Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ной, Данел ӕмӕ Иовау Йегъовӕйы зонут?

Ной, Данел ӕмӕ Иовау Йегъовӕйы зонут?

«Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон нӕу рӕстдзинад бамбарын, Йегъовӕйы чи агуры, уыдон та алцыдӕр ӕмбарынц» (ӔМБ. 28:5).

ЗАРДЖЫТӔ: 126, 150

1–3. а) Ацы фӕстаг бонты Хуыцауыл иузӕрдион цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

АЦЫ дунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ фыдгӕнджытӕ кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр. Библийы уыдоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «кӕрдӕгау... зайынц» (Пс. 92:7). Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕм ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм кӕй нал ис, уый. Павел чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ӕвзӕрдзинадмӕ ут сабиты хуызӕн, зондӕй та – стыр адӕймӕгты хуызӕн» (1 Кор. 14:20). Цымӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн?

2 Уый базонынӕн нын баххуыс кӕндзӕн ацы статьяйы сӕйраг стих: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... алцыдӕр ӕмбарынц», ома зонынц, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕн куыд ис, уый (Ӕмб. 28:5). Ахӕм хъуыды ма фыст ис Ӕмбисӕндты 2-аг сӕры 7-ӕм ӕмӕ 9-ӕм стихты. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ «рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд ис куырыхон зонд». Уыцы зонды фӕрцы уыдон «ӕмбарынц, цы нысан кӕны, раст, ӕнӕхӕрам ӕмӕ рӕстзӕрдӕ уай, уый – хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр».

3 Ахӕм зондӕй хайджын уыдысты Ной, Данел ӕмӕ Иов (Йез. 14:14). Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, абон Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр. Цымӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Ды дӕр «алцыдӕр ӕмбарыс», ома зоныс, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕн куыд ис, уый? Цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы хорз базонай. Уӕдӕ ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Ной, Данел ӕмӕ Иов Хуыцауы цӕй фӕрцы базыдтой, 2) уый сын цавӕр пайда хаста ӕмӕ 3) уыдоны хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

НОЙ ФЫДДУНЕЙЫ ЦӔРГӔЙӔ ЦЫДИ ХУЫЦАУИМӔ

4. Ной Хуыцауы цӕй фӕрцы базыдта ӕмӕ йын уыцы зонындзинӕдтӕ куыд ӕххуыс кодтой?

4 Ной Йегъовӕйы цӕй фӕрцы базыдта? Адам ӕмӕ Евӕйӕн цот куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу адӕм Хуыцауы тыххӕй базыдтой сӕйраджыдӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы: йе сконд хъуыддӕгтыл-иу ын хъуыды кодтой; йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй-иу цыдӕртӕ базыдтой; Хуыцау сын, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цардысты, уый тыххӕй куыд арфӕ кодта, уый сӕ царды уыдтой (Ис. 48:18). Ӕрдзы диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ ӕмӕ сыл хъуыды кӕнгӕйӕ Ной, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ бамбӕрста, фӕлӕ ма йын уыдта йе ’нӕуынгӕ миниуджытӕ дӕр – «йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый» (Ром. 1:20). Уый фӕрцы Нойы Хуыцау ӕнӕуи нӕ уырныдта, фӕлӕ ма йыл фидарӕй дӕр ӕууӕндыд.

5. Ной кӕмӕй базыдта, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый тыххӕй?

5 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ... [хорз] хабар куы фехъусы» (Ром. 10:17). Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаг цавӕрдӕр хабарыл баууӕнда, уый тыххӕй уал фыццаг уыцы хабар хъуамӕ хъусгӕ фӕкӕна. Цымӕ Ной Йегъовӕйы тыххӕй кӕмӕй фехъуыста? Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ йӕ хиуӕттӕй базыдта. Уыдонӕй иу уыди йӕ фыд Ламех, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ Адамы чи ӕрӕййӕфта, уый. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) Нойӕн ма Хуыцауы тыххӕй, чи зоны, радзырдта йӕ фыдыфыд Мафусал, стӕй Мафусалы фыдӕн йӕ фыдыфыд Иаред дӕр *. Иаред амард, Нойыл 366 азы куы цыди, уӕд (Лук. 3:36, 37). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сӕ устытӕй Ной базыдта, Хуыцау адӕмы куыд сфӕлдыста ӕмӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ зӕхх рӕстгӕнӕг адӕмӕй кӕй хъуамӕ байдзаг уыдаид, уый. Стӕй ма уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, базыдта, Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куыд рацыдысты, уый тыххӕй дӕр (Райд. 1:28; 3:16–19, 24). Се ’гоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркодта, уый, уӕвгӕ, йӕхиуыл дӕр ӕвзӕрста. Ной-иу цыдӕриддӕр базыдта, уый-иу ын йӕ зӕрдӕ бацагайдта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Райд. 6:9).

6, 7. Нойы уырнындзинад ныфсы руаджы куыд фидар кодта?

6 Уырнындзинад фидар вӕййы ныфсы руаджы. Зӕгъӕм, Ной, йӕ ном цы нысан кӕны, уый куы базыдта, уӕд дзы стыр ныфс куыннӕ бацыдаид ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид. Йӕ ном нысан кӕны «сулӕфын кӕнын, удӕнцой ӕрхӕссын» (Райд. 5:29, фип.). Хуыцау Ламехы баразӕнгард кодта, цӕмӕй Нойы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ загътаид: «Ай фӕрцы сулӕфдзыстӕм, Йегъовӕ кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл кусгӕйӕ цы фыдӕбон ӕмӕ цы тухитӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй». Ной йӕ ныфс дардта Хуыцауыл. Йӕ размӕ чи цард, уыдонау – Авел ӕмӕ Енохау – Ной дӕр ӕууӕндыд, калмы сӕр чи хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид, уыцы «байзӕддагыл» (Райд. 3:15).

7 Кӕд Ной, Райдианы 3:15 стихы фыст пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зыдта, уӕддӕр дзы уыцы пехуымпарад ныфс уагъта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, ирвӕзындзинадимӕ баст кӕй у, уый. Уымӕй уӕлдай ма йын уыцы пехуымпарад йӕ зӕрдыл лӕууын кодтаид, Енох фыдгӕнӕг адӕмы тыххӕй Хуыцауы номӕй цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый дӕр (Иуд. 14, 15). Енох цы хабар хъусын кодта, уый ӕппынфӕстаг сӕххӕст уыдзӕн Армагеддоны. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы хабар Нойы ныфс кӕй уагъта ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад кӕй фидар кодта!

8. Ной Хуыцауы кӕй зыдта, уый йӕ куыд хъахъхъӕдта?

8 Ной Хуыцауы кӕй зыдта, уый йын цавӕр пайда хаста? Уый фӕрцы Нойӕн уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауы зондӕй архайдта. Уыцы миниуджытӕ та йӕ хъахъхъӕдтой, зиан ын цы ’рхастаид, уӕлдайдӕр та йӕ Хуыцауӕй цы адард кодтаид, уыдӕттӕй. Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Ной «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ», ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхуыцау адӕмимӕ иумӕйагӕй ницы уыд. Стӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй йын, адӕймаджы буӕрттӕ чи райста, уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ йӕ зонд сзыгъуыммӕ кодтаиккой. Уыдон, ӕнахуыр тыхджын кӕй уыдысты, уымӕй, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕмы дисы ӕфтыдтой, ӕмӕ сын уыдон, чи зоны, кувын дӕр райдыдтой (Райд. 6:1–4, 9). Уымӕй уӕлдай ма Ной зыдта, Хуыцау адӕмӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй цот уагътаиккой ӕмӕ зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кодтаиккой (Райд. 1:27, 28). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, зӕдтӕ сылгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ хабар афтӕ кӕй у, уый ноджы тынгдӕр рабӕрӕг, уыцы сылгоймӕгтӕн ӕнахуыр сывӕллӕттӕ гуырын куы райдыдта, уӕд. Фӕстӕдӕр Хуыцау Нойӕн загъта, зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн. Ной Хуыцауы ныхасыл баууӕндыд, ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн нау сарӕзта (Дзут. 11:7).

9, 10. Нӕ бон куыд у Нойы уырнындзинад бафӕзмын?

9 Нойы хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн? Уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм ӕмӕ-иу, цы базонӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, стӕй уыцы зонындзинӕдты фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу фӕивӕм (1 Пет. 1:13–15). Уырнындзинад ӕмӕ нӕ Хуыцауы зонд хъахъхъӕндзысты Хӕйрӕджы хин митӕй ӕмӕ ацы дунейы ӕвзӕр зондахастӕй (2 Кор. 2:11). Уыцы зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ вӕййы, уыдон тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад хорз цӕуылдӕр нымайын райдайынц, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ацӕуынц (1 Иоан. 2:15, 16). Уыдон ницӕмӕ фӕдарынц, Хуыцауы стыр бон хӕстӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уа, уӕд мах дӕр уыцы зондахастӕй фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо нӕ рӕстӕг Нойы замантимӕ куы абарста, уӕд афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ уыцы адӕм, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй фесӕфтысты. Йесо бамбарын кодта, хъуыддаг уый мидӕг кӕй уыд, ӕмӕ сын Хуыцау цы дзырдта, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. (Бакӕс Матфейы 24:36–39.)

10 Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын? Мӕ уырнындзинад мӕ уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон ӕмӕ уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурон?» Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ раттӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, мах дӕр Нойау ӕцӕг Хуыцауимӕ цӕуӕм ӕви нӕ.

ДАНЕЛ МӔНГХУЫЦӔУТТӔН КУВӔГ АДӔМЫ ’ХСӔН ЦӔРГӔЙӔ ХУЫЦАУЫ ЗОНДӔЙ АРХАЙДТА

11. а) Данел ӕрыгонӕй дӕр Хуыцауы кӕй уарзта, уый нын йӕ ныййарджыты тыххӕй цӕуыл дзурӕг у? б) Данелы миниуджытӕй дӕ кӕцытӕ фӕндид бафӕзмын?

11 Данел Йегъовӕйы цӕй фӕрцы базыдта? Уыцы хъуыддаджы йын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытӕ баххуыс кодтой. Уыдон ӕй афтӕ схъомыл кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас тынг бауарзта. Ӕмӕ цӕрӕнбонты Йегъовӕйыл уыд ӕнувыд. Куы базӕронд, суанг уӕд дӕр Фыстад арф иртӕста (Дан. 9:1, 2). Данел Хуыцауы хорз зыдта. Зыдта ма, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уый дӕр. Ӕмӕ уый ирдӕй зыны йӕ зӕрдӕбын куывды ныхӕстӕй (Дан. 9:3–19). Хорз уаид, алчидӕр нӕ Библийӕ уыцы куывды ныхӕстӕ куы бакӕсид ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнид. Уыцы куывдӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Данел цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй.

12–14. а) Данел Хуыцауы зондӕй куыд архайдта? б) Хуыцау Данелӕн йӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта?

12 Данел Хуыцауы кӕй зыдта, уый йын цавӕр пайда хаста? Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы Вавилоны цӕрын ӕнцон нӕ уыд. Иуӕй Йегъовӕ дзуттӕгтӕн загъта: «Тырнут, цӕмӕй уӕ уацары цы горӕтмӕ акӕнын кодтон, уыцы горӕты уа фарн» (Йер. 29:7). Иннӕмӕй та сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уыдаиккой иузӕрдион (Рац. 34:14). Цымӕ Данелӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй йӕм дыууӕ хъуыддаджы дӕр фау ӕрхӕссӕн ма уыдаид? Уый архайдта Хуыцауы зондӕй ӕмӕ ӕмбӕрста, фыццаджыдӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ хъуса, ӕмӕ уый фӕстӕ та хицӕуттӕм. Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы уагӕвӕрд бацамыдта (Лук. 20:25).

13 Ӕркӕсӕм-ма, Данел куыд архайдта, паддзахы номӕй бардзырд куы рацыд, уӕд. Уыцы бардзырдмӕ гӕсгӕ, 30 боны дӕргъы паддзахӕй фӕстӕмӕ иу хуыцаумӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хъуамӕ мачи куывтаид. (Бакӕс Данелы 6:7–10.) Данелӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агурын райдыдтаид, зӕгъгӕ, цӕй, 30 боны тагъд фӕуыдзысты. Фӕлӕ Данел нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ уыцы бардзырд, Фыстадмӕ гӕсгӕ йыл Хуыцауы раз цы хӕс уыд, уый ӕххӕст кӕнын бахъыгдардтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон уыд сусӕгӕй дӕр кувын, куыд ничи йӕ базыдтаид, афтӕ. Фӕлӕ Данел зыдта, Хуыцаумӕ алы бон дӕр кӕй фӕкувы, уый бирӕтӕ кӕй фӕуынынц. Ӕмӕ кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр дарддӕр куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй исчи афтӕ ахъуыды кодтаид, ӕмӕ йӕ Хуыцауыл йӕ къух систа.

14 Данел, Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй баззайа, ууыл кӕй архайдта ӕмӕ ахӕм хъӕбатыр кӕй разынд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – диссаджы хуызы йӕ ӕвирхъау мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Уыцы хабары фӕрцы Йегъовӕйы ном ӕгас Мидо-Персы паддзахадыл дӕр айхъуыст (Дан. 6:25–27).

15. Данелы хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

15 Данелы хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн? Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас кӕсын фаг нӕу – хъӕуы ма йӕ «бамбарын» дӕр (Матф. 13:23). Мах фӕнды, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та хъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбарын. Уӕдӕ-иу цы бакӕсӕм, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Стӕй ма хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, уӕлдайдӕр та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Йегъовӕйӕ зонд ӕмӕ тых куы курӕм, уӕд нын сӕ рӕдауӕй дӕтдзӕн (Иак. 1:5).

ИОВ ХОРЗ УАВӔРТЫ ДӔР ӔМӔ ӔВЗӔР УАВӔРТЫ ДӔР АРХАЙДТА ХУЫЦАУЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ

16, 17. Иов Хуыцауы цӕй фӕрцы базыдта?

16 Иов Йегъовӕйы цӕй фӕрцы базыдта? Иов израилаг нӕ уыд. Фӕлӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков йӕ дард хӕстӕджытӕ уыдысты, ӕмӕ сын Йегъовӕ йӕхи, стӕй йӕ фӕндтӕ раргом кодта. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта Иов дӕр, фӕлӕ, куыдӕй, уый мах бӕлвырд нӕ зонӕм (Иов 23:12). Иухатт Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон» (Иов 42:5). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр Иовы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕн тыххӕй, раст цы у, уый дзырдта (Иов 42:7, 8).

Ӕрдзы диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ Хуыцауы ӕнӕуынгӕ миниуджытӕ куы фӕуынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (кӕс 17 абзац)

17 Иов ма Хуыцауы миниуджыты тыххӕй базыдта, йе сконд дунейы цы уыдта, уыдӕтты фӕрцы дӕр (Иов 12:7–9, 13). Елиуй ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕрдзы диссӕгтӕм йӕ хъус ӕрдардтой ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодтой, Хуыцауы раз адӕймаг рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у (Иов 37:14; 38:1–4). Иов Йегъовӕйы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцауӕн сӕрныллӕгӕй цы загъта, уымӕй: «Ныр ӕй зонын, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр кӕй у, ӕмӕ ахӕмӕй ницы ис, дӕу цы бафӕнда ӕмӕ дӕ бон цы нӕ уа саразын. [...] Ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын, фӕсмон кӕнын, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын» (Иов 42:2, 6).

18, 19. Иов Йегъовӕйы хорз кӕй зыдта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

18 Иов Хуыцауы кӕй зыдта, уый йын цавӕр пайда хаста? Иов Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбӕрста. Стӕй Йегъовӕйӕн йӕхи дӕр хорз зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы цӕсты, раст цы у, уый арӕзта. Зӕгъӕм, Иов зыдта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы уарза, иннӕтӕм та ӕвзӕр зӕрдӕ дара (Иов 6:14). Иов йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕрыл никуы нымадта, ӕмӕ алкӕмӕ дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, ахӕм цӕстӕй каст, раст цыма йӕ бинонтӕ сты. Уый загъта: «Мӕн мӕ мады гуыбыны чи сфӕлдыста, уый дӕр Уый не сфӕлдыста?» (Иов 31:13–22). Кӕд Иов хъӕздыг ӕмӕ нымад адӕймаг уыд, уӕддӕр йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын нӕ райдыдта ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ каст. Ацы дунейы цы кадджын ӕмӕ хъӕздыг адӕм ис, уыдонӕй бирӕтӕй Иов куыд тынг хицӕн кодта!

19 Иовы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын исты Йегъовӕйӕ ахсджиагдӕр суыдаид, дзырд хъӕздыгдзинадыл цыдаид ӕви ӕндӕр цӕуылдӕр. Уый зыдта, ӕндӕр цӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна, уӕд уый афтӕ нымад кӕй уыдзӕн, ӕмӕ, «уӕлейӕ чи ис, уыцы ӕцӕг Хуыцауыл» йӕ къух систа. (Бакӕс Иов 31:24–28.) Уымӕй уӕлдай ма Иов бинонты цард табуйагыл нымадта. Суанг ма йӕхицӕн загъта, сылгоймӕгтӕм йӕхи кӕй нӕ мондаг кӕндзӕн (Иов 31:1). Бафиппаинаг у, Иов кӕй царди, Хуыцау нӕлгоймӕгтӕн цалдӕр усы ракурыны бар куы лӕвӕрдта, уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ йӕ куы бафӕндыдаид, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон уыдаид дыккаг ус ӕркӕнын *. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Иов архайдта, Едемы цӕхӕрадоны Хуыцау бинонты цардӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ (Райд. 2:18, 24). Иовы замантӕй 1 600 азы бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Чырысти дӕр адӕмӕн уыцы уагӕвӕрд бацамыдта, ома лӕгӕн иу ус, усӕн та иу лӕг кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ сӕхи ӕндӕр кӕй макӕмӕ хъуамӕ мондаг кӕной (Матф. 5:28; 19:4, 5).

20. Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ куы зонӕм, уӕд нын уый хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

20 Иовы хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн? Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы хорз базонӕм ӕмӕ нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «фыддзинад чи уарзы, уымӕй... йе сӕфт уыны». Стӕй йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, «мӕнгард адӕмимӕ» нын иумӕйагӕй кӕй мацы хъуамӕ уа. (Бакӕс Псалом 11:5; 26:4.) Ацы стихтӕй цы ис базонӕн, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй? Ӕмӕ уый куыд хъуамӕ фӕзына, царды нын ахсджиагдӕр цы у, стӕй, интернетӕй куыд пайда кӕнӕм, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн цавӕр ирхӕфсӕнтӕ февзарӕм, ууыл? Ацы фарстатӕн цы дзуапп раттӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы хорз зонӕм ӕви нӕ. Цӕмӕй ацы чъизи дунейы цӕргӕйӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ «зонд... сахуыр кӕнӕм», цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, ӕрмӕст уый ма ӕмбарӕм, фӕлӕ ма, зондыл дзурӕг цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн, уый дӕр (Дзут. 5:14; Еф. 5:15).

21. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «алцыдӕр ӕмбарӕм», ома, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ барухс кӕнӕн куыд ис, уый зонӕм?

21 Ной, Данел ӕмӕ Иов Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй агуырдтой, уый тыххӕй сын йӕхи раргом кодта. Хуыцау сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй «алцыдӕр ӕмбӕрстаиккой», ома зыдтаиккой, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕн ын куыд ис, уый. Афтӕмӕй иннӕтӕн сӕ уырнындзинадӕй систы фӕзминаг ӕмӕ сӕ царды алы хъуыддаджы дӕр уыдысты ӕнтыстджын (Пс. 1:1–3). Уӕдӕ нӕ алчидӕр ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнӕд: «Ӕз дӕр Ной, Данел ӕмӕ Иовау Йегъовӕйы зонын?» Уӕвгӕ, махӕн уыдонӕй бирӕ фылдӕр фадӕттӕ ис, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм! (Ӕмб. 4:18). Уӕдӕ Библи арф иртасӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, стӕй Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Афтӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ Хуыцауы зондӕй архайдзыстӕм (Ӕмб. 2:4–7). Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм!

^ 5 абз. Нойы фыдӕн йӕ фыдыфыд Енох дӕр «ӕдзухдӕр цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ». Фӕлӕ йӕ Хуыцау Нойы райгуырдӕй иу-70 азы размӕ «айста» (Райд. 5:23, 24).

^ 19 абз. Уый зӕгъӕн ис Нойӕ дӕр. Едемы цӕхӕрадоны адӕм Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕлгоймӕгтӕ райдыдтой цалдӕргай устытӕ курын. Фӕлӕ Нойӕн иу ус йеддӕмӕ нӕ уыд (Райд. 4:19).