдаид, фӕстаг дӕс азы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ. Павел сӕм цы ныффыста, уый ӕцӕг уыд. Кӕд Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнаххосӕй бафхӕрдтаиккой, уӕддӕр уый фӕахъаз, цӕмӕй «хорз хабары сӕрыл тох» кодтаиккой ӕмӕ «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кодтаиккой» (Фил. 1:7). Ӕмӕ Филиппты хицӕуттӕ нал бауӕндыдаиккой, цы чырыстон ӕмбырд дзы фӕзынд, уый ныхмӕ исты саразын. Павел, ромаг кӕй уыд, уый кӕй загъта, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕрцы Лукайӕн йӕ бон уыд Филиппты баззайын, Павел ӕмӕ Силӕ куы ацыдысты, уӕд. Ӕмӕ йӕ бон уыд ног хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ноджыдӕр баххуыс кӕнын.

9 Филиппты цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелы фыстӕг куы кастысты, уӕд ӕй зыдтой, уыдон, кӕмдӕр йӕ хъарм кусӕнуаты чи бады ӕмӕ зондджын ныхӕстӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕ кӕй нӕ уыдысты. Павел йӕхӕдӕг стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уыцы фыстӕг сӕм куы фыста, уӕд дӕр йӕхи хӕдзары уыди ахст. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты дӕр бӕрӕг уыд, «Хуыцауы фарнӕй» хайджын кӕй уыд, уый (Фил. 1:12–14; 4:7, 11, 22).

«МӔТ МАЦӔУЫЛ КӔНУТ»

10, 11. Истӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕт мацӕуыл кӕнӕм ӕмӕ «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм? Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, мӕт ӕмӕ сагъӕстӕн сӕ хос кӕй у Хуыцаумӕ кувын. Уӕдӕ истӕуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувын райдайӕм. (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.) Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд-иу ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дыл тыхсы, ууыл. Цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй йын «бузныг... дзур». Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, йӕ бон кӕй у, «цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын», уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Еф. 3:20).

11 Гӕнӕн ис, махӕн дӕр Йегъовӕ афтӕ баххуыс кӕна, ӕмӕ, цы сараздзӕн, ууыл Павел ӕмӕ Силӕйау дис кӕндзыстӕм. Чи зоны, уый цавӕрдӕр стыр диссаг нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕуы, растдӕр уымӕй (1 Кор. 10:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ сбадӕм, ӕппындӕр мацы аразӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ исты кӕд фӕивдзӕн кӕнӕ, цы зын уавӕры стӕм, уымӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм (Ром. 12:11). Нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ куывдтытӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц ӕви нӕ, стӕй Йегъовӕйӕн дӕр уыдзӕн, цӕмӕн раарфӕ кӕна, уый. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у саразын, цы дзы курӕм, цы фӕнд кӕнӕм кӕнӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр. Хатт нӕ дисы бафтауы, хъуыды дӕр цӕуыл нӕ акодтаиккам, ӕнӕнхъӕлӕджы ахӕм цыдӕр кӕй саразы, уымӕй. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ. Уыдоны фӕрцы нӕ тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мах тыххӕй, ӕнхъӕл дӕр цӕмӕн не стӕм, ахӕм цыдӕр саразын.

ЙЕГЪОВӔ АРХАЙДТА, АДӔМ ӔНХЪӔЛ КУЫД НӔ УЫДЫСТЫ, АФТӔ

12. а) Паддзах Езеки куыд бакодта, Ассирийы паддзах йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд? б) Йегъовӕ уыцы хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

12 Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, Йегъовӕ-иу, адӕм ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ кӕй архайдта, уымӕн. Зӕгъӕм, паддзах Езекийы рӕстӕг Ассирийы паддзах Сеннахирим Иудӕйы фидаргонд горӕттӕ иууылдӕр бацахста, баззад ма дзы ӕрмӕстдӕр Иерусалим (2 Пад. 18:1–3, 13). Фӕлӕ стӕй йӕ ных уымӕ дӕр сарӕзта. Уыцы тӕссаг уавӕры Езеки куыд бакодта? Уый Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ пехуымпар Исайы уынаффӕйӕ бафарста (2 Пад. 19:5, 15–20). Езеки ма ӕмбаргӕдзинад равдыста, ӕмӕ дзы Сеннахирим цы хъалон ӕрдомдта, уый йын бафыста (2 Пад. 18:14, 15). Стӕй ма тӕссаг уыд, знаг сыл кӕй ӕртыхсдзӕн ӕмӕ уый бирӕ рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, уымӕй, ӕмӕ Езеки уымӕ дӕр цӕттӕ кодта (2 Аз. 32:2–4). Фӕлӕ хабар куыд рауад? Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, ӕмӕ уыцы зӕд иу ӕхсӕвмӕ Сеннахиримы ’фсӕддонтӕй 185 000 адӕймаджы ныццагъта. Суанг Езеки дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ хабӕрттӕ афтӕ рауайдзысты! (2 Пад. 19:35).

Иосифӕн йӕ уавӕр куыд фӕивта, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? (Райд. 41:42) (кӕс 13 абзац)

13. а) Иосифӕн йӕ уавӕр куыд фӕивта, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? б) Саррӕ ӕнхъӕл цӕмӕн нӕ уыд?

13 Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕрыгон Иосифыл. Египеты ахӕстоны дзыхъхъы куы бадт, уӕд цымӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр уыд, уыцы бӕстӕйы йӕ фараоны фӕстӕ дыккаг лӕгӕй кӕй сӕвӕрдзысты, кӕнӕ дзы Йегъовӕ кӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ӕххормагӕй ма амӕлой? (Райд. 40:15; 41:39–43; 50:20). Йегъовӕ йын йӕ уавӕр афтӕ кӕй фӕивдзӕн, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдаид. Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм Иосифӕн йӕ фыды фыдымад Саррӕйыл дӕр. Цымӕ ацӕргӕ Саррӕ уый ӕнхъӕл уыдаид, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхицӕн сывӕллон кӕй ратдзӕн? Ӕмӕ йын Исахъ куы райгуырд, уӕд дӕр ма йӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уырныдта, уый ӕцӕг кӕй у (Райд. 21:1–3, 6, 7).

14. Йегъовӕйы тыххӕй фидарӕй цы зонӕм?

14 Мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ног дунейы размӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр диссаджы хуызы фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ дзы уый дӕр нӕ домӕм, цӕмӕй нын нӕ уавӕр диссаджы хуызы фӕива. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн диссаджы хуызы кӕй баххуыс кодта ӕмӕ абон дӕр уыцы Хуыцау кӕй у. (Бакӕс Исайы 43:10–13.) Уый фӕрцы йыл нӕ ныфс фидарӕй дарӕм. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нын фаг хъарутӕ кӕй ратдзӕн (2 Кор. 4:7–9). Библийӕ цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй цы ис зондӕн райсӕн? Езекийы, Иосифы ӕмӕ Саррӕйы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын цыфӕнды зын уавӕрты дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн.

Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын цыфӕнды зын уавӕрты дӕр баххуыс кӕндзӕн

15. Цы хъӕуы, цӕмӕй дарддӕр дӕр «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм?

15 Цы хъӕуы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр «Хуыцауы фарнӕй» хайджын уӕм? Хъуамӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр не ’ввахс Хӕлар уа. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр «Йесо Чырыстийы фӕрцы», йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн чи радта, уый фӕрцы. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Уыцы нывонды фӕрцы нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, ӕмӕ нын уый фӕрцы йӕ разы ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бон у ӕввахс кӕнын (Иоан. 14:6; Иак. 4:8; 1 Пет. 3:21).

УЫЙ НЫН БАХЪАХЪХЪӔНДЗӔН НӔ ЗӔРДӔТӔ ӔМӔ НӔ ЗОНД

16. «Хуыцауы фарнӕй» хайджын куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 «Хуыцауы фарнӕй» куы схайджын вӕййӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕны? Библийы фыст ис, уыцы фарн нын Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд кӕй «бахъахъхъӕндзӕн» (Фил. 4:7). «Бахъахъхъӕндзӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый баст уыд хӕстон хабӕрттимӕ ӕмӕ амыдта, рагон заманты-иу фидаргонд горӕттӕ ӕфсӕддонты къорд кӕй хъахъхъӕдта, уымӕ. Зӕгъӕм, горӕт Филиппты цӕрджытӕ-иу ӕхсӕв ӕнӕмӕт фынӕй кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, горӕты кулдуӕрттӕ ӕфсӕддонтӕ кӕй хъахъхъӕдтой. Раст афтӕ, «Хуыцауы фарнӕй» хайджын куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд уыдзысты сабыр. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (1 Пет. 5:10). Ӕмӕ уый фӕрцы сагъӕсты бын нӕ фӕвӕййӕм кӕнӕ, истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты.

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм?

17 Тагъд цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый хуызӕн хабар зӕххыл никуыма уыд (Матф. 24:21, 22). Уый махӕй алкӕуыл дӕр куыд фӕзындзӕн, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ куыд архайдзӕн, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм, фӕлӕ нӕ Хуыцауы хорз зонӕм. Рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд уыд, уымӕй зонӕм, йӕ фӕнд цыфӕндыйӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ӕмӕ хатт, цы саразы, уый адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Уӕдӕ Йегъовӕ абон мах тыххӕй цыдӕр куы саразы, уӕд уый фӕрцы нӕхиуыл ӕндӕр хуызы бавзарӕм, «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн», куыд архайы, уый.

^ 1 абз. Ӕвӕццӕгӕн, Силӕ дӕр ромаг уыд (Хъуыд. 16:37).