Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уарзондзийнадӕ – устур аргъ кӕмӕн ес, уӕхӕн менеуӕг

Уарзондзийнадӕ – устур аргъ кӕмӕн ес, уӕхӕн менеуӕг

ЙЕГОВИ сугъдӕг хъаури разамундӕй апостол Павел ниффинста, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, фараст уӕхӕн менеуӕгей туххӕй (Гал. 5:22, 23). Еци рӕсугъд менеугутӕ еумӕ ӕнцӕ, «Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй», е *. Уомӕй уӕлдай ма еци менеугутӕ хаунцӕ нӕуӕг уодигъӕдӕмӕ (Кол. 3:10). Бӕласи дон куд гъӕуй, цӕмӕй рӕзӕ радта, уотӕ адӕймаги дӕр гъӕуй Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ, цӕмӕй еци менеугутӕ ӕ царди ӕвдеса (Пс. 1:1–3).

Павел ке туххӕй финста, еци менеугутӕй фиццаг ӕй уарзондзийнадӕ. Цума ин уӕхӕн устур аргъ цӕмӕн ес? Павел ӕхецӕй загъта, зӕгъгӕ, уарзондзийнадӕ мӕмӕ ку нӕ уа, «уӕд ӕз неци дӕн» (1 Кор. 13:2). Мадта уарзондзийнадӕ ци ӕй? Нӕ бон ӕй куд ӕй нӕ уодигъӕди федар кӕнун ӕма ’й гъуддӕгтӕй ӕвдесун?

УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ЦИ ӔЙ?

Уарзондзийнадӕ ци ӕй, уой дзурдтӕй балӕдӕрун кӕнун зин ӕй, фал Библий финст ес, уарзондзийнадӕ цӕмӕй бӕрӕг фӕууй, е. Зӕгъӕн, ӕцӕгӕй ка уарзуй, уӕхӕн адӕймаг «берӕ фӕразуй ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ», «цийнӕ кӕнуй рӕстдзийнадӕбӕл», удта «алцӕмӕндӕр бухсуй, алцӕбӕлдӕр ӕууӕндуй, алцӕбӕлдӕр ӕ нифс даруй, алцӕмӕндӕр федар лӕууй». Уӕхӕн адӕймаг иннети ӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг райсуй, зӕрдиагӕй сӕбӕл тухсуй, удта фӕууй ӕцӕг ӕмбал. Уарзондзийнадӕ кӕмӕ нӕййес, уӕхӕн адӕймаг ба фӕууй соцъагӕнагӕ, сӕрбӕрзонд, ӕнӕгъдау, бостӕгӕнагӕ, айдагъ ӕхе сагъӕс фӕккӕнуй, удта хатир кӕнун нӕ фӕззонуй. Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕмӕ уӕхӕн менеугутӕ уа, фал уарзондзийнадӕбӕл архайӕн ӕма «нӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл нӕ сагъӕс кӕнӕн» (1 Кор. 13:4–8).

ЙЕГОВӔ ӔМА ЙЕСО – УАРЗОНДЗИЙНАДИ ӔНХӔСТ ЦӔВЕТТОНТӔ

«Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоан. 4:8). Е бӕрӕг ӕй ӕ алли гъуддагӕй дӕр. Ӕ уарзондзийнади тӕккӕ устурдӕр бӕрӕггӕнӕн ӕй, ӕ Фурти цард адӕни туххӕй ке равардта, е. Апостол Иоанн финста: «Хуцау нӕ ке уарзуй, уой уомӕй бавдиста, ӕма ӕ еунӕг Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй уой фӕрци цардӕй хайгин уӕн. Уарзондзийнадӕ уой медӕг нӕй, ӕма мах бауарзтан Хуцауи, фал уой медӕг ӕй, ӕма нӕ Хуцау бауарзта ӕма ӕ Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй ӕ цард нӕ тӕрегъӕдти туххӕй федаунгӕнӕг нивондӕн ӕрхастайдӕ» (1 Иоан. 4:9, 10). Хуцау нӕ уотӕ ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ нин нӕ тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуй ӕма нин ӕносон царди нифс дӕттуй.

Киристе адӕни ке уарзуй, уой бавдиста, Хуцауи фӕндон ке исӕнхӕст кодта ӕма ӕ цард нивонди ке ӕрхаста, уомӕй. Павел ниффинста: «Мах растдӕр еци „фӕндонмӕ“ гӕсгӕ искӕдзос ан, Йесо Киристе ӕхе ӕрмӕстдӕр еу хатт нивондӕн ке ӕрхаста, уой фӕрци» (Дзиуит. 10:9, 10). Еунӕг адӕймаги бон дӕр н’ адтайдӕ, уомӕй устурдӕр уарзт бавдесун. Йесо загъта: «Уомӕй устурдӕр уарзондзийнадӕ нӕййес, ӕма еске е ’мбӕлтти сӕрбӕл ӕ уод ку ратта» (Иоан. 15:13). Цума мах бон ба ӕй ӕнӕнхӕст уогӕй дӕр, Йегови ӕма Йесой хузӕн уарзондзийнадӕ ӕвдесун? Гъо! Ӕркӕсӕн, уомӕн куд ес гӕнӕн, уомӕ.

«ЦӔРЕТӔ УАРЗГӔЙ»

Павел нӕ разӕнгард кӕнуй: «Хуцауи фӕнзетӕ, уомӕн ӕма ӕ уарзон бӕдӕлттӕ айтӕ, ӕма Киристе сумах куд бауарзта ӕма ӕхе сумах туххӕй... нивондӕн куд ӕрхаста, уотӕ сумах дӕр цӕретӕ уарзгӕй» (Еф. 5:1, 2). Куд лӕдӕргӕ ’нцӕ Павели дзурдтӕ, «цӕретӕ уарзгӕй», зӕгъгӕ? Уарзондзийнадӕ гъӕуама не ’гас гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уа, айдагъ дзурдтӕй нӕ, фал. Иоанн ниффинста: «Мӕ бӕдӕлттӕ, мадта кӕрӕдзей айдагъ цъухӕй, дзубандитӕй ма уарзӕн, фал гъуддагӕй, кӕдзосзӕрдӕй» (1 Иоан. 3:18). Зӕгъӕн, мах Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнӕн, Хуцауи ӕма адӕни ке уарзӕн, уой туххӕй (Матф. 24:14; Лук. 10:27). Уомӕй уӕлдай ма уарзгӕй ке цӕрӕн, е бӕрӕг уодзӕй, фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕма хатиргӕнагӕ ку уӕн, уӕд. Библий уӕхӕн унаффӕ ес: «Йеговӕ уин зӕрдӕй куд ниххатир кодта, сумах дӕр гъӕуама кӕрӕдземӕн уотӕ хатир кӕнайтӕ» (Кол. 3:13).

Фал иннетӕн унаффӕ ке раттӕн кенӕ сӕ ке бараст кӕнӕн, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма сӕ нӕ уарзӕн. Зӕгъӕн, еуӕй-еу ниййергутӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллон мабал кӕуа, уой туххӕй, цидӕриддӕр ӕй фӕгъгъӕуй, уой бакӕнунцӕ. Фал ӕ сувӕллони ӕцӕгӕйдӕр ка уарзуй, уӕхӕн ниййерӕг, кӕми багъӕуй, уоми федардзийнадӕ дӕр бавдесуй. Уотӕ Йеговӕмӕ дӕр берӕ уарзондзийнадӕ ес, фал «ке уарзуй, зунд дӕр уомӕн амонуй» (Дзиуит. 12:6). Мадта адӕймаги ку уарзӕн, уӕд ӕй бараст кӕндзиан, ку багъӕуа, уӕд (Ӕмб. 3:11, 12). Фал гъӕуама ма иронх кӕнӕн, нӕхуӕдтӕ дӕр тӕрегъӕдгун ке ан ӕма арӕх нӕ гъуддӕгтӕ уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг нӕ фӕуунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ни алке бон дӕр ӕй архайун, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ нӕ гъуддӕгтӕй никки хъӕбӕрдӕр бӕрӕг уа. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ.

ФУЛДӔР УАРЗОНДЗИЙНАДӔ НӔМӔ ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗӔЙ?

Фиццаг: гъӕуама сугъдӕг хъаури туххӕй Хуцаумӕ ковӕн, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ сугъдӕг хъаурӕ ирӕзун кӕнуй. Йесо загъта, зӕгъгӕ, Йеговӕ «ратдзӕй сугъдӕг хъаурӕ, ка си коруй, уонӕн» (Лук. 11:13). Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн ӕма нӕ куд аразуй, уомӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд нӕ уарзондзийнадӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕндзӕй (Гал. 5:16). Зӕгъӕн, кӕд хестӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ бон ӕй Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ корун, цӕмӕй дин банхус кӕна уарзгӕй архайун, ескӕмӕн дӕ унаффӕ раттун ку багъӕуа, уӕд. Кӕд ниййерӕг дӕ, уӕд Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ сувӕллонӕн зунд, мӕстгунӕй нӕ, фал уарзгӕй амонун.

Дуккаг: гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, Киристе ӕ уарзт куд ӕвдиста, уобӕл, сауӕнгӕ ма ӕ нихмӕ ку цудӕнцӕ, уӕд дӕр (1 Пет. 2:21, 23). Киристей цӕветтонбӕл уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, нӕ зӕрдӕ ескӕбӕл ку раходуй кенӕ хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд. Уӕхӕн уавӕрти хуарз уайдӕ нӕхе бафӕрсун: «Йесо ба куд бакодтайдӕ?» Еу хуӕрӕ, Ли, зӕгъгӕ, аци фарстабӕл ке расагъӕс кодта, уой фӕрци зин уавӕри хӕлӕф тъӕппитӕй хаст унаффӕй ӕхе бахизта. Ли зӕгъуй: «Еухатт ме ’мкосгутӕй сӕ еу иннӕ косгутӕн электронон финстӕг рарвиста ӕма син мӕн, удта мӕ кусти фудкой фӕккодта. Е мин хъӕбӕр зин адтӕй. Фал мӕхе бафарстон: „Аци уавӕри мӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун?“ Киристе куд бакодтайдӕ, уобӕл ку расагъӕс кодтон, уӕд мӕхецӕн загътон, ке неци исдзордзӕн ӕма гъуддаг ке нӕ ниуустур кӕндзӕн. Уой фӕсте куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй ме ’мкосӕг еци рӕстӕг е ’нӕнездзийнади туххӕй хъӕбӕр тухст адтӕй. Ӕз дӕр расагъӕс кодтон: „Ӕвӕдзи ӕй уотӕ зӕгъун дӕр нӕ фӕндадтӕй“. Киристе хӕрандзийнадӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр ӕ уарзондзийнадӕ куд ӕвдиста, уобӕл ке сагъӕс кодтон, уой фӕрци ӕз дӕр ме ’мкосӕгмӕ уарзондзийнадӕ гъуддагӕй бавдистон». Мадта Киристей ку фӕнзӕн, уӕд нӕ уарзондзийнадӕ нӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг уодзӕй.

Ӕртиккаг: гъӕуама иннети уодуӕлдай уарзтӕй уарзӕн. Уӕхӕн уарзондзийнадӕ ӕй ӕцӕг киристӕнтти бӕрӕггӕнӕн (Иоан. 13:34, 35). Киристе дӕр адӕни уодуӕлдай уарзтӕй уарзта, ӕма нин уомӕй хуарз цӕветтон ниууагъта. Йесо уӕлӕрвти цардӕй, фал мах туххӕй «ӕхе алцӕмӕйдӕр фӕццох кодта», сауӕнгӕ ма ӕ цард дӕр равардта (Фил. 2:5–8). Киристей уодуӕлдай уарзт ку фӕнзӕн, уӕд е никки хъӕбӕрдӕр бӕрӕг кӕндзӕй нӕ сагъӕстӕбӕл ӕма не ’нкъарӕнтӕбӕл, ӕма уотемӕй фиццагидӕр иннети сагъӕс кӕндзиан нӕхе сагъӕс нӕ, фал. Уарзондзийнадӕ ма никкидӕр цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнуй?

УАРЗОНДЗИЙНАДИ ГЪУДДӔГТӔ

Уарзондзийнадӕ берӕ хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнуй. Ӕркӕсӕн си дууемӕ.

Нӕ уарзондзийнадӕ цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнуй?

  • ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔ ӔГАС ДУЙНЕБӔЛ ДӔР. Кӕрӕдзей ке уарзӕн, уомӕ гӕсгӕ ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, зӕнхицъарӕбӕл кӕмифӕнди ма равзурӕн, кӕцифӕнди ӕмбурдмӕ ма бацӕуӕн, уӕддӕр нӕ нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ зӕрдиагӕй ке баиуазӕг кӕндзӕнцӕ. Ӕгас дуйнебӕл дӕр дӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уарзонцӕ, е хъӕбӕр устур арфӕдзийнадӕ ӕй! (1 Пет. 5:9). Уӕхӕн уарзондзийнадӕ ӕрмӕстдӕр Хуцауи адӕни астӕу ес.

  • ФАРНӔ. «Уарзондзийнади фӕрци кӕрӕдземӕн [ке] бухсӕн», уой фӕрци баст ан «фарни тӕгтӕй» (Еф. 4:2, 3). Еци фарнӕ фиццагидӕр уинӕн не ’мбурдти, удта конгрессти. Еци фарнӕ хъӕбӕр дессаг ӕй, уӕлдайдӕр ба ци дуйней цӕрӕн, уой хӕццӕ рабаргӕй (Пс. 119:165; Ис. 54:13). Иннети хӕццӕ фӕрнӕй ку цӕрӕн, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма сӕ уарзӕн. Ӕма е нӕ уӕларвон Фидӕн дӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй (Пс. 133:1–3; Матф. 5:9).

«УАРЗОНДЗИЙНАДӔ... ФЕДАР КӔНУЙ»

Апостол Павел финста: «Уарзондзийнадӕ... федар кӕнуй» (1 Кор. 8:1). Е куд лӕдӕргӕ ӕй? 1 Коринфӕгтӕмӕ 13 сӕри Павел балӕдӕрун кодта, уарзондзийнадӕ куд федар кӕнуй, уой. Зӕгъӕн, уарзондзийнадӕ кӕмӕ ес, е гъуди кӕнуй «инней пайдабӕл, ӕхе пайдабӕл нӕ, фал» (1 Кор. 10:24; 13:5). Уомӕй уӕлдай ма уарзондзийнадӕ кӕмӕ ес, уӕхӕн адӕймаг ӕй лӕдӕргӕ, фӕразон, хӕларзӕрдӕ ӕма иннети нимайуй. Уӕхӕн менеугути фӕрци ба бийнонтӕ дӕр федардӕр кӕнунцӕ (Кол. 3:14).

Иннети ке уарзӕн, уой нӕ бон ӕй аллихузи гъуддӕгтӕй ӕвдесун, фал сӕйрагидӕр ӕй Хуцауи уарзун. Еци уарзондзийнадӕ, аллихузи адӕнихӕттитӕй ка ӕй ӕма аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл ка дзоруй, уони кӕрӕдзебӕл бӕттуй. Етӕ усхъӕй-усхъӕмӕ Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ (Соф. 3:9). Гъӕйдӕ мадта алли бон дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци дессаги менеуӕг нӕ уодигъӕди федар кӕнӕн.

^ 2 абз. Айӕ ӕй, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ка хауй, еци менеугутӕбӕл дзурд кӕми цӕуй, еци фараст статьяйемӕй фиццаг.