Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕронд удыхъӕд раласӕм ӕмӕ йӕ нӕ уӕлӕ мауал скӕнӕм

Зӕронд удыхъӕд раласӕм ӕмӕ йӕ нӕ уӕлӕ мауал скӕнӕм

«Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ раласут» (КОЛ. 3:9, фип.).

ЗАРДЖЫТӔ: 121, 142

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй адӕм цы фӕзӕгъынц?

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕммӕ цы диссаджы миниуджытӕ ис, уый бирӕтӕ бафиппайдтой. Зӕгъӕм, Германийы нацистты рӕстӕг цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цард, уыдоны тыххӕй фыссӕг Антон Джилл ныффыста: «Нацисттӕ уӕлдай тынгдӕр сӕ удхӕссӕг уыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. [...] 1939 азмӕ [концлагерты] уыд 6 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны». Ӕмӕ сӕ кӕд тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр, уыцы фыссӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыдон уыдысты ӕууӕнкджын, фыдӕвзарӕнты-иу не стыхстысты, уыдысты сабыр, сӕ Хуыцауыл уыдысты иузӕрдион ӕмӕ се ’хсӕн уыд иудзинад.

2 Хуссар-Африкаг Республикӕйы цӕрӕг адӕм дӕр бафиппайдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕй сӕ диссаджы миниуджытӕй кӕй хицӕн кӕнынц. Кӕрӕдзийӕ сӕ буары хуызӕй чи хицӕн кӕны, уыцы Ӕвдисӕнтӕн кӕддӕр уый бар нӕ уыд, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кодтаиккой. Фӕлӕ 2011 азы 18 декабры, хуыцаубоны, Йоханнесбурджы ӕппӕты стырдӕр стадионы ӕрӕмбырд 78 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр алыхуызон расӕтӕй. Уыдон уыдысты Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи ис, уыцы бӕстӕтӕй. Уыцы стадионы администратортӕй иу загъта: «Ацы стадионы ахӕм уӕздан адӕм никуыма федтон. Алкӕуыл дӕр ис аив уӕлӕдарӕс. Ӕмӕ ма стадион дӕр цӕхӕртӕ скалын кодтат. Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ стут алыхуызон адӕмыхӕттытӕй».

3. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ иннӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

3 Уӕдӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр иннӕ адӕмӕй кӕй хицӕн кӕнынц (1 Пет. 5:9). Цымӕ цӕмӕй? Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «зӕронд удыхъӕд... раласӕм», адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ, ӕмӕ «нӕ уӕлӕ скӕнӕм ног» удыхъӕд (Кол. 3:9, 10, фип.).

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

4 Зӕронд удыхъӕд раласай, уый иу хъуыддаг у, дӕ уӕлӕ йӕ мауал скӕнай, уый та – ӕндӕр. Ацы статьяйы базондзыстӕм, нӕ бон куыд у нӕ зӕронд удыхъӕд раласын ӕмӕ афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы, уый. Стӕй ма базондзыстӕм, адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгты цъымарайы цыфӕнды арф куы аныгъуыла, уӕддӕр йӕ бон кӕй у фӕивын. Уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм, бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ зӕронд удыхъӕд сӕ уӕлӕ мауал скӕной. Ацы хъуыддӕгтыл аныхас кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Хъыгагӕн, раздӕр Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыдонӕй чидӕртӕ къӕрцхъус нал уыдысты ӕмӕ та сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ зӕрдыл дара ацы фӕдзӕхст: «Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа» (1 Кор. 10:12).

«АМАРУТ» УЕ ’НӔГЪДАУ БУАРЫ ФӔНДТӔ

5. а) Зӕронд удыхъӕд раласын цӕмӕн хъӕуы, уый бамбарын кӕн. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Колоссӕгтӕм 3:5–9 куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕронд удыхъӕдмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ хауынц?

5 Дӕ дзаумӕттӕ куы счъизи уаиккой ӕмӕ ма ӕвзӕр тӕф дӕр куы скӕниккой, уӕд куыд бакӕнис? Ӕвӕццӕгӕн дын куыддӕр фадат фӕуид, афтӕ сӕ феппарис. Раст афтӕ, хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдон нӕхицӕй аппарӕм, ныууадзӕм сӕ. Ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Павел ныффыста: «Ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ». Павел цы хъуыддӕгты кой кодта, уыдонӕй дыууӕ сты хӕтындзинад ӕмӕ чъизи митӕ. Цӕй ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:5–9.)

6, 7. а) Павелы ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг, адӕймаджы фидарӕй кӕй фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй йӕ зӕронд удыхъӕд ныууадза? б) Сакурӕ цавӕр цард кодта ӕмӕ йӕ бон аивын цӕй фӕрцы баци?

6 Хӕтындзинад. Библийы дзырд «хӕтындзинад» фӕамоны, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуой, уымӕ, стӕй гомосексуализммӕ. Павел чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, «амарут» уӕ «буары фӕндтӕ», ома, «хӕтындзинадмӕ» чи ’ркӕны, уыцы монцтӕ. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаджы фидарӕй архайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй ахӕм ӕвзӕр фӕндтӕй фервӕза. Фӕлӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм.

7 Ӕркӕсӕм иу япойнаг хойы хабармӕ, Сакурӕ *, зӕгъгӕ. Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд йӕхимӕ тынг иунӕг каст, никӕй, дам, хъӕуын. Ӕмӕ 15-аздзыдӕй алыхуызон нӕлгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ уӕд иунӕг нал уыдзӕн. Йӕ митӕ йӕ уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ ӕртӕ хатты аборт скодта. Уый дзуры: «Фыццаг рӕстӕг-иу искӕимӕ ӕмуат куы ’рцыдтӕн, уӕд-иу мӕм хорз каст, хъуыды-иу кодтон, зӕгъгӕ, кӕйдӕр хъӕуын ӕмӕ мӕ чидӕр уарзы. Фӕлӕ ахӕм митӕ цас фылдӕр кодтон, уыйас мӕ ныфс тынгдӕр саст». Сакурӕ ахӕм цард кодта 8 азы бӕрц. Фӕлӕ стӕй 23-аздзыдӕй райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Цы-иу базыдта, уый-иу йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Йегъовӕйы фӕрцы йе ’нӕгъдау цард ныууагъта ӕмӕ йӕ раздӕры хъуыддӕгты тыххӕй йӕхи нал хордта. Сакурӕ ныр лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ йӕхимӕ иунӕг нал кӕсы. Уый зӕгъы: «Алы бон дӕр Йегъовӕйы уарзтӕй рӕвдыд кӕй дӕн, уый фӕрцы дӕн ӕцӕг амондджын».

КУЫД ИС ЧЪИЗИ МИТӔ НЫУУАДЗӔН

8. Хуыцауы цӕсты чъизи цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй свӕййӕм?

8 Чъизи митӕ. Библимӕ гӕсгӕ, «чъизи митӕм» хӕтындзинадӕй уӕлдай ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр хауынц. Ацы дзырд, гӕнӕн ис, амона тамако дымынмӕ кӕнӕ ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнынмӕ (2 Кор. 7:1; Еф. 5:3, 4). Уымӕ ма ноджыдӕр хауынц, адӕймаг хибарӕй цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразы, уыдон дӕр, зӕгъӕм, йӕ буары монцтӕ кӕмӕй сцырен вӕййынц, ахӕм чингуытӕ кӕсын кӕнӕ порнографимӕ кӕсын. Уыдӕттӕ арӕх ӕркӕнынц ӕндӕр чъизи хъуыддагмӕ – мастурбацимӕ (Кол. 3:5) *.

9. «Монцӕй судзын» чи райдайы ӕмӕ йӕхиуыл хӕцын йӕ бон кӕмӕн нал вӕййы, ууыл цы ’рцӕуы?

9 Ӕдзух порнографимӕ чи фӕкӕсы, уый райдайы «монцӕй судзын», йӕхиуыл хӕцын нал фӕфӕразы ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ монцты уацары бахауы. Иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, порнографийыл чи фӕцахуыр вӕййы, уый, нозтыл кӕнӕ наркотиктыл чи фӕцахуыр вӕййы, уымӕй уӕлдай нӕу. Уӕдӕ диссаг нӕу, порнографи хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Зӕгъӕм, уый тыххӕй адӕймаг йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсы, йӕ бон рӕстмӕ кусын дӕр нӕ вӕййы, йӕ бинонтӕ вӕййынц ӕнамонд, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн вӕййы, иуӕй-иутӕ та суанг сӕхи дӕр амарынц. Уыцы ’взӕр ахуыр чи ныууагъта, иу ахӕм нӕлгоймаг афӕдзы фӕстӕ загъта: «Ногӕй та мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон».

10. Рибейро йе ’взӕр ахуырыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз?

10 Бирӕты фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй порнографийы уацарӕй фервӕзой. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый зыны Бразилийӕ иу ӕфсымӕры цӕвиттонӕй, Рибейро, зӕгъгӕ. Рибейро нырма бынтон ӕрыгон куы уыд, уӕд хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ, макулатурӕйӕ ног гӕххӕтт кӕм аразынц, ахӕм заводы кусын райдыдта. Уым-иу макулатурӕйы ’хсӕн уыди журналтӕ хӕлд нывтимӕ. Уый дзуры: «Сабыргай порнографийыл фӕцахуыр дӕн. Афтӕ арф дзы аныгъуылдтӕн, ӕмӕ, цы сылгоймагимӕ цардтӕн, уый-иу куыддӕр ацыд, афтӕ-иу хӕлд кинотӕм кӕсын райдыдтон». Иухатт Рибейро макулатурӕйы ’хсӕн ауыдта чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Рибейро йӕ уырдыгӕй систа ӕмӕ йӕ бакаст. Цы дзы бакаст, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ йӕ йе ’взӕр ахуыр ныууадзынӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыд. Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Уый радзырдта: «Кӕй куывтон, Библи кӕй ахуыр кодтон ӕмӕ-иу цы базыдтон, ууыл кӕй хъуыды кодтон, уый фӕрцы Хуыцауы миниуджытӕн аргъ кӕнын райдыдтон. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы афтӕ тынг бауарзтон, ӕмӕ уыцы уарзондзинад мӕ чъизи монцтыл фӕтых». Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Рибейро йӕ зӕронд удыхъӕд раласта ӕмӕ донаргъуыд райста. Ныртӕккӕ Рибейро лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй.

11. Адӕймаджы цы хъӕуы аразын, цӕмӕй йӕхи порнографийӕ хиза?

11 Куыд федтам, афтӕмӕй ма Рибейройы Библи ахуыр кӕнынӕй уӕлдай ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр хъуыди аразын. Хъуамӕ-иу Хуыцауы Ныхасыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кодтаид, цӕмӕй-иу, цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ бахъардтаид. Стӕй-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ куывтаид ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтаид. Уыдӕтты фӕрцы Хуыцауы афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ йӕ нал фӕндыд порнографимӕ ӕмгӕрон дӕр цӕуын. Йегъовӕйы тынг куы уарзӕм, ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт куы уынӕм, уӕд нӕхи порнографийӕ хиздзыстӕм. (Бакӕс Псалом 97:10.)

НЫУУАДЗУТ МАСТ, ӔФХӔРӔН НЫХАС ӔМӔ МА САЙУТ

12. Стивенӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй маст ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас ныууагътаид?

12 Мӕстыгӕр чи у, уый йӕхиуыл хӕцын нӕ фӕзоны ӕмӕ арӕх йӕ дзыхӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр схауы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм адӕймаг йӕ бинонтӕн дӕр масты хос вӕййы. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг Австралийӕ, Стивен, зӕгъгӕ, радзырдта: «Ӕвзӕр дзыхӕй тынг дзырдтон, стӕй-иу гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр рафыхтӕн. Мӕ бинойнагимӕ ӕртӕ хатты хицӕнтӕй цардыстӕм ӕмӕ ма хицӕн кӕнынмӕ дӕр хъавыдыстӕм». Стӕй Стивен ӕмӕ йӕ ус Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Стивен Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдта, уый йыл куыд фӕзынд? Афтӕ зӕгъы: «Нӕ бинонты цард бынтондӕр фӕивта. Йегъовӕйы фӕрцы ныр мӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ сабырдзинад. Раздӕр та-иу мӕ зӕрдӕмӕ гыццыл дӕр исты куы нӕ фӕцыд, уӕд-иу бомбӕйау срӕмыгътон». Ныртӕккӕ Стивен лӕггад кӕны кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, йӕ ус та цалдӕр азы дӕргъы лӕггад кӕны пионерӕй. Се ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ зӕгъынц: «Стивен у сабыр адӕймаг, зивӕг ницӕмӕ кӕны, стӕй у тынг сӕрныллӕг». Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй йӕ мӕстыйӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Цымӕ Стивен уый тыххӕй йӕхицӕй у буц? Уый зӕгъы: «Йегъовӕйӕн бар куы нӕ радтаин, цӕмӕй мӕ бынтондӕр фӕивтаид, уӕд ацы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй иуӕй дӕр не схайджын уыдаин».

13. Адӕймаг мӕстыгӕр куы уа, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у ӕмӕ нӕ Библи цӕмӕй фӕдзӕхсы?

13 Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи маст, хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхасӕй хизӕм (Еф. 4:31). Уыдӕттӕ арӕх фыдмитӕм дӕр ӕркӕнынц. Ацы дунейы адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ мӕстӕй рафыцай, дӕ пырх искӕуыл акалай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ ахӕм митӕ Сфӕлдисӕджы худинаг кӕнынц. Не ’фсымӕртӕй бирӕты, цалынмӕ сӕ уӕлӕ ног удыхъӕд не «скодтой», уӕдмӕ бахъуыд уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзын. (Бакӕс Псалом 37:8–11.)

14. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ знӕт адӕймаг фӕива?

14 Ӕфсымӕр Ганс лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй Австрийы иу ӕмбырды. Йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор дзы загъта: «Гансӕй сабырдӕр ӕфсымӕрӕн скӕнӕн нӕй». Фӕлӕ Ганс раздӕр ахӕм нӕ уыд. Уый ӕрыгонӕй нозтыл бафтыд ӕмӕ сси знӕт адӕймаг. Иухатт расыгӕй ӕррайы хуызӕн сси, ӕмӕ йӕ уарзоны амардта. Уый тыххӕй йын 20 азы радтой. Фӕлӕ йӕ ахӕстон ӕппындӕр нӕ аивта. Цасдӕры фӕстӕ йӕ мад иу хистӕр нӕлгоймагӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ лӕппуйы бабӕрӕг кодтаид, ӕмӕ Ганс Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый дзуры: «Ӕнцон мын нӕ уыд мӕ зӕронд удыхъӕд раласын. Тынг мын ӕххуыс кодта Исайы 55:7 стих, фыст дзы ис, „фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг“, зӕгъгӕ, стӕй ма 1 Коринфӕгтӕм 6:11 стих. Уым та, йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи ныууагъта, уыдоны тыххӕй фыст ис: „Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты“. Бирӕ азты дӕргъы мын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕразонӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕ уӕлӕ ног удыхъӕд скодтаин». Ганс ахӕстоны донаргъуыд райста, ӕмӕ 17 азы ӕмӕ ’рдӕг куы фӕбадти, уӕд ӕй рауагътой. Ганс зӕгъы: «Ӕз Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн йе ’гӕрон фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй ӕмӕ мын уыйбӕрц цыдӕртӕ кӕй ныххатыр кодта, уый тыххӕй».

15. Зӕронд удыхъӕдмӕ ма цавӕр миниуӕг хауы? Библи уый тыххӕй цы зӕгъы?

15 Зӕронд удыхъӕды миниуджытӕм ма хауы, адӕймаг сайгӕ кӕй фӕкӕны, уый дӕр. Зӕгъӕм, бирӕтӕ фӕсайынц, цӕмӕй сӕ хъалонтӕ фидын ма хъӕуа кӕнӕ сӕ цӕмӕй, цы сарӕзтой, уый тыххӕй ма бафхӕрой. Фӕлӕ Йегъовӕ у «ӕцӕгдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5, фип.). Уымӕ гӕсгӕ уый домы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй «алчидӕр иннӕмӕн дзура, ӕцӕг цы у, уый» ӕмӕ ма сайа (Еф. 4:25; Кол. 3:9). Хъуамӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм, уый нын зын куы уа кӕнӕ нӕм худинаг куы кӕса, уӕд дӕр (Ӕмб. 6:16–19).

КУЫД ФӔУӔЛАХИЗ СТЫ

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн зӕронд удыхъӕд раласынӕн?

16 Адӕймагӕн йӕ зӕронд удыхъӕд раласын йӕхи тыхтӕй нӕ бантысдзӕн. Ацы статьяйы кӕй кой кодтам, уыдоны – Сакурӕ, Рибейро, Стивен ӕмӕ Гансы – хъуыди тох кӕнын, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Уыдон фӕуӕлахиз сты, Хуыцауы Ныхасы цы тых ис, уый фӕрцы ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Лук. 11:13; Дзут. 4:12). Цӕмӕй махӕн дӕр Библи ӕмӕ сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн зонд ӕмӕ хъарутӕ дӕтта (Йес. Н. 1:8; Пс. 119:97; 1 Фес. 5:17). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сӕм цӕуӕм (Дзут. 10:24, 25). Стӕй ма хъуамӕ пайда кӕнӕм, ныртӕккӕ Хуыцауы адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй фӕрцы цӕуы лӕвӕрд, уыцы мадзӕлттӕй (Лук. 12:42).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн зӕронд удыхъӕд раласынӕн? (кӕс 16 абзац)

17. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Мах ӕркастыстӕм, чырыстӕттӕ хъуамӕ цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой, уыдонмӕ. Фӕлӕ цымӕ уый фаг у, цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа? Нӕу. Хъуамӕ ма нӕ уӕлӕ ног удыхъӕд дӕр скӕнӕм ӕмӕ йӕ макуыуал раласӕм. Уый нӕ бон саразын куыд у, ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

^ 7 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 8 абз. Кӕс чиныг «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», уӕлӕмхасӕн «Мастурбаци куыд ныууадзӕн ис?», 249–251 фӕрстӕ.