Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци нисан кӕнуй?

Сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци нисан кӕнуй?

«Мадта уин... Хуцау уӕхӕн хуарзӕнхӕ ракӕнӕд, цӕмӕй уе ’гасдӕр Йесо Киристей хузӕн гъуди кӕнайтӕ» (РОМ. 15:5).

ЗАРТӔ: 17, 13

1, 2. а) Берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайунцӕ, е син цӕхуӕн пайда хӕссуй? б) Аци статьяй цӕхуӕн ӕхсидзгӕ фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

КАНАДӔЙ еу хуӕрӕ загъта: «Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайун, уой фӕрци амондгун дӕн ӕма мин царди зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун дӕр ӕнцондӕр ӕй». Бразилийӕй ба еу ӕнсувӕр загъта: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ 23 анзи цӕрун ӕма хъӕбӕр амондгун дӕн, уомӕн ӕма нӕ дууӕ дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн». Филиппинтӕй дӕр еу ӕнсувӕр загъта: «Алли гъуддаги дӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайун, уой фӕрци мӕ зӕрди ес фарнӕ. Удта мин е ӕнхус кӕнуй, аллихузи адӕнихӕттитӕй ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун».

2 Ӕцӕгӕйдӕр, адӕймаг Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайуй, уӕд ин е берӕ пайда ӕрхӕссуй. Фал нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци гъуддаги никки ӕнтӕстгундӕр уӕн ӕма ци пайда хӕссуй, уой нӕхебӕл бавзарӕн? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп иссерӕн, уой туххӕй бал гъӕуама базонӕн, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уони туххӕй Библи ци дзоруй, уой. Аци статьяй дзуапп базондзиан ӕртӕ ӕхсидзгӕ фарстаебӕл: 1) Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци нисан кӕнуй? 2) Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайунмӕ нин цӕхуӕн цӕветтонтӕ банхус кӕндзӕнцӕ? 3) «Киристе куд сагъӕс кӕнуй», уотӕ ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун куд банхус кӕндзӕй?

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРИ РАЗАМУНДМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУН ЦИ НИСАН КӔНУЙ?

3. Библи куд лӕдӕрун кӕнуй, «Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй», еци адӕймаг, «ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй», уомӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уой?

3 Апостол Павел балӕдӕрун кодта, «Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй», еци адӕймаг цӕмӕй хецӕн кӕнуй, «ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй», еци адӕймагӕй. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 2:14–16.) Ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, уӕхӕн адӕймагӕн «ӕ бон нӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй цидӕриддӕр цӕуй, уобӕл исарази ун, уомӕн ӕма сӕ ӕнӕзунддзийнадӕбӕл нимайуй. Ӕма сӕ ӕ бон балӕдӕрун дӕр нӕй». Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕймагӕн ба «ӕ бон ӕй алцидӕр рартасун», удта сагъӕс кӕнуй, «Киристе куд сагъӕс кӕнуй», уотӕ. Аци дзурдтӕй Павел киристӕнтти разӕнгард кодта Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Цума ма еци дууӕ фӕйнӕхузи адӕймаги цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

4, 5. Ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, уӕхӕн адӕн цӕхуӕн фӕуунцӕ?

4 Фиццаг бал лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн, ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, еци адӕймаги бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ. Уӕхӕн адӕймаг цӕуй аци хеуарзон дуйней зундбӕл. Павел еци зундахаст исхудта, «ӕгоммӕгӕс адӕн» кӕмӕй фӕййархайунцӕ, еци зунд (Еф. 2:2). Уӕхӕн зундбӕл хуӕст адӕн алцидӕр кӕрӕдземӕ гӕсгӕ кӕнунцӕ. Сӕхемӕ куд растдӕр кӕсуй, уотӕ кӕнунцӕ, Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ба сӕмӕ нимади дӕр нӕ ’нцӕ. Ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, етӕ фиццагидӕр фӕссагъӕс кӕнунцӕ, адӕни астӕу син ци кадӕ ес, уобӕл, удта гъӕздугдзийнадӕбӕл ӕма сӕ бартӕбӕл.

5 Ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, етӕ фӕккӕнунцӕ, Библи «тӕрегъӕдгун бауӕри гъуддӕгтӕ» ке хонуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ (Гал. 5:19–21). Павел дӕр ӕ фиццаг финстӕги коринфӕгтӕмӕ финста, ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, етӕ цӕмӕй бӕрӕг фӕуунцӕ, уой туххӕй. Зӕгъӕн, иннети кӕрӕдзей нихмӕ аразунцӕ, кӕрӕдзей хӕццӕ нӕ фӕффедаунцӕ, кӕрӕдзебӕл тӕрхондӕнттӕмӕ бадӕттунцӕ, бартӕ ке къохти ’нцӕ, уони нӕ фӕннимайунцӕ, удта сӕ сӕйраг мӕтӕ фӕууй, кӕми ци бахуӕронцӕ ӕма ци баниуазонцӕ, уобӕл (Ӕмб. 7:21, 22). Иудӕ ба ма уотӕ дӕр загъта, уӕхӕн адӕн уой уӕнгӕ ке ӕрцӕудзӕнцӕ, ӕма сӕмӕ «Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ... нӕ хъӕртдзӕй» (Иуд. 18, 19).

6. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕймаг цӕхуӕн фӕууй?

6 Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уомӕй ба ци ес зӕгъӕн? Уӕхӕн адӕймаг фиццагидӕр тухсуй, Хуцауи рази ин ци ном ес, уобӕл, удта алли гъуддаги дӕр архайуй «Хуцауи фӕнзун» (Еф. 5:1). Ӕндӕр загъдӕй, е фӕййархайуй, цӕмӕй Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕна ӕма алцӕмӕдӕр уой цӕстӕй кӕса. Йеговӕ ин уодӕгас Хуцау ӕй. Уомӕ гӕсгӕ еци адӕймаг ӕ тӕрегъӕдгун бауӕри монцти фӕдбӕл нӕ цӕуй, фал ӕ алли гъуддаги дӕр Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайуй (Пс. 119:33; 143:10). Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, е ӕхе хезуй тӕрегъӕдгун бауӕри гъуддӕгтӕй ӕма ӕ уодигъӕди федар кӕнуй, «сугъдӕг хъаурӕй» ка цӕуй, еци менеугутӕ (Гал. 5:22, 23).

7. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уони туххӕй Библий ци финст ес?

7 Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, етӕ амондгун ӕнцӕ. Матфеййи 5:3 финст ес: «Амондгун ӕнцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ка лӕдӕруй, етӕ, уомӕн ӕма уони ӕй уӕларвон паддзахадӕ». Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци пайда хӕссуй, уой туххӕй ба Ромӕгтӕмӕ 8:6 финст ӕй: «Тӕрегъӕдгун бауӕри ци фӕндуй, ӕдзох уобӕл ка сагъӕс кӕнуй, уомӕн ӕ кӕрон цӕуй мӕлӕтмӕ. Хуцауи сугъдӕг хъаури ци фӕндуй, уобӕл ка сагъӕс кӕнуй, е ба иссердзӕй цард ӕма фарнӕ». Мадта Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд ӕ хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзиан, удта нӕхе зӕрди дӕр уодзӕй фарнӕ ӕма нин уодзӕй ӕносон царди нифс.

8. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун алкӕд ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?

8 Абони мах цӕрӕн, не ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг кӕми ӕй, уӕхӕн дуйней. Ӕрмӕстдӕр ӕхе сагъӕс ка кӕнуй, уӕхӕн адӕни астӕу ке цӕрӕн, уомӕ гӕсгӕ гъӕуй ӕгас хъауритӕй архайун, цӕмӕй нӕ зунд гъӕуай кӕнӕн. Нӕ зунд Хуцауи гъудитӕй ку нӕ идзаг кӕнӕн, уӕд нин ӕй аци дуйне тагъд райдзаг кӕндзӕй, тӕрегъӕдгун бауӕри монцти фӕдбӕл цӕун ке туххӕй райдайдзиан, уӕхӕн гъудитӕй. Ци ес бакӕнӕн, цӕмӕй нӕхе уӕхӕн гъуддагӕй бахезӕн? Ци нин банхус кӕндзӕй алкӕддӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун?

ЕТӔ МАХӔН ФӔНЗУЙНАГ ӔНЦӔ

9. а) Цӕмӕй Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? б) Ке цӕветтонтӕмӕ ӕркӕсдзиан?

9 Сувӕллон ӕ ниййергутӕмӕ куд фӕккӕсуй ӕма алцӕбӕлдӕр уонӕй куд фӕййахур кӕнуй, уотӕ мах дӕр гъӕуама, Йегови ка уарзуй, уонӕмӕ кӕсӕн ӕма сӕ фӕнзӕн. Уотемӕй исахур уодзиан Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Ӕ зӕрди фӕдбӕл ка цӕуй, уони цӕветтонтӕмӕ кӕсгӕй ба ’й уинӕн, нӕхе нӕ цӕмӕй гъӕуай кӕнун гъӕуй, уой (1 Кор. 3:1–4). Библий ес, фӕнзуйнаг ка ӕй ӕма ка нӕй, уӕхӕн адӕни цӕветтонтӕ. Мадта нин фӕнзуйнаг ка ӕй, уонӕй цалдӕремӕ ӕркӕсӕн: Иаков, Марийӕ ӕма Йесо.

Иакови цӕветтонтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (кӕсӕ 10 абзац)

10. Иаков Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайдта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

10 Фиццаг бал ӕркӕсӕн Иакови хабармӕ. Махӕй нӕ фулдӕрӕн куд ӕй, уотӕ Иаковӕн дӕр ӕ цард ӕнцон н’ адтӕй. Е ’нсувӕр Исав ӕй марунмӕ гъавта. Ӕ каййес ба ибӕл цалдӕр хатти хийнӕй рацудӕй. Фал кӕд Иаков уӕхӕн адӕни астӕу цардӕй, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ. Е федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уобӕл. Иаков ӕй зудта, еци зӕрдӕвӕрд ӕ бийнонти фӕрци ке исӕнхӕст уодзӕй ӕма сӕбӕл уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр зӕрдиагӕй тухстӕй (Райд. 28:10–15). Ӕ дзурдтӕй, удта ӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг адтӕй, Йегови уагӕвӕрдтӕ ӕ зӕрдӕбӕл ке даруй ӕма ин ӕ фӕндон ке нӕ иронх кӕнуй. Зӕгъӕн, уотӕ имӕ ку кастӕй, ӕма ин е ’нсувӕрӕй тӕссаг ӕй, уӕд Йеговӕмӕ искувта: «Лигъстӕ дин кӕнун, ме ’нсувӕри къохӕй... мӕ фӕййервӕзун кӕнӕ... Ду мин дӕхуӕдӕг ку загътай: „Ӕз дин ӕнхус кӕндзӕн ӕма дин дӕ байзӕддӕгти уотӕ исберӕ кӕндзӕн, ӕма син банимайӕн дӕр нӕ уодзӕй, денгизи билӕбӕл зменсӕн куд нӕййес банимайӕн, уотӕ“» (Райд. 32:6–12). Иаков Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндтӕй ӕма е ӕ цардӕй дӕр бӕрӕг адтӕй.

Марийи цӕветтонтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (кӕсӕ 11 абзац)

11. Марийӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайдта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

11 Нур ба ӕркӕсӕн Марийи хабармӕ. Йеговӕ Йесой мадӕн Марийи цӕмӕн равзурста? Уомӕн ӕма е адтӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайдта, уӕхӕн адӕймаг. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Ӕ хӕстӕгутӕмӕ, Захари ӕма Елизаветӕмӕ иуазӕгуати ку ’рбацудӕй, уӕд Йегови ӕ дзурдтӕй куд искадгин кодта, уомӕй. (Бакӕсӕ Лукай 1:46–55.) Ӕ дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи Дзурд ке уарзта ӕма Дзиуиттаг Финститӕ хуарз ке зудта (Райд. 30:13; 1 Сам. 2:1–10; Мал. 3:12). Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма цалинмӕ Йесо нӕма райгурдӕй, уӕдмӕ Иосиф ӕма Марийи астӕу неци адтӕй, кӕд лӕг ӕма уосӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма син Йегови фӕндон, удта ӕ уагӕвӕрдтӕ сӕ бауӕри монцтӕй сӕйрагдӕр адтӕнцӕ (Матф. 1:25). Марийӕ ма лӕмбунӕг кастӕй, Йесобӕл ци хабӕрттӕ ӕрцӕуидӕ ӕма адӕнӕн ци дзурдта, уомӕ, ӕма «еци дзурдтӕ еугурейдӕр ӕ зӕрдӕбӕл бадардта» (Лук. 2:51). Марийи хъӕбӕр фӕндадтӕй, Хуцау Мессийи туххӕй зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, е куд исӕнхӕст уодзӕй, уой фӕууинун. Мах бон дӕр ӕй Марийи хузӕн архайун ӕма алли гъуддаги дӕр Хуцауи фӕндон фиццаг бунати ӕвӕрун.

12. а) Киристе ӕ Фиди куд фӕнзта? б) Мах бон ба куд ӕй Киристей фӕнзун? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

12 Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ куд архайун гъӕуй, уой нин тӕккӕ хуӕздӕр бавдиста Йесо. Ӕ цардӕй ӕма ӕ лӕггадӕй бӕрӕг адтӕй, ӕ уӕларвон Фидӕ Йегови фӕнзун ӕй ке фӕндадтӕй. Киристе алцӕмӕйдӕр адтӕй ӕ Фиди хузӕн: куд сагъӕс кодта, адӕнмӕ ци зӕрдӕ дардта ӕма куд архайдта, уомӕй. Йесо Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кодта ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕн хъӕбӕр аргъ кодта (Иоан. 8:29; 14:9; 15:10). Ӕркӕсай, Йеговӕ куд тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау ӕй, уой туххӕй пахампар Исай ци ниффинста, уомӕ ӕма ’й рабарӕ, Йесой туххӕй Марк ци ниффинста, уой хӕццӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 63:9; Марки 6:34.) Мах дӕр цума Йесой хузӕн тӕрегъӕдгӕнагӕ ан, ӕма ӕнхус гъӕуагӕ ка ӕй, уонӕн банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ разиннӕн? Йесой хузӕн нин хуарз хабар игъосун кӕнун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддаг ӕй? (Лук. 4:43). Кӕд уотӕ ’й, уӕд мах дӕр исхонӕн ес, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уӕхӕн адӕн.

13, 14. а) Абони Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ка архайуй, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Радзорӕ уӕхӕн киристӕнтти туххӕй.

13 Абони берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайунцӕ ӕма Киристей фӕнзунцӕ. Ӕвӕдзи, фӕууинис, Хуцауӕн куд зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, удта куд иуазӕгуарзон, ӕма куд тӕрегъӕдгӕнагӕ ӕнцӕ, уой. Кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр ӕгас хъауритӕй архайунцӕ, цӕмӕй сӕ уодигъӕди хуарз менеугутӕ ирӕзун кӕнонцӕ ӕма, Йегови зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой кӕнонцӕ. Бразилийӕй еу хуӕрӕ, Рейчел, загъта: «Ӕз уарзтон фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ ка адтӕй, уӕхӕн дзаумӕттӕ дарун, ӕма мӕ дарӕс ӕфсӕрмӕбӕл дзорӕг н’ адтӕй. Фал рӕстдзийнадӕ ку базудтон, уӕд мӕ бафӕндадтӕй еци гъуддаги Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Еци гъуддаги ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун мин ӕнцон н’ адтӕй, фал уой фӕрци исдӕн амондгундӕр ӕма нур мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рохс кӕнуй».

14 Филиппинтӕй еу хуӕрӕ, Рейлин зӕгъгӕ, ӕ царди искодта ӕндӕр ӕййивддзийнӕдтӕ. Рейлин кӕд рӕстдзийнадӕ зудта, уӕддӕр ӕ сӕйраг нисан адтӕй уӕлдӕр ахур фӕуун ӕма хуарз куст иссерун. Мӕнӕ ци зӕгъуй ӕхуӕдӕг: «Йегови гъуддаги мин ци нисӕнттӕ адтӕй, етӕ мин уотӕ ӕхсидзгӕ нӕбал адтӕнцӕ. Фал ӕй лӕдӕрдтӕн, мӕ царди цидӕр ке нӕ фагӕ кӕнуй, ӕма еци цидӕр мӕ кустӕй берӕ ӕхсидзгӕдӕр ке ӕй. Гъема мӕ хъауритӕ исаразтон Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ». Нур Рейлен ӕхецӕй зонуй, Матфеййи 6:33, 34 финст дзурдтӕ ӕцӕг ке ’нцӕ. Е зӕгъуй: «Ӕз ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнун Йеговӕ мӕ цох ке нецӕмӕй ниууадздзӕй!» Ӕвӕдзи, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕу ӕмбурди дӕр ес. Уонӕмӕ кӕсгӕй дӕу дӕр нӕ фӕффӕндуй Киристей фӕнзун? (1 Кор. 11:1; 2 Фес. 3:7).

«КИРИСТЕ КУД САГЪӔС КӔНУЙ, УОТӔ» САГЪӔС КӔНТӔ

15, 16. а) Цӕмӕй Киристей хузӕн уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? б) Киристе куд сагъӕс кодта, уотӕ сагъӕс кӕнун цӕй фӕрци исахур уодзиан?

15 Алке бон дӕр ни куд ӕй Киристей фӕнзун? 1 Коринфӕгтӕмӕ 2:16 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама сагъӕс кӕнӕн, «Киристе куд сагъӕс кодта, уотӕ». Ромӕгтӕмӕ 15:5 ба нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй «Йесо Киристей хузӕн... сагъӕс кӕнӕн». Цума нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Киристей хузӕн уӕн? Гъӕуама зонӕн, цӕхуӕн уодигъӕди хецау адтӕй, удта куд сагъӕс кодта ӕма куд архайдта, уой. Йесойӕн тӕккӕ сӕйрагдӕр ӕй Йегови рази ин ци ном ес, е. Киристей ку фӕнзӕн, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма Йегови фӕнзӕн. Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуй архайун, цӕмӕй Киристе куд сагъӕс кодта, уотӕ сагъӕс кӕнӕн.

16 Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Зӕгъӕн, Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ сӕхе цӕститӕй уидтонцӕ, сӕ ахургӕнӕг дессӕгтӕ куд кодта, уой ӕма игъустонцӕ, адӕнӕн ци амудта, уомӕ. Удта ма уидтонцӕ, аллихузи адӕнмӕ ци зӕрдӕ дардта ӕма Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ куд архайдта, уой дӕр. Етӕ загътонцӕ: «Мах нӕхе цӕститӕй фӕууидтан... ке искодта, еци гъуддӕгтӕ ӕгасейдӕр» (Гъуд. 10:39). Мах бон Киристей фӕууинун нӕй, фал Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй Киристе цӕхуӕн адӕймаг адтӕй, е Библий финст ӕрцудайдӕ. Матфеййи, Марки, Лукай ӕма Иоанни киунугути ци финст ес, уой ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд Киристе куд сагъӕс кодта, уой туххӕй фулдӕр базонӕн. Е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Йесой къахвӕдтӕбӕл цӕуӕн, ӕма уотемӕй нӕхе ӕ зундахастӕй «исефтонг кӕнӕн» (1 Пет. 2:21; 4:1).

17. Киристей хузӕн ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй?

17 Киристей хузӕн сагъӕс кӕнун ку исахур уӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? Зӕгъӕн, хуарз хуӕруйнаг ку хуӕрӕн, уӕд нӕмӕ фулдӕр хъауритӕ куд уодзӕй, уотӕ Киристей цӕветтонбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй. Уой фӕрци нин берӕ ӕнцондӕр уодзӕй Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Минкъийгай ӕй лӕдӕрун райдайдзиан, Киристе аллихузи уавӕрти куд бакодтайдӕ, уой. Уотемӕй нӕ бон уодзӕй, уой фӕсте нӕ нӕ цӕсгон ке туххӕй нӕ хуӕрдзӕй уӕхӕн унаффитӕ хӕссун, ӕма уотемӕй Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнун. Мадта уой зонгӕй, ӕвӕдзи, лӕмбунӕг байгъосдзиан Павели унаффӕмӕ: «Уӕхебӕл уӕледарӕси хузӕн искӕнтӕ нӕ Хецау Йесо Киристей уодигъӕдӕ» (Ром. 13:14).

18. Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци нисан кӕнуй, уой туххӕй ци базудтай?

18 Аци статьяй радзубанди кодтан, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун ци нисан кӕнуй, уобӕл. Никкидӕр ма радзубанди кодтан, еци разамундмӕ гӕсгӕ ка архайдта, уони цӕветтонтӕбӕл. Удта базудтан, «Киристе куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ» ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд уой фӕрци Хуцаумӕ никки хъӕбӕрдӕр ке бахӕстӕг уодзиан. Фал аци гъуддаги фӕдбӕл ӕвзуруй ӕндӕр фарстатӕ дӕр. Зӕгъӕн, нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕййархайӕн ӕви нӕ, уой? Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин е хуӕздӕр уайа? Ӕма, Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ ке архайӕн, е нӕ цардбӕл куд бӕрӕг кӕндзӕй? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ базондзиан иннӕ статьяй.