Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл аразут, цӕмӕй фервӕзой

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл аразут, цӕмӕй фервӕзой

«Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы» (2 ТИМ. 3:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 141, 134

1, 2. Йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыцы сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕн сӕ ныййарджытӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?

БИБЛИ чи ахуыр кӕны, уыдонӕй алы аз дӕр мингӕйттӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд райсынц. Бирӕтӕ дзы сты ӕрыгӕттӕ. Чидӕртӕ сӕ рӕстдзинад сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонынц ӕмӕ равзӕрстой царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг (Пс. 1:1–3). Кӕд дын сывӕллон ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бӕллыс, донаргъуыд куы райса, уыцы бонмӕ. (Абар 3 Иоанны 4.)

2 Фӕлӕ дын, чи зоны, иу цыдӕр ӕнцой нӕ дӕтты. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕрыгӕтты зоныс, ӕмӕ донаргъуыд райстой, фӕлӕ стӕй дызӕрдыг кӕнын райдыдтой, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын пайда кӕй у, ууыл. Чидӕртӕ ма сӕ суанг рӕстдзинад дӕр ныууагътой. Ӕмӕ, чи зоны, мӕт кӕныс, дӕ сывӕллон чырыстон фӕндагыл куы слӕууа, фӕлӕ стӕй йӕ зондахаст куы аива ӕмӕ йӕм райдианы цы уарзондзинад уыд, уый куы ӕруазал уа. Гӕнӕн ис, дӕ сывӕллон суа, фыццаг ӕнусы Ефесы чи цард, уыцы чырыстӕтты хуызӕн. Йесо Ефесы ӕмбырдӕн загъта: «Райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис» (Рарг. 2:4). Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ сывӕллоны хабар афтӕ ма рауайа? Дӕ бон ын куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ уый фӕрцы фервӕза? (1 Пет. 2:2). Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Тимофейы цӕвиттонмӕ.

«ДЫ... ЗОНЫС СЫГЪДӔГ ФЫСТЫТӔ»

3. а) Тимофей чырыстон куыд сси ӕмӕ-иу цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ куыд архайдта? б) Павел Тимофейӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы кой скодта?

3 Тимофей Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, базыдта н. э. 47 азы, апостол Павел Листрӕйы фыццаг хатт куы уыд, уӕд. Кӕд Тимофей нырма ӕрыгон лӕппу уыди, уӕддӕр-иу, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдта, ӕмӕ дыууӕ азы фӕстӕ райдыдта Павелимӕ уацамындон балцыты цӕуын. Уымӕй иу-16 азы фӕстӕ Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ды, цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны. Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ [ома Дзуттаг Фыстытӕ] – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы» (2 Тим. 3:14, 15). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел цы ӕртӕ хъуыддаджы кой скодта, уыдонмӕ: 1) сыгъдӕг Фыстытӕ зонын, 2) рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕндын ӕмӕ 3) фервӕзыны тыххӕй зондӕй архайын.

4. Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ цавӕр публикацитӕй фӕпайда кӕныс? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Чырыстон ныййарӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сывӕллон зона сыгъдӕг Фыстытӕ (Дзуттаг Фыстытӕ дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ дӕр). Суанг гыццыл сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Библи ахуыр кӕнын, цӕмӕй дзы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой ис, уыдӕтты тыххӕй базоной. Йегъовӕйы организаци рауагъта бирӕ чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ видеороликтӕ, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной. Уыцы публикацитӕй уе ’взагыл цавӕртӕ ис? Рох дӕ ма уӕд: цӕмӕй дӕ сывӕллон Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы, Библийы цы фыст ис, уый зонын.

РӔСТДЗИНАДЫЛ ӔЙ «ФИДАРӔЙ... БАУУӔНДЫН КОДТОЙ»

5. а) Тимофей фидарӕй цӕуыл баууӕндыд? б) Тимофей, Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл кӕй баууӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн, Библийы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдӕттӕ амонын ӕнӕмӕнг у. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Тимофейӕн дӕр рӕстдзинад ӕнӕуи нӕ бацамыдтой, фӕлӕ ма йӕ ууыл «фидарӕй... баууӕндын кодтой». Ӕндӕр ныхасӕй, фидарӕй баууӕндыд, цы йын бацамыдтой, уый рӕстдзинад кӕй у. Тимофей Дзуттаг Фыстытӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдта. Фӕлӕ куы фестырдӕр, уӕд бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы баууӕндыд, Чырысти Мессийӕ кӕй у, ууыл. Тимофейы уырнындзинад ахӕм фидар уыд, ӕмӕ донаргъуыд райста ӕмӕ ма Павелимӕ уацамындон балцыты цӕуын дӕр райдыдта.

6. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасыл баууӕнда?

6 Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уый дӕр Тимофейау рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ уай фӕразон. Адӕймагмӕ фидар уырнындзинад иу бонмӕ нӕ фӕзыны. Стӕй, кӕд ды цӕуылдӕр ӕууӕндыс, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ дӕ сывӕллон дӕр ууыл ӕууӕнддзӕн. Цӕмӕй сывӕллон рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг сахуыр уа «арф хъуыды кӕнын». (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:1.) Уыцы хъуыддаджы ныййарӕгӕй бирӕ кӕнгӕ у, уӕлдайдӕр та, йӕ сывӕллонмӕ исты фарстатӕ куы фӕзына, уӕд. Ӕркӕсӕм, иу фыд йӕ чызджы куыд ахуыр кӕны, уымӕ.

7, 8. а) Иу фыд йӕ чызджы ахуыр кӕнгӕйӕ фӕразондзинад куыд ӕвдисы? б) Дӕу та дӕ сывӕллоны ахуыр кӕнгӕйӕ фӕразондзинад цавӕр уавӕрты бахъуыд равдисын?

7 11-аздзыд чызг кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг, Томас, дзуры: «Мӕ чызгмӕ иуӕй-иу хатт ахӕм фарстатӕ фӕзыны: „Цымӕ Йегъовӕ зӕххыл цард эволюцийы фӕрцы не скодта?“ кӕнӕ та: „Адӕм ууыл куы архайынц, цӕмӕй цард фӕхуыздӕр уа, уӕд мах афтӕ цӕуылнӕ кӕнӕм? Зӕгъӕм, искӕй куы февзарынц, уӕд цӕуылнӕ фӕхъӕлӕс кӕнӕм?“ Ӕмӕ мӕ хатгай фӕхъӕуы мӕхиуыл фӕхӕцын, цӕмӕй йын афтӕ ма зӕгъон, „мах уыдӕттыл не ’ууӕндӕм“ кӕнӕ „уый раст нӕу“, зӕгъгӕ. Цӕмӕй адӕймаг, Библийы цы фыст ис, ууыл баууӕнда, уый тыххӕй фаг нӕу иу стыр бӕлвырдгӕнӕн ӕрхӕссын. Уымӕн ма ис бирӕ гыццыл бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр, ӕмӕ йын уыдон дӕр хъӕуы ӕрхӕссын».

8 Томас йӕхицӕй зоны, ныййарӕджы йӕ сывӕллоны ахуыр кӕнгӕйӕ фӕразондзинад кӕй фӕхъӕуы. Уӕвгӕ, уыцы миниуӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уа (Кол. 3:12). Томас ӕй ӕмбары, цӕмӕй йӕ чызг рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда, уый тыххӕй рӕстӕг кӕй хъӕуы, стӕй йемӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ бахъӕудзӕн ныхас кӕнын. Стӕй ма ӕмбары, Библийы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл дӕр йемӕ кӕй хъуамӕ ныхас кӕна. Томас зӕгъы: «Уӕлдай тынгдӕр нӕ мӕ бинойнагимӕ базонын фӕфӕнды, нӕ чызг ахсджиаг фарстаты фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый, стӕй, цы базоны, уый кӕронмӕ фембары ӕмӕ йӕ уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр уырнынц ӕви нӕ. Фарстатӕ йӕм кӕй фӕзыны, уый хорз у. Раст зӕгъгӕйӕ, фарстатӕ куы нӕ лӕвӕрдтаид ӕмӕ-иу афтӕмӕй истӕуыл куы баууӕндыдаид, уӕд мӕ уый мӕты бафтыдтаид».

9. Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы Библийы рӕстдзинад арф нывӕрын?

9 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ фӕразон куы уой, уӕд сывӕллӕттӕ сабыргай ӕмбарын райдайдзысты рӕстдзинадӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (Еф. 3:18). Хъуамӕ сӕ ахуыр кӕной сӕ кармӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сӕ бон бамбарын цас у, уымӕ гӕсгӕ. Цы базонынц, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕты раз, уыимӕ се ’мкъласӕгты раз дӕр, цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл дзурын (1 Пет. 3:15). Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, дӕ сывӕллонӕн йӕ бон у Библийы фӕрцы бамбарын кӕнын, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы уавӕры вӕййы, уый? Библи уый фӕдыл цы дзуры, уый йӕхӕдӕг ӕмбары? Ӕцӕгдӕр, цӕмӕй дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы Библийы рӕстдзинад «арф нывӕрай», уый тыххӕй дӕ хъӕуы фӕразондзинад (Дык. з. 6:6, 7). Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у.

10. Сывӕллоны ахуыр кӕнгӕйӕ ахсджиаг цы у?

10 Цӕмӕй дӕ сывӕллон рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕнда, уый тыххӕй ахсджиаг у, цӕмӕй йын дӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг уай. Ӕртӕ чызджы кӕмӕн ис, иу ахӕм хо, Стефани, дзуры: «Мӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ амыдтон. Ӕмбарын сын кодтон, мӕн фидарӕй цӕмӕн уырны, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, стӕй нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр раст кӕй сты, уый. Стӕй-иу мӕхимӕ ахӕм фарста радтон: „Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын, уый мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?“ Уыдӕттӕ мӕхи куы нӕ уырныдтаиккой, уӕд мӕ сывӕллӕтты та куыд бауырныдтаиккой?»

УЫДИ ЙӔМ «АХӔМ ЗОНД, ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗТАИД»

11, 12. Библимӕ гӕсгӕ зонд цы у ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, адӕймагмӕ зонд уа, уый йӕ карӕй кӕнгӕ кӕй нӕу?

11 Куыд федтам, афтӕмӕй Тимофей 1) сыгъдӕг Фыстытӕ зыдта ӕмӕ 2) рӕстдзинадыл фидарӕй ӕууӕндыд. Фӕлӕ, цымӕ Павел Тимофейӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ дын сыгъдӕг Фыстытӕ «ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай», уӕд ӕй уымӕй та цы зӕгъын фӕндыд?

12 Энциклопедийы «Понимание Писания», Библимӕ гӕсгӕ зонд цы у, уый тыххӕй фыст ис: «Зондджын адӕймаг йӕ зонындзинӕдтӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты хиза, тӕссаг цӕмӕй у, уымӕй йӕхи хъахъхъӕна, йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы ӕфтой ӕмӕ ма уыцы хъуыддӕгты иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕна. Зондӕн ӕнӕзонддзинадимӕ иумӕйагӕй ницы ис». Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы» (Ӕмб. 22:15). Уӕдӕ кӕд ӕнӕзонд, ома ӕвӕлтӕрд, сывӕллон вӕййы, уӕд зондджын та схонӕн ис, царды фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, ахӕм адӕймаджы. Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын уыдзынӕ ӕви нӕ, уый карӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсдзынӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзынӕ ӕви нӕ, уымӕй. (Бакӕс Псалом 111:10.)

13. Цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, ӕрыгӕттӕ зондӕй кӕй архайынц?

13 Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын чи нӕу, уыцы ӕрыгӕтты «цыма уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм... фӕкӕнынц», ома сӕхи зӕрдӕйы фӕндтыл ӕмӕ се ’мгӕртты зондыл фӕцӕуынц (Еф. 4:14). Фӕлӕ, Хуыцауы цӕсты фӕлтӕрдджын чи у, уыцы ӕрыгӕттӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Уыдон зондӕй архайынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ зонд, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын... ахуыр кӕнынц» (Дзут. 5:14). Ахӕм фӕлтӕрддзинад сӕм кӕй ис, уый бӕрӕг вӕййы, сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сӕ иннӕ хистӕртӕ куы нӕ фӕуынынц, суанг уӕд дӕр раст уынаффӕтӕ кӕй фӕхӕссынц, уымӕй (Фил. 2:12). Адӕймаг ахӕм зондӕй архайа, уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй фервӕза. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:14.) Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы зондӕй архайой? Хъуамӕ уыной, Библийы уагӕвӕрдтӕн кӕй аргъ кӕныс. Ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа дӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (Ром. 2:21–23).

Ныййарӕг йӕ сывӕллоны ӕдзухдӕр раст зондыл цӕмӕн хъуамӕ араза? (кӕс 14–18 абзацтӕ)

14, 15. а) Сывӕллоны донаргъуыд райсын куы фӕнда, уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна? б) Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый бамбарынӕн?

14 Фӕлӕ цӕмӕй дӕ сывӕллон Хуыцауы зондӕй архайын сахуыр уа, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ йын ӕнӕуи дзурай, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Дӕ сывӕллонӕн зӕгъ, цӕмӕй ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕна: «Библимӕ гӕсгӕ, буары монцты фӕдыл цӕуын раст цӕуылнӕ у? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын алкӕддӕр пайда кӕй у, уый мӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?» (Ис. 48:17, 18).

15 Сывӕллоны донаргъуыд райсын куы фӕнда, уӕд ма йын хъӕуы баххуыс кӕнын, донаргъуыд чырыстӕттыл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уый бамбарынӕн дӕр. Уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ у? Ӕмбары йӕ, йӕ цард Хуыцауӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзӕн? Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ зындзинӕдтӕй бирӕ фылдӕр уыдзысты? (Мар. 10:29, 30). Сывӕллоны ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын хъӕуы, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ. Хъуамӕ ма ахъуыды кӕна, коммӕгӕсдзинад цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркӕны, ууыл дӕр. Уый фӕрцы фидарӕй зондзӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕ алкӕддӕр нӕ пайдайӕн кӕй сты (Дык. з. 30:19, 20).

ДОНАРГЪУЫД СЫВӔЛЛОНӔН ИСТЫ КЪУЫЛЫМПЫЙЫ ХОС КУЫ СУА

16. Донаргъуыд сывӕллон рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд ныййарӕг куыд хъуамӕ архайа?

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ сывӕллон донаргъуыд райста, фӕлӕ стӕй рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, уӕд та? Зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕ, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕм ӕхсайын райдыдта кӕнӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын пайда кӕй у, ууыл (Пс. 73:1–3, 12, 13). Ахӕм уавӕры ныййарӕг йӕхи куыд дардзӕн, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Дӕ сывӕллон цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр-иу йемӕ афтӕ ныхас кӕн, цӕмӕй уына, йе знаг кӕй нӕ дӕ. Хъуамӕ ӕмбара, уарзгӕ йӕ кӕй кӕныс ӕмӕ йӕ хорзыл кӕй тыхсыс.

17, 18. Сывӕллон рӕстдзинадыл куы дызӕрдыг кӕна, уӕд ын куыд ис баххуыс кӕнӕн?

17 Иугӕр сывӕллон донаргъуыд райста, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауӕн дзырд радта, кӕй йӕ уарздзӕн ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын кӕй лӕггад кӕндзӕн. (Бакӕс Марчы 12:30.) Адӕймаг нывонддзырд кӕй ратты, уый Йегъовӕ ахсджиаг хъуыддагыл нымайы, ӕмӕ мах дӕр уымӕ хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм (Еккл. 5:4, 5). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу дӕ сывӕллонимӕ ууыл фӕлмӕнӕй аныхас кӕн. Фӕлӕ уал-иу уый размӕ ӕркӕс, нӕ публикациты ныййарджытӕн цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ. Уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ сывӕллонӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста, уый йыл цы хӕс ӕвӕры ӕмӕ йын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый.

18 Нӕ организаци ӕрыгӕттӕн цы чингуытӕ рауагъта, уыдонӕй иуы ныййарджытӕн ис ахӕм уынаффӕ: «Уайтагъд-иу ахӕм хъуыдымӕ ма ’рцу, ӕмӕ дӕ сывӕллоны рӕстдзинад ныууадзын фӕнды. Арӕх хъуыддаг ӕндӕр цӕйдӕр мидӕг вӕййы». Чи зоны йӕ йе ’мгӕрттӕ сӕ зондыл цӕуын кӕнынц. Кӕнӕ та йӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы. Йе та, чи зоны, ӕмбырды иннӕ ӕрыгӕттӕм кӕсгӕйӕ афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йын уыйбӕрц ницы ӕнтысы. Уыцы чиныджы дарддӕр фыст ис: «Кӕд ацы хъуыддӕгтӕй искӕцы дӕ сывӕллоны къуылымпы кӕны, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ рӕстдзинад ныууадзын фӕнды». Дарддӕр дзы ис хорз уынаффӕтӕ, сывӕллон рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд ын куыд ис баххуыс кӕнӕн, уый фӕдыл.

19. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕм уа «ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзой»?

19 Ныййарджытыл ис стыр хӕс – хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Ӕмӕ сын уый стыр кад куыннӕ у! Куыд федтам, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ сын, Библийы цы фыст ис, уый амонай – хъуамӕ ма сын ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй, цы базонынц, ууыл ӕууӕндгӕ дӕр бакӕной. Сывӕллонӕн йӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд ӕй бафӕнддзӕн йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕ уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ разамынд Йегъовӕйы Ныхасы агурут, йӕ сыгъдӕг тых дзы курут ӕмӕ уӕ хъарутыл ма ауӕрдут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕм уыдзӕн «ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзой».