Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты

Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты

Махӕй бирӕтӕ федтой, иннӕтӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ, хорз цы у, уый аразыныл чи архайы, уыдон ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц. Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыддзинад нал уыдзӕн?

37 псаломы ацы фарстайӕн ис дзуапп, стӕй ма дзы базонӕн ис, абон куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цалдӕр ахсджиаг фарстайы фӕдыл дзы цы фыст ис, уымӕ.

  • Чи нӕ ’фхӕры, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (1 ӕмӕ 2 стих)

  • Фыдгӕнджытыл цы ӕрцӕудзӕн? (10 стих)

  • Рӕстгӕнджытӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (11 ӕмӕ 29 стих)

  • Ныр цы хъуамӕ аразӕм? (34 стих)

37 псаломы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы фӕндӕй ӕмӕ бӕлвырд ӕмбарын кӕнынц, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары ӕмӕ йӕ фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнай ӕмӕ базонай, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыдон дӕр уыцы диссаджы фидӕн сӕхи цӕстӕй феной.