Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тагъд Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн

Тагъд Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн

«О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай? Цас ма дӕм сиддзынӕн ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ ацы фыддзинадӕй фервӕзын кӕнай?» (Аввакум 1:2, 3). Ацы ныхӕстӕ загъта Аввакум, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, ахӕм адӕймаг. Цымӕ йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд? Нӕ. Хуыцау Аввакумӕн ныфс бавӕрдта, афон куы ’рцӕуа, уӕд зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Аввакум 2:2, 3).

Дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй исчи зындзинӕдтӕ куы февзары, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахъуыды кӕнай, Хуыцау фӕстиат кӕй кӕны, ӕмӕ ныронг исты кӕй хъуамӕ сарӕзтаид. Фӕлӕ нын Библи ныфс ӕвӕры: «Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Петры 3:9).

ХУЫЦАУ АРХАЙЫН КӔД РАЙДАЙДЗӔН?

Тынг тагъд! Йесо бамбарын кодта, ацы «цардӕвӕрды» кӕрон цы диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый кӕй фендзӕн цавӕрдӕр фӕлтӕр (Матфейы 24:3–42). Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тагъд Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн *.

Фӕлӕ Хуыцау ӕппӕт зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн? Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцаумӕ уый хъару кӕй ис, цӕмӕй адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕна. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Йесо йӕ апостолтимӕ Галилейӕйы денджызы бӕлӕгъы куы ленк кодта, уӕд тыхдымгӕ сыстад ӕмӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ фӕдӕлдон уыдаиккой. Фӕлӕ Чырысти равдыста, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ Фыдӕн дӕр сӕ бар кӕй цӕуы ӕрдзон тыхтыл (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Йесо загъта: «Банцай! Ныссабыр у!» Ӕмӕ цы ’рцыд? «Дымгӕ банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр» (Марчы 4:35–39).

Низтӕ. Адӕм зыдтой, Йесойӕн йӕ бон кӕй уыд куырмыты, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ, суртӕ чи кодта, стӕй ӕндӕр низтӕй рынчын чи уыд, уыдоны дзӕбӕх кӕнын. Чырысти «сдзӕбӕх кодта рынчынты се ’ппӕты дӕр» (Матфейы 4:23, 24; 8:16; 11:2–5).

Ӕххормагдзинад. Йесойы йӕ Фыд цы хъарутӕй схайджын кодта, уыдоны фӕрцы йӕ бон уыд иугыццыл хӕринагӕй бирӕты бафсадын. Библийы фыст ис, Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд дыууӕ хатты мингай адӕмы кӕй бафсӕста (Матфейы 14:14–21; 15:32–38).

Мӕлӕт. Йегъовӕйӕн йӕ бар мӕлӕтыл кӕй цӕуы, уый бӕрӕг у, Йесо кӕй райгас кодта, уыдонӕй ӕртӕ адӕймаджы хабар Библийы фыст кӕй ӕрцыд, уымӕй. Кӕй райгас кодта, уыдонӕй иу нӕлгоймаг мард уыд цыппар боны (Марчы 5:35–42; Лукайы 7:11–16; Иоанны 11:3–44).

^ 5 абз. Фӕстаг бонты тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 32-ӕм урокӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Лӕварӕй йӕ ис рафыссӕн сайтӕй www.pr418.com.