Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ дӕ кадыхуд куыд хъахъхъӕнынц

Бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ дӕ кадыхуд куыд хъахъхъӕнынц

«Афтӕ уыдзӕн, кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусат, уӕд» (ЗАХ. 6:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 61, 22

1, 2. Захари ӕвдӕм цӕстылуайӕн куы федта, уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ Иерусалимы цы уавӕры уыдысты?

ӔВДӔМ цӕстылуайӕн куы фӕци, уӕд Захарийы бирӕ цӕуылдӕрты хъуыдаид ахъуыды кӕнын. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, мӕнгард адӕмы кӕй бафхӕрдзӕн, ӕмӕ уый Захарийы ныфс куыннӕ бауагътаид. Фӕлӕ уыдта, нырма кӕй ницы фӕивта. Бирӕтӕ уӕддӕр кодтой алы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ, мӕнгард митӕ. Ӕмӕ Иерусалимы кувӕндон афтӕ дӕр арӕзт нӕма фӕци. Цымӕ дзуттӕгтӕ афтӕ тагъд цӕмӕн ныууагътой, Йегъовӕ сын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг? Ау, сӕ бӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй сӕхи царды хабӕрттӕ кодтаиккой?

2 Захари зыдта, Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд. Уыдоны «ӕцӕг Хуыцау... сразӕнгард кодта», цӕмӕй Вавилоны сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, цы куыст кодтой, уый ныууагътаиккой (Езд. 1:2, 3, 5). Ахуыр кӕуыл уыдысты, уыцы бӕстӕйӕ рацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты, сӕ фылдӕр уынгӕ дӕр кӕй никуы фӕкодтой, уыцы зӕхмӕ. Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй саразын афтӕ ахсджиагыл куы нӕ нымадтаиккой, уӕд тӕссаг балцы нӕ араст уыдаиккой ӕмӕ хӕххон, зынцӕуӕн фӕндӕгтыл 1 600 километры бӕрц нӕ фӕцыдаиккой.

3, 4. Дзуттӕгтӕ цавӕр цӕлхдуртыл ӕмбӕлдысты?

3 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы дард фӕндагыл Вавилонӕй Иерусалиммӕ куыд цыдысты, уый. Рӕстӕг сын бирӕ уыди сӕ ног цӕрӕнбынатыл хъуыды кӕнынӕн. Хистӕртӕ-иу сын дзырдтой, кӕддӕр Иерусалим ӕмӕ кувӕндон куыд рӕсугъд уыдысты, уый тыххӕй (Езд. 3:12). Уыцы бӕлццӕттимӕ куы уыдаис ӕмӕ Иерусалим фыццаг хатт куы федтаис, уӕд цымӕ цы ахъуыды кодтаис? Хӕмпӕлты бын чи фӕци, уыцы хӕлддзӕгтӕ фенгӕйӕ дӕ зӕрдӕ нӕ бамӕгуыр уыдаид? Горӕты къултӕ уыдысты пырхытӕ, кӕддӕр кулдуӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ кӕм уыд, уым ныр дымгӕ сыффытт кодта. Ӕмӕ, хӕрзаг, ахӕм къултӕм кӕсгӕйӕ дӕ цӕстыты раз Вавилоны стыр, фидар къултӕ февзӕрдаиккой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕн сӕ ныфс нӕ асаст. Уыдон сӕ дард балцы рӕстӕг уыдтой, Йегъовӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кодта, уый. Ӕмӕ куыддӕр Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ сты, афтӕ, кувӕндон кӕм уыд, уым сарӕзтой нывондхӕссӕн ӕмӕ алы бон дӕр Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой (Езд. 3:1, 2). Хъуыддагмӕ куыд зӕрдиагӕй бавнӕлдтой, уымӕ кӕсгӕйӕ уый ӕнхъӕл ничи уыдаид, ӕмӕ сӕ исты бакъуылымпы кӕндзӕн.

4 Кувӕндонӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди сӕ горӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ дӕр аразын. Стӕй сӕ хъуыд сӕ хуымтӕ бакӕнын, цӕмӕй сӕ бинонтӕн хӕринаг уыдаид (Езд. 2:70). Иудзырдӕй, куыст сын тынг бирӕ уыд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма сӕ се знӕгтӕ дӕр хъыгдарын райдыдтой. 15 азы дӕргъы сӕ ӕнцад нӕ уагътой, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ ныфс сӕттын райдыдта (Езд. 4:1–4). Стӕй ма сӕ размӕ ноджыдӕр иу цӕлхдур фӕзынд: н. э. размӕ 522 азы Персы паддзах бардзырд радта, цӕмӕй Иерусалимы ӕппындӕр мацыуал арӕзтаиккой. Горӕт ма искуы сараздзысты, уый ныфс никӕйуал уыд (Езд. 4:21–24).

5. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд баххуыс кодта?

5 Йегъовӕ зыдта, йӕ адӕмӕн кӕй хъуыди сӕ ныфсыл ныфс бафтауын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын. Ӕмӕ ма Захарийӕн ноджыдӕр иу цӕстылуайӕн равдыста, фӕстаг, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, кӕй сӕ уарзта ӕмӕ, уӕдмӕ дӕр цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кодта. Стӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, цы хъуыддаг сын бахӕс кодта, уымӕ та ногӕй куы бавналой, уӕд сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ кувӕндон кӕй сараздзысты. Йегъовӕ сын загъта: «Афтӕ уыдзӕн, кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусат, уӕд» (Зах. 6:15).

ЗӔДТЫ ӔФСАД

6. а) Ӕстӕм цӕстылуайӕн цӕмӕй райдыдта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Бӕхтӕ алы хуызтӕ цӕмӕн сты?

6 Захари цы аст цӕстылуайӕны федта, уыдонӕй фӕстаг, ӕвӕццӕгӕн, се ’ппӕтӕй тынгдӕр фидар кӕны адӕймаджы уырнындзинад. (Бакӕс Захарийы 6:1–3.) Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ӕрхуыйӕ конд чи у, ахӕм «дыууӕ хохы ’хсӕн» цыппар бӕхуӕрдоны фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, хӕстмӕ цӕттӕ сты. Бӕхтӕ сты алы хуызтӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, бӕхуӕрдӕттӕ кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц. Захари бафарста: «Уыдон цы сты?» (Зах. 6:4). Ӕмӕ уый мах дӕр фӕнды базонын, уымӕн ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн махмӕ дӕр хауы.

Абон дӕр Йегъовӕ йӕ зӕдты фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ фидар кӕны

7, 8. а) Дыууӕ хохы цӕмӕ амонынц? б) Хӕхтӕ ӕрхуыйӕ конд цӕмӕн сты?

7 Библийы хӕхтӕ арӕх фӕамонынц паддзахӕдтӕм, кӕнӕ хицауӕдтӕм. Захари цы хӕхтӕ федта, уыдон сты, Данелы пехуымпарады цы дыууӕ хохы кой ис, уыдоны хуызӕн. Иу дзы амоны Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ – ӕнустӕм дӕр Дун-дунейы Хицау кӕй у, уымӕ. Иннӕ та амоны Мессийӕйы Паддзахадмӕ – Йесо Чырысти Паддзах кӕм у, уымӕ (Дан. 2:35, 45). 1914 азы фӕззӕджы Йесо Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ хохӕн дӕр уӕлдай стыр ахадындзинад ис, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы.

8 Цымӕ уыцы хӕхтӕ ӕрхуыйӕ конд цӕмӕн сты? Сызгъӕринау ӕрхуы дӕр зынаргъ згъӕр у, ӕмӕ ӕрттивгӕ дӕр тынг кӕны. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй цатыр ӕмӕ фӕстӕдӕр Иерусалимы кувӕндон аразгӕйӕ ӕрхуыйӕ бирӕ цыдӕртӕ скодтаиккой (Рац. 27:1–3; 1 Пад. 7:13–16). Уӕдӕ хӕхтӕ ӕрхуыйӕ конд кӕй сты, уый амоны, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй ӕмӕ, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахадӕй хуыздӕр кӕй нӕй, уымӕ. Уыдоны дӕлбар адӕм уыдзысты ӕдас ӕмӕ хайджын уыдзысты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй.

9. Бӕхуӕрдӕттыл чи бады, уыдон чи сты ӕмӕ сын цавӕр хӕслӕвӕрд ис?

9 Цымӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ сыл чи бады, уыдон та цӕмӕ амонынц? Уыдон сты зӕдтӕ, ӕвӕццӕгӕн, зӕдты хицӕн къордтӕ. (Бакӕс Захарийы 6:5–8.) Уыдон лӕууыдысты «ӕгас зӕххы Бардарӕджы раз», ӕмӕ уырдыгӕй рацыдысты ахсджиаг хӕслӕвӕрдимӕ. Хуыцау сӕ арвыста бӕлвырд рӕттӕм, цӕмӕй йын йӕ адӕмы бахъахъхъӕной, уӕлдайдӕр та Вавилонӕй, «цӕгат зӕххӕй». Ацы цӕстылуайӕны фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн равдыста, Вавилонӕн цагъартӕ кӕй никуыуал уыдзысты. Захарийы рӕстӕджы кувӕндон чи арӕзта, уыдонӕн уый цӕй стыр удӕнцой ӕрхастаид! Ныр ӕй фидарӕй зыдтой, се знӕгтӕ сын кӕй ницы бакӕндзысты.

10. Захарийы пехуымпарады бӕхуӕрдӕтты ӕмӕ сыл чи бады, уыдоны тыххӕй цы фыст ис, уый нын абон ныфсы хос куыд у?

10 Абон дӕр Йегъовӕ йӕ зӕдты фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ фидар кӕны (Мал. 3:6; Дзут. 1:7, 14). 1919 азы Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй фӕстӕмӕ знӕгтӕ карзӕй цыдысты раст дины ныхмӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй ма парахат кодтаид (Рарг. 18:4). Фӕлӕ сын ницы рауад. Зӕдтӕ хъахъхъӕнынц Йегъовӕйы организаци, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, Йегъовӕйы адӕм та мӕнг дины уацары ногӕй кӕй бахаудзысты, уымӕй (Пс. 34:7). Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ йӕ хъуыддаджы бирӕ кӕй фыдӕбон кӕндзысты. Захарийы пехуымпарады фӕрцы йӕ ӕмбарӕм, дыууӕ хохы нӕ кӕй хъахъхъӕнынц.

11. Тагъд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уымӕй цӕуылнӕ хъӕуы тӕрсын?

11 Тынг тагъд, Хӕйрӕджы дунейы чи ис, уыцы хицауӕдтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы фесафой (Йез. 38:2, 10–12; Дан. 11:40, 44, 45; Рарг. 19:19). Йезекилы пехуымпарады уыдоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, дам, уыдзысты, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн. Уыдон баддзысты бӕхтыл ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ Хуыцауы адӕмыл сӕхи ныццӕвдзысты (Йез. 38:15, 16) *. Фӕлӕ уыдӕттӕй хъуамӕ ӕппындӕр ма тӕрсӕм. Нӕ фарс ис Йегъовӕйы ӕфсад. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕдтӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзысты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуа, уыдоны фесафдзысты (2 Фес. 1:7, 8). Уый уыдзӕн стыр бон! Фӕлӕ Йегъовӕйы уӕларвон ӕфсады разамонӕг чи уыдзӕн?

ЙЕГЪОВӔ ПАДДЗАХЫ КАДЫХУД САУДЖЫНЫ СӔРЫЛ ӔРКОДТА

12, 13. а) Йегъовӕ Захарийӕн цы саразын кодта? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, йӕ ном Тау кӕмӕн хуыйны, уыцы адӕймаг Йесо Чырысти кӕй у?

12 Уыцы аст цӕстылуайӕны Захарийы йеддӕмӕ ничи федта. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы сарӕзта, уый иннӕтӕ дӕр федтой, ӕмӕ уыцы хабары фӕрцы, Хуыцауы кувӕндон чи арӕзта, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыд. (Бакӕс Захарийы 6:9–12.) Йегъовӕ Захарийӕн загъта, цӕмӕй Хелдайӕ, Товийӕ ӕмӕ Йедайӕйӕ – Вавилонӕй ӕрӕджы чи ’рцыд, уыдонӕй – ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин райстаид ӕмӕ дзы «рӕсугъд кадыхуд» скодтаид (Зах. 6:11). Мыййаг, уыцы кадыхуд хицау Зоровавелӕн конд уыд? Зоровавел уыди Иудӕйы мыггагӕй, Давиды байзӕддаг. Фӕлӕ уымӕн нӕ уыд. Йегъовӕ Захарийӕн загъта, цӕмӕй йӕ ӕркодтаид хистӕр сауджын Йесойы сӕрыл. Уый чи федта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, дисы бафтыдысты.

13 Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хистӕр сауджын Йесо паддзах сси? Нӕ. Йесо Давиды байзӕддаг нӕ уыд, ӕмӕ йын паддзахы бынат бацахсыны бар нӕ уыд. Йӕ сӕрыл ын кадыхуд кӕй ӕркодтой, уый амыдта фидӕнмӕ – йӕ ном Тау кӕмӕн у, уый ӕнустӕм паддзахӕй ӕмӕ сауджынӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Библи йӕ ӕмбарын кӕны, уыцы Тау Йесо Чырысти кӕй у (Ис. 11:1; Матф. 2:23 *).

14. Йесо, Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын, цы аразы?

14 Йесо у Паддзах дӕр ӕмӕ Хистӕр сауджын дӕр. Уый у Йегъовӕйы зӕдты ӕфсады разамонӕг ӕмӕ зӕрдиагӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕм ацы фыддунейы ӕдас уой (Йер. 23:5, 6). Тынг тагъд Чырысти бацӕудзӕн тохы Хуыцауы хицаудзинады ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл, ӕмӕ адӕмтыл фӕуӕлахиз уыдзӕн (Рарг. 17:12–14; 19:11, 14, 15). Фӕлӕ уал уӕдмӕ уыцы Тауӕн стыр хъуыддаг ис бакӕнинаг.

УЫЙ САРАЗДЗӔН КУВӔНДОН

15, 16. а) Хуыцауы адӕмы сӕ къахыл чи слӕууын кодта ӕмӕ сӕ чи сыгъдӕг кӕны? Уыцы хъуыддаг куыд аразы? б) Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон зӕххыл чи цӕрдзӕн?

15 Йесо Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын кӕй у, уымӕй уӕлдай ма йын лӕвӕрд ӕрцыд «Йегъовӕйы кувӕндон» саразыны хӕс дӕр. (Бакӕс Захарийы 6:13.) 1919 азы уыцы «арӕзтадмӕ» хауди, Хуыцауы адӕмы Стыр Вавилоны, ома мӕнг дины, уацарӕй кӕй ссӕрибар кодта, уый. Йесо йӕ къахыл слӕууын кодта чырыстон ӕмбырд ӕмӕ сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй уый разамынд дӕтта, Хуыцауы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕртыты цы куыст цӕуы, уымӕн (Матф. 24:45). Уымӕй уӕлдай ма Йесо Хуыцауы адӕмы сыгъдӕг кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн афтӕ лӕггад кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕна (Мал. 3:1–3).

16 Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины иу мин азы дӕргъы иузӕрдион адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой алцӕмӕй ӕххӕст. Уыцы куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ кӕной, уӕд ма зӕххыл баззайдзысты, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕна, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕм. Ӕппынфӕстаг ӕгас зӕххыл дӕр алчидӕр кувдзӕн иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн!

«АРӔЗТАДЫ» АРХАЙ

17. Йегъовӕ та дзуттӕгты ныфс куыд бауагъта ӕмӕ сыл йӕ ныхӕстӕ куыд бандӕвтой?

17 Захари цы хабар хъусын кодта, уый йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтыл куыд бандӕвта? Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон кӕй уыдзӕн кувӕндон кӕронмӕ саразын. Ӕмӕ сӕ уый ныфс куыннӕ бауагътаид. Фӕлӕ, бирӕ кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уӕддӕр, чи зоны, хъуыдытӕ кодтаиккой, ахӕм стыр куыст куыд бакӕндзысты, ууыл. Ӕмӕ та сӕ Захари ногӕй ныфс бауагъта. Цы сын загъта, уый сын хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕй тас ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕсырдтаид. Уый размӕ сӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты Хелдай, Тови ӕмӕ Йедайӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, ма ноджыдӕр бирӕтӕ «ӕрцӕудзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар араздзысты». (Бакӕс Захарийы 6:15.) Ныр дзуттӕгтӕ ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кодта, ууыл. Гъемӕ та фӕстӕмӕ кувӕндон аразынмӕ ныфсджынӕй бавнӕлдтой, кӕд Персы паддзах уыцы хъуыддаг ӕрӕхгӕдта, уӕддӕр. Уый уыди, цыма сӕ размӕ стыр хох уыд, уый хуызӕн. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сын Йегъовӕ уыцы цӕлхдур дӕр сӕ разӕй айста. Ӕппынфӕстаг, н. э. размӕ 515 азы кувӕндон арӕзт фӕци (Езд. 6:22; Зах. 4:6, 7). Фӕлӕ ма Йегъовӕйы ныхӕстӕ хауынц нӕ рӕстӕгмӕ дӕр, ноджы стырдӕр хъуыддагмӕ.

Йегъовӕ нын нӕ уарзондзинад никуы ферох кӕндзӕн! (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

18. Захари 6:15 нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?

18 Абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц милуантӕ. Уыдон ын не ’вгъау кӕнынц, «хуыздӕрӕй» сӕм цы ис, уый – сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ, се ’хца. Афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цы куыст цӕуы, уымӕн (Ӕмб. 3:9). Ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ нын нӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны, ууыл. Хъуыды йӕ кӕныс, Хелдай, Тови ӕмӕ Йедайӕ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕрхастой, уыдонӕй Захари кадыхуд куыд скодта, уый? Уыцы кадыхуды фӕрцы «Хуыцау йӕ зӕрдыл дардтаид», уыцы нӕлгоймӕгтӕ раст дины номыл цы сарӕзтой, уый (Зах. 6:14). Уӕдӕ мах фыдӕбон дӕр ӕмӕ мах уарзондзинад дӕр Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Ӕнустӕм дӕр сӕ йӕ зӕрдыл дардзӕн.

19. Захари цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдон нын куыд хъуамӕ баххуыс кӕной?

19 Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы адӕмӕн цас бантыст, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ нын Чырысти разамынд кӕй дӕтты, уый. Мах стӕм, ӕдас нын кӕм у, уыцы ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ ӕнусон организацийы. Йегъовӕмӕ раст дины тыххӕй цы фӕнд ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Уӕдӕ дын Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъус. Ӕмӕ дӕ уӕд нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджын, стӕй зӕдтӕ хъахъхъӕндзысты. Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй раст динӕн ӕххуыс кӕн. Уый зӕрдиагӕй куы аразай, уӕд дӕ Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн, цалынмӕ ма ацы дуне уа, уӕдмӕ, ӕмӕ стӕй ӕнустӕм дӕр!

^ 11 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» брошюрӕйы «Къӕрцхъус ут! Хӕйрӕг уӕ аныхъуырынмӕ хъавы», 29, 30 фӕрстӕ.

^ 13 абз. Ныхас «назаретаг», гӕнӕн ис, равзӕрд, «тау» чи нысан кӕны, уыцы дзуттаг дзырдӕй.