Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд хъуыды кӕныс?

Куыд хъуыды кӕныс?

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Библийы фӕрцы Хуыцауы хӕлар суай?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ,

сӕ бон кӕй нӕу, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй. Иннӕтӕ та зӕгъынц, Хуыцауы мах мӕт ӕппындӕр нӕй, зӕгъгӕ. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

Хуыцауӕн, «рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон... сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Хуыцаумӕ куы хъусӕм, уӕд йӕ хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ хӕлар уа (Иаковы 4:8).

  • Хуыцау у хорз хӕлар, ӕмӕ цӕттӕ у ӕххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ хатыр кӕнынмӕ (Псалом 86:5).

  • Хуыцауы хӕлар чи у, уый уарзы, Хуыцау цы уарзы, уый ӕмӕ йе сӕфт уыны, Хуыцау йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй (Ромӕгтӕм 12:9).