Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уымӕн ӕгомыг ӕвдисӕн

Пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уымӕн ӕгомыг ӕвдисӕн

ИТАЛИЙЫ, РОМЫ АСТӔУ, ИС ТРИУМФАЛОН АРКӔ ӔМӔ ЙӔМ ДУНЕЙЫ АЛЫ РӔТТӔЙ АДӔМ УЫНЫНМӔ ЦӔУЫНЦ. УЫЦЫ АРКӔ АРӔЗТ ӔРЦЫД РОМЫ КАДДЖЫН ПАДДЗАХ ТИТЫ НОМЫЛ.

Титы аркӕйы дыууӕ фарсыл нывты ӕвдыст цӕуынц историйы зындгонд тохы хабӕрттӕ. Фӕлӕ алчи нӕ зоны, уыцы аркӕ ӕмӕ Библийӕн иумӕйагӕй цы ис, уый: Титы аркӕ ӕгомыг ӕвдисӕн у, Библийы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уымӕн.

ГОРӔТӔН ТӔРХОН ХАСТ ӔРЦЫД

Нӕ эрӕйы 30 азы Ромы паддзахады арӕнтӕ уыдысты Великобритани ӕмӕ Галлийӕ (ныртӕккӕ у Францийы территори) суанг Египеты онг. Ӕмӕ уыцы паддзахады рӕстӕг адӕм цардысты сабыр ӕмӕ хъӕздыг. Фӕлӕ Ромӕн йӕ паддзахады иу бынат ӕнцой нӕ лӕвӕрдта – Иудейӕ ӕдзух змӕста.

Иу энциклопедийы фыст ис: «Ромы дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕтӕй Иудейӕйы цӕрджытӕ ромӕгтӕй куыд уыдтой се сӕфт, афтӕ ма сӕ се сӕфт уыдтой цалдӕр бӕстӕйы. Ӕмӕ сӕ ромӕгтӕ дӕр нӕ уарзтой» (The Encyclopedia of Ancient Rome). Дзуттӕгтӕ ӕвзӕр цӕстӕй кастысты ромаг хицӕуттӕм, уымӕн ӕмӕ сын уыдон се ’гъдӕуттӕ ницӕмӕ дардтой. Иудейӕгтӕ ромӕгты ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Дзуттӕгтӕй бирӕты ныфс уыд, Ромы къухӕй сӕ чи ссӕрибар кӕндзӕн, ахӕм разамонӕг сын кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ та Израил раздӕрау кадджын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 33 азы Йесо Чырысти загъта, Иерусалим стыр бӕллӕх кӕй баййафдзӕн.

Чырысти загъта: «Ахӕм бон дыл акӕндзӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ дӕ алыварс цыргъ хъӕдтӕй къул сараздзысты, ӕртыхсдзысты дыл ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрӕлхъивдзысты. Дӕхи дӕр дын ныппырх кӕндзысты ӕмӕ дын дӕ хъӕбулты дӕр дӕ мидӕг ныццӕгъддзысты, ӕмӕ дӕ дур дурыл нал баззайдзӕн» (Лукайы 19:43, 44).

Чырыстийы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕнахуыр фӕкастысты. Дыууӕ боны фӕстӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ кӕсгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма! Мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ цы агъуыстытӕ ис!» Ӕцӕгдӕр, бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кувӕндон цы дуртӕй арӕзт уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ дӕргъ уыд 11 метры, сӕ уӕрх – 5 метры, сӕ бӕрзӕнд та – 3 метрӕй фылдӕр! Фӕлӕ та сын Чырысти загъта: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, ам цы уынут, уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн» (Марчы 13:1; Лукайы 21:6).

Стӕй ма сын загъта: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг. Уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алыварс цы хъӕутӕ ис, уым чи уа, уыдон та горӕтмӕ ма бацӕуӕнт» (Лукайы 21:20, 21). Цымӕ Чырыстийы ныхӕстӕ сӕххӕст сты?

ГОРӔТ СӔФТЫ ХАЙ БАКОДТОЙ

Ӕртын ӕртӕ азы куы рацыд, уӕддӕр ма дзуттӕгтӕ Ромы дӕлбар уыдысты. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 66 азы ромаг хицау Гесси Флор кувӕндоны хӕзнадонӕй ӕхца рахаста, ӕмӕ дзуттӕгтӕ мӕстӕй рафыхтысты. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзуттӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕй бирӕты амардтой. Стӕй ма хӕдбардзинад дӕр расидтысты, Ромы паддзахады дӕлбар нал стӕм, зӕгъгӕ.

Ӕртӕ мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ 30 000 ромаг ӕфсӕддоны, Цестий Галл сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Иерусалиммӕ бабырстой, цӕмӕй змӕнтджыты ныппырх кодтаиккой. Ромӕгтӕ горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ райдыдтой кувӕндоны ӕддаг къул пырх кӕнын. Фӕлӕ стӕй ромаг ӕфсад, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы Иерусалимӕй ацыд. Дзуттӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ ма сӕ фӕстейӕ дӕр асырдтой. Ромаг ӕфсад ӕмӕ чи змӕста, уыцы дзуттӕгтӕ горӕтӕй куы ацыдысты, уӕд чырыстӕттӕ Йесойы ныхӕстӕм байхъуыстой ӕмӕ, Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарс цы хӕхтӕ уыд, уырдӕм алыгъдысты (Матфейы 24:15, 16).

Иннӕ аз та Ромы ӕфсӕдтӕ, инӕлар Веспасиан ӕмӕ йӕ фырт Тит сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, фӕстӕмӕ Иудейӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 68 азы паддзах Нерон амард ӕмӕ Веспасиан фӕстӕмӕ Роммӕ аздӕхт, цӕмӕй йӕ бӕсты паддзах суыдаид. Йӕ фырт Тит та иу-60 000 ӕфсӕддонимӕ Иудейӕйы баззад, цӕмӕй йӕ бацахстаид.

Нӕ эрӕйы 70 азы июны Тит йе ’фсӕддонтӕн бӕлӕстӕ акалын кодта ӕмӕ сын Иерусалимы алыварс саразын кодта, 7 километры дӕргъӕн чи уыд, ахӕм къул цыргъ хъӕдтӕй. Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ромӕгтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ басыгътой горӕт ӕмӕ кувӕндон, ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой, Чырысти уый размӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Лукайы 19:43, 44). Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, «Иерусалимы ӕмӕ бӕстӕйы иннӕ рӕтты амард 500 000 адӕймаджы бӕрц».

КАДДЖЫН ЦЫД ӔРКОДТА

Нӕ эрӕйы 71 азы Тит Италимӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ йын Ромы цӕрджытӕ стыр кад скодтой. Ӕнӕхъӕн горӕт парады рацыд – ахӕм диссаджы бӕрӕгбон сӕм никуы уыд.

Адӕм дисӕй мардысты, Ромы уынгты уыцы зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дзауматӕ куы фӕцӕйхастой, уӕд. Ромӕгтӕ хӕсты цы наутӕ байстой ӕмӕ Иерусалимы кувӕндонӕй цы дзауматӕ рахастой, уыдон цӕст сӕхимӕ ’лвӕстой. Стыр уӕрдӕттыл фӕцӕйластой, тохы хабӕрттӕ ӕвдыст кӕм уыд, ахӕм нывтӕ, ӕмӕ ма сыл актертӕ ӕвдыстой, тохы быдыры куыд хӕцыдысты, уый.

Тит йӕ фыд Веспасианы бӕсты паддзах сси нӕ эрӕйы 79 азы. Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Тит ӕнӕнхъӕлӕджы амард. Йе ’фсымӕр Домициан паддзах сси ӕмӕ уайтагъд Титы номыл триумфалон аркӕ сарӕзта.

АРКӔ НӔ РӔСТӔДЖЫ

Титы аркӕ абон (Ром)

Алы аз дӕр Роммӕ ӕрцӕуы сӕдӕгай мин адӕймаджы ӕмӕ сӕ стыр дисы бафтауы Титы аркӕ. Иутӕ уыцы аркӕ нымайынц аивады диссаджы дзаумайыл, иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та уымӕй бӕрӕг у Ромы паддзахады хъомыс. Чидӕртӕ та йӕ нымайынц, Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон кӕй ныппырх кодтой, уый номыл цырт.

Фӕлӕ Библи лӕмбынӕг чи кӕсы, уый зоны, Титы аркӕйӕн стырдӕр нысаниуӕг кӕй ис. Библийы пехуымпарӕдтыл ӕууӕндӕн кӕй ис ӕмӕ кӕй сӕххӕст вӕййынц, стӕй Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕн ацы аркӕ у ӕгомыг ӕвдисӕн (2 Петры 1:19–21).