Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайут!

Дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайут!

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут» (ГАЛ. 5:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 22, 75

1, 2. Иу ӕфсымӕры цӕуыл хъуыди бакусын ӕмӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ уавӕр фӕхуыздӕр уыдаид?

РОБЕРТ донаргъуыд райста, 15 азы йыл куы цыди, уӕд. Фӕлӕ йын рӕстдзинад царды ӕппӕты сӕйраг нӕ уыд. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Ӕвзӕрӕй ницы арӕзтон, фӕлӕ мӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Афтӕ зынди, цыма мӕ уырнындзинад фидар у, уымӕн ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ нӕ цух кодтон, стӕй-иу афӕдз цалдӕр хатты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕр балӕггад кодтон. Фӕлӕ мӕ иу цӕуылдӕр хъуыди бакусын».

2 Цымӕ цӕуыл? Роберт уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста, цалынмӕ бинонтӕ не ’ркодта, уӕдмӕ. Хатгай-иу йӕ бинойнагимӕ иумӕ ахӕм хъазтӕй хъазыдысты, ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ Библийӕ цавӕрдӕр фарстатӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу сын хъуамӕ дзуапп радтаиккой. Йӕ бинойнаг Библи хорз зыдта, ӕмӕ-иу дзуапп уайтагъд радта. Робертӕн та-иу арӕх йӕ бон нӕ баци уыцы фарстатӕн дзуапп раттын, ӕмӕ-иу ӕм худинаг ӕркаст. Уый загъта: «Афтӕ-иу мӕм каст, цыма ӕппындӕр ницы зонын. Мӕхицӕн-иу загътон, зӕгъын, цӕмӕй мӕ бинойнагӕн хорз сӕрыхицау уон, уый тыххӕй мӕ исты саразын хъӕуы». Гъемӕ йӕхиуыл кусын райдыдта. Роберт дарддӕр загъта: «Библи иртӕстон, иртӕстон ӕмӕ иртӕстон, ӕмӕ сабыргай мӕ уавӕр фӕхуыздӕр. Уый фӕрцы рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон, ӕмӕ сӕйраджыдӕр та, Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн».

3. а) Роберты хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? б) Ацы статьяйы дзырд цавӕр ахсджиаг фарстатыл цӕудзӕн?

3 Роберты хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Чи зоны нӕм Библийӕ цавӕрдӕр зонындзинӕдтӕ ис, стӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуӕм. Фӕлӕ уыдӕттӕ нырма ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Кӕнӕ та нын, чи зоны, ныридӕгӕн дӕр Хуыцауы хъуыддаджы цыдӕртӕ бантыст. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, бамбарӕм, кӕцыдӕр хъуыддӕгты нӕ уӕддӕр нӕхиуыл бакусын кӕй хъӕуы (Фил. 3:16). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн? 2) Дарддӕр дӕр нын сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? 3) Сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын царды алы хъуыддаджы дӕр куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

НӔ ЗӔРДӔМӔ НЫККӔСӔМ

4. Ефесӕгтӕм 4:23, 24 цы уынаффӕ ис, уый кӕмӕ хауы?

4 Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтам. Ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ арӕзтам, донаргъуыд куы райстам, суанг уый фӕстӕ дӕр. Уӕвгӕ, Библи дӕр нын дзуры, «дарддӕр дӕр ног кӕнут, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых», зӕгъгӕ (Еф. 4:23, 24). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алкӕй дӕр ӕдзухдӕр фӕхъӕуы царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕнын. Стӕй, кӕд Хуыцауӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ӕдзухдӕр хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (Фил. 3:12).

5. Нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн нын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты?

5 Цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ноджы хуыздӕр архайӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Цыфӕнды кары ма уӕм, уӕддӕр махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын мын хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй уайы? Чырыстийы фӕзмын? Ӕмбырды цӕмӕдӕр цы цӕстӕй ракӕсын ӕмӕ дзы мӕхи куыд фӕдарын, уый фӕдыл цы ис зӕгъӕн? Цӕуыл фӕныхас кӕнын, уымӕ гӕсгӕ цы зӕгъӕн ис, мӕ зӕрдӕйы цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй? Библи куыд фӕиртасын, мӕ конд ӕмӕ мӕ уынд цавӕр вӕййы кӕнӕ искӕй уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракӕсын, уымӕй цы базонӕн ис, цавӕр адӕймаг дӕн, уый тыххӕй? Исты фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ куыд фӕархайын? Фӕлтӕрдджын чырыстон схонӕн мӕ ис?» (Еф. 4:13). Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ раттӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый.

6. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн ма нӕ иуӕй-иу хатт цы фӕхъӕуы?

6 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн нӕ иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы иннӕты ӕххуыс. Апостол Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у: йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон нӕу, йӕ цардыуаг Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый бамбарын. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕймаг та фембары, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уый фӕзоны, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуа, уый Йегъовӕйы цӕсты раст кӕй нӕу (1 Кор. 2:14–16; 3:1–3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Чырыстийы хуызӕн кӕй хъуыды кӕнынц, уый фӕрцы афоныл бафиппайынц, ӕмбырды исчи зӕххон зондӕй архайын куы райдайы, уый, ӕмӕ бацархайынц, цӕмӕй йын баххуыс кӕной. Мыййаг, мах дӕр зӕххон зондӕй архайын куы райдайӕм ӕмӕ нын уынаффӕ куы раттой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Сӕ уынаффӕ сын нӕ зӕрдӕмӕ айсдзыстӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бацархайдзыстӕм? Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нӕ кӕй фӕнды (Еккл. 7:5, 9).

ДАРДДӔР ДӔР ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ РАЗАМЫНДМӔ ГӔСГӔ АРХАЙӔМ

7. Цӕмӕй адӕймаг дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайа, уый тыххӕй ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг цӕуылнӕ сты?

7 Цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ нӕм Библийӕ цавӕрдӕр зонындзинӕдтӕ уа. Паддзах Соломон дӕр Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдта. Суанг ма, цы зонды ныхӕстӕ дзырдта, уыдонӕй бирӕтӕ Библийы фыст ӕрцыдысты. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Соломон Йегъовӕйӕ адард ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ сивта (1 Пад. 4:29, 30; 11:4–6). Уӕдӕ ма зонындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ноджыдӕр цы хъӕуы? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «уырнындзинады ӕрфидар уӕм» (Кол. 2:6, 7). Цымӕ уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

8, 9. а) Уырнындзинады цӕй фӕрцы ӕрфидар уыдзыстӕм? б) Библи иртасгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕтты баразӕнгард кодта, «ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ», зӕгъгӕ (Дзут. 6:1). Цымӕ нӕ бон куыд у Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? Зӕгъӕм, нӕ бон у, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый кой кӕм цӕуы, уыцы публикацитӕ иртасын. Уый фӕрцы на уырнындзинад фидар кӕндзӕн (Кол. 1:23). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ, цы базонӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын нӕ цард уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ аразынӕн ӕххуыс кӕна.

9 Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, Библи иртасгӕйӕ нӕ нысан кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй нӕ зӕрдиагӕй фӕнда Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Пс. 40:8; 119:97). Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ мах базонӕм, нӕ бон куыд у, нӕ уырнындзинад фидар кӕнын нӕ чи къуылымпы кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй дард лидзын (Тит. 2:11, 12).

10. Ӕрыгӕттӕн сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы сфидар уыдзӕн?

10 Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уын цавӕр нысӕнттӕ ис? Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр районон конгрессты фӕныхас кӕны, донаргъуыд чи хъуамӕ райса, уыдонимӕ. Уыдонӕй бирӕтӕ вӕййынц ӕрыгӕттӕ. Гъемӕ сӕ бафӕрсы, сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, уымӕй. Бирӕтӕн сӕ дзуаппытӕй бӕрӕг вӕййы, рагацау бӕстон кӕй ахъуыды кодтой, дарддӕр Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзысты, ууыл. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты сӕ фӕфӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕнӕ та, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Фӕлӕ хатгай уыцы ӕрыгӕттӕй чидӕртӕ разынынц, Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ чи не ’вӕры, ахӕмтӕ. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Мыййаг сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрой? Ӕрыгӕттӕ, хорз уаид, алчидӕр уӕ ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мыййаг, Хуыцауы хъуыддӕгты ӕрмӕст уый тыххӕй архайын, ӕмӕ уый мӕ ныййарджыты фӕнд у? Архайын, цӕмӕй мӕхӕдӕг Хуыцаумӕ баввахс уон ӕмӕ йӕ хӕлар суон?» Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕрмӕст ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ма ӕвӕрой, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ уырнындзинад сфидар кӕнынӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (Еккл. 12:1, 13).

11. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕна? б) Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг чи у?

11 Нӕхиуыл бакусын нӕ кӕм хъӕуы, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ. Адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайа, уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Уыцы хъуыддагыл адӕймагӕн йӕ цард у баст (Ром. 8:6–8). Фӕлӕ адӕймаг фӕлтӕрдджын суа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ ӕххӕст уа. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг тых. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ууыл ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. Иухатт, Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕр Джон Барр Лукайы 13:24 стихы фӕдыл загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Бирӕтӕн нӕ фӕуайы нарӕг дуарыл бахизын, уымӕн ӕмӕ сӕ уырнындзинад сфидар кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй нӕ фӕархайынц». Уыцы хъуыддаджы нын хорз цӕвиттон у Иаков. Уый зӕдимӕ тох кодта, цалынмӕ дзы цы арфӕдзинад куырдта, уымӕй не схайджын, уӕдмӕ (Райд. 32:26–28). Уӕдӕ хъуамӕ Библи иртасыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм. Уыцы хъуыддаг ӕхсызгон куыннӕ у, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ Библи, хи аирхӕфсынӕн чиныг куыд кӕсай, афтӕ ма кӕсӕм. Хъуамӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм, цы хӕзнатӕ дзы ис, уыдон ссарыныл. Уыцы хӕзнатӕ нын стыр пайда фӕуыдзысты.

12, 13. а) Ромӕгтӕм 15:5 стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? б) Апостол Петры цӕвиттон ӕмӕ нын йӕ уынаффӕ куыд баххуыс кӕндзысты? в) Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын? (Кӕс рамкӕ « Дӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?».)

12 Нӕ уырнындзинад фидар кӕныныл куы архайӕм, уӕд нын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст ивынӕн. Афтӕмӕй сабыргай сахуыр уыдзыстӕм Чырыстийы хуызӕн хъуыды кӕнын (Ром. 15:5). Хуыцауы сыгъдӕг тых ма нын баххуыс кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕдуидаг стонынӕн ӕмӕ нӕ удыхъӕды, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ сфидар кӕнынӕн дӕр (Гал. 5:16, 22, 23). Чи зоны нӕм ахӕм фӕндтӕ фӕзыны, цӕмӕй хъӕздыгдзинады кӕнӕ нӕ буары монцты фӕдыл ацӕуӕм. Уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ хъуыдытӕ, раст цы у, уымӕ саразынӕн (Лук. 11:13). Нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Петры цӕвиттон. Хатгай-иу уый дӕр Чырыстийы хуызӕн нӕ хъуыды кодта (Матф. 16:22, 23; Лук. 22:34, 54–62; Гал. 2:11–14). Фӕлӕ-иу Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта, ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Гыццылгай Петр сахуыр Чырыстийы хуызӕн хъуыды кӕнын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый нӕ бон бауыдзӕн.

13 Фӕстӕдӕр Петр йӕхӕдӕг ныффыста, чырыстӕттӕн сӕ бон кусын цӕуыл у, уый тыххӕй. (Бакӕс 2 Петры 1:5–8.) Уӕдӕ хъуамӕ «ӕппӕт хъарутӕй архайӕм» хиуылхӕцындзинадыл, фидардзинадыл, ӕфсымӕрты уарзӕм, ууыл ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытыл. Хорз уаид, алы бон дӕр-иу нӕхимӕ ахӕм фарста куы раттиккам: «Мӕ уырнындзинад фидар кӕныны тыххӕй абон цавӕр миниуӕгыл у мӕ бон бакусын?»

АЛЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ДӔР БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ АРХАЙӔМ

14. Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

14 Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзӕн, скъолайы кӕнӕ куысты нӕхи куыд фӕдарӕм ӕмӕ цы фӕдзурӕм, ууыл, стӕй, цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдоныл дӕр. Нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй архайӕм Чырыстийы фӕзмыныл. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ исты кӕнӕ исчи нӕ уӕларвон Фыдӕй адард кӕна. Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕдӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Раст уынаффӕ рахӕссынӕн мын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты? Мӕ бынаты Чырысти куыд бакодтаид? Йегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕй барухс уыдзӕн?» Цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уӕм, уый тыххӕй аныхас кӕнӕм цалдӕр хъуыддагыл. Алы хъуыддагыл ныхас кӕнгӕйӕ дӕр-иу ӕркӕсдзыстӕм, раст уынаффӕ рахӕссынӕн нын чи баххуыс кӕнид, Библийӕ ахӕм уагӕвӕрдмӕ.

15, 16. Чырыстийы хуызӕн кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн а) цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ? б) ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ?

15 Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ. Ацы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн, 2 Коринфӕгтӕм 6:14, 15 стихты цы уагӕвӕрд ис, уый. (Бакӕс сӕ.) Павелы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕймаг, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕй тынг хицӕн кӕны, иумӕйагӕй сын ӕппындӕр ницы ис. Цымӕ цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайӕн куыд ис?

16 Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ. Ӕркӕсӕм-ма, 1 Коринфӕгтӕм 15:33 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ. (Бакӕс ӕй.) Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, йӕ уырнындзинад кӕй тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ахӕм адӕмимӕ никуы лымӕн кӕндзӕн. Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у? Зӕгъӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн социалон сетьтӕй раст пайда кӕнынӕн кӕнӕ, интернеты ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ видеохъӕзтытӕй хъаздзыстӕм ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн?

Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдон мын мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнынц? (кӕс 17 абзац)

17–19. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй а) ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм? б) нӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрӕм? в) иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?

17 Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг чи сты, уыцы хъуыддӕгтӕ. Павел чырыстӕтты бафӕдзӕхста, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уымӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:1.) Цымӕ, нӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыцы «мард хъуыддӕгтӕ» цы сты? Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын чи не ’ххуыс кӕны, уыцы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ. Ацы стихы цы уагӕвӕрд ис, уый нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, зӕгъӕм, ахӕм фарстаты фӕдыл: «Ацы хъуыддаг мын пайда ӕрхӕсдзӕн ӕви мын ӕрмӕстдӕр мӕ рӕстӕг хӕрдзӕн? Бирӕ ӕхца бакусынӕн мын цы фадат ис, уымӕй спайда кӕнон ӕви нӕ? Митингты цӕуылнӕ хъуамӕ архайон?»

Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдон мын мӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн ӕххуыс кӕнынц? (кӕс 18 абзац)

18 Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм. Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын цы бацамыдта, уымӕй бӕрӕг у, адӕймаг йӕ разы цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕра, уый (Матф. 6:33). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕймаг йӕ разы сӕвӕры, Хуыцауӕн фылдӕр кӕй фӕрцы лӕггад кӕндзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Ацы уагӕвӕрд нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын, зӕгъӕм, ахӕм фарстаты фӕдыл: «Скъолайы фӕстӕ мӕ уӕлдӕр ахуыр райсын ӕнӕмӕнг хъӕуы? Ацы куыстыл сразы уон?»

Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдон мын иннӕтимӕ «хӕларӕй цӕрынӕн» ӕххуыс кӕнынц? (кӕс 19 абзац)

19 Нӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм. Павел Ромы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый нын иннӕтимӕ фидауынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? (Ром. 12:18). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм». Искӕимӕ нӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд куыд фӕархайӕм? Йӕхионыл чи ныллӕууы, ахӕмтӕй нӕ зонынц ӕви, «фарн чи уарзы», ахӕмтӕй? (Иак. 3:18).

20. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын дӕ цӕмӕн фӕнды?

20 Уӕдӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый фӕрцы нӕ бон у раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ нӕ цардӕй стӕм райгонд. Ацы статьяйы райдианы кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр, Роберт, загъта: «Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр кӕй баввахс дӕн, уый мын тынг баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаин хорз цардӕмбал ӕмӕ хорз фыд. Ныр мӕхицӕй дӕр ӕмӕ мӕ цардӕй дӕр тынг райгонд дӕн». Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын нын царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр куы уа, уӕд мах дӕр арфӕгонд уыдзыстӕм – амондджын уыдзыстӕм ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр, «ӕцӕг цард» куы ралӕууа, уӕд (1 Тим. 6:19).