Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад фарн нӕ хӕссы, фӕлӕ «хъама»

Рӕстдзинад фарн нӕ хӕссы, фӕлӕ «хъама»

«Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ хъама» (МАТФ. 10:34).

ЗАРДЖЫТӔ: 123, 128

1, 2. а) Цавӕр фарнӕй стӕм хайджын ӕмӕ фӕрнӕй кӕимӕ цӕрӕм? б) Ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм, уымӕн нырма гӕнӕн цӕуылнӕ ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

АЛКӔЙ ДӔР фӕнды, цӕмӕй сабыр, ӕнӕмӕт цард кӕна. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг куыннӕ стӕм, йӕ «фарн» нын кӕй дӕтты, уый тыххӕй. Уыцы фарн нӕ хъахъхъӕны ӕвзӕр хъуыдытӕй, стӕй мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй (Фил. 4:6, 7). Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ ма «фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ» дӕр, ома стӕм йӕ хӕлӕрттӕ (Ром. 5:1).

2 Фӕлӕ нырма уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй Хуыцау ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр сабыр цард скӕна ӕмӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй адӕм бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ, дарддӕр куыд цӕрдзысты, ууыл фӕмӕт кӕнынц. Нӕ алыварс бирӕтӕ сты ӕгъатыр (2 Тим. 3:1–4). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ӕдзух хъӕуы Хӕйрӕгимӕ тох кӕнын ӕмӕ, цы мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны, уыдонӕй нӕхи хъахъхъӕнын (2 Кор. 10:4, 5). Фӕлӕ нӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нӕ уый уӕлдай тынгдӕр бафтауы мӕты. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ хынджылӕг дӕр фӕкӕнынц кӕнӕ та нӕ фӕаххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, бинонты цард халут. Суанг ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, цалынмӕ дӕ дин нӕ ныууадзай, уӕдмӕ махӕй нал дӕ. Цымӕ, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ нын ахӕм уавӕры раст архайынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

НӔ БИНОНТӔ НӔ НЫХМӔ КӔЙ ЦӔУЫНЦ, УЫМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

3, 4. а) Йесойы ахуырӕдтӕ адӕмы цардыл куыд фӕзынынц? б) Йесойы фӕдыл цӕуын уӕлдай зын кӕд вӕййы?

3 Йесо зыдта, цӕуыл ахуыр кодта, ууыл се ’ппӕт кӕй нӕ баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты хъӕбатырдзинад кӕй хъӕудзӕн, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ. Уый, гӕнӕн ис, фӕзына сӕ бинонтыл дӕр. Йесо загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ хъама. Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фырты скӕнон йӕ фыды ныхмӕ, чызджы йӕ мады ныхмӕ, ӕмӕ чындзы та йе ’фсины ныхмӕ. О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:34–36).

4 Йесойы ныхӕстӕ, «афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты? Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм зыдтаиккой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы суой, уӕд сӕм цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн йӕ нысан уыд адӕмӕн рӕстдзинад амонын, бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ скӕнын нӕ, фӕлӕ (Иоан. 18:37). Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ зыдтаиккой, йӕ фӕдыл цӕуын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн, уӕлдайдӕр та се ’мбӕлттӕ кӕнӕ сӕ бинонтӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы нӕ лӕууой, уӕд.

5. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

5 Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынмӕ, ӕмӕ, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый дӕр уымӕ хауы (Матф. 10:38). Цӕмӕй Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ аккаг уыдаиккой, уый тыххӕй-иу фидар фӕлӕууыдысты, сӕ бинонтӕ-иу сӕ куы хынджылӕг кодтой кӕнӕ-иу сыл суанг сӕ къух куы систой, уӕд дӕр. Фӕлӕ, цы фесӕфтой, уымӕй бирӕ фылдӕр ссардтой. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.)

6. Нӕ хиуӕттӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

6 Кӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хиуӕттӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сӕ уарзӕм. Фӕлӕ нӕ хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын: Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ фылдӕр хъуамӕ макӕй уарзӕм (Матф. 10:37). Стӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ бинонты кӕй уарзӕм, уымӕй Хӕйрӕг дӕр кӕй пайда кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Ӕркӕсӕм, бинонты ’хсӕн цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.

ӔНӔУЫРНӔГ ЦАРДӔМБАЛ ДЫН КУЫ УА

7. Дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд дӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай?

7 Библи нӕ фӕдзӕхсы, бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн «сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ», зӕгъгӕ (1 Кор. 7:28). Ӕмӕ кӕд дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕд уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ноджы фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлут. Фӕлӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай. Йегъовӕ зӕгъы, уый бар нын кӕй нӕй, цӕмӕй нӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уӕм кӕнӕ хицӕнтӕй цӕрӕм, Йегъовӕйӕн кӕй нӕ лӕггад кӕны, ӕрмӕст уый тыххӕй (1 Кор. 7:12–16). Кӕд дӕ сӕрыхицау Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты бинонтӕн разамынд нӕ дӕтты, уӕддӕр ӕй хъуамӕ нымайай, уымӕн ӕмӕ уый бинонты хистӕр у. Ӕмӕ кӕд дӕ ус Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны, уӕддӕр ӕй хъуамӕ уарзай, йемӕ фӕлмӕн уай ӕмӕ йыл тыхсай (Еф. 5:22, 23, 28, 29).

8. Кӕд дӕ дӕ цардӕмбал, дӕу цас фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын нӕ уадзы, уӕд дӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын?

8 Дӕ цардӕмбал дӕ, дӕу цас фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын куы нӕ уадза, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? Иу хойӕн йӕ лӕг загъта, цӕмӕй къуырийы мидӕг уацамынды цӕуа ӕрмӕстдӕр бӕлвырд кӕцыдӕр бонты. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕмбал мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕппындӕр нӕ уадзы? Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ бон нӕ уаид йӕ ныхасмӕ байхъусын?» Ӕмбаргӕ куы уай, уӕд дӕхи ӕнӕхъӕугӕ мастӕй бахиздзынӕ (Фил. 4:5).

9. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы ныййарӕджы нымайой?

9 Дӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг куы уа, уӕд дын, гӕнӕн ис, ӕмӕ зындӕр уа сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрын. Зӕгъӕм, Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст, «нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады», зӕгъгӕ, ӕмӕ хъуамӕ дӕ сывӕллӕтты ууыл сахуыр кӕнай (Еф. 6:1–3). Фӕлӕ дӕ цардӕмбал, Библийы уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕра, уӕд та куыд? Кад ын кӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг у. Ахъуыды-иу кӕн, цавӕр хорз миниуджытӕ йӕм ис, ууыл ӕмӕ-иу ын зӕгъ, хорзӕй цы аразы, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕ. Сывӕллӕтты раз йӕ кой ма кӕн. Фӕлтау-иу сын бамбарын кӕн, алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы ныййарӕджы куы нымайой, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй базонын.

Дӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕн (кӕс 10 абзац)

10. Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарзой?

10 Ӕнӕуырнӕг ныййарджытӕй иуӕй-иуты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ, мӕнг динтӕй чи равзӕрд, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ кӕной кӕнӕ та мӕнг динты ахуырӕдтӕ зоной. Науӕд афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ лӕг йӕ чырыстон бинойнаджы нӕ фӕуадзы, Библийы цы фыст ис, уый сывӕллӕттӕн дзурын. Фӕлӕ ахӕм уавӕры дӕр мад хъуамӕ, йӕ бон цы у, уый араза, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амона (Хъуыд. 16:1; 2 Тим. 3:14, 15). Зӕгъӕм, лӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бинойнаг сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕна йе та сӕ ӕмбырдтӕм кӕна. Кӕд хо йӕ сӕрыхицауы хъуыдыйӕн аргъ кӕны, уӕддӕр йӕ бон у, фадат ын куы фӕвӕййы, уӕд, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын. Афтӕ куы кӕна, уӕд сывӕллӕттӕ базондзысты Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый (Хъуыд. 4:19, 20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕтты ӕппынфӕстаг сӕхи хъӕудзӕн аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕви нӕ (Дык. з. 30:19, 20) *.

ДӔ ХИУӔТТӔ РАСТ ДИНЫ НЫХМӔ КУЫ ЦӔУОЙ

11. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы хиуӕттӕ адӕймагӕн йӕ ныхмӕ цӕмӕн свӕййынц?

11 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд уый тыххӕй, чи зоны, фыццаг дӕ бинонтӕн нӕ загътай. Фӕлӕ дӕ уырнындзинад куыд фидардӕр кодта, афтӕ йӕ бамбӕрстай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый сын кӕй хъуамӕ зӕгъай (Мар. 8:38). Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ систы. Ӕркӕсӕм-ма, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ хиуӕттимӕ дӕр фидауай ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр иузӕрдион уай.

12. Нӕ хиуӕттӕ нӕ ныхмӕ цӕмӕн фӕцӕуынц, фӕлӕ нӕ бон куыд у равдисын, цӕуыл тыхсынц, уый кӕй ӕмбарӕм?

12 Архай де ’нӕуырнӕг хиуӕтты бамбарыныл. Адӕймаг рӕстдзинад куы базоны, уӕд тынг фӕцин кӕны. Фӕлӕ йӕ хиуӕттӕ та, чи зоны, фӕхъуыды кӕнынц, сайгӕ йӕ кӕй кӕнынц кӕнӕ цавӕрдӕр сектӕмӕ кӕй бахауд. Кӕнӕ семӕ бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал фӕкӕны, уый тыххӕй сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ нал уарзы. Фӕтӕрсынц ма, царды хорзӕй цы ис, уыдӕттӕй йӕхи кӕй фӕцух кӕндзӕн. Хъуамӕ-иу нӕхи сӕ бынаты сӕвӕрӕм ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уӕд ӕй базондзыстӕм, афтӕ тынг ныл цӕмӕн мӕт кӕнынц, уый (Ӕмб. 20:5). Апостол Павел-иу архайдта алыхуызон адӕмы бамбарыныл, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кодтаид. Ӕмӕ мах дӕр, нӕ бинонтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый бамбарыныл куы архайӕм, уӕд ӕй зондзыстӕм, рӕстдзинады тыххӕй сын дзурын хуыздӕр куыд уыдзӕн, уый (1 Кор. 9:19–23).

13. Не ’нӕуырнӕг хиуӕттимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

13 Фӕлмӕнӕй ныхас кӕн. Библийы фыст ис: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн» (Кол. 4:6). Фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ хиуӕттимӕ фӕлмӕнӕй, зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнынӕн. Цӕуылфӕнды ма ӕууӕндой, нӕ сын хъӕуы алцӕмӕй дзурын, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Кӕд нӕ сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй фӕхъыг кӕнынц, уӕд нӕ бон у апостолты бафӕзмын. Павел загъта: «Ӕлгъитынц нӕ – мах сын арфӕ кӕнӕм, ӕфхӕрынц нӕ – уӕддӕр быхсӕм; нӕ фыдкой кӕнынц – уӕддӕр семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм» (1 Кор. 4:12, 13).

14. Нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй фӕзминаг куы вӕййӕм, уӕд уый цы пайда ӕрхӕссы?

14 Дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй фӕзминаг у. Кӕд, нӕ хиуӕттимӕ фӕлмӕнӕй кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы семӕ хӕларӕй цӕрын, уӕд сыл нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау та ноджы тынгдӕр бандавынц. (Бакӕс 1 Петры 3:1, 2, 16.) Куыд цӕрыс, уый уынгӕйӕ уадз ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ бамбарой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты, уый: сӕ бинонтӕ амондджын кӕй сты, сӕ сывӕллӕттӕм хорз кӕй кӕсынц, ӕгъдау ӕмӕ сӕм ӕфсарм кӕй ис ӕмӕ цардӕй райгонд кӕй сты. Нӕ хиуӕттӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы никуы ’рлӕууой, уӕддӕр нын ӕхсызгон у, нӕ уаг ӕмӕ нын не ’гъдау уынгӕйӕ Йегъовӕ кӕй цин кӕны.

15. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нӕ хиуӕттимӕ быцӕу ма кӕнӕм?

15 Рагацау-иу ахъуыды кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, быцӕутӕ цы расайы, ууыл ӕмӕ-иу рагацау аскъуыддзаг кӕн, ахӕм уавӕрты куыд бакӕндзынӕ (Ӕмб. 12:16, 23). Австралийӕ иу хо радзырдта: «Мӕ сӕрыхицауы фыд рӕстдзинады ныхмӕ тынг цыд. Ӕмӕ-иу ӕм цалынмӕ телефонӕй бадзырдтам, уӕдмӕ-иу Йегъовӕмӕ скуывтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид, ӕмӕ-иу ӕм мах дӕр ма смӕсты уыдаиккам. Нӕ бон йемӕ цӕуыл уыдаид аныхас кӕнын, ууыл-иу рагацау ахъуыды кодтам. Стӕй-иу арӕх афтӕ рауад, ӕмӕ-иу бирӕ рӕстӕг куы ныхас кодтам, уӕд-иу дины тыххӕй дӕр райдыдтам дзурын, ӕмӕ-иу уый та быцӕутӕм асайдта. Ӕмӕ уый тыххӕй рагацау аскъуыддзаг кодтам, йемӕ телефонӕй цас дзурдзыстӕм, уый».

16. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ хиуӕттӕй искӕй зӕрдӕ фӕриссын кодтай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи ма хӕрай?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй де ’нӕуырнӕг хиуӕттимӕ макуы фӕбыцӕу уай. Ӕмӕ уе ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕхи хӕрай, уымӕн ӕмӕ дӕ хиуӕтты уарзыс ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнай, уый дӕ нӕ фӕнды. Фӕлӕ кӕд дӕ бинонты уарзыс, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ уай иузӕрдион. Дӕ бинонтӕ дӕр уый куы уыной, уӕд ӕй, чи зоны, бамбарой, адӕймагӕн йӕ цард кӕнгӕ кӕй у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ, уымӕй. Рӕстдзинады фӕндагыл тыххӕй никӕй слӕууын кӕндзынӕ. Фӕлӕ дӕумӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр уындзысты, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый дын пайда кӕй хӕссы. Йегъовӕ дӕуӕн куыд радта равзарыны фадат, афтӕ уыдонӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй равзарой, лӕггад ын кӕндзысты ӕви нӕ (Ис. 48:17, 18).

ДӔ БИНОНТӔЙ ИСЧИ ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫ НЫУУАДЗА

17, 18. Кӕд дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны, уӕд дын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц кӕнӕ йӕхӕдӕг ӕмбырдыл йӕ къух куы сисы, уӕд уый тынг зын вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕ исчи кардӕй барӕхуыста. Цы дын баххуыс кӕндзӕн уыцы рыст сфӕразынӕн?

18 Дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн. Дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын ма бауадз. Ӕдзухдӕр Библи кӕс, ӕмбырдтӕм дӕхи цӕттӕ кӕн ӕмӕ сӕ ма цух кӕн, дарддӕр хорз хабар хъусын кӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фӕразынӕн тыхтӕ дӕтта (Иуд. 20, 21). Фӕлӕ, зӕгъӕм, ацы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕныс, ӕмӕ дын ӕнцондӕр та нӕ фӕци? Дӕ ныфс ма асӕттӕд! Дарддӕр дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архай, ӕмӕ уый фӕрцы, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд та дӕ хъуыдытыл ӕмӕ де ’нкъарӕнтыл ногӕй дӕ бар цӕудзӕн. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд. Иуафон уымӕн дӕр йӕ хъуыдытыл ӕмӕ йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар нал цыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд йӕ зондахаст сраст кодта (Пс. 73:16, 17). Ды дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр уый баххуыс кӕндзӕн.

19. Йегъовӕ зонд куыд амоны, уымӕ раст цӕстӕй кӕй кӕсыс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

19 Йегъовӕ зонд кӕй амоны, уымӕ раст цӕстӕй кӕс. Хуыцау зоны, йӕ зондамынд пайда кӕй ӕрхӕссы, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уымӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Нӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд тынг фӕмаст кӕнӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм, уый йын кӕй баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:11.) Уӕдмӕ та уал хъуамӕ хъусӕм Йегъовӕйы разамындмӕ – хъуамӕ нын «иумӕйагӕй мацыуал уа», ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ (1 Кор. 5:11–13). Уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕнӕмӕнг куы нӕ хъӕуа, уӕд хъуамӕ ахӕм адӕймагимӕ телефонӕй ма дзурӕм, стӕй йӕм смс-тӕ, писмотӕ кӕнӕ интернетӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй ма фыссӕм.

20. Ныфс нӕ цӕмӕй хъуамӕ уа?

20 Дӕ ныфс макуы асӕттӕд! Уарзондзинад «алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары». Ӕмӕ мах дӕр ныфс ис, бирӕ кӕй уарзӕм, уый Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн (1 Кор. 13:7). Кӕд ӕй уыныс, ӕмӕ, дӕ бинонтӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый ивын райдыдта, уӕд дӕ бон у кувын, цӕмӕй Библийы фӕрцы фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ, «раздӕх мӕм», зӕгъгӕ, йӕ зӕрдӕмӕ айса (Ис. 44:22).

21. Йесойы фӕдыл кӕй цӕуыс, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ куы суой, уӕд цы хъуамӕ аразай?

21 Йесо загъта, цыфӕнды адӕймагӕй йӕ фылдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм. Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ахӕм хъӕбатырдзинад кӕй разындзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уой, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Ӕмӕ кӕд дӕ хиуӕттӕ, Йесойы фӕдыл кӕй цӕуыс, уый тыххӕй дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Кув ӕм, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна (Ис. 41:10, 13). Зон ӕй: Йегъовӕ ӕмӕ дӕ Йесо райгонд сты ӕмӕ дын дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кӕндзысты. Ӕмӕ дын уый циндзинад хӕссӕд.

^ 10 абз. Ныййарджытӕй ӕрмӕстдӕр иу Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, уӕд сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрӕн куыд ис, уый тыххӕй фылдӕр кӕс 2002 азы 15 августы «Сторожевая башня»-йы, «Вопросы читателей».