Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мыййаг, Иаков Исавӕй хистӕр фырты бартӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы сси, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уый?

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ рагон Израилы, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уыдонмӕ-иу ӕнӕмӕнг хистӕр фырты бартӕ хъуамӕ уыдаид?

Раздӕр нӕ публикациты фыстам, хабар афтӕ кӕй у. Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уый Дзуттӕгтӕм 12:16 стихмӕ гӕсгӕ раст у. Уыцы стихы фыст ис, Исав «Хуыцауы хъуыддӕгтӕн... [кӕй] нӕ аргъ кодта» ӕмӕ «хистӕр фырты бартӕ [кӕй] баивта хӕринаджы къусыл». Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Иаковӕн «хистӕр фырты» бартӕ лӕвӕрд куы ’рцыдысты, гъе-уӕд сси, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уый (Матф. 1:2, 16; Лук. 3:23, 34).

Фӕлӕ Библи лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕстам, уӕд федтам, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уыдон се ’ппӕт хистӕр фырттӕ кӕй нӕ уыдысты. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр хабармӕ.

Иаковӕн, кӕнӕ Израилӕн, Лийӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, уыдонӕй фыццаг уыд Рувим. Фӕстӕдӕр Иаковӕн фыццаг фырт райгуырд йӕ уарзон ус Рахилӕй дӕр. Уый уыд Иосиф. Рувим фыдхъуыддаг куы бакодта, уӕд хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Иосифӕн (Райд. 29:31–35; 30:22–25; 35:22–26; 49:22–26; 1 Аз. 5:1, 2). Фӕлӕ Мессийӕ нӕдӕр Рувимы ӕмӕ нӕдӕр Иосифы хӕдзарвӕндагӕй рацыд. Уыцы кад ӕрхауд, Иаковӕн Лийӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, уыдонӕй цыппӕрӕммӕ, Иудӕмӕ (Райд. 49:10).

Лукайы 3:32 стихы фыст ис, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уыдонӕй кӕйдӕрты тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй дзы фондзӕй уыдысты хистӕр фырттӕ. Зӕгъӕм, Воозы фырт Овид ӕмӕ Овиды фырт Йессей (Руф 4:17, 20–22; 1 Аз. 2:10–12).

Фӕлӕ Йессейы фырт Давид та хистӕр фырт нӕ уыди. Давид уыди ӕстӕм фырт, фӕлӕ уӕддӕр Мессийӕ уый хӕдзарвӕндагӕй рацыд (1 Сам. 16:10, 11; 17:12; Матф. 1:5, 6). Давиды фӕстӕ цӕуы Соломон, фӕлӕ уый дӕр Давидӕн йӕ хистӕр фырт нӕ уыди (2 Сам. 3:2–5).

Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу кӕмӕдӕр хистӕр фырты бартӕ кӕй уыд, уымӕн ӕппындӕр ницы нысаниуӕг уыди. Фыццаггуырд фырт кадджын уыд ӕмӕ-иу йӕ фыды фӕстӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕр арӕхдӕр уый сси. Уымӕй уӕлдай ма-иу ын йӕ фыды бынтӕй ӕмбӕлди дыууӕ хайы (Райд. 43:33; Дык. з. 21:17; Йес. Н. 17:1).

Фӕлӕ-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу хистӕр фырт йӕ бартӕй ӕнӕхай фӕци. Зӕгъӕм, Авраам хистӕр фырты бартӕ радта Измаилӕн нӕ, фӕлӕ Исахъӕн (Райд. 21:14–21; 22:2). Стӕй ма, гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Иаковы хӕдзары дӕр хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Рувимӕн нӕ, фӕлӕ Иосифӕн.

Ныр та лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм Дзуттӕгтӕм 12:15, 16 стихтӕм. Фыст дзы ис: «Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут... цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл». Цымӕ апостол Павелы цы зӕгъын фӕндыд?

Ацы ран Павел Мессийӕйы хӕдзарвӕндаджы кой нӕ кодта. Уый чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕхицӕн «арӕзтаиккой раст фӕндӕгтӕ». Афтӕ куы кодтаиккой ӕмӕ сӕхи хӕтындзинадӕй куы хызтаиккой, уӕд «Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай... [нӕ] фӕуыдаиккой» (Дзут. 12:12–16). Павелы уынаффӕмӕ куы нӕ хъуыстаиккой, уӕд та уыдаиккой Исавы хуызӕн. Уый «Хыцауы хъуыддӕгтӕн... нӕ аргъ кодта» ӕмӕ йӕ буары монцты фӕдыл ацыд.

Исавы заманты хӕдзарвӕндаджы хистӕр ӕххӕст кодта сауджыны хӕстӕ, ӕмӕ бинонты номӕй нывӕндтӕ хаста. Ӕмӕ Исавӕн дӕр, чи зоны, йӕ бон уыдаид нывӕндтӕ хӕссын (Райд. 8:20, 21; 12:7, 8; Иов 1:4, 5). Фӕлӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕ хъӕрмхуыппы къусыл баивта. Чи зоны йӕ афтӕмӕй фӕндыд, Авраамы байзӕддӕгтӕ цы зындзинӕдтыл хъуамӕ сӕмбӕлдаиккой, уыдонӕй йӕхи бахизын (Райд. 15:13). Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый ма рабӕрӕг, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы кӕй ракуырдта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ныййарджытӕн стыр маст кӕй ӕрхаста, уымӕй дӕр (Райд. 26:34, 35). Куыд тынг дзы хицӕн кодта Иаков! Уый сфӕнд кодта, ӕцӕг Хуыцауӕн чи куывта, ахӕм чызджы ракурын (Райд. 28:6, 7; 29:10–12, 18).

Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн, Мессийӕмӕ, ома Йесомӕ, чи кодта, уыцы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй? Уыцы хӕдзарвӕндаджы хистӕр-иу алкӕд хистӕр фырт нӕ уыд. Ӕмӕ уый ӕмбӕрстой дзуттӕгтӕ дӕр. Иухатт ма сӕхӕдӕг дӕр загътой, Чырысти Йессейӕн йӕ кӕстӕр фырт Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй хъуамӕ рацӕуа (Матф. 22:42).