Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Ӕргом раныхӕсты фӕрцы хорз хабар айхъуыст ӕгас Ирландийы

Ӕргом раныхӕсты фӕрцы хорз хабар айхъуыст ӕгас Ирландийы

СӔУМӔРАЙСОМӔЙ нау бахӕццӕ Белфаст-Лохы бакӕлӕнмӕ, ӕмӕ дардӕй разындысты Ирландийы цъӕх-цъӕхид къуыбыртӕ. Уый уыди 1910 азы майы. Наудзӕуджытӕй иу, Чарлз Тейз Расселл, ацы бӕстӕмӕ ныр фӕндзӕм хатт ӕрцыд. Ӕфсымӕр Расселл ауыдта, кӕронмӕ арӕзт чи нӕма фӕци, дыууӕ ахӕм стыр науы. Сӕ иу уыд, фӕстӕдӕр йӕ ном кӕмӕн айхъуыст, уыцы нау, «Титаник» *, иннӕ та – «Олимпик». Наулӕууӕны ӕфсымӕр Расселмӕ ӕнхъӕлмӕ касти Библииртасджыты къорд.

Уымӕй иу-20 азы размӕ ӕфсымӕр Расселл сфӕнд кодта ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр уацамындон балцыты ацӕуын, цӕмӕй хорз хабар ӕрмӕст Америкӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд ӕрцыдаид. Йӕ фыццаг балц райдыдта Ирландийӕ. Уый уыд 1891 азы июлы. «Сити оф Чикаго», зӕгъгӕ, чи хуынди, уыцы науыл цӕугӕйӕ Расселл горӕт Куинстаунмӕ (ныр хуыйны Ков) куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ, хурныгуылдмӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты, кӕддӕр ын йӕ ныййарджытӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕ. Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ уыцы бӕстӕйы рӕсугъд горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зилын куыддӕр райдыдтой, афтӕ бамбӕрстой, уыцы бӕстӕ кӕй у, «кӕрдынмӕ чи сцӕттӕ, ахӕм хуымы хуызӕн».

Ӕфсымӕр Расселл Ирландийы уыди авд хатты. Йӕ фыццаг балцы рӕстӕг бирӕты бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ-иу иннӕ хӕттыты куы ’рцыд, уӕд-иу ӕм байхъусынмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм, сӕдӕгӕйттӕ, хатгай та – мингӕйттӕ дӕр. Расселл 1903 азы майы уыцы бӕстӕмӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕдмӕ Белфасты ӕмӕ Дублины бынӕттон газетты фехъусын кодтой, ӕргом раныхӕстӕ йын кӕй уыдзӕн. Расселл йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй йын йӕ раныхасмӕ, «Хуыцау сомыйӕ кӕй сфидар кодта, уыцы зӕрдӕвӕрд», зӕгъгӕ, адӕм тынг лӕмбынӕг хъуыстой. Уыцы раныхас уыди Авраамы уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ, фидӕны адӕммӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй.

Адӕм афтӕ тынг кӕй бацымыдис сты, уымӕ гӕсгӕ Расселл сфӕнд кодта Ирланди ногӕй бабӕрӕг кӕнын, Европӕмӕ ӕртыккаг хатт куы цыди, уӕд. 1908 азы апрелы райсомӕй Белфастмӕ науыл куы ӕрцыд, уӕд ӕм йӕ размӕ наулӕууӕнмӕ ӕрбацыд фондз ӕфсымӕры. Уыцы бон изӕрӕй Расселл радзырдта, адӕмӕн рагацау кӕй тыххӕй фехъусын кодтой, йӕ уыцы раныхас, «Хӕйрӕджы паддзахадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд», зӕгъгӕ. Уыцы раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд, чи бацымыдис, иу-300 ахӕм адӕймаджы. Се ’хсӕн уыд, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, иу ахӕм адӕймаг. Фӕлӕ Расселл Библийы стихтӕй афтӕ арӕхстджынӕй пайда кодта, ӕмӕ уыцы адӕймаг, цы загътаид, уый нал зыдта. Дублины та Расселлы раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 1 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ уым та йӕ ныхмӕ ноджы карздӕрӕй дзырдта иу нӕлгоймаг, мистер О’Коннор, зӕгъгӕ. Уый куыста, «Юношеская христианская ассоциация» чи хуыйны, уыцы организацийы. Уый архайдта уыцы адӕмы Библииртасджыты ныхмӕ скӕныныл. Ӕркӕсӕм-ма, хабар куыд уыд, уымӕ.

Библийы рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, иу ахӕм нӕлгоймаг газеты «Айриш Таймс» федта хъусинаг ӕргом раныхасы тыххӕй, ӕмӕ сфӕнд кодта, уыцы раныхас кӕм хъуамӕ уыдаид, уырдӕм ацӕуын. Раныхас цы стыр агъуысты уыд, уым адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ дзы йӕхицӕн бынат тыххӕйты ссардта. Уыцы нӕлгоймаг сценӕмӕ куы бакаст, уӕд федта, йӕ уӕлӕ сау пъалто кӕмӕн уыд, ахӕм урссӕр боцъоджын лӕджы. Уый уыд ныхасгӕнӕг. Йӕ раныхасы рӕстӕг сценӕйыл дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта, дзургӕ-дзурын йӕ къухтӕй цыдӕртӕ амыдта, йӕ ныхӕстӕн Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинады мыггӕгтӕ тыдта. Кӕд дзы микрофонтӕ нӕ уыд, уӕддӕр ныхасгӕнӕгӕн йӕ хъӕлӕс ӕнӕхъӕн агъуыстыл нӕрыди, ӕмӕ йӕм адӕм сахат ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц лӕмбынӕг хъуыстой. Раныхасы фӕстӕ йӕм райдыдтой фарстатӕ дӕттын, ӕмӕ йӕм О’Коннор ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ахӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй йӕ къуыммӕ батардтаиккой, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Цы дзуаппытӕ сын лӕвӕрдта, уыдон адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ сӕ къухӕмдзӕгъдӕй нал ӕнцадысты. Уый фӕстӕ, Библийы рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыцы нӕлгоймаг ӕфсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын загъта, фылдӕр базонын ӕй кӕй фӕнды. Уыйау ма бирӕтӕ рӕстдзинад афтӕмӕй базыдтой.

1909 азы майы Нью-Йоркӕй Расселл, «Мавритани», зӕгъгӕ, чи хуынди, уыцы науыл араст йӕ цыппӕрӕм уацамындон балцы. Ӕфсымӕр Расселл ма йемӕ ракодта ӕфсымӕр Хантсингеры, цӕмӕй фӕндагыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьятӕ фыстаиккой. Расселл Хантсингерӕн дзырдта, цы фыссын хъӕуы, уый, ӕмӕ уый та мыхуыргӕнӕн машинкӕйыл мыхуыр кодта. Белфасты ӕфсымӕр Расселлы ӕргом раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 450 адӕймаджы. Раныхас кӕм дзырдта, уым фаг бынат кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй иу-100 адӕймаджы бахъуыд лӕугӕйӕ хъусын.

Ӕфсымӕр Расселл «Лузитани»-йыл

Ӕфсымӕр Расселл йӕ фӕндзӕм балцы куы ацыд, уӕд дӕр-иу ӕй бахъуыд, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн бирӕ адӕмы раз сӕ фарстатӕн дзуаппытӕ дӕттын. Иуахӕмы Дублины йӕ раныхас куы радзырдта, уӕд ӕм фарстатӕ фӕлӕвӕрдта, О’Коннор кӕй ӕрбакодта, иу ахӕм номдзыд Библи иртасӕг. Расселлы дзуаппытӕ хъусджыты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Дыккаг бон бӕлццӕттӕ сбадтысты, Ливерпулмӕ чи цыд, ахӕм постласӕн науыл, ӕмӕ уырдыгӕй та ацыдысты Нью-Йоркмӕ, «Лузитани» *, зӕгъгӕ, чи хуынди, уыцы зындгонд науыл.

Хъусинаг ӕргом раныхасы тыххӕй газеты «Айриш Таймс», 1910 азы 20 майы номыр

Ӕфсымӕр Расселлы ӕргом раныхӕсты тыххӕй-иу рагацау фехъусын кодтой 1911 азы дӕр, ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм уацамындон балцы куы уыд, уӕд. Уыцы аз уалдзӕджы Белфасты 20 Библииртасӕджы суазӕг кодтой 2 000 адӕймаджы, цӕмӕй байхъуыстаиккой, «Мӕрдты бӕстӕ ис?», зӕгъгӕ, чи хуынди, уыцы раныхасмӕ. Фӕзынд та О’Коннор дӕр, йемӕ ма иу аргъуаны кусӕг, афтӕмӕй. Расселл-иу ын йӕ фарстайӕн Библийӕ дзуапп куы радта, уӕд-иу хъусджытӕ нымдзӕгъд кодтой. Уыцы аз фӕззӕджы ӕфсымӕр Расселл бабӕрӕг кодта ӕндӕр горӕттӕ дӕр, ӕмӕ йын уымыты дӕр йӕ раныхасмӕ бирӕ адӕм байхъуыста. Дублины йын раныхас куы уыди, уӕд та йӕ О’Коннор ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр 100 адӕймаджы ныкъкъуылымпы кӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ та сын дзы ницы рауад – хъусджытӕ ныхасгӕнӕгмӕ лӕмбынӕг хъуыстой.

Кӕд уыцы заманты ӕргом раныхӕстӕ арӕхдӕр ӕфсымӕр Расселлӕн уыд, уӕддӕр уый ӕмбӕрста, уыцы хъуыддаг ӕнӕ уымӕй дӕр размӕ кӕй цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй «ацы хъуыддаг адӕймагӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй». Уыцы раныхӕсты руаджы бирӕтӕ фехъуыстой Библийы рӕстдзинады тыххӕй. Ахӕм раныхӕстӕ вӕййы нӕ рӕстӕджы дӕр. Ирландийы ӕргом раныхӕсты фӕрцы бирӕ горӕтты фӕзынд ӕмбырдтӕ ӕмӕ хорз хабар апарахат ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр. (Нӕ архивтӕй Великобританийы.)

^ 3 абз. Уымӕй дыууӕ азы фӕстӕ «Титаник» фӕдӕлдон.

^ 9 абз. 1915 азы майы Ирландийы хуссар хайы былгӕрон «Лузитани»-йыл торпедӕ суагътой, ӕмӕ фӕдӕлдон.